Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИОГРАФИ

Мӕ хӕс цы уыд, уый бакодтон

Мӕ хӕс цы уыд, уый бакодтон

ДОНАЛЬД РИДЛИ уыд адвокат. Уый 30 азӕй фылдӕр тӕрхондӕтты тох кодта Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты бартыл. Тынг бирӕ сарӕзта, цӕмӕй дохтыртӕ ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕ бамбӕрстаиккой, рынчынтӕн уый бар кӕй ис, цӕмӕй туг бауадзыныл ма сразы уой. Уый фӕрцы Америкӕйы Иугонд Штатты уӕлдӕр тӕрхондӕтты бирӕ хъуыддӕгтӕ рамбылдтам. Йе ’мбӕлттӕ йӕ хуыдтой Дон. Уый уыди куыстуарзаг, сӕрныллӕг ӕмӕ удуӕлдай адӕймаг.

2019 азы дохтыртӕ Донӕн загътой, сдзӕбӕх кӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм низ ӕм кӕй ис. Ӕмӕ бирӕ нал ахаста. 2019 азы 16 августы Дон фӕзиан. Мӕнӕ йӕ царды хабӕрттӕ.

Ӕз райгуырдтӕн 1954 азы Сент-Полы (штат Миннесотӕйы, АИШ). Мӕ ныййарджытӕ хъӕздыг дӕр нӕ уыдысты, мӕгуыр дӕр, ӕмӕ уыдысты католиктӕ. Фондз сывӕллонӕй уыдтӕн дыккаг. Ӕз ахуыр кодтон католикон скъолайы, ӕмӕ-иу сауджынӕн ӕххуыс кодтон службӕйы рӕстӕг. Фӕлӕ Библийӕ бирӕ ницы зыдтон. Мӕн уырныдта, Хуыцау кӕй ис ӕмӕ алцыдӕр уый кӕй сфӕлдыста. Фӕлӕ аргъуанӕй фӕфыдӕнхъӕл дӕн.

РӔСТДЗИНАД БАЗЫДТОН

Уильям Митчеллы номыл юридикон колледжы фыццаг курсы куы ахуыр кодтон, уӕд мӕм хӕдзармӕ ӕрбацыдысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ (уыдысты лӕг ӕмӕ ус). Фӕлӕ семӕ нӕ аныхас кодтон, уымӕн ӕмӕ мӕ дзаумӕттӕ ӕхсадтон. Уыдон мын загътой, уӕд, дам, дӕм ӕндӕр хатт ӕрбацӕудзыстӕм. Ӕмӕ иннӕ хатт куы ’рбацыдысты, уӕд сӕм дыууӕ фарстайы радтон: «Ӕвзӕр адӕм хорз адӕмӕй хуыздӕр цӕмӕн цӕрынц?» ӕмӕ «Адӕмӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй амондджын уой?» Уыдон мын радтой чиныг «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг ӕцӕгдзинад» ӕмӕ «Библи – Ног дунейы тӕлмац». Библийӕн уыд рӕсугъд кӕрдӕгхуыз цъар. Ӕз сразы дӕн Библи ахуыр кӕныныл. Ӕмӕ уый фӕрцы бирӕ цыдӕртӕ базыдтон. Ӕз базыдтон, адӕмӕн ӕгас зӕххыл дӕр хорз разамынд чи дӕтдзӕн ӕмӕ хорз цард чи скӕндзӕн, уыцы хицауад Хуыцауы Паддзахад кӕй у. Ӕмӕ мӕ цинӕн кӕрон нал уыд. Ӕз бамбӕрстон, адӕмы хицаудзинад ӕцӕгдӕр хорзӕй кӕй ницӕмӕ ӕркодта. Алы ран адӕм ӕвзарынц маст, рыст, цӕуы сыл алы бӕллӕхтӕ.

