Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фӕлмӕн удыхъӕд. Ацы миниуӕг ахсджиаг цӕмӕн у?

Фӕлмӕн удыхъӕд. Ацы миниуӕг ахсджиаг цӕмӕн у?

Сарӕ * зӕгъы: «Мӕхӕдӕг ӕфсӕрмыгӕнаг, ӕнӕныфсхаст адӕймаг дӕн. Ӕмӕ, йӕхицӕй ныфсджын чи у ӕмӕ тыхдзырд чи фӕкӕны, ахӕм адӕмы ’хсӕн куыддӕр фӕтыхсын. Фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг адӕмимӕ та мын ӕнцон вӕййы. Мӕ бон сын вӕййы, мӕ зӕрдӕйы цы ис, стӕй мӕ цы тыхсын кӕны, уыдӕттӕ радзурын. Ӕмӕ мӕ хуыздӕр ӕмбӕлттӕ ахӕмтӕ сты».

Сарӕйы ныхӕстӕй куыд зыны, афтӕмӕй нын фӕлмӕн удыхъӕд куы уа, уӕд иннӕтӕн нӕхи уарзын кӕндзыстӕм. Стӕй ацы миниуӕг Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ дӕр цӕуы. Йӕ Ныхасы нын фӕдзӕхсы: «Ут... фӕлмӕн» (Кол. 3:12). Фӕлӕ цымӕ фӕлмӕн удыхъӕд цы у? Цӕмӕй уыд бӕрӕг, Йесо фӕлмӕн удыхъӕды хицау кӕй уыд, уый? Ӕмӕ нӕм ацы миниуӕг куы уа, уӕд уый нӕ цардыл хуыздӕрырдӕм куыд фӕзындзӕн?

ФӔЛМӔН УДЫХЪӔД ЦЫ У?

Фӕлмӕн удыхъӕд кӕмӕн ис, ахӕм адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы вӕййы фарн, иннӕтӕм хӕлар зӕрдӕ фӕдары, стӕй, зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлы, уӕд нӕ фӕмӕсты кӕны ӕмӕ йӕ бон вӕййы йӕхиуыл хӕцын.

Адӕймагӕн фӕлмӕн удыхъӕд кӕй ис, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ лӕмӕгъ адӕймаг у. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ удвидар у. Библийы дзырдбаст «фӕлмӕн удыхъӕд»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уымӕй-иу пайда кодтой, ӕрмахуыр-иу кӕй скодтой, ахӕм хъӕддаг бӕхы кой кӕнгӕйӕ. Кӕд бӕх ӕрмахуыр свӕййы, уӕддӕр йӕ хъару нӕ асӕтты. Афтӕ, фӕлмӕн удыхъӕд кӕмӕн ис, ахӕм адӕймаг дӕр лӕмӕгъ адӕймаг нӕу. Уымӕн йӕ бон вӕййы йӕхиуыл хӕцын ӕмӕ иннӕтимӕ хӕларӕй фӕцӕры.

Чи зоны, хъуыды кӕныс, зӕгъгӕ, ӕз фӕлмӕн адӕймаг нӕ дӕн. Уымӕй уӕлдай, фӕлмӕн адӕймӕгтӕ уӕм, уый ма нын хатт зын уымӕн дӕр вӕййы, ӕмӕ нӕ алыварс бирӕтӕм фӕразондзинад нӕй ӕмӕ сӕм ӕрмӕстдӕр сӕхи хъуыды фӕкӕсы раст (Ром. 7:19). Фӕлӕ нын Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы фӕрцы бантысдзӕн, цӕмӕй фӕлмӕн адӕймӕгтӕ суӕм (Гал. 5:22, 23). Цымӕ ацы миниуӕг ахсджиаг цӕмӕн у?

Фӕлмӕн удыхъӕд кӕмӕн ис, уый иннӕтӕ дӕр фӕуарзынц. Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы хо Сарӕйау махӕн дӕр ӕнцон вӕййы, фӕлмӕн удыхъӕд кӕмӕн ис, ахӕм адӕмимӕ. Ахӕм адӕймаг уыд Чырысти, уый хуызӕн «фӕлмӕн ӕмӕ хӕларзӕрдӕ» ничи уыд (2 Кор. 10:1). Сывӕллӕттӕ дӕр ӕй уарзтой, суанг ӕй зонгӕ чи нӕ кодта, уыдон дӕр (Мар. 10:13–16).

