Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

22 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Аргъ кӕнӕм, цӕстӕй кӕй нӕ уынӕм, уыцы хӕзнатӕн

Аргъ кӕнӕм, цӕстӕй кӕй нӕ уынӕм, уыцы хӕзнатӕн

«Мах, цӕстӕй цы уынӕм, уымӕ нӕ кӕсӕм, фӕлӕ, цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уымӕ. Цӕстӕй цы уынӕм, уый у рӕстӕгмӕ, цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уый та – ӕнустӕм» (2 КОР. 4:18).

45 ЗАРӔГ Мӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Йесо уӕларвон хӕзнаты тыххӕй цы загъта?

ӔППӔТЫ зынаргъдӕр хӕзнатӕ цӕстӕй фенӕн нӕй. Йесо йӕ зындгонд раныхасы ракодта, цыфӕнды ӕхцатӕ ӕмӕ хъӕздыгдзинӕдтӕй зынаргъдӕр чи сты, уыцы хӕзнаты кой – уӕларвон хӕзнаты кой. Ӕмӕ стӕй загъта: «Дӕ хӕзна кӕм уа, уым уыдзӕн дӕ зӕрдӕ дӕр» (Матф. 6:19–21). Адӕймаг цӕмӕндӕр тынг куы фӕаргъ кӕны, уӕд йӕ зӕрдӕ уыимӕ фӕдзуры, ӕмӕ фӕархайы, цӕмӕй йӕ къухы бафта. Хуыцауы раз хорз ном куы скӕнӕм, уӕд афтӕмӕй фембырд кӕнӕм «хӕзнатӕ... уӕлӕрвты». Ӕмӕ Йесо куыд загъта, афтӕмӕй уыцы хӕзнатӕ згӕ дӕр нӕ кӕнынц, зӕронд дӕр нӕ кӕнынц ӕмӕ сын адавӕн дӕр нӕй.

2. а) 2 Коринфӕгтӕм 4:17, 18 стихты нын Павел цы фӕдзӕхсы? б) Ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

2 Апостол Павел нын фӕдзӕхсы, цӕмӕй кӕсӕм, «цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уымӕ». (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 4:17, 18.) Цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уыдӕттӕм хауынц, ног дунейы цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзыстӕм, уыдон дӕр. Ацы статьяйы дзырд цӕудзӕн, ныртӕккӕ хайджын кӕмӕй стӕм, уыцы цыппар хӕзнайыл. Уыдон сты: нӕ хӕлардзинад Хуыцауимӕ, нӕ бон Хуыцаумӕ кувын кӕй у, уый, Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕмӕ нын Йегъовӕ, Чырысти ӕмӕ зӕдтӕ кӕй ӕххуыс кӕнынц, уый. Аныхас ма кӕндзыстӕм, уыцы хӕзнатӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый нӕ бон равдисын куыд у, ууыл дӕр.

НӔ ХӔЛАРДЗИНАД ЙЕГЪОВӔИМӔ

3. Цӕстӕй кӕй нӕ уынӕм, уыцы хӕзнатӕй ӕппӕты зынаргъдӕр кӕцы у ӕмӕ дзы цӕй фӕрцы стӕм хайджын?

3 Цӕстӕй кӕй нӕ уынӕм, уыцы хӕзнатӕй ӕппӕты зынаргъдӕр у нӕ хӕлардзинад Йегъовӕимӕ (Пс. 25:14). Цымӕ уымӕн гӕнӕн куыд ис, цӕмӕй сыгъдӕг Хуыцау суа тӕригъӕдджын адӕймаджы Хӕлар? Йесо Чырыстийы нывонды фӕрцы. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «уый дунейы тӕригъӕдтӕ ахӕсдзӕн» (Иоан. 1:29). Цалынмӕ Йесо йӕ цард нывондӕн не ’рхаста, уӕдмӕ дӕр Йегъовӕ зыдта, йӕ Фырт суанг йӕ мӕлӕты онг дӕр иузӕрдионӕй кӕй баззайдзӕн ӕмӕ йӕ бон кӕй суыдзӕн адӕмы фервӕзын кӕнын. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Хуыцауӕн йӕ бон уыд, ӕмӕ, Чырыстийы мӕлӕты размӕ чи цард, уыцы адӕмӕй дӕр кӕмӕндӕрты сӕ Хӕлар суыдаид (Ром. 3:25).