1982 азы райдианы мӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодтон. Ӕмӕ фӕстӕдӕр уыцы аз конгрессы «Паддзахады рӕстдзинад» донаргъуыд райстон. Конгресс уыд Сент-Полы иу стыр агъуысты. Иннӕ къуыри та уым экзамен лӕвӕрдтон, цӕмӕй мӕ бон уыдаид адвокатӕй кусын. Октябры райдианы базыдтон, экзамен кӕй радтон.

Уыцы конгрессы базонгӕ дӕн Майк Ричардсонимӕ. Уый лӕггад кодта Бруклины Вефилы ӕмӕ мын загъта, сӕйраг хайады кӕй фӕзынд юридикон хайад. Мӕнӕн мӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыдысты ефиопаг хицауы ныхӕстӕ (Хъуыддӕгты 8:36 стихы фыст чи сты, уыдон). Ӕмӕ ахъуыды кодтон: «Цы мӕ хъыгдары, юридикон хайады ӕххуыс кӕнын мӕ кӕй фӕнды, уый тыххӕй зӕгъын?» Ӕмӕ Вефилы лӕггад кӕныны тыххӕй курдиат байдзаг кодтон.

Мӕ ныййарджыты зӕрдӕмӕ нӕ цыд, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй сдӕн, уый. Мӕ фыд мӕ бафарста, Вефилы, дам, куы кусай, уӕд, дам, дын уый искуыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕнтыстджын адвокат суай. Ӕз ын бамбарын кодтон, барвӕндон кусӕг кӕй уыдзынӕн ӕмӕ мӕй 75 доллӕры кӕй исдзынӕн (вефилӕгтӕн уыйбӕрц лӕвӕрдтой).

Ӕз куыстон тӕрхондоны, ӕмӕ мӕ бон нӕ уыд мӕ куыст уайтагъд ныууадзын. Цыдӕртӕ ма мӕ хъуыд саразын. Ӕмӕ уый фӕстӕ 1984 азы Бруклины Вефилы лӕггад кӕнын райдыдтон. Снысан мӕ кодтой юридикон хайадмӕ. Тӕрхондоны кусгӕйӕ цӕуыл сахуыр дӕн, уый мын уый фӕстӕ стыр ӕххуыс фӕци.

ЦАЛЦӔГ КӔНӔМ ТЕАТР СТЭНЛИ

Театр Стэнли, куы йӕ балхӕдтам, уӕд

1983 азы ноябры ӕфсымӕртӕ Джерси-Ситийы (штат Нью-Джерсийы) балхӕдтой театр Стэнли. Ӕмӕ горӕты хицауадмӕ курдиат балӕвӕрдтой, цӕмӕй сын бар радтаиккой агъуыст сцалцӕг кӕнынӕн. Хицӕуттимӕ куы фембӕлдысты, уӕд сын бамбарын кодтой, театр Стэнлийӕ сӕ кӕй фӕнды Конгрессты зал саразын. Фӕлӕ хъуыддаг афтӕ ӕнцонтӕй нӕ сырӕзт. Джерси-Ситийы закъӕттӕм гӕсгӕ кувӕн бынӕттӕ аразӕн уыд, адӕм цӕргӕ кӕм кодтой, ӕрмӕст уыцы районты. Театр Стэнли та уыд, алыхуызон куыстуӕттӕ кӕм уыд, ахӕм районы, горӕты центры. Ӕмӕ нын уый тыххӕй бар нӕ радтой агъуыст сцалцӕг кӕнынӕн. Ӕфсымӕртӕ та ногӕй курдиат балӕвӕрдтой, фӕлӕ та сын ацы хатт дӕр бар нӕ радтой.

