Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

25 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Ӕз мӕхӕдӕг бацагурдзынӕн мӕ фысты»

«Ӕз мӕхӕдӕг бацагурдзынӕн мӕ фысты»

«Ӕз мӕхӕдӕг бацагурдзынӕн мӕ фысты ӕмӕ сӕм зилдзынӕн» (ЙЕЗ. 34:11).

105 ЗАРӔГ «Хуыцау у уарзондзинад»

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Йегъовӕ йӕхи мадимӕ цӕмӕн абарста?

«УЫМӔН гӕнӕн ис, ӕмӕ мад йӕ дзидзидай сывӕллоны ферох кӕна?» Ахӕм фарста Йегъовӕ радта йӕ адӕммӕ пехуымпар Исайы рӕстӕджы. Ӕмӕ сын стӕй загъта: «Уый йӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ ферох кӕна, фӕлӕ ӕз дӕу нӕ ферох кӕндзынӕн» (Ис. 49:15). Йегъовӕ мадимӕ йӕхи арӕх нӕ абары. Фӕлӕ уыцы уавӕры цӕвиттонӕн ӕрхаста, мад йӕ сывӕллоны куыд тынг фӕуарзы, уый, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ бамбӕрстаиккой, тынг сӕ кӕй уарзы. Сывӕллӕттӕ кӕмӕн ис, уыцы сылгоймӕгтӕй бирӕтӕ сразы уыдзысты хо Жасминимӕ *. Уый афтӕ загъта: «Мад йӕ сывӕллонӕн дзидзи куы фӕдары, уӕд сӕ уый кӕрӕдзийыл ахӕм фидар тӕгтӕй сбӕтты, ӕмӕ цӕрӕнбонтӕм дӕр нӕ аскъуыйынц».

2. Йегъовӕ цы цӕстӕй фӕкӕсы, йӕ сывӕллӕттӕй дзы иу дӕр куы адард вӕййы, уымӕ?

2 Йегъовӕ фӕзоны, йӕ сывӕллӕттӕй иу дӕр ӕмбырдтӕм ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ куы нал фӕцӕуы. Ӕмӕ йын куыд зын вӕййы, алы аз дӕр бирӕтӕ кӕй ӕрлӕмӕгъ вӕййынц, уый. Фӕлӕ уыдон уӕддӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ сты, ӕмӕ сӕ тынг уарзӕм.

3. Йегъовӕйы цы фӕнды?

3 Иуцасдӕр ӕмбырдтӕм ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ чи нал фӕцӕуы, уыцы зынаргъ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй бирӕтӕ ӕмбырдмӕ ӕрбаздӕхынц, ӕмӕ сыл мах тынг фӕцин кӕнӕм! Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй, чи дзы адард, уыдон иууылдӕр фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхой, ӕмӕ мах дӕр уый тынг фӕнды (1 Пет. 2:25). Нӕ бон сын куыд у баххуыс кӕнын? Цалынмӕ ацы фарстайӕн дзуапп раттӕм, уӕдмӕ уал базонӕм, иуӕй-иутӕ ӕмбырдтӕм ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ цӕуылнӕуал фӕцӕуынц, уый.

ИУӔЙ-ИУТӔ ЙЕГЪОВӔЙӔН ЦӔУЫЛНӔУАЛ ФӔЛӔГГАД КӔНЫНЦ?

4. Иуӕй-иутыл сӕ куысты тыххӕй цы ’рцӕуы?