4. Чырыстийы размӕ чи цард, уыцы адӕмӕй Хуыцауы хӕлӕрттӕ чи сси, уыдонӕй иуӕй-иутӕ чи уыдысты?

4 Чырыстийы размӕ чи цард, уыцы адӕмӕй Хуыцауы хӕлар чи сси, уыдонӕй иу уыд Авраам. Авраам уыди диссаджы уырнындзинады хицау. Йӕ мӕлӕтӕй 1 000 азӕй фылдӕр куы рацыд, уӕд дӕр ӕй Йегъовӕ нӕ ферох кодта ӕмӕ йӕ хуыдта йӕ «хӕлар» (Ис. 41:8). Уӕдӕ мӕлӕтӕн дӕр йӕ бон нӕу Йегъовӕйы йӕ хӕлӕрттӕй фӕхицӕн кӕнын. Авраам дзы ныр дӕр рох нӕу (Лук. 20:37, 38). Иов дӕр уыд Йегъовӕйы хӕлар. Иуахӕмы уӕлӕрвты зӕдтӕ куы ӕрӕмбырд сты, уӕд Йегъовӕ дзырдта Иовы тыххӕй, уый, дам, у «ӕнӕфау ӕмӕ рӕстзӕрдӕ адӕймаг, тӕрсы Хуыцауӕй ӕмӕ йӕхи хизы ӕвзӕрдзинадӕй» (Иов 1:6–8). Данелы тыххӕй та Йегъовӕ цы хъуыды кодта? Данел ын 80 азы бӕрц иузӕрдионӕй фӕлӕггад кодта, мӕнг хуыцӕуттӕн кӕм куывтой, уыцы бӕстӕйы. Ӕмӕ ацӕргӕ Данелӕн зӕдтӕ ӕртӕ хатты загътой, «Хуыцауӕн тынг зынаргъ дӕ», зӕгъгӕ (Дан. 9:23; 10:11, 19). Мах ӕй зонӕм, Йегъовӕ кӕй бӕллы, йӕ зынаргъ хӕлӕртты кӕд райгас кӕндзӕн, уыцы бонмӕ (Иов 14:15).

Нӕ бон куыд у равдисын, цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй, уыцы хӕзнатӕн кӕй аргъ кӕнӕм? (кӕс 5 абзац) *

5. Цӕмӕй адӕймаг Йегъовӕйы ӕввахс хӕлар суа, уый тыххӕй йӕ цы хъӕуы саразын?

5 Абон та ӕнӕххӕст адӕмӕй Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ чи сси, уыдон цас сты? Ӕгас зӕххыл дӕр сты цалдӕр милуаны – нӕлгоймӕгтӕ, сылгоймӕгтӕ, сывӕллӕттӕ. Уыдон сӕ хъуыддӕгтӕй ӕвдисынц, ӕцӕгдӕр Хуыцауы хӕлӕрттӕ кӕй сты. Йегъовӕйӕн йе ’ввахс хӕлӕрттӕ сты, «рӕстзӕрдӕ чи у, уыдон» (Ӕмб. 3:32). Уымӕн гӕнӕн ис, Чырыстийы нывондыл кӕй ӕууӕндынц, уый фӕрцы. Уыцы нывонды фӕрцы ма адӕмӕн сӕ бон у сӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕнын ӕмӕ донаргъуыд райсын. Ацы ахсджиаг къахдзӕфтӕ саразгӕйӕ адӕймаг ӕрбаиу вӕййы, Дун-дунейы ӕппӕты кадджындӕр чи у, уымӕн «йе ’ввахс хӕлӕрттӕм».

