Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

27 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Цы стӕм, нӕхицӕй уымӕй фылдӕр ӕнхъӕл хъуамӕ ма уӕм

Цы стӕм, нӕхицӕй уымӕй фылдӕр ӕнхъӕл хъуамӕ ма уӕм

«Алкӕмӕн дӕр дзурын: цы стут, уӕхицӕй уымӕй фылдӕр ӕнхъӕл ма ут... цӕмӕй ӕмбаргӕ уат» (РОМ. 12:3).

130 ЗАРӔГ Кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Филиппӕгтӕм 2:3 стихмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрӕм?

ЙЕГЪОВӔ алкӕддӕр фӕзоны, хуыздӕр нын цы у, уый. Ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ фӕнды йӕ закъӕттӕм ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын (Еф. 4:22–24). Сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд, нӕхи цы фӕнды, уый нӕ араздзыстӕм, фӕлӕ нын ӕппӕты сӕйраг уыдзӕн Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын. Стӕй иннӕты нӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрдзыстӕм. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ уыдзӕн нӕ Хӕлар, ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ дӕр хӕларӕй цӕрдзыстӕм. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 2:3.)

2. Апостол Павел цы ӕмбӕрста ӕмӕ ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

2 Фӕлӕ нӕхи куы нӕ хъахъхъӕнӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ацы дунейы сӕрбӕрзонд ӕмӕ хиуарзон адӕмы хуызӕн суӕм *. Ӕвӕццӕгӕн, н. э. 1 ӕнусы иуӕй-иу чырыстӕттӕн дӕр уымӕй тӕссаг уыд. Апостол Павел ромӕгтӕм ныффыста: «Алкӕмӕн дӕр дзурын: цы стут, уӕхицӕй уымӕй фылдӕр ӕнхъӕл ма ут... цӕмӕй ӕмбаргӕ уат» (Ром. 12:3). Павел ӕмбӕрста, адӕймаг йӕхиуыл дӕр кӕй хъуамӕ хъуыды кӕна. Фӕлӕ хъуамӕ нӕхимӕ раст цӕстӕй кӕсӕм, ӕмӕ уый тыххӕй та хъуамӕ уӕм сӕрныллӕг. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, ацы миниуӕг нӕ бон куыд вӕййы равдисын: 1) бинонты царды, 2) Йегъовӕйы организацийы ныл цавӕрдӕр хӕстӕ куы вӕййы, уӕд ӕмӕ 3) социалон сетьтӕй куы фӕпайда кӕнӕм, уӕд.

СӔРНЫЛЛӔГДЗИНАД ӔВДИС БИНОНТЫ ЦАРДЫ

3. Лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн хатт цыдӕр цӕмӕн рауайы ӕмӕ иуӕй-иутӕм цавӕр хъуыдытӕ фӕзыны?

3 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй лӕг ӕмӕ усӕн сӕ бинонты цард циндзинад хӕсса. Фӕлӕ ӕнӕххӕст кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ хатт се ’хсӕн цыдӕр рауайы. Павел дӕр ныффыста, бинонтӕ чи скӕна, уыдон цавӕрдӕр зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлдзысты (1 Кор. 7:28). Иуӕй-иутӕ ӕдзух цӕуылдӕрты загъд фӕкӕнынц. Уый тыххӕй сӕм, гӕнӕн ис, афтӕ кӕсын райдайа, ӕмӕ, сӕ цард кӕй баиу кодтой, уый стыр рӕдыд уыд. Кӕд лӕг ӕмӕ усыл ацы дунейы зондахаст бандӕвта, уӕд иу дӕр ӕмӕ иннӕ дӕр хъуыды кӕнын райдайдзӕн, зӕгъгӕ, фыццаджыдӕр мӕхи мӕт хъуамӕ кӕнон, ӕмӕ хъуамӕ ахицӕн уӕм, ӕндӕр гӕнӕн нӕй.

4. Нӕхи цавӕр хъуыдытӕй хъуамӕ хизӕм?

4 Хъуамӕ афтӕ макуы хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ бинонты цардӕй ницыуал рауайдзӕн. Библимӕ гӕсгӕ, лӕг ӕмӕ усӕн хицӕн кӕнӕн ис, искӕмӕ сӕ хӕтыны азым ӕрхӕссӕн куы уа, ӕрмӕстдӕр уӕд (Матф. 5:32). Ӕмӕ исты зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд хъуамӕ сӕрбӕрзонд ма уӕм ӕмӕ афтӕ хъуыды кӕнын ма райдайӕм: «Мӕ цардӕмбалмӕ нымады дӕр нӕ дӕн. Нӕ мӕ уарзы. Чи зоны, ӕндӕр искӕимӕ амондджындӕр уыдзынӕн». Афтӕ чи хъуыды кӕны, уый ӕрмӕст йӕхи мӕт вӕййы. Ацы дуне адӕмы ахӕм зондыл аразы, зӕгъгӕ, дӕ зӕрдӕ дын цы дзуры, уымӕ хъус, ӕмӕ амондджын уыдзынӕ, ӕмӕ, чи зоны, хуыздӕр уыдзӕн, куы ахицӕн уат, уӕд. Библийы та фыст ис: «Уӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ӕрмӕст ууыл ма хъуыды кӕнут, фӕлӕ, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл дӕр» (Фил. 2:4). Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй ахицӕн уат (Матф. 19:6). Уый фӕнды, цӕмӕй уынаффӕтӕ хӕссат йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ, уӕ зӕрдӕ уын цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ.

5. Ефесӕгтӕм 5:33 стихмӕ гӕсгӕ, лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕн куыд хъуамӕ уой?

5 Лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ кӕрӕдзи уарзой ӕмӕ кӕрӕдзи нымайой. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:33.) Библи нын фӕдзӕхсы, цӕмӕй фылдӕр хъуыды кӕнӕм, нӕ бон иннӕмӕн раттын цы у, ууыл (Хъуыд. 20:35). Лӕг ӕмӕ ус сӕрныллӕг куы уой, уӕд кӕрӕдзи уарздзысты ӕмӕ кӕрӕдзи нымайдзысты. Ӕмӕ сӕ алчидӕр хъуыды кӕндзӕн йӕхи пайдайыл нӕ, фӕлӕ иннӕйы пайдайыл (1 Кор. 10:24).

Лӕг ӕмӕ ус сӕрныллӕг куы вӕййынц, уӕд кӕрӕдзиимӕ нӕ фӕтох кӕнынц, фӕлӕ вӕййынц иу командӕйы хуызӕн (кӕс 6 абзац)

6. Стивен ӕмӕ йӕ бинойнаджы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

6 Сӕрныллӕгдзинад бирӕ чырыстон къайтӕн баххуыс кодта, цӕмӕй амондджындӕр суой. Зӕгъӕм, Стивен загъта: «Дӕ цардӕмбалимӕ иу командӕйы хуызӕн куы уат, уӕд архайдзыстут ӕмвӕндӕй, уӕлдайдӕр та зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлат, уӕд. Ӕмӕ, дӕхицӕн куыд хуыздӕр у, ууыл нӕ хъуыды кӕндзынӕ, фӕлӕ уӕ дыууӕйӕн дӕр куыд хуыздӕр у, ууыл». Йӕ бинойнаг Стефани дӕр йемӕ разы у. Уый загъта: «Ӕдзух йӕхи ныхасыл чи ныллӕууы, ахӕм адӕймагимӕ цӕрын никӕй фӕнды. Махӕн не ’хсӕн исты куы рауайы, уӕд бацархайӕм, хабар афтӕ цӕмӕн рауад, уый бамбарыныл. Иумӕ скувӕм, нӕ публикациты ӕрмӕг бацагурӕм, стӕй аныхас кӕнӕм, уыцы хъуыддаг нӕ бон банывыл кӕнын куыд у, ууыл. Афтӕмӕй кӕрӕдзиимӕ нӕ фӕтох кӕнӕм, фӕлӕ нӕ зындзинадимӕ». Лӕг ӕмӕ ус, цы сты, сӕхицӕй уымӕй фылдӕр ӕнхъӕл куы нӕ уой, уӕд уыдзысты амондджын.

ЙЕГЪОВӔЙӔН АЛКӔДДӔР СӔРНЫЛЛӔГӔЙ ЛӔГГАД КӔН

7. Ӕфсымӕрӕн йӕ бӕрны исты хӕс куы бакӕной, уӕд уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕса?

7 Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уый нӕхицӕн стыр кадыл нымайӕм, йӕ хъуыддаджы цыфӕнды ма аразӕм, уӕддӕр (Пс. 27:4; 84:10). Фӕлӕ ӕфсымӕры куы фӕнда йӕхимӕ фылдӕр хӕстӕ райсын, уӕд та? Библийы фыст ис: «Цӕстдарӕг уа, уымӕ чи тырны, уый хорз хъуыддагмӕ бӕллы» (1 Тим. 3:1). Фӕлӕ ӕфсымӕрӕн йӕ бӕрны исты хӕс куы бакӕной, уӕд хъуамӕ йӕхицӕй ма ныббуц уа (Лук. 17:7–10). Йӕ нысан хъуамӕ уа иннӕтӕн сӕрныллӕгӕй лӕггад кӕнын (2 Кор. 12:15).

8. Диотреф, Ози ӕмӕ нын Авессаломы цӕвиттонтӕ зондзонӕн куыд сты?

8 Библийы бакӕсӕн ис, йӕхицӕй цыдӕр ӕнхъӕл чи уыд, ахӕм адӕймӕгты тыххӕй. Диотрефы бонзонгӕ схонӕн нӕ уыд. Уый фӕндыд, цӕмӕй ӕмбырды алы хъуыддаджы дӕр фыццаг уыдаид (3 Иоан. 9). Ози йӕхиуыл фервӕссыд ӕмӕ сарӕзта, Йегъовӕ йын йӕ бар цы нӕ бакодта, уый (2 Аз. 26:16–21). Авессаломы фӕндыд, цӕмӕй паддзах суыдаид. Гъемӕ адӕмыл хинӕй цыд, цӕмӕй-иу йӕ фарс фӕуыдаиккой (2 Сам. 15:2–6). Ацы хабӕрттӕй бӕрӕг у, йӕхицӕн кад чи фӕагуры, ахӕм адӕмӕй Йегъовӕ райгонд кӕй нӕ вӕййы (Ӕмб. 25:27). Ӕппынфӕстаг сӕрбӕрзонд ӕмӕ кадуарзаг адӕмӕн сӕ сӕр бӕллӕх баййафы (Ӕмб. 16:18).

9. Йесо нын фӕзминаг цӕмӕй у?

9 Йесо Чырысти уыцы сӕрбӕрзонд адӕмы хуызӕн нӕ уыд. Уый «кӕд Хуыцауы хуызӕн уыди, уӕддӕр ӕм ахӕм хъуыды никуы фӕзынд, ӕмӕ, Хуыцаумӕ цы бартӕ ис, уымӕ дӕр ахӕм бартӕ хъуамӕ уа» (Фил. 2:6). Кӕд Дун-дунейы Йесойӕ уӕлдӕр ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ у, уӕддӕр уый йӕхицӕй, цы уыд, уымӕй фылдӕр ӕнхъӕл нӕ уыд. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Йӕхи иннӕтӕй дӕлдӕрыл чи нымайы, уӕлдӕр гъе уый у» (Лук. 9:48). Ӕмӕ нын куыд ӕхсызгон у, Йесойау сӕрныллӕг чи у, уыцы пионертимӕ, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртимӕ, хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ ӕмӕ районон цӕстдарджытимӕ лӕггад кӕнын! Сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд иннӕты тынгдӕр уарздзыстӕм. Йесо загъта, ӕцӕг чырыстӕттӕ иннӕты ’хсӕн бӕрӕг кӕй дардзысты сӕ уарзондзинадӕй (Иоан. 13:35).

10. Афтӕ дӕм куыд кӕса, ӕмӕ ӕмбырды цавӕрдӕр хъуыддаг аскъуыддзаг кӕнын хъӕуы, фӕлӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ницы аразынц, уӕд куыд хъуамӕ бакӕнай?

