Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уадындзы уастмӕ гӕсгӕ архайыс?

Уадындзы уастмӕ гӕсгӕ архайыс?

МАХ зонӕм, ацы «фӕстаг бонты» Йегъовӕ йӕ адӕмӕн разамынд кӕй дӕтты ӕмӕ сын кӕй ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йӕм ӕввахс уой (2 Тим. 3:1). Фӕлӕ ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ алчидӕр Йегъовӕмӕ хъуса. Нӕ хабар цӕмӕйдӕр у, израилӕгтӕн ӕдзӕрӕг быдыры сӕ хабар куыд уыд, уый хуызӕн. Уадындзы уаст-иу куы фехъуыстой, уӕд-иу зыдтой, цыдӕр аразын сӕ кӕй хъӕуы.

Йегъовӕ Моисейӕн скӕнын кодта дыууӕ ӕвзист уадындзы. Ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй-иу сӕ уастӕй адӕмӕн фехъусын кодтаид, «иууылдӕр кӕй хъуамӕ ӕрӕмбырд уой кӕнӕ сӕ цатыртӕ кӕй хъуамӕ сисой» (Ным. 10:2). Сауджынтӕ-иу хъуамӕ уадындзтӕй алыхуызӕтты уасыдаиккой. Уадындзтӕй-иу куыд ӕмӕ цал хатты ныууасыдысты, уымӕ гӕсгӕ-иу израилӕгтӕ бамбӕрстой, цы хъуамӕ аразой, уый (Ным. 10:3–8). Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Хуыцау йӕ адӕмӕн разамынд алыхуызӕтты куыд дӕтты, уымӕ. Зӕгъӕм, фӕхонынц нӕ стыр фембӕлдтӕм, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕахуыр кӕнынц алыхуызон скъолаты ӕмӕ нӕ организацийы цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ ӕрцӕуы. Ӕмӕ базондзыстӕм, ацы хъуыддӕгтӕ цӕмӕн ис абарӕн, рагон Израилы-иу сауджынтӕ уадындзтӕй кӕй уасыдысты, уыимӕ.

ФӔХОНЫНЦ НӔ СТЫР ФЕМБӔЛДТӔМ

Йегъовӕйы-иу куы фӕндыд, цӕмӕй-иу «адӕм иууылдӕр» ӕмбырды цатыры бахизӕны раз,– скӕсӕнырдыгӕй чи уыд, уыцы бахизӕны раз,– ӕрӕмбырд уыдаиккой, уӕд-иу сауджынтӕ дыууӕ уадындзӕй дӕр ныууасыдысты (Ным. 10:3). Уыцы уадындзты уаст Израилы мыггӕгтӕ иууылдӕр хъуыстой. Уыдысты-иу цыппар къордыл дих ӕмӕ-иу лӕууыдысты ӕмбырды цатыры алыварс. Цатыры бахизӕнмӕ-иу хӕстӕг чи уыд, уыдон-иу тагъд ӕрбамбырд сты. Дарддӕр чи уыд, уыдоны та-иу бахъуыд фылдӕр рӕстӕг ӕмӕ фылдӕр тыхтӕ. Куыдфӕнды ма уыдаид,– Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй-иу израилӕгтӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд уыдаиккой ӕмӕ-иу ын йӕ амындтӕ фехъуыстаиккой.

Абон мах ӕмбырды цатырмӕ цӕуын нӕ хъӕуы. Фӕлӕ нӕ фӕхонынц Хуыцауы адӕмы фембӕлдтӕм, зӕгъӕм, регионалон конгресстӕм кӕнӕ ӕндӕр сӕрмагонд фембӕлдтӕм. Уым фехъусӕм ахсджиаг уынаффӕтӕ ӕмӕ нын разамынд раттынц. Ӕгас зӕххыл дӕр ахӕм фембӕлдты Йегъовӕйы адӕмӕн вӕййы уыцы иу программӕ. Ӕмӕ уыцы фембӕлдтӕм чи ’рбацӕуы, уыдон тынг фӕцин кӕнынц, ахӕм стыр бинонты ’хсӕн кӕй вӕййынц, ууыл. Иуӕй-иутӕ ӕрцӕуынц дард рӕттӕй. Фӕлӕ иууылдӕр фембарынц, уый йӕ фыдӕбоны аргъ кӕй у.

Стыр фембӕлдтӕ кӕм вӕййы, уыцы рӕттӕй дард чи сты, ахӕм къордтӕй та цы ис зӕгъӕн? Нырыккон технологиты фӕрцы уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй бирӕтӕн сӕ бон вӕййы программӕмӕ байхъусын, ӕмӕ сӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма сӕхӕдӕг дӕр уым вӕййынц. Зӕгъӕм, иухатт сӕйраг хайады минӕвар Бенины филиалмӕ куы ’рцыд, уӕд ӕфсымӕртӕ афтӕ бакодтой, цӕмӕй интернеты уылты фембӕлдмӕ баиу уыдаиккой шахтерты горӕт Арлийы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дӕр. Уый ис Нигеры, Сахарӕйы ӕдзӕрӕг быдыры. Уым ӕрӕмбырд 21 адӕймаджы. Уыдонӕй 16 уыдысты, фылдӕр базонын кӕй фӕндыд, ахӕм адӕм. Ӕмӕ, Бенины цы 44 131 адӕймаджы уыд, уыдонӕй кӕд дард уыдысты, уӕддӕр сӕм афтӕ каст, цыма семӕ иумӕ сты. Иу ӕфсымӕр ныффыста: «Программӕмӕ байхъусыны фадат нын кӕй уыд, уый тыххӕй уын стыр бузныг! Ногӕй та нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтат, куыд тынг нӕ уарзут, уый».

ХИСТӔР НӔЛГОЙМӔГТЫ ФӔХОНЫНЦ СКЪОЛАТӔМ

Иу уадындзы уаст-иу куы райхъуыст, уӕд-иу ӕмбырды цатыры размӕ хъуамӕ ӕрбацыдаиккой «адӕмы хистӕртӕ, минты сӕргъы чи лӕууыд, уыдон» (Ным. 10:4). Уым-иу сын Моисей амындтӕ радта ӕмӕ сӕ ахуыр кодта. Уый фӕрцы сӕ хӕстӕ, куыд ӕмбӕлд, афтӕ ӕххӕст кодтой. Ды дӕр адӕмы хистӕртӕй куы уыдаис, уӕд-иу уыцы фембӕлдмӕ цыфӕндыйӕ дӕр нӕ ацыдаис?

Абон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Хуыцауы адӕмы сӕргъы нӕ лӕууынц, стӕй Хуыцауы дзугӕн сӕхи хицау нӕ кӕнынц (1 Пет. 5:1–3). Фӕлӕ зӕрдиагӕй архайынц, цӕмӕй дзугмӕ кӕсой. Ӕмӕ сӕ ахуырмӕ куы фӕхонынц, зӕгъӕм, Бӕрнон ӕфсымӕрты скъоламӕ, уӕд ӕхсызгонӕй сразы вӕййынц. Уым сӕ фӕахуыр кӕнынц, цӕмӕй сӕ хӕстӕ хуыздӕр ӕххӕст кӕной. Уый фӕрцы сӕхӕдӕг дӕр, стӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дӕр Йегъовӕмӕ баввахсдӕр вӕййынц. Чи зоны, дӕхӕдӕг уыцы скъолатӕй никӕцыйы ахуыр кодтай. Фӕлӕ дын уӕддӕр стыр пайда хӕссынц, уымӕн ӕмӕ дзы чи ахуыр кодта, уыдон ӕмбырды фӕархайынц, цы базыдтой, уымӕ гӕсгӕ.

ЦАВӔРДӔР ИВЫНДЗИНӔДТӔ ӔРЦӔУЫ

Хатт та-иу сауджынтӕ уадындзтӕй цалдӕр цыбыр уасты ныккодтой. Уый израилӕгтӕн ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй сӕ фӕндагыл араст уой (Ным. 10:5, 6). Уый кодтой бӕлвырд уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ алы адӕймагӕй дӕр бирӕ кӕнгӕ уыд. Чи зоны-иу израилӕгтӕй кӕйдӕрты иу ранӕй иннӕ ранмӕ цӕуын нӕ фӕндыд. Цымӕ цӕуылнӕ?

Иуӕй-иутӕм афтӕ кастаид, ӕмӕ уадындзтӕ ӕгӕр арӕх, стӕй ӕнӕнхъӕлӕджы ныууасынц. Библийы фыст ис: «Мигъ цатыры сӕрмӕ цасфӕнды ма лӕууыдаид... Израилы фырттӕ-иу лӕууыдысты, сӕ цатыртӕ кӕм ӕрӕвӕрдтой, уым». Фӕлӕ «иуӕй-иу хатт... мигъ лӕууыд изӕрӕй райсоммӕ». Хатт та-иу лӕууыд «дыууӕ боны, мӕй ӕви уымӕй дӕр фылдӕр» (Ным. 9:21, 22). Цымӕ израилӕгтӕ сӕ бынат цал хатты аивтой? Нымӕцты 33 сӕры ис иу-40 бынаты кой.

Израилӕгтӕ-иу, «адӕймагыл тас чи ’фтауы, уыцы стыр ӕдзӕрӕг быдыры» аууон ран куы ’рбынат кодтой, уӕд-иу тынг цин кодтаиккой (Дык. з. 1:19). Ӕмӕ-иу сӕ ӕндӕр ранмӕ цӕуын куы хъуыд, уӕд-иу, чи зоны, мӕт кодтой, ног бынат ӕвзӕрдӕр куы уа, зӕгъгӕ.

Израилӕгтӕн-иу сӕ цӕуын афон куы ’рхӕццӕ, уӕд-иу, чи зоны, кӕмӕндӕрты сӕ радмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын зын уыд. Уадындз-иу цалдӕр хатты куы ныууасыд, уӕд-иу ӕй иууылдӕр фехъуыстой. Фӕлӕ мыггӕгтӕн се ’ппӕтӕн уыцы иу афон нӕ уыд цӕуӕн. Фыццаг-иу хъуамӕ ацыдаиккой, скӕсӕнырдыгӕй чи уыд, уыцы мыггӕгтӕ – Иудӕйы, Иссахары ӕмӕ Завулоны мыггӕгтӕ (Ным. 2:3–7; 10:5, 6). Уыдон-иу куы ацыдысты, уӕд-иу сауджынтӕ дыккаг хатт уадындзтӕй цалдӕр цыбыр уасты ныккодтой. Ӕмӕ-иу уӕд сӕ фӕндагыл ацыдысты, хуссарырдыгӕй чи уыд, уыцы ӕртӕ мыггаджы. Ӕмӕ сауджынтӕ афтӕ кодтой, цалынмӕ-иу израилӕгтӕ иууылдӕр нӕ ацыдысты, уӕдмӕ.

Чи зоны дын хатт зын вӕййы, организацийы цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ кӕй ӕрцӕуы, уый. Гӕнӕн ис, афтӕ дӕм фӕкӕсы, ӕмӕ ӕгӕр бирӕ сты. Кӕнӕ та хъуыды кӕныс, ӕмӕ ӕнӕуи дӕр алцыдӕр хорз уыд, ӕмӕ ницы хъуыд ивын. Чи зоны, фӕтыхсыс, ног цӕуылдӕр дӕ ахуыр кӕнын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй. Фӕлӕ уӕддӕр ног разамындмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд бамбардзыстӕм, уый нӕ пайдайӕн кӕй у ӕмӕ нын Йегъовӕ кӕй арфӕ кӕны.

Моисейы заман Йегъовӕ ӕдзӕрӕг быдыры разамынд лӕвӕрдта милуангай нӕлгоймӕгтӕ, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕн. Йегъовӕ сыл куы нӕ тыхстаид ӕмӕ сын разамынд куы нӕ лӕвӕрдтаид, уӕд удӕгасӕй нӕ баззадаиккой. Йегъовӕ махӕн дӕр ацы уӕззау фӕстаг бонты разамынд дӕтты. Ӕххуыс нын кӕны, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад фидар уа. Иузӕрдион израилӕгтӕ-иу уадындзты уаст куы фехъуыстой, уӕд-иу уайтагъд архайын райдыдтой. Цӕй уӕдӕ мах дӕр Йегъовӕйы разамындмӕ хъусӕм!