4 Иуӕй-иутӕ сӕ куысты тыххӕй Хуыцауӕй адард вӕййынц. Иу азиаг ӕфсымӕр, Хань, афтӕ зӕгъы: «Мӕ куыстыл ӕгӕр сдӕн. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ мӕм фылдӕр ӕхца куы уа, уӕд мын ӕнцондӕр уыдзӕн Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Фӕлӕ тынг рӕдыдтӕн. Фылдӕр кусын кӕй райдыдтон, уый тыххӕй ӕмбырдтӕ арӕхӕй-арӕхдӕр цух кӕнын райдыдтон. Фӕстагмӕ та ӕмбырдтӕм ӕппындӕр нал цыдтӕн. Афтӕ мӕм фӕкӕсы, цыма ацы дуне афтӕ арӕзт у, цӕмӕй адӕмы йӕхимӕ ӕлваса, ӕмӕ-иу гыццылгай Хуыцауӕй адард уой».

5. Иу хойыл куыд фӕзындысты, цы зындзинӕдтӕ бавзӕрста, уыдон?

5 Иуӕй-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ бирӕ зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц, ӕмӕ уый тыххӕй сӕ ныфс асӕтты. Энн цӕры Английы, ис ын фондз сывӕллоны. Уый радзырдта: «Мӕ кӕстӕр лӕппу сахъатӕй райгуырд. Цасдӕры фӕстӕ мӕ чызджытӕй иуы ӕмбырдӕй ацух кодтой. Мӕ хистӕр лӕппу та уӕззау низӕй фӕрынчын, ӕмӕ йӕм ӕдзух кӕсын хъӕуы. Ӕз мӕхимӕ тынг ныхъхъуыстон, ӕмӕ ӕмбырдтӕм ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ дӕр нал цыдтӕн». Энн ӕмӕ йӕ бинонты зын, стӕй ма ахӕм зындзинӕдтыл ноджыдӕр чи ’мбӕлы, уыдоны зын махӕн дӕр зын у.

6. Колоссӕгтӕм 3:13 стихмӕ гӕсгӕ куы нӕ архайӕм, уӕд афтӕ цӕмӕн рауайдзӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы адӕмӕй адард уыдзыстӕм?

6 Бакӕс Колоссӕгтӕм 3:13. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй кӕмӕдӕр хъыг фӕкӕсы, хо кӕнӕ ӕфсымӕр цы саразы, уый. Апостол Павел ӕмбӕрста, хатт афтӕ дӕр кӕй уыдзӕн, ӕмӕ нӕ чырыстӕттӕй исчи ӕцӕгдӕр «истӕмӕй... фӕхъыг кӕна». Суанг ма, гӕнӕн ис, ӕмӕ мацы аххосджын уӕм, афтӕмӕй нӕ исчи бафхӕра. Ӕмӕ ахӕм хабӕрттыл ӕгӕр куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕйы маст хӕссын райдайдзыстӕм. Уый тыххӕй та, гӕнӕн ис, Йегъовӕйы адӕмӕй гыццылгай адард уӕм. Пабло цӕры Хуссар Америкӕйы. Иухатт дзы чидӕр мӕнг ныхӕстӕ фӕкодта, ӕмӕ уый тыххӕй, ӕмбырды йыл цы хӕстӕ уыд, уыдонӕй ӕнӕхай фӕци. Уымӕ цы цӕстӕй ракаст? Пабло уый тыххӕй тынг смӕсты, ӕмӕ гыццылгай ӕмбырдӕй адард.

7. Адӕймаджы йӕ цӕсгом куы фӕхӕры, уӕд уый арӕх цӕмӕ ӕркӕны?

7 Кӕддӕр Хуыцауы закъон чи фехӕлдта, уыдонӕй иуӕй-иутӕ уый фӕстӕ дӕр сӕхи бирӕ рӕстӕг фӕхӕрынц. Кӕд ӕрфӕсмон кӕнынц, уӕддӕр сӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ уый аккаг не сты, цӕмӕй сӕ Хуыцау уарза ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ уой. Ӕфсымӕр Франсискомӕ дӕр афтӕ каст. Уый радзырдта: «Ӕз сарӕзтон тӕригъӕд – ӕнӕгъдау ми бакодтон. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ мын бауайдзӕф кодтой ӕмӕ мын уынаффӕ радтой. Фыццаг рӕстӕг ӕмбырдтӕм цыдтӕн. Фӕлӕ мӕхимӕ ныхъхъуыстон. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ Йегъовӕйы адӕмы ’хсӕн уон, уый аккаг нӕ дӕн. Мӕ цӕсгом мӕ хордта, ӕмӕ хъуыды кодтон, Йегъовӕ мын кӕй нӕ ныххатыр кодта. Ӕппынфӕстаг хъусын кӕнынмӕ ӕмӕ ӕмбырдтӕм нал цыдтӕн». Кӕуыл аныхас кодтам, ахӕм зындзинӕдтыл чи сӕмбӕлд, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм цы зӕрдӕ дарыс? Сӕ зын сын ӕмбарыс? Ноджы ахсджиагдӕр фарста та у: Йегъовӕ сӕм цы зӕрдӕ дары?

ЙЕГЪОВӔ УАРЗЫ ЙӔ ФЫСТЫ

Израилаг фыййау сӕфт фысыл тынг мӕт кодта (кӕс 8, 9 абзацтӕ) *

8. Йегъовӕ ферох кӕны, кӕддӕр ын чи лӕггад кодта, уыдоны? Бамбарын ӕй кӕн.

8 Йегъовӕйӕ рох не сты, ныр ын цасдӕр рӕстӕг чи нал лӕггад кӕны, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. Стӕй дзы сӕ фыдӕбон дӕр рох нӕу (Дзут. 6:10). Пехуымпар Исай тынг рӕсугъд абарстӕй спайда кодта, цӕмӕй равдыстаид, Йегъовӕ йӕ адӕмы куыд уарзы ӕмӕ сыл куыд тыхсы, уый. Исай ныффыста: «Фыййау дзуг куыд фӕхизы, афтӕ хиздзӕн йӕ дзуг. Уӕрыччыты-иу ӕрбамбырд кӕндзӕн ӕмӕ сӕ йӕ хъӕбысы хӕсдзӕн» (Ис. 40:11). Нӕ Кадджын Фыййау Йегъовӕйӕн йӕ фыстӕй исчи дзугӕй куы адзӕгъӕл вӕййы, уӕд дзы цымӕ ферох вӕййы? Иухатт Йесо уый йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн афтӕ бамбарын кодта: «Куыд хъуыды кӕнут? Искӕмӕ сӕдӕ фысы куы уа ӕмӕ дзы иу куы адзӕгъӕл уа, уӕд нӕуӕдз фараст фысы хӕхты нӕ ныууадздзӕн ӕмӕ уыцы фысы агурӕг нӕ ацӕудзӕн? Ӕмӕ йӕ куы ссара, уӕд, зӕгъын уын, чи нӕ адзӕгъӕл, уыцы нӕуӕдз фараст фысӕй ууыл тынгдӕр цин кӕндзӕн» (Матф. 18:12, 13).

9. Хорз фыййау йӕ фыстӕм цы зӕрдӕ фӕдары? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

9 Йегъовӕйы фыййауимӕ цӕмӕн ис абарӕн? Хорз фыййау йӕ фысты фӕуарзы ӕмӕ сӕм хорз фӕкӕсы. Зӕгъӕм, Давид фыййау куы уыд, уӕд-иу йӕ фысты байста домбайы дзыхӕй дӕр ӕмӕ арсы дзӕмбытӕй дӕр (1 Сам. 17:34, 35). Хорз фыййау базоны, йӕ фыстӕй иу дӕр куы фӕхъӕуы (Иоан. 10:3, 14). Уый йӕ 99 фысы фысдоны ныууадздзӕн кӕнӕ сӕ иннӕ фыййӕутты бар бакӕндзӕн, йӕхӕдӕг та сӕфт фысы агурӕг ацӕудзӕн. Йесо Чырысти радзырдта сӕфт фысы тыххӕй фӕсномыг ныхас, цӕмӕй бамбарын кодтаид иу ахсджиаг хабар: «Афтӕ мӕ уӕларвон Фыды дӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй ацы гыццылтӕй иу дӕр фесӕфа» (Матф. 18:14).