Фӕлмӕн удыхъӕд кӕмӕн ис, уый йӕхӕдӕг дӕр вӕййы мастӕй хызт ӕмӕ иннӕтӕн дӕр не смаст кӕны. Фӕлмӕн удыхъӕд нын куы уа, уӕд-иу уайтагъд нӕ ратыхсдзыстӕм ӕмӕ-иу нӕ рамӕсты уыдзыстӕм (Ӕмб. 16:32). Нӕ бон-иу уыдзӕн нӕхиуыл фӕхӕцын, ӕмӕ-иу иннӕты зӕрдӕтӕ нӕ фӕриссын кӕндзыстӕм, уӕлдайдӕр нын зынаргъ чи у, уыдоны зӕрдӕтӕ. Ӕмӕ-иу уый фӕстӕ нӕхи дӕр фӕсмонӕй нӕ хӕрдзыстӕм.

ЙЕСО АЛКӔДДӔР УЫД ФӔЛМӔН АДӔЙМАГ

Кӕд-иу Йесойы бирӕ цыдӕртӕ хъуыд аразын, стӕй йӕ бар ахсджиаг хӕстӕ уыд, уӕддӕр алкӕимӕ дӕр уыд фӕлмӕн. Йӕ рӕстӕджы бирӕтӕ хастой царды уӕззау уаргъ, ӕмӕ сӕ хъуыди удӕнцой. Ӕмӕ сын куыд фенцон уыдаид, Йесо сын афтӕ куы загъта: «Уе ’ппӕт дӕр мӕм ӕрцӕут... ...Уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг» (Матф. 11:28, 29).

Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йесойы хуызӕн фӕлмӕн адӕймӕгтӕ уӕм? Библи иртасгӕйӕ базонӕм, Йесо адӕмӕн куыд уыд, стӕй-иу зын уавӕрты куыд бакодта, уый. Ӕмӕ нӕ уый фӕстӕ кӕцыдӕр уавӕры уыцы миниуӕг равдисын куы бахъӕуы, уӕд фӕархайӕм, Йесо куыд бакодтаид, афтӕ бакӕныныл (1 Пет. 2:21). Ӕркӕсӕм, Йесо фӕлмӕн удыхъӕды хицау цӕй фӕрцы уыд, уымӕ.

Йесо уыди сӕрныллӕг адӕймаг. Йесо загъта, кӕй у «фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг» (Матф. 11:29). Библийы ацы дыууӕ миниуӕджы иумӕ фембӕлынц, уымӕн ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ баст сты (Еф. 4:1–3). Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн?

Сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд-иу нӕхицӕй хъал нӕ уыдзыстӕм ӕмӕ-иу нӕм алы ныхас хъыг нӕ кӕсдзӕн. Йесойы «гуыбындзӕл ӕмӕ нозтуарзаг» куы схуыдтой, уӕд уымӕ цы цӕстӕй ракаст? Уыцы ныхӕстӕ мӕнг кӕй уыдысты, уый йӕ цардӕй равдыста. Йесо загъта: «Зонд бӕрӕг вӕййы раст хъуыддӕгтӕй» (Матф. 11:19).

Зӕгъӕм дын исчи дӕ адӕмыхаттӕй, йе та, нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймаг кӕй дӕ кӕнӕ куыд схъомыл дӕ, уый тыххӕй исты ӕнӕрхъуыды ныхас куы зӕгъа, уӕд хорз уаид, куы не смӕсты уаис. Питер лӕггад кӕны хистӕр нӕлгоймагӕй Хуссар-Африкаг Республикӕйы. Уый зӕгъы: «Искӕй ныхӕстӕм куы рамӕсты вӕййын, уӕд ахъуыды кӕнын, Йесо мӕ бынаты куыд бакодтаид, ууыл». Стӕй ма загъта: «Ӕз сахуыр дӕн мӕхимӕ раст цӕстӕй кӕсын, цӕмӕй мӕхицӕй ӕгӕр цыдӕр ӕнхъӕл ма уон».

Йесо зыдта, адӕм ӕнӕххӕст кӕй сты. Йесойы ахуыргӕнинӕгты фӕндыд, раст цы у, уый аразын, фӕлӕ сын уый алы хатт нӕ уад. Зӕгъӕм, Йесойы йӕ мӕлӕты размӕ изӕр фӕндыди, цӕмӕй Петр, Иаков ӕмӕ Иоанн йӕ фарсмӕ уыдаиккой ӕмӕ йын ныфсы хос уыдаиккой. Фӕлӕ уыдон бафынӕй сты. Уӕд Йесо загъта: «Уд бӕргӕ фидар у, фӕлӕ буар та лӕмӕгъ у» (Матф. 26:40, 41). Ӕнӕххӕст кӕй сты, уый дзы рох нӕ уыд, ӕмӕ сӕм нӕ мӕсты кодта.

Хо Мэнди раздӕр иннӕтӕй ӕгӕр бирӕ домдта. Фӕлӕ ныр ӕппӕт тыхтӕй архайы, цӕмӕй Йесойы хуызӕн фӕлмӕн адӕймаг уа. Уый загъта: «Мӕхицӕн фӕзӕгъын, адӕм иууылдӕр ӕнӕххӕст кӕй сты, уый дӕ рох ма уӕд, зӕгъгӕ. Ӕмӕ фӕархайын, цӕмӕй алкӕмӕ дӕр уынон, Йегъовӕ йӕм цы хорз миниуджытӕ уыны, уыдон». Йесо ӕнӕххӕст адӕмы ӕмбӕрста, ӕмӕ йӕ цӕвиттон махӕн дӕр ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕлмӕн адӕймӕгтӕ уӕм.

Йесо-иу алцыдӕр Хуыцауы бар бакодта. Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд-иу ын йӕ ныхӕстӕ сзыгъуыммӕ кодтой, ӕнӕрвӕссон цӕстӕй-иу ӕм кастысты ӕмӕ йӕ хъизӕмӕртты хъӕдыл байтыгътой. Ӕмӕ кӕд ӕнаххосӕй ӕфхӕрд ӕййӕфта, уӕддӕр уыд фӕлмӕн адӕймаг, уымӕн ӕмӕ «йӕхи бакодта, раст тӕрхон чи кӕны, уый бар» (1 Пет. 2:23). Йесо зыдта, йӕ уӕларвон Фыд ын кӕй баххуыс кӕндзӕн алцы сфӕразынӕн дӕр ӕмӕ йын ахӕм митӕ чи кодта, уыдоны йӕ афоныл кӕй бафхӕрдзӕн.

Исчи нӕ дзӕгъӕлы куы бафхӕра, уӕд, гӕнӕн ис, мӕстӕй рафыцӕм, ӕмӕ, уавӕр цы фӕфыддӕр кӕна, ахӕм исты саразӕм. Библи нын дзуры: «Адӕймагӕн мӕстыйӕ йӕ бон нӕу, Хуыцауы цӕсты раст цы у, уый аразын» (Иак. 1:20). Цӕмӕн рамӕсты стӕм, уый кӕд бамбарӕн ис, уӕддӕр не ’нӕххӕстдзинады тыххӕй, гӕнӕн ис, раст цы нӕу, уый саразӕм.

Германийӕ иу хо, Кэти, раздӕр афтӕ хъуыды кодта, зӕгъгӕ, дӕхӕдӕг куы нӕ уай, уӕд дӕ сӕрыл ничи рахӕцдзӕн. Фӕлӕ йӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын куы сахуыр, уӕд райдыдта ӕндӕрхуызон хъуыды кӕнын. Кэти зӕгъы: «Афтӕ нал хъуыды кӕнын, ӕмӕ хъуамӕ алы хатт цӕттӕ уон иннӕтӕн дзуапп раттынмӕ. Ӕз ӕй зонын, Йегъовӕйӕн алцӕуыл дӕр йӕ бар кӕй цӕуы, ӕмӕ мын уыцы хъуыды ӕххуыс кӕны, цӕмӕй фӕлмӕн адӕймаг уон». Кӕд ды дӕр дзӕгъӕлы ӕфхӕрд баййӕфтай, уӕд Йесойы фӕзм ӕмӕ дӕ ныфс Йегъовӕйыл дар. Ӕмӕ дын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй алкӕддӕр фӕлмӕн удыхъӕды хицау уай.

«АМОНДДЖЫН СТЫ, ФӔЛМӔН УДЫХЪӔДЫ ХИЦАУ ЧИ У, УЫДОН»

Фӕлмӕн удыхъӕд нын куы уа, уӕд нын уый зын уавӕрты куыд ӕххуыс кӕндзӕн?

Йесо загъта: «Амондджын сты, фӕлмӕн удыхъӕды хицау чи у, уыдон» (Матф. 5:5). Йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг у, ацы миниуӕг нӕм ӕнӕмӕнг кӕй хъуамӕ уа, цӕмӕй амондджын уӕм. Ӕркӕсӕм, цавӕр уавӕрты нын баххуыс кӕны, уымӕ.