Вефилы фыццаг къуыри куы лӕггад кодтон, уӕд нӕ организаци уыцы хъуыддаджы фӕдыл Федералон окруджы тӕрхондонмӕ хъаст балӕвӕрдта. Ӕз дыууӕ азы Сент-Полы Федералон окруджы тӕрхондоны кӕй акуыстон, уый фӕрцы хорз зыдтон, ахӕм хъуыддӕгтӕ ӕвзӕрст куыд фӕцӕуынц, уый. Тӕрхондоны нӕ адвокаттӕй иу загъта, зӕгъгӕ, дам, раздӕр Стэнлийы кинотӕ дӕр ӕвдыстой ӕмӕ-иу дзы рок-концерттӕ дӕр цыд. Ӕмӕ, дам, дзы уӕд уырнӕг адӕмӕн сӕ бон цӕуылнӕ у фембӕлдтӕ уадзын. Тӕрхондоны уыцы хъуыддаг равзӕрстой ӕмӕ уынаффӕ рахастой, Джерси-Сити нын нӕ бартӕ кӕй ницӕмӕ ӕрдардта ӕмӕ нын горӕты хицауад Стэнли сцалцӕг кӕнынӕн бар кӕй хъуамӕ ратта. Уӕд фыццаг хатт федтон, Йегъовӕ йӕ организацийӕн куыд арфӕ кӕны, цӕмӕй закъӕтты фӕрцы йӕ бартыл тох кӕна ӕмӕ Хуыцауы хъуыддаг размӕ цӕуа. Ӕмӕ мын ӕхсызгон уыд, мӕнӕн дӕр мӕ бон цыдӕр саразын кӕй уыд, уый.

Ӕфсымӕртӕ райдыдтой Стэнли цалцӕг кӕнын. Тынг бирӕ аразинӕгтӕ дзы уыд. Ӕмӕ 1985 азы 8 сентябры Джерси-Ситийы Конгрессты залы ауагътой программӕ, Галаады 79-ӕм кълас чи фӕци, уыдонӕн. Агъуыст цалцӕг кӕнын куы райдыдтой, уымӕй афӕдз дӕр нӕ рацыд! Тынг цин кодтон, адвокат уӕвгӕйӕ мӕ бон кӕй уыди ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаг размӕ цӕуа. Вефилы размӕ адвокатӕй куы куыстон, уӕд мын уый уыйбӕрц циндзинад нӕ хаста. Уый чи зыдта, ӕмӕ ма мын Йегъовӕ мӕ бар бирӕ ахӕм хъуыддӕгтӕ бакӕндзӕн.

ӔНӔ ТУГӔЙ ХОС КӔНЫНИМӔ БАСТ ХЪУЫДДӔГТӔ

1980-ӕм азты нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ ӕмбӕлдысты зындзинӕдтыл, туг уадзын сӕ кӕй нӕ фӕндыд, уый тыххӕй. Арӕх-иу дохтыртӕ ӕмӕ рынчындӕттӕ не сразы сты, цӕмӕй сын ӕнӕ тугӕй хос кодтаиккой. Ноджы зындӕр та-иу сывӕрджын сылгоймӕгтӕн уыд. Тӕрхонгӕнджытӕ-иу арӕх ахӕм хъуыдыйыл хӕст уыдысты, зӕгъгӕ, уӕлдайдӕр сывӕрджын сылгоймагӕн нӕй бар, цӕмӕй туг бауадзыныл ма сразы уа. Туг, дам, ын куы нӕ бауадзой ӕмӕ исты куы кӕна, уӕд, дам, сывӕллон ӕнӕ мадӕй баззайдзӕн.

1988 азы 29 декабры хо Дениз Николойӕн сывӕллон куы райгуырд, уӕд дзы бирӕ туг фӕцыд. Йӕ гемоглобин тынг ӕрхауд. Ӕмӕ йын йӕ дохтыр загъта, цӕмӕй йын бар ратта туг бауадзынӕн. Фӕлӕ Дениз не сразы. Иннӕ бон райсомӕй рынчындон тӕрхондонмӕ хъаст балӕвӕрдта, цӕмӕй сын туг бауадзынӕн бар радтаиккой. Тӕрхонгӕнӕг нӕдӕр Денизы бафарста йӕ хъуыдыйӕ, нӕдӕр йӕ лӕджы, афтӕмӕй уынаффӕ рахаста, цӕмӕй йын туг бауадзой. Ӕмӕ, ахӕм уынаффӕ кӕй рахаста, уый сын зӕгъгӕ дӕр нӕ кодта.

30 декабры майрӕмбоны Денизӕн туг бауагътой, кӕд йӕ лӕг ӕмӕ ма йӕ фарсмӕ йӕ хиуӕттӕй ноджыдӕр чи уыд, уыдон разы нӕ уыдысты, уӕддӕр. Уыцы бон изӕрӕй сӕ бинонтӕй ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй кӕйдӕрты ӕрцахстой. Ӕрымысыдысты сыл, зӕгъгӕ, дам, йӕ хуыссӕны алыварс ӕрлӕууыдысты ӕмӕ йӕм дохтырты хӕстӕг нӕ уагътой, цӕмӕй йын туг ма бауагътаиккой. Кӕй сӕ ӕрцахстой, уый тыххӕй 31 декабры сабаты райсомӕй фыст уыд горӕт Нью-Йорчы ӕмӕ Лонг-Айленды газетты, стӕй уый кой кодтой телевизоры дӕр ӕмӕ радиойы дӕр.

Филип Брамлиимӕ ӕрыгонӕй

Мах уыцы хъуыддаджы фӕдыл уӕлдӕр тӕрхондонмӕ хъаст балӕвӕрдтам. Къуырисӕры райсомӕй фембӕлдтӕн тӕрхонгӕнӕг Милтон Молленимӕ. Хъаст цӕмӕн балӕвӕрдтам, уый йын бӕлвырд бамбарын кодтон. Загътон ын, зӕгъгӕ, туг бауадзынӕн бар чи радта, уыцы тӕрхонгӕнӕг нӕдӕр нӕ хойы бафарста йӕ хъуыдыйӕ, нӕдӕр йӕ лӕджы. Моллен мын загъта, цӕмӕй йӕм фӕссихор ӕрбацыдаин ӕмӕ уыцы хъуыддагыл аныхас кодтаиккам. Ӕз ӕрбацыдтӕн мӕ цӕстдарӕгимӕ, Филип Брамлиимӕ. Тӕрхонгӕнӕг ма фӕхуыдта рынчындоны юристы дӕр. Нӕ уыди зӕгъӕн, ӕмӕ сабырӕй ныхас кодтам. Иуафон мын ӕфсымӕр Брамли йӕ блокноты афыста, гыццыл, дам, дӕхиуыл фӕхӕц. Хорз ӕмӕ мын уыцы уынаффӕ радта, уымӕн ӕмӕ рынчындоны юристимӕ ӕгӕр тыхныхас кодтон.

Галиуырдыгӕй рахизырдӕм: Ричард Моук, Грегори Олдз, Пол Полидоро, Филип Брамли, ӕз ӕмӕ Марио Морено. Уыцы бон нӕ адвокаттӕ ныхасы рацыдысты Америкӕйы Иугонд Штатты Сӕйраг тӕрхондоны, ӕвзӕрст цыд хъуыддаг «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ӕхсӕнад хъӕу Страттоны ныхмӕ». (Кӕс 2003 азы 8 январы «Пробудитесь!».)

Иу-сахаты фӕстӕ нын тӕрхонгӕнӕг Моллен загъта, иннӕ бон нӕ хъуыддаг фыццаг кӕй ӕрцӕудзӕн ӕвзӕрст. Ӕмӕ куы цыдыстӕм, уӕд ма мын афтӕ бакодта, райсом, дам, рынчындоны юристыл мӕгуыры бон уыдзӕн. Ома, дам, сӕ юристӕн ӕнцон нӕ уыдзӕн сбӕлвырд кӕнын, рынчындонӕн туг бауадзыны бар кӕй уыд, уый. Раст цыма мын Йегъовӕ афтӕ дзырдта, рамбулдзыстут, зӕгъгӕ. Йегъовӕ мах уылты йӕ фӕндон кӕй ӕххӕст кодта, уый мӕхицӕн стыр кадыл нымадтон.