10 Чи зоны дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ ӕмбырды цавӕрдӕр хъуыддаг аскъуыддзаг кӕнын хъӕуы, фӕлӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ницы аразынц. Ӕмӕ уӕд хъуыр-хъуыр кӕныны бӕсты хуыздӕр уаид сӕрныллӕгдзинад равдисын ӕмӕ, разамынд чи дӕтты, уыцы ’фсымӕртимӕ ӕмгуыст кӕнын (Дзут. 13:17). Цы дын баххуыс кӕндзӕн? Ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Ацы хъуыддаг афтӕ ахсджиаг у, ӕмӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы цыдӕр саразын? Ӕнӕмӕнг ныртӕккӕ хъӕуы цыдӕр фӕивын? Ацы хъуыддаг сраст кӕнын мӕнмӕ хауы? Ӕмбырды иудзинад бахъахъхъӕнын мӕ фӕнды ӕви адӕмы ’ргом мӕхимӕ раздахын?»

Йӕ бӕрны кадджын хӕстӕ кӕмӕн ис, уыдоны хъуамӕ, курдиатджын кӕй сты, ӕрмӕст уымӕй ма зоной, фӕлӕ, сӕрныллӕг кӕй сты, уымӕй дӕр (кӕс 11 абзац) *

11. Сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд уый, Ефесӕгтӕм 4:2, 3 стихтӕм гӕсгӕ, ӕмбырдыл куыд фӕзындзӕн?

11 Йегъовӕйы хъуыдымӕ гӕсгӕ, нӕ сӕрныллӕгдзинад нӕ курдиӕттӕй ахсджиагдӕр у ӕмӕ, не ’хсӕн иудзинад уа, уый ахсджиагдӕр у, бирӕ нын ӕнтыса, уымӕй. Уымӕ гӕсгӕ дӕ хъӕуы архайын, цӕмӕй йын сӕрныллӕгӕй лӕггад кӕнай. Ӕмӕ афтӕмӕй ӕмбырды иудзинад хъахъхъӕндзынӕ. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 4:2, 3.) Дӕ бон цавӕр хъуыддӕгтӕй у равдисын, сӕрныллӕг кӕй дӕ, уый? Хъусын кӕныны хъуыддаджы зынгзӕрдӕйӕ архай. Иннӕтӕн балӕггад кӕнынмӕ цӕттӕ у ӕмӕ сын хорздзинад араз. Алыхуызон хоты ӕмӕ ’фсымӕрты-иу уазӕгуаты фӕхон, уыимӕ, кадджын хӕстӕ кӕуыл нӕй, уыдоны дӕр (Матф. 6:1–4; Лук. 14:12–14). Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ сӕрныллӕгӕй куы ӕмгуыст кӕнай, уӕд дын ӕрмӕст дӕ курдиӕттӕ нӕ уындзысты, фӕлӕ дӕ сӕрныллӕгдзинад дӕр.

СОЦИАЛОН СЕТЬТӔЙ ПАЙДА КӔНГӔЙӔ СӔРНЫЛЛӔГ У

12. Библийы ӕмбӕлтты тыххӕй цы фыст ис?

12 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй нӕ бинонтимӕ ӕмӕ не ’мбӕлттимӕ рӕстӕг ӕрвитӕм ӕмӕ нын уый циндзинад хӕсса (Пс. 133:1). Йесойӕн дӕр уыди хорз ӕмбӕлттӕ (Иоан. 15:15). Библи ӕмбарын кӕны, ӕцӕг ӕмбал стыр хӕзна цӕмӕн у (Ӕмб. 17:17; 18:24). Стӕй ма дзы фыст ис, адӕймаг йӕхи иннӕтӕй дард ласа, уый хорз кӕй нӕу (Ӕмб. 18:1). Бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ социалон сетьты фӕрцы сӕ бон у бирӕ ӕмбӕлттӕ ссарын, ӕмӕ уӕд сӕхимӕ иунӕг нӕ кӕсдзысты. Фӕлӕ ацы хъуыддаджы хъуамӕ уӕм ӕмбаргӕ.

13. Социалон сетьтӕй чи пайда кӕны, уыдонӕй иуӕй-иутӕ сӕхимӕ иунӕг цӕмӕн фӕкӕсынц ӕмӕ сӕхимӕ цӕмӕн ныхъхъусынц?