6. Нӕ бон куыд у равдисын, Хуыцауимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый хӕзнайыл кӕй нымайӕм?

6 Нӕ бон куыд у равдисын, Хуыцауимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый хӕзнайыл кӕй нымайӕм? Авраам ӕмӕ Иов Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодтой сӕдӕ азӕй фылдӕр. Ӕмӕ йыл мах дӕр хъуамӕ афтӕ иузӕрдион уӕм, ацы зӕронд дунейы йын цасфӕнды ма лӕггад кӕнӕм, уӕддӕр. Данелӕн Хуыцауимӕ цы хӕлардзинад уыд, уый йын йӕ цардӕй дӕр зынаргъдӕр уыди. Ӕмӕ уыцы хӕлардзинадӕн мах дӕр хъуамӕ афтӕ аргъ кӕнӕм (Дан. 6:7, 10, 16, 22). Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй цыфӕнды фӕлварӕнтӕ дӕр сфӕразӕм ӕмӕ алкӕддӕр йӕ хӕлӕрттӕ уӕм (Фил. 4:13).

НӔ БОН У ХУЫЦАУМӔ КУВЫН

7. а) Ӕмбисӕндты 15:8 стихмӕ гӕсгӕ цы ис зӕгъӕн, Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый тыххӕй? б) Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн дзуапп куыд ратты?

7 Цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй, уыцы хӕзнатӕй иннӕ у, нӕ бон Хуыцаумӕ кувын кӕй у, уый. Ӕввахс ӕмбӕлттӕ фӕуарзынц ныхӕстӕ кӕнын, кӕрӕдзийӕн радзурынц, сӕ зӕрдӕйы цы ис ӕмӕ цӕуыл хъуыды кӕнынц, уыдӕттӕ. Ӕмӕ Йегъовӕ дӕр немӕ фӕныхас кӕны Библийы фӕрцы. Йӕ Ныхасы нын раргом кӕны йӕ хъуыдытӕ ӕмӕ, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Мах та йемӕ фӕныхас кӕнӕм, куы йӕм фӕкувӕм, уӕд. Раргом ын кӕнӕм, нӕ зӕрдӕйы арфдӕр къуымты цы вӕййы, уыдӕттӕ дӕр ӕмӕ нӕ сусӕг хъуыдытӕ дӕр. Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы нӕ куывдтытӕм хъусын. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 15:8.) Нӕ Хӕлар Йегъовӕ нӕ тынг уарзы, ӕмӕ нын нӕ куывдтытӕм ӕрмӕст хъусгӕ нӕ фӕкӕны, фӕлӕ сын дзуапп дӕр ратты. Иуӕй-иу хатт нын дзуапп уайтагъд ратты. Иуӕй-иу хатт та нӕ фӕхъӕуы цӕйдӕр тыххӕй иуцасдӕр кувын. Фӕлӕ йӕ фӕзонӕм, дзуапп нын кӕй ратдзӕн, йӕ афон куы уа, уӕд ӕмӕ, хуыздӕр куыд у, афтӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алы хатт нын, мах цы дзуапмӕ фенхъӕлмӕ кӕсӕм, ахӕм дзуапп нӕ ратты. Зӕгъӕм, цавӕрдӕр фӕлварӕнӕн кӕрон скӕныны бӕсты нын, гӕнӕн ис, ратта зонд ӕмӕ тыхтӕ, цӕмӕй йӕ сфӕразӕм (1 Кор. 10:13).

(кӕс 8 абзац) *

8. Нӕ бон Хуыцаумӕ кувын кӕй у, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

8 Нӕ бон Хуыцаумӕ кувын кӕй у, уый у тынг зынаргъ лӕвар. Ӕмӕ йын кӕй аргъ кӕнӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? Зӕгъӕм, «ӕппынӕдзух» ӕм куы кувӕм, уымӕй. Йӕхӕдӕг дӕр нын афтӕ зӕгъы (1 Фес. 5:17). Йегъовӕ нӕ тыххӕй нӕ кувын кӕны, фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм кувӕм. Ӕмӕ йӕм алы бон дӕр, стӕй боны дӕргъы арӕх куы кувӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, уыцы фадатӕн кӕй аргъ кӕнӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ-иу нӕ куывдтыты Йегъовӕйӕн бузныг дӕр дзурӕм ӕмӕ йӕ кадджын кӕнӕм (Пс. 145:2, 3).

9. Иу ӕфсымӕр цы хъуыды кӕны, йӕ бон Хуыцаумӕ кувын кӕй у, уый тыххӕй? Ды та цы хъуыды кӕныс?

9 Йегъовӕйӕн рагӕй чи лӕггад кӕны, уыдон иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ федтой, сӕ куывдтытӕн сын дзуапп куыд дӕтты, уый. Ӕмӕ, сӕ бон Хуыцаумӕ кувын кӕй у, уымӕн тынгдӕр аргъ кӕнын райдайынц. Ӕфсымӕр Крис ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕны 47 азы. Ӕмӕ афтӕ зӕгъы: «Райсомӕй раджы сыстын ӕмӕ Йегъовӕмӕ фӕкувын. Хуры фыццаг тынтӕм ӕртӕх цӕхӕртӕ куыд скалы, уымӕ кӕсгӕйӕ Йегъовӕимӕ ныхас кӕнай – уымӕй хуыздӕр цы хъуамӕ уа! Бузныг ын фӕдзурын йе ’ппӕт лӕвӕртты тыххӕй, уыимӕ, мӕ бон кувын кӕй у, уый тыххӕй дӕр. Ӕмӕ цы хорз вӕййы, изӕры дӕр ӕм куы скувай, ӕмӕ афтӕмӕй куы схуыссай».

СЫГЪДӔГ ТЫХ

10. Хуыцауы сыгъдӕг тых хӕзнайыл цӕмӕн хъуамӕ нымайӕм?

10 Хуыцауы архайгӕ тых дӕр у, цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй, ахӕм хӕзна. Йесо фӕдзӕхста, цӕмӕй Хуыцауӕй сыгъдӕг тых курӕм (Лук. 11:9, 13). Йегъовӕ нын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы ратты, «адӕймагмӕ чи нӕй, [суанг] ахӕм хъару» дӕр (2 Кор. 4:7; Хъуыд. 1:8). Сыгъдӕг тых нын куы ’ххуыс кӕна, уӕд нӕ бон уыдзӕн цыфӕнды фӕлварӕн дӕр сфӕразын.

(кӕс 11 абзац) *

11. Сыгъдӕг тых нын куыд ӕххуыс кӕны?

11 Сыгъдӕг тыхы фӕрцы нӕ бон у, Хуыцауы хъуыддаджы нӕ бар цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕнын. Стӕй Йегъовӕйӕн йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ бон у афтӕ бакӕнын, цӕмӕй, ӕнӕуи дӕр цы хъуыддӕгтӕм арӕхсӕм, уыдонмӕ ноджы хуыздӕр арӕхсӕм. Уӕдӕ нын нӕ лӕггады цыдӕр куы бантысы, уӕд уый вӕййы Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы, ӕмӕ-иу хъуамӕ нӕхицӕй ма ныббуц уӕм.

12. Псаломы 139:23, 24 стихтӕм гӕсгӕ, нӕ бон цӕй тыххӕй у кувын?

12 Нӕ бон куыд у равдисын, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый? Зӕгъӕм, нӕ бон у Хуыцаумӕ кувын, цӕмӕй нын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы баххуыс кӕна нӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ нӕ зондмӕ ныккӕсынӕн ӕмӕ дзы ӕвзӕрӕй исты ис ӕви нӕ, уый базонынӕн. (Бакӕс Псалом 139:23, 24.) Ӕмӕ кӕд рӕдыд зондыл хӕст стӕм кӕнӕ нын тӕссаг у, нӕ зӕрдӕйы фӕдыл кӕй ацӕудзыстӕм, уымӕй, уӕд нын ӕй Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы раргом кӕндзӕн. Ӕмӕ-иу дзы уӕд хъуамӕ йӕ сыгъдӕг тых курӕм, цӕмӕй нын баххуыс кӕна ӕвзӕр хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтимӕ тох кӕнынӕн. Афтӕмӕй равдисдзыстӕм, Йегъовӕйы раз нӕ афтӕ фӕрӕдийын кӕй нӕ фӕнды, ӕмӕ нын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы мауал ӕххуыс кӕна (Еф. 4:30).

13. Цы ис саразӕн, цӕмӕй сыгъдӕг тыхӕн тынгдӕр аргъ кӕнӕм?

13 Сыгъдӕг тыхы фӕрцы нӕ рӕстӕджы цас цыдӕртӕ бантыст, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ын тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм. Йесо уӕлӕрвтӕм куы здӕхт, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Фӕлӕ уыл Хуыцауы сыгъдӕг тых куы ’рцӕуа, уӕд хъаруйӕ схайджын уыдзыстут, ӕмӕ мын уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ... суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыд. 1:8). Ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый нӕхи цӕстӕй уынӕм. Ныртӕккӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ сты аст милуан ӕмӕ ’рдӕгӕй фылдӕр, ӕмӕ цӕрынц алы бӕстӕты дӕр. Уымӕй уӕлдай ма, зӕгъӕн ис, цӕрӕм дзӕнӕты – ӕгас зӕххыл дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты ’хсӕн ис фарн ӕмӕ иудзинад. Цӕй фӕрцы? Хуыцауы сыгъдӕг тых нын ӕххуыс кӕны нӕ удыхъӕды рӕсугъд миниуджытӕ фидар кӕнынӕн: уарзондзинад, циндзинад, фарн, фӕразондзинад, хӕларзӕрдӕдзинад, хорздзинад, уырнындзинад, фӕлмӕн удыхъӕд ӕмӕ хиуылхӕцындзинад. Уыдон иууылдӕр иумӕ сты, «Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый» (Гал. 5:22, 23). Уӕдӕ сыгъдӕг тых зынаргъ лӕвар куыннӕ у!

ЙЕГЪОВӔ, ЙЕСО ӔМӔ НЫН ЗӔДТӔ НӔ ЛӔГГАДЫ ӔХХУЫС КӔНЫНЦ

14. Нӕ лӕггады нын чи ӕххуыс кӕны?

14 Ис ма нӕм ахӕм хӕзна дӕр: нӕ бон у Йегъовӕимӕ, Йесоимӕ ӕмӕ зӕдтимӕ ӕмгуыст кӕнын (2 Кор. 6:1). Семӕ ӕмгуыст фӕкӕнӕм, ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы куы фӕархайӕм, уӕд. Павел йӕхицӕй ӕмӕ, ацы хъуыддаг чи аразы, уыдонӕй загъта: «Мах стӕм Хуыцауы ӕмкусджытӕ» (1 Кор. 3:9). Уыцы хъуыддаджы архайгӕйӕ ма вӕййӕм Йесойы ӕмкусджытӕ дӕр. Йӕ фӕдылдзӕуджытӕн куы бафӕдзӕхста, «ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ», зӕгъгӕ, уӕд ма загъта: «Ӕз... уыдзынӕн уемӕ» (Матф. 28:19, 20). Зӕдты тыххӕй та цы ис зӕгъӕн? «Ӕнусон хорз хабар... зӕххыл цӕрджытӕн» куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд нын разамынд фӕдӕттынц, ӕмӕ уый у Хуыцауы лӕвар (Рарг. 14:6).

15. Хъусын кӕныны хъуыддаджы Йегъовӕ куыд архайы, уымӕн Библийӕ цӕвиттон ӕрхӕсс.

15 Хуыцауы Паддзахады тыххӕй куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд иуӕй-иу нӕмгуытӕ ныххауынц хорз зӕрдӕты. Уыдон сырӕзынц ӕмӕ тыллӕг раттынц (Матф. 13:18, 23). Чи сӕ сырӕзын кӕны? Йесо загъта, иу адӕймаг дӕр йӕ фӕдылдзӕуӕг кӕй не суыдзӕн, «Фыд ӕй куы не ’рбакӕна, уӕд» (Иоан. 6:44). Афтӕ кӕй у, уый бӕрӕг у Библийӕ иу хабарӕй. Иухатт Павел хорз хабар хъусын кодта сылгоймӕгтӕн горӕт Филиппты ӕдде. Сӕ иу уыди Лидийӕ. Ӕмӕ уый тыххӕй Библийы фыст ис: «Йегъовӕ [йын] йӕ зӕрдӕ байгом кодта ӕмӕ, Павел цы дзырдта, уый йӕ зӕрдӕмӕ арф айста» (Хъуыд. 16:13–15). Йегъовӕ Лидийӕйы куыд ӕрбакодта, афтӕ ӕрбакодта ноджыдӕр милуангай адӕймӕгты.

16. Нӕ лӕггады нын цы бантысы, уый тыххӕй бузныг кӕмӕй хъуамӕ уӕм?

16 Нӕ лӕггады нын цы бантысы, уый тыххӕй бузныг кӕмӕй хъуамӕ уӕм? Ацы фарстайӕн Павел дзуапп радта, коринфӕгтӕм кӕй ныффыста, уыцы писмойы: «Ӕз сагътон, Аполлос дон кодта, фӕлӕ йӕ рӕзын та кодта Хуыцау. Уӕдӕ, садзгӕ чи кӕны, уый дӕр ницы у ӕмӕ, дон чи кӕны, уый дӕр – кад ӕмбӕлы Хуыцаумӕ, чи йӕ рӕзын кӕны, уымӕ» (1 Кор. 3:6, 7). Ӕмӕ Павелау мах дӕр хъуамӕ алкӕддӕр бузныг уӕм Йегъовӕйӕ, нӕ лӕггады нын цы бантысы, уый тыххӕй.

17. Нӕ бон куыд у равдисын, Хуыцауимӕ, Чырыстиимӕ ӕмӕ зӕдтимӕ ӕмгуыст кӕй кӕнӕм, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм?

17 Хуыцауимӕ, Чырыстиимӕ ӕмӕ зӕдтимӕ ӕмгуыст кӕй кӕнӕм, уый нӕхицӕн стыр кадыл нымайӕм. Ӕмӕ уый равдисӕм, хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ кӕй фӕхъусын кӕнӕм, уымӕй. Хорз хабар фӕхъусын кӕнӕм, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты дӕр ӕмӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ дӕр (Хъуыд. 20:20). Бирӕтӕн та хорз уайы искӕимӕ аныхас кӕнын, сӕхи хъуыддӕгтӕ аразгӕйӕ сын фадат куы фӕзыны, уӕд. Фыццаг уал адӕймагӕн салам раттынц ӕмӕ фӕархайынц, цӕмӕй йемӕ истӕуыл аныхӕстӕ кӕной. Ныхас сын куы бацайдагъ вӕййы, уӕд ын уый фӕстӕ сабыргай Хуыцауы Паддзахады тыххӕй дзурын райдайынц.

(кӕс 18 абзац) *

18, 19. а) Рӕстдзинады мыггӕгтыл дон куыд фӕкӕнӕм? б) Йегъовӕ Рапалаланийӕн куыд баххуыс кодта?

18 «Хуыцауы ӕмкусджытӕ» кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ рӕстдзинады мыггӕгтӕ ӕрмӕст таугӕ нӕ кӕнӕм, фӕлӕ ма сыл дон дӕр фӕкӕнӕм. Адӕймаджы фылдӕр базонын куы фӕфӕнды, уӕд ӕм ногӕй бацӕуӕм кӕнӕ та искӕмӕн бабар кӕнӕм, цӕмӕй йӕм бацӕуа. Нӕ нысан вӕййы йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдайын. Уый нӕ къухы куы бафты ӕмӕ уый фӕстӕ куы фӕуынӕм, Йегъовӕ йын йӕ зондахаст ӕмӕ йӕ удыхъӕд ивынӕн куыд ӕххуыс кӕны, уӕд тынг фӕцин кӕнӕм.