Суанг ӕмбисӕхсӕвмӕ нӕхи фӕцӕттӕ кодтам. Хъуыды кодтам, нӕ ныхас куыд араздзыстӕм, цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхӕсдзыстӕм, ууыл. Уыцы тӕрхондон Бруклины Вефилмӕ хӕстӕг уыд. Ӕмӕ иннӕ бон нӕ гыццыл юридикон хайадӕн сӕ фылдӕр уырдӕм ацыдысты. Цыппар тӕрхонгӕнӕджы нӕм байхъуыстой. Ӕмӕ уынаффӕ рахастой, зӕгъгӕ, уый размӕ туг бауадзыны фӕдыл цы уынаффӕ ӕрцыд хаст, уый раст нӕ уыд. Уӕлдӕр тӕрхондон хо Николойы сӕрыл рахӕцыд. Стӕй ма уынаффӕ рахаста: тӕрхондон рынчыны йӕ хъуыдыйӕ куы нӕ бафӕрса ӕмӕ афтӕмӕй дохтыртӕн бар куы ратта, цӕмӕй йӕ дзӕбӕх кӕной, раст сӕм куыд кӕсы, афтӕ, уӕд халы адӕймаджы сӕйраг бартӕ.

Уый фӕстӕ штат Нью-Йорчы Сӕйраг тӕрхондон дӕр уынаффӕ рахаста, Дениз Николойӕн бар кӕй ис, цӕмӕй йӕ ӕнӕ тугӕй дзӕбӕх кӕной. Иугонд Штатты уӕлдӕр тӕрхондӕтты туг уадзыны фӕдыл цы хъуыддӕгтӕ цыд ӕвзӕрст, уыдонӕй ӕз цыппары архайдтон. (Кӕс рамкӕ « Уӕлахизтӕ уӕлдӕр тӕрхондӕтты».) Уымӕй уӕлдай ма нӕ хайады иннӕ адвокаттимӕ архайдтон ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр. Баст уыдысты, сывӕллоны чи хъомыл кӕндзӕн, уыимӕ, хицӕн кӕнынимӕ, стӕй зӕхх ӕмӕ агъуыстыты хабӕрттимӕ.

БИНОНТЫ ХЪУЫДДАГ БАКОДТОН

Ӕз ӕмӕ Дениз

Мӕ бинойнаг Денизимӕ куы базонгӕ дӕн, уӕд йӕ лӕгӕй уыд хицӕн ӕмӕ иунӕгӕй хъомыл кодта ӕртӕ сывӕллоны. Кӕд бинонты дарӕг уый уыд, уӕддӕр пионерӕй дӕр лӕггад кодта. Зын цӕрдтытӕ фӕкодта. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн тынг зӕрдиагӕй лӕггад кодта, ӕмӕ дзы уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд. 1992 азы уыдыстӕм Нью-Йорчы облӕстон конгрессы «Адӕммӕ рухс хӕссӕм», ӕмӕ йын уым мӕ зӕрдӕйы ахаст бамбарын кодтон. Мах ӕмбӕлын райдыдтам, ӕмӕ иу азы фӕстӕ нӕ цард баиу кодтам. Фӕлӕ ӕз дарддӕр дӕр Вефилы ӕххуыс кодтон. Дениз Йегъовӕйы алкӕддӕр йӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрдта, стӕй у хъӕлдзӕг адӕймаг. Ахӕм бинойнаг у Йегъовӕйы лӕвар! Денизӕй цӕрӕнбонты зонын ӕрмӕст хорздзинад (Ӕмб. 31:12).