Ӕххуыс кӕны бинонты царды. Ӕфсымӕр Роберт цӕры Австралийы. Уый зӕгъы: «Иухатт мӕстыйӕ мӕ бинойнагӕн дуне цыдӕртӕ фӕдзырдтон ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ тынг фӕриссын кодтон. Фӕлӕ ныхӕстӕ фӕстӕмӕ нал вӕййы раздахӕн. Куы йӕ бамбӕрстон, йӕ зӕрдӕ йын кӕй скъахтон, уӕд мӕхӕдӕг дӕр хорзау нал фӕдӕн».

Ныхасӕй «не ’ппӕт дӕр арӕх рӕдийӕм». Ӕмӕ ӕнӕрхъуыды ныхӕстӕ, гӕнӕн ис, бинонты фарн фехалой (Иак. 3:2). Фӕлӕ нын фӕлмӕн удыхъӕд куы уа, уӕд-иу нӕ рамӕсты уыдзыстӕм ӕмӕ-иу не ’взаджы рохтыл хӕцдзыстӕм (Ӕмб. 17:27).

Роберт йӕхиуыл куыста, цӕмӕй йӕхиуыл хӕцын сахуыр уыдаид ӕмӕ мӕстыгӕр мауал уыдаид. Ӕмӕ уый дзӕгъӕлы нӕ фӕци. Роберт зӕгъы: «Нӕ ныхас кӕрӕдзийыл куы нал фӕбады, уӕд фӕархайын, цӕмӕй-иу мӕ бинойнагмӕ лӕмбынӕг байхъусон, йемӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕнон ӕмӕ-иу ма смӕсты уон. Ныр кӕрӕдзи хуыздӕр ӕмбарӕм».

Фӕлмӕн удыхъӕд кӕмӕн ис, уый иннӕтимӕ хӕларӕй фӕцӕры. Гыццыл ницӕуыл дӕр чи фӕхъыг вӕййы, ахӕм адӕмӕн ӕмбӕлттӕ дӕр бирӕ нӕ вӕййы. Фӕлӕ нын фӕлмӕн удыхъӕд куы уа, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй кӕрӕдзийыл баст уӕм «фарны тӕгтӕй» (Еф. 4:2, 3). Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы Кэти ма ноджыдӕр загъта: «Фӕлмӕн удыхъӕд мын уа, ууыл кӕй архайын, уый фӕрцы мын иннӕтимӕ ӕхсызгондӕр вӕййы рӕстӕг ӕрвитын, суанг, зындзырд чи у, уыдонимӕ дӕр».

Фӕлмӕн удыхъӕд кӕмӕн ис, уымӕн йӕ зӕрдӕйы вӕййы фарн. Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй, «уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд» кӕмӕ ис, уый вӕййы фӕлмӕн ӕмӕ фарнуарзаг адӕймаг (Иак. 3:13, 17). Фӕлмӕн адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ вӕййы сабыр (Ӕмб. 14:30). Мартины тынг хъуыди бацархайын, цӕмӕй йӕм ацы миниуӕг фӕзындаид. Уый загъта: «Ныр афтӕ нал хъуыды кӕнын, ӕмӕ алцыдӕр, мӕн куыд фӕнды, афтӕ хъуамӕ уа. Уый фӕрцы мӕ зӕрдӕйы вӕййы фарн, стӕй амондджындӕр дӕн».

Кӕйдӕрты фӕхъӕуы уӕлдай тынгдӕр бацархайын, цӕмӕй фӕлмӕн адӕймӕгтӕ суой. Иу ӕфсымӕр загъта: «Раст зӕгъгӕйӕ, ныр дӕр ма иуӕй-иу хатт афтӕ рафыцын, ӕмӕ мӕхи тыххӕй фӕуромын». Фӕлӕ нын Йегъовӕ ацы хъуыддаджы ӕххуыс кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй фӕлмӕн адӕймӕгтӕ уӕм (Ис. 41:10; 1 Тим. 6:11). Йегъовӕ нӕ «кӕронмӕ сахуыр кӕндзӕн» ӕмӕ нӕ «бафидар... кӕндзӕн» (1 Пет. 5:10). Ӕмӕ иу бон махӕн дӕр апостол Павелау нӕ бон уыдзӕн Чырыстийы бафӕзмын, уый куыд «фӕлмӕн ӕмӕ хӕларзӕрдӕ» уыд, уымӕй (2 Кор. 10:1).

^ 2 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.