Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

19 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Цӕгатаг паддзах» кӕроны рӕстӕджы

«Цӕгатаг паддзах» кӕроны рӕстӕджы

«Кӕроны рