ХЪАХЪХЪӔНӔН МӔСЫГ (ӔМБЫРДЫ АХУЫР КӔНЫНӔН) Май 2020

Ацы номыры ис, 2020 азы 6 июлӕй 2 августмӕ кӕй ахуыр кӕндзыстӕм, уыцы статьятӕ.

«Цӕгатаг паддзах» кӕроны рӕстӕджы

19 ахуыргӕнӕн статья: ахуыр ӕй кӕндзыстӕм 2020 азы 6–12 июлы. Мах ӕй бӕлвырдӕй уынӕм, Данелы пехуымпарад «цӕгатаг паддзахы» ӕмӕ «хуссайраг паддзахы» тыххӕй дарддӕр кӕй ӕххӕст кӕны. Уый нӕ афтӕ фидарӕй цӕмӕн уырны? Ӕмӕ нӕ цӕмӕн хъӕуы ацы пехуымпарад хуыздӕр бамбарын?

Кӕрӕдзиимӕ чи тох кӕны, уыцы паддзӕхтӕ кӕроны рӕстӕджы

Пехуымпарад «цӕгатаг паддзахы» ӕмӕ «хуссайраг паддзахы» тыххӕй ӕххӕст кӕны уыцы иу рӕстӕг иннӕ пехуымпарӕдтимӕ. Уыцы пехуымпарӕдтӕ иууылдӕр куыд бӕлвырд кӕнынц, тагъд ацы дунейӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, уый?

Ныртӕккӕ «цӕгатаг паддзах» чи у?

20 ахуыргӕнӕн статья: ахуыр ӕй кӕндзыстӕм 2020 азы 13–19 июлы. Ныртӕккӕ «цӕгатаг паддзах» чи у ӕмӕ йӕ кӕрон куыд ӕрцӕудзӕн? Ацы фарстатӕн дзуапп куы базонӕм, уӕд нӕ уырнындзинад бафидар уыдзӕн. Стӕй ма нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй цӕттӕ уӕм, тагъд рӕстӕджы цы фӕлварӕнтыл сӕмбӕлдзыстӕм, уыдонмӕ.

Хуыцауы лӕвӕрттӕн аргъ кӕныс?

21 ахуыргӕнӕн статья: ахуыр ӕй кӕндзыстӕм 2020 азы 20–26 июлы. Ацы статья нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйӕн ӕмӕ йӕ лӕвӕрттӕн ноджы тынгдӕр аргъ кӕнӕм. Уымӕй уӕлдай, цы базондзыстӕм, уый нын баххуыс кӕндзӕн, Хуыцауыл чи не ’ууӕнды, уыдонимӕ ныхас кӕнынӕн.

Аргъ кӕнӕм, цӕстӕй кӕй нӕ уынӕм, уыцы хӕзнатӕн

22 ахуыргӕнӕн статья: ахуыр ӕй кӕндзыстӕм 2020 азы 27 июлӕй 2 августмӕ. Фыццаг статьяйы дзырд цыди, Хуыцауы лӕвӕрттӕй цӕстӕй фенӕн кӕй ис, уыдонӕй цалдӕрыл. Ацы статьяйы та дзырд цӕудзӕн, цӕстӕй кӕй нӕ уынӕм, уыцы хӕзнатыл ӕмӕ сын кӕй аргъ кӕнӕм, уый нӕ бон равдисын куыд у, ууыл. Статья ма нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйӕ уыцы зынаргъ лӕвӕртты тыххӕй ноджы тынгдӕр бузныг уӕм.