Израилаг фыййау йӕ фысы ссардта ӕмӕ йын йӕ цӕф бӕтты (кӕс 9 абзац)

ЙЕГЪОВӔ АГУРЫ ЙӔ ФЫСТЫ

10. Йезекилы 34:11–16 стихтӕм гӕсгӕ, Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта?

10 Йегъовӕ махӕй алкӕй дӕр уарзы, уыимӕ, йӕ дзугӕй чи адзӕгъӕл, уыцы «гыццылты» дӕр. Пехуымпар Йезекилы уылты Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ сӕфт фысты кӕй бацагурдзӕн ӕмӕ сын кӕй баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕм ӕрбаздӕхой. Загъта ма, бӕлвырдӕй цы сараздзӕн, цӕмӕй сӕ фервӕзын кӕна. Израилаг фыййау дӕр-иу афтӕ бакодта. (Бакӕс Йезекилы 34:11–16.) Фыццаджыдӕр-иу фыййау йӕ фысы агурӕг ацыд, ӕмӕ-иу арӕх уымӕн бахъуыд бирӕ рӕстӕг ӕмӕ тыхтӕ. Фысы-иу куы ссардта, уӕд-иу ӕй фӕстӕмӕ дзугмӕ ӕрбакодта. Фысӕн йӕ къах куы асастаид, уӕд ын ӕй бабастаид, ӕххормаг куы уыдаид, уӕд ын хӕринаг радтаид ӕмӕ йӕ йӕ хъӕбысы ӕрбахастаид. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр сты фыййӕуттӕ – уыдон хизынц «Хуыцауы дзуг». Ӕмӕ исчи ӕмбырдӕй куы адзӕгъӕл вӕййы, уӕд уыдон дӕр афтӕ фӕархайынц (1 Пет. 5:2, 3). Бацагурынц ӕй ӕмӕ йын баххуыс кӕнынц, цӕмӕй дзугмӕ ӕрбаздӕха ӕмӕ та Йегъовӕмӕ баввахс уа. Ӕмӕ афтӕмӕй равдисынц сӕ уарзондзинад *.

11. Хорз фыййау цы ӕмбӕрста?

11 Хорз фыййау ӕмбӕрста, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ фыс дзугӕй адзӕгъӕл уа. Ӕмӕ-иу афтӕ куы рауад, уӕд-иу фысы уый тыххӕй нӕ фӕнадта. Ӕркӕсӕм, Хуыцау раджы заманты йӕ лӕггадгӕнджытӕй кӕмӕндӕрты куыд баххуыс кодта, уымӕ.

12. Йегъовӕ Ионӕйӕн куыд баххуыс кодта?

12 Йегъовӕ пехуымпар Ионӕйӕн куы загъта, цӕмӕй Ниневимӕ ацыдаид, уӕд ӕм Ионӕ нӕ байхъуыста. Фӕлӕ йыл Йегъовӕ йӕ къух нӕ ауыгъта. Хорз фыййау куыд бакодтаид, афтӕ йӕ Йегъовӕ фервӕзын кодта ӕмӕ йын радта тыхтӕ, цӕмӕй йӕ хӕслӕвӕрд сӕххӕст кодтаид (Ионӕ 2:7; 3:1, 2). Уый фӕстӕ та куысыфтӕг сзайын кодта, цӕмӕй Ионӕйӕн бамбарын кодтаид, алы адӕймаджы цард дӕр куыд зынаргъ у, уый (Ионӕ 4:10, 11). Мах уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Ӕмбырдӕй исчи куы адард вӕййы, уӕд ыл хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ къух нӕ ауигъынц. Фӕлӕ фӕархайынц, цӕмӕй бамбарой, йӕ хабар афтӕ цӕмӕн рауад. Ӕмӕ ахӕм фыс Йегъовӕмӕ куы ’рбаздӕхы, уӕд ыл дарддӕр дӕр фӕтыхсынц ӕмӕ хъуыддагӕй февдисынц, кӕй йӕ уарзынц.

13. 73-ӕм псалом чи ныффыста, уымӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй ракаст ӕмӕ мах уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

13 73-ӕм псалом чи ныффыста, уымӕн иуафон йӕ ныфс асаст. Афтӕ йӕм каст, ӕмӕ фыдгӕнджытӕ цардӕй къӕртт ӕппарынц, ӕмӕ, дам, уӕд цы пайда у Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын (Пс. 73:12, 13, 16). Йегъовӕ йӕм цы цӕстӕй ракаст? Уый тыххӕй йын нӕ бауайдзӕф кодта. Йӕ ныхӕстӕ ма йын Библийы дӕр ныффыссын кодта. Ӕмӕ псаломзарӕггӕнӕг ӕппынфӕстаг бамбӕрста, Йегъовӕ дӕ Хӕлар уа, уымӕй хуыздӕр ӕмӕ ахсджиагдӕр царды кӕй ницы ис (Пс. 73:23, 24, 26, 28). Мах уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Гӕнӕн ис, ӕмбырды исчи афтӕ хъуыды кӕнын райдайа, ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ницы пайда у. Фӕлӕ йын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ уайтагъд уайдзӕфтӕ кӕнынмӕ ма фӕуой. Хъуамӕ уал бамбарой, афтӕ цӕмӕн дзуры кӕнӕ йӕхи афтӕ цӕмӕн дары, уый. Ӕмӕ йын уый фӕстӕ сӕ бон уыдзӕн Библийы фӕрцы йӕ ныфсыл ныфс бафтауын.

14. Илийайы ӕххуыс цӕмӕн хъуыд ӕмӕ йын Йегъовӕ куыд баххуыс кодта?

14 Пехуымпар Илийа алыгъд ус-паддзах Йезавелӕй (1 Пад. 19:1–3). Афтӕ йӕм каст, ӕмӕ Йегъовӕйы пехуымпартӕй ӕндӕр ничиуал баззад ӕмӕ, Йегъовӕйы номыл цы сарӕзта, уый дӕр дзӕгъӕлы фӕци. Илийа йӕхимӕ афтӕ ныхъхъуыста, ӕмӕ мӕлӕтмӕ бӕллыд (1 Пад. 19:4, 10). Йегъовӕ йӕ уайдзӕфты бын нӕ фӕкодта, фӕлӕ йын загъта, иунӕг кӕй нӕу, тыхтӕ йын кӕй дӕтдзӕн ӕмӕ йӕм нырма бирӕ куыст кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Йегъовӕ йӕм лӕмбынӕг байхъуыста ӕмӕ йын ног хӕслӕвӕрдтӕ радта (1 Пад. 19:11–16, 18). Мах уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Не ’ппӕт дӕр хъуамӕ Йегъовӕйы фыстӕм фӕлмӕнзӕрдӕ уӕм. Уӕлдайдӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ уой ахӕмтӕ. Гӕнӕн ис, адӕймаг мӕстджын у кӕнӕ йӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ уый аккаг нӕу, цӕмӕй йын Йегъовӕ ныххатыр кӕна. Ӕмӕ, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уыдӕттӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн куы дзура, уӕд-иу ӕм хъуамӕ лӕмбынӕг байхъусой. Уый фӕстӕ йын хъуамӕ бамбарын кӕной, Йегъовӕйӕн тынг зынаргъ кӕй у.

ХУЫЦАУЫ ДЗУГӔЙ ЧИ АДЗӔГЪӔЛ, УЫДОНМӔ ЦЫ ЗӔРДӔ ХЪУАМӔ ДАРӔМ?

15. Иоанны 6:39 стихы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ, Йесо йӕ Фыды фыстӕм цы зӕрдӕ дардта?

15 Йегъовӕйы дзугӕй чи адзӕгъӕл, уыцы фыстӕм цы зӕрдӕ хъуамӕ дарӕм? Йегъовӕ уый тыххӕй цы зӕгъы? Уыцы хъуыддаджы нын Йесо у фӕзминаг. Уый зыдта, Йегъовӕйӕн йӕ фыстӕ иууылдӕр зынаргъ кӕй сты. Ӕмӕ зӕрдиагӕй архайдта, цӕмӕй Израилы адӕмӕн – сӕфт фыстӕй уӕлдай чи нӕ уыд, уыдонӕн – баххуыс кодтаид Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхынӕн (Матф. 15:24; Лук. 19:9, 10). Йесо хорз фыййау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ма, йӕ бон цы уыд, уый арӕзта, цӕмӕй Йегъовӕйы фыстӕй иуы дӕр ма фесӕфтаид. (Бакӕс Иоанны 6:39.)

16, 17. Хистӕр нӕлгоймӕгтыл цы хӕс ис, уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой? (Кӕс рамкӕ « Чи адзӕгъӕл вӕййы, уыдонӕн сӕ зӕрдӕйы цы вӕййы?».)

16 Апостол Павел Ефесы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн загъта, цӕмӕй Йесойы фӕзмыдтаиккой: «Лӕмӕгътӕн... хъуамӕ ӕххуыс кӕнат. Ӕмӕ хъуамӕ уӕ зӕрдыл дарат Хицау Йесойы ныхӕстӕ, уымӕн ӕмӕ уый йӕхӕдӕг загъта: „Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у“» (Хъуыд. 20:17, 35). Бӕрӕг у, хистӕр нӕлгоймӕгтыл стыр хӕс кӕй ис – Хуыцауы адӕм сӕ бар сты. Испанийӕ иу хистӕр нӕлгоймаг, Сальвадор, афтӕ зӕгъы: «Йегъовӕ йӕ сӕфт фысты куыд тынг уарзы, ууыл куы ахъуыды кӕнын, уӕд мӕ ноджы тынгдӕр бафӕнды, мӕ бон цӕмӕй у, уымӕй сын баххуыс кӕнын. Ӕз ӕй зонын, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй сыл батыхсон».

17 Ацы статьяйы кӕй кой кодтам, уыцы лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕн дӕр баххуыс кодтой Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхынӕн. Ӕмӕ, чи адзӕгъӕл, уыдонӕй ма бирӕты фӕнды ӕрбаздӕхын. Иннӕ статьяйы дзырд цӕудзӕн, нӕ бон сын баххуыс кӕнын куыд у, ууыл.

139 ЗАРӔГ Кӕс-ма, ног дуне!

^ 5 абз. Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта, уыдонӕй чидӕртӕ ӕмбырдӕй цӕмӕн адард сты? Цымӕ сӕм Хуыцау цы зӕрдӕ дары? Ацы фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм ацы статьяйӕ. Стӕй ма дзы дзырд цӕудзӕн, раджы заманты Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй кӕмӕндӕрты куыд ӕххуыс кодта ӕмӕ уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм, ууыл.

^ 1 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

^ 10 абз. Иннӕ статьяйы дзырд цӕудзӕн, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн куыд феххуыс кӕнынц, ууыл.

^ 59 абз. НЫВ. Израилаг фыййау-иу ацыд йӕ сӕфт фысы агурӕг ӕмӕ-иу ӕй дзугмӕ ӕрбакодта. Абон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр афтӕ бакӕнынц.

^ 63 абз. НЫВ. Ӕмбырдтӕм ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ рагӕй чи нал цӕуы, уыцы хо автобусы бады ӕмӕ рудзынгӕй уыны, дыууӕ Ӕвдисӕны стендимӕ кӕй хъусын кӕнынц ӕмӕ сын уый циндзинад кӕй хӕссы.