Нӕ цард куы баиу кодтам, уӕд хистӕр сывӕллоныл цыд 16 азы, астӕуккагыл – 13 азы ӕмӕ кӕстӕрыл – 11 азы. Мӕн фӕндыд, цӕмӕй сын хорз фыд уыдаин. Гъемӕ, йӕ цардӕмбалы сывӕллӕтты чи хъомыл кӕны, уыдонӕн нӕ публикациты цы ӕрмӕг ис, уый иууылдӕр бакастӕн ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайдтон. Фыццаг рӕстӕг нын алцы нӕ уад. Фӕлӕ ӕппынфӕстаг сдӕн сӕ хорз ӕмбал ӕмӕ мӕм фыды цӕстӕй кӕсын райдыдтой, ӕмӕ мын уый ӕхсызгон куыннӕ уыд. Се ’мбӕлттӕ-иу ӕдзух махмӕ уыдысты, ӕмӕ-иу нӕхи зӕрдӕмӕ дӕр цыд уыцы ӕрыгон хъӕлдзӕг фӕсивӕдимӕ нӕ рӕстӕг ӕрвитын.

2013 азы Денизимӕ ацыдыстӕм Висконсинмӕ, уымӕн ӕмӕ нӕ ацӕргӕ ныййарджыты ӕххуыс хъуыд. Фӕлӕ уый ӕнхъӕл нӕ уыдтӕн, ӕмӕ мӕ бон уыдзӕн дарддӕр Вефилы лӕггад кӕнын. Ӕфсымӕртӕ мын загътой, кӕй сӕ фӕнды, цӕмӕй дарддӕр нӕ организацийӕн рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ӕххуыс кӕнон тӕрхонимӕ баст хъуыддӕгты.

ӔНӔНХЪӔЛӔДЖЫ ХАБАР

2018 азы сентябры бафиппайдтон, мӕ хъуыр цыдӕр кӕй кӕны. Хӕппӕр-иу мын дзы ныббадт. Дохтыр мӕ федта, фӕлӕ йӕ бон нӕ уыд бамбарын, хабар цӕй мидӕг ис, уый. Фӕстӕдӕр мын ӕндӕр дохтыр загъта, цӕмӕй мӕхи невропатологӕн фенын кӕнон. Ӕмӕ мын 2019 азы январы невропатолог загъта, зӕгъгӕ, дам, ӕвӕццӕгӕн, уый у нервыты системӕимӕ баст низ, арӕх чи нӕу, ахӕм (прогрессирующий надъядерный паралич).

Ӕртӕ боны фӕстӕ къахдзоныгътыл быргӕйӕ ахаудтӕн ӕмӕ мӕ рахиз цонджы хъул асастон. Мӕхи цас хъуыды кӕнын, уыйбӕрц къахдзоныгътыл бырыдтӕн, ӕмӕ мыл ахӕм хабар никуы ’рцыд. Уӕд ӕй бамбӕрстон, ме уӕнгтӕ мӕ коммӕ кӕй нал кӕсынц. Уый ӕнхъӕл нӕ уыдтӕн, ӕмӕ низ афтӕ тагъд стыхджын уыдзӕн. Бонӕй-бонмӕ мын зындӕр у дзурын, цӕуын ӕмӕ ныхъуырын.

Йегъовӕйы организацийӕн тӕрхонимӕ баст хъуыддӕгты мӕ бон цӕмӕйдӕр баххуыс кӕнын кӕй уыд, уый мӕхицӕн стыр кадыл нымайын. Уымӕй уӕлдай ма ныффыстон бирӕ статьятӕ, дохтыртӕн ӕмӕ юристтӕн уагъд чи цӕуы, уыцы журналтӕн. Стӕй-иу сын алыхуызон бӕстӕты цы семинартӕ уыд, уыдоны-иу раныхӕстимӕ рацыдтӕн ӕмӕ-иу ӕмбарын кодтон, Йегъовӕйы адӕмӕн кӕй ис бар, цӕмӕй сӕ дзӕбӕх кӕной ӕмӕ сын операцитӕ кӕной ӕнӕ тугӕй. Фӕлӕ уӕддӕр, Лукайы 17:10 стихы фыст ныхӕстӕй дзургӕйӕ, зӕгъын: «Ӕз дӕн ницӕйаг цагъар. Мӕ хӕс цы уыд, уый бакодтон».