19 Ӕфсымӕр Рапалалани цӕры Хуссар-Африкаг Республикӕйы. Уый раздӕр уыди дӕсны ӕмӕ хосгӕнӕг. Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уӕд йӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд, цы-иу базыдта, уый. Ӕрмӕст разы нӕ уыд, мӕрдтимӕ ныхас кӕныны тыххӕй дзы цы фыст ис, уыимӕ (Дык. з. 18:10–12). Фӕлӕ сындӕггай Йегъовӕйы фӕрцы йӕ хъуыды фӕивта, ӕмӕ, цы куыст кодта, уый ныууагъта, кӕд уымӕй цард, уӕддӕр. Рапалаланийыл ныр цӕуы 60 азы, ӕмӕ афтӕ зӕгъы: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ мын бирӕ цӕмӕйдӕрты баххуыс кодтой, куыст ссарынӕн дӕр ма мын баххуыс кодтой. Ӕмӕ сӕ тынг бузныг дӕн. Ӕппӕты тынгдӕр та Йегъовӕйӕ дӕн бузныг, мӕ цард аивынӕн мын кӕй баххуыс кодта, уый тыххӕй. Ӕз донаргъуыд райстон ӕмӕ сдӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, ӕмӕ йын ныр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнын».

20. Ацы статьяйӕ цы базыдтай, уымӕ гӕсгӕ дӕ фӕнд цы у?

20 Мах аныхас кодтам, цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй, цыппар ахӕм хӕзнайыл. Ӕппӕты стырдӕр дзы у, Йегъовӕ не ’ввахсдӕр Хӕлар кӕй у, уый. Ахӕм кады аккаг нӕ кӕй скодта, уый фӕрцы хайджын стӕм иннӕ хӕзнатӕй дӕр: нӕ бон у Йегъовӕмӕ кувын, йӕ сыгъдӕг тых нын ӕххуыс кӕны, стӕй нын нӕ лӕггады ӕххуыс кӕнынц Йегъовӕ, Чырысти ӕмӕ зӕдтӕ. Мах фӕнды, цӕмӕй уыцы хӕзнатӕн аргъ кӕнӕм ӕмӕ, Йегъовӕ ахӕм ӕнувыд Хӕлар кӕй у, уый тыххӕй йын алкӕддӕр бузныг дзурӕм.

145 ЗАРӔГ Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры, зӕххыл дзӕнӕт кӕй уыдзӕн

^ 5 абз. Айразмӕйы статьяйы дзырд цыди, Хуыцауы лӕвӕрттӕй цӕстӕй фенӕн кӕй ис, уыдонӕй цалдӕрыл. Ацы статьяйы та дзырд цӕудзӕн, цӕстӕй кӕй нӕ уынӕм, уыцы хӕзнатыл ӕмӕ сын кӕй аргъ кӕнӕм, уый нӕ бон равдисын куыд у, ууыл. Статья ма нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйӕ уыцы зынаргъ лӕвӕртты тыххӕй ноджы тынгдӕр бузныг уӕм.

^ 58 абз. НЫВ. 1) Хо кӕсы, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕм ӕмӕ хъуыды кӕны йӕ Хӕлар Йегъовӕйыл.

^ 60 абз. НЫВ. 2) Уыцы хо Йегъовӕйӕ ӕххуыс куры, цӕмӕй йӕ бон уа адӕймагӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй радзурын.

^ 62 абз. НЫВ. 3) Сыгъдӕг тых хойӕн баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ ныфс бахастаид, йӕ фарсмӕ чи бадт, уыцы сылгоймагӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй радзурынмӕ.

^ 64 абз. НЫВ. 4) Хо Библи ахуыр кӕны, уый размӕ кӕимӕ аныхас кодта, уыцы сылгоймагимӕ. Зӕдтӕ йын ӕххуыс кӕнынц хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы.