ХЪАХЪХЪӔНӔН МӔСЫГ (ӔМБЫРДЫ АХУЫР КӔНЫНӔН) Июнь 2020

Ацы номыры ис, 2020 азы 3–30 августы кӕй ахуыр кӕндзыстӕм, уыцы статьятӕ.

«Срухс уӕд дӕ ном»

23 ахуыргӕнӕн статья: ахуыр ӕй кӕндзыстӕм 2020 азы 3–9 августы. Ацы статьяйы дзырд цы ахсджиаг фарстайыл цӕудзӕн, уый хауы ӕппӕт адӕммӕ дӕр ӕмӕ зӕдтӕм дӕр. Цавӕр фарста у? Афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у ӕмӕ не ’ппӕтмӕ дӕр куыд хауы? Ацы хабӕрттӕ хорз куы ӕмбарӕм, уӕд Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм.

«Ӕрбангом мын кӕн мӕ зӕрдӕ, цӕмӕй дын дӕ номӕй тӕрсон»

24 ахуыргӕнӕн статья: ахуыр ӕй кӕндзыстӕм 2020 азы 10–16 августы. Ацы статьяйы мах аныхас кӕндзыстӕм Псалом 86:11, 12 стихтыл. Уым бакӕсӕн ис, паддзах Давид Хуыцаумӕ кувгӕйӕ цы ныхӕстӕ загъта, уыдон. Цы нысан кӕны Йегъовӕйы номӕй тӕрсын? Йегъовӕйы кадджын номӕй цӕмӕн хъуамӕ тӕрсӕм? Ӕмӕ Хуыцауӕй куы тӕрсӕм, уӕд нӕ уый куыд бахъахъхъӕндзӕн, исты нӕ куы рӕдийын кӕна, уӕд?

Кӕсджыты фарстатӕ

Галатӕгтӕм 5:22, 23 стихты цы миниуджыты кой ис, ӕрмӕстдӕр уыдон хауынц, «Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты», уымӕ?

«Ӕз мӕхӕдӕг бацагурдзынӕн мӕ фысты»

25 ахуыргӕнӕн статья: ахуыр ӕй кӕндзыстӕм 2020 азы 17–23 августы. Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта, уыдонӕй чидӕртӕ ӕмбырдӕй цӕмӕн адард сты? Цымӕ сӕм Хуыцау цы зӕрдӕ дары? Ацы фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм ацы статьяйӕ. Стӕй ма дзы дзырд цӕудзӕн, раджы заманты Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй кӕмӕндӕрты куыд ӕххуыс кодта ӕмӕ уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм, ууыл.

«Раздӕхут мӕм»

26 ахуыргӕнӕн статья: ахуыр ӕй кӕндзыстӕм 2020 азы 24–30 августы. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй, ӕмбырдтӕм ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ рагӕй чи нал цӕуы, уыдон ӕм ӕрбаздӕхой. Дзуры сын, раздӕхут мӕм, зӕгъгӕ. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, ӕрбаздӕхын кӕй фӕнды, уыдонӕн нӕ бон баххуыс кӕнын куыд у, ууыл.