13 Куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй, социалон сетьтыл бирӕ рӕстӕг чи хардз кӕны, уыдон арӕх сӕхимӕ иунӕг кӕсын райдайынц ӕмӕ сӕхимӕ ныхъхъусынц. Цӕмӕн? Зӕгъӕм, бирӕтӕ социалон сетьты сӕвӕрынц сӕхи къамтӕ, се ’мбӕлтты къамтӕ ӕмӕ, кӕмыты вӕййынц, уыцы бынӕтты къамтӕ. Ӕмӕ равзарынц ӕппӕты рӕсугъддӕр къамтӕ. Чи сӕ фены, уыдон, гӕнӕн ис, хъуыды кӕной, зӕгъгӕ, адӕм сӕ рӕстӕг уӕртӕ куыд хорз ӕрвитынц, ӕз та цӕугӕ дӕр никӕдӕм кӕнын. Иу 19-аздзыд хо загъта: «Куы-иу федтон, иннӕтӕ-иу улӕфгӕ бонтӕ куыд хъӕлдзӕгӕй арвыстой, уӕд-иу сӕм хӕлӕг кодтон, уымӕн ӕмӕ-иу ӕз та хӕдзары бадтӕн».

14. 1 Петры 3:8 стих нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй социалон сетьтӕй пайда кӕнгӕйӕ ӕмбаргӕ уӕм?

14 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, социалон сетьтӕ пайда дӕр сты. Уыдоны фӕрцы нӕ бон у нӕ хиуӕттимӕ ӕмӕ не ’мбӕлттимӕ ныхас кӕнын ӕмӕ сӕм фыссын. Фӕлӕ йӕ, чи зоны, бафиппайдтай, иуӕй-иутӕ дзы цы ныффыссынц, цы къамтӕ ӕмӕ дзы цы видеотӕ сӕвӕрынц, уыдонӕй сӕхимӕ адӕмы ’ргом кӕй фездахынц. Раст цыма афтӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, ӕрбакӕсут-ма мӕм, цы рӕсугъд дӕн. Чидӕртӕ та сӕхи кӕнӕ иннӕты къамты бынмӕ ӕнӕуаг кӕнӕ ӕнӕфсарм ныхӕстӕ ныффыссынц. Фӕлӕ чырыстӕттӕн ахӕм митӕ кӕнын не ’мбӕлы. Мах хъуамӕ уӕм сӕрныллӕг ӕмӕ иннӕты уарзӕм. (Бакӕс 1 Петры 3:8.)

Социалон сетьты цы къамтӕ сӕвӕрыс, уыдонмӕ гӕсгӕ дӕ иннӕтӕ сӕрныллӕг схондзысты? Ӕви афтӕ ахъуыды кӕндзысты, ӕмӕ дӕхицӕй ӕппӕлыс? (кӕс 15 абзац)

15. Библи нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕхицӕй цыдӕр ма аразӕм?

15 Кӕд социалон сетьтӕй пайда кӕныс, уӕд ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Цы дзы ныффыссын, цы къамтӕ ӕмӕ дзы цы видеотӕ сӕвӕрын, уыдон иннӕтӕ куы фенынц, уӕд афтӕ нӕ ахъуыды кӕнынц, ӕмӕ мӕхицӕй ӕппӕлын? Хӕлӕг кӕнын мӕм нӕ райдайынц?» Библи зӕгъы: «Дунейы цыдӕриддӕр ис: тӕригъӕдджын буары монцтӕ, цӕстыты монцтӕ ӕмӕ мулкӕй ӕппӕлын,– уыдон Фыдӕй не сты, фӕлӕ сты ацы дунейӕ» (1 Иоан. 2:16). Иу тӕлмацы дзырдбаст «мулкӕй ӕппӕлын» тӕлмац ӕрцыд «дӕхицӕй цыдӕр аразын». Фӕлӕ чырыстӕттӕ сӕхицӕй цыдӕр нӕ аразынц. Уыдон архайынц Библийы уынаффӕмӕ гӕсгӕ: «Ма суӕм кадуарзаг ӕмӕ кӕрӕдзийы, чи хуыздӕр у, зӕгъгӕ, ууыл ма ардауӕм, кӕрӕдзимӕ хӕлӕг ма кӕнӕм» (Гал. 5:26). Сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд ацы дунейы адӕмау иннӕты ’ргом нӕхимӕ ӕгӕр не здахдзыстӕм.

ӔМБАРГӔ У

16. Нӕхи сӕрбӕрзонддзинадӕй цӕмӕн хъуамӕ хизӕм?

16 Сӕрбӕрзонд адӕймаг «ӕмбаргӕ» нӕ вӕййы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй сӕрныллӕг уӕм (Ром. 12:3). Сӕрбӕрзонд адӕймаг вӕййы кадуарзаг ӕмӕ алкӕддӕр ныллӕууы йӕхи ныхасыл. Йӕ зондахаст ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ арӕх уымӕ ’ркӕнынц, ӕмӕ йӕхи дӕр масты хай бакӕны ӕмӕ иннӕты дӕр. Ӕмӕ йӕ зондахаст куы нӕ аива, уӕд ын Хӕйрӕг йӕ сӕрызонд бакуырм кӕндзӕн ӕмӕ йын ӕй сзыгъуыммӕ кӕндзӕн (2 Кор. 4:4; 11:3). Сӕрныллӕг адӕймаг та вӕййы ӕмбаргӕ ӕмӕ йӕхимӕ раст цӕстӕй фӕкӕсы. Уый ӕмбары, иннӕтӕ дзы бирӕ цӕмӕйдӕрты хуыздӕр кӕй сты (Фил. 2:3). Стӕй зоны, «Хуыцау сӕрбӕрзонд адӕймӕгтӕн сӕ ныхмӕ [кӕй] у, сӕрныллӕгтӕн та [кӕй] хай кӕны йе стыр хорзӕхӕй» (1 Пет. 5:5). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕмбаргӕ адӕймаджы нӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕ йӕ ныхмӕ уа.

17. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй алкӕддӕр сӕрныллӕг уӕм?

17 Цӕмӕй алкӕддӕр сӕрныллӕг уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ архайӕм Библийы уынаффӕмӕ гӕсгӕ: «Зӕронд удыхъӕд йӕ митимӕ ныууадзут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ногмӕ раивут». Ууыл хъӕуы фыдӕбон кӕнын. Хорз уаид, Йесойы царды ӕмӕ лӕггады хабӕрттӕ-иу куы раиртасӕм, стӕй хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй йӕ алы хъуыддаджы дӕр фӕзмӕм (Кол. 3:9, 10; 1 Пет. 2:21). Нӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ фӕуыдзӕн. Сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд нӕ бинонты цард уыдзӕн фӕрнӕйдзаг, не ’мбырды уыдзӕн иудзинад, стӕй социалон сетьтӕй ӕмбаргӕйӕ пайда кӕндзыстӕм. Сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ хайджын уыдзыстӕм Йегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕй ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм.

117 ЗАРӔГ Хуыцауы хорздзинад фӕзмӕм

^ 5 абз. Абон дунейы ис тынг бирӕ сӕрбӕрзонд, хиуарзон адӕм. Ӕмӕ нӕ хъӕуы нӕхи сӕ зондахастӕй хъахъхъӕнын. Стӕй, цы стӕм, нӕхицӕй уымӕй фылдӕр ӕнхъӕл хъуамӕ ма уӕм. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, уый цы ӕртӕ хъуыддагӕй хъуамӕ уа бӕрӕг, уыдоныл.

^ 2 абз. АЦЫ НЫХӔСТӔН СӔ ХЪУЫДЫ ЦЫ У. Адӕймаг сӕрбӕрзонд куы вӕййы, уӕд вӕййы хиуарзон ӕмӕ фылдӕр йӕхиуыл фӕхъуыды кӕны, иннӕтыл нӕ, фӕлӕ. Сӕрныллӕг адӕймаг та хиуарзон ӕмӕ йӕхицӕй хъал нӕ вӕййы ӕмӕ йӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр нӕ февӕры.

^ 56 абз. НЫВ. Дзырдарӕхст хистӕр нӕлгоймагӕн конгрессы ис раныхас, стӕй арӕхсы иннӕ ӕфсымӕртӕн разамынд дӕттынмӕ. Фӕлӕ уый аргъ кӕны, йӕ бон уацамындон фембӕлд ауадзын ӕмӕ Паддзахады зал бафснайын кӕй у, уымӕн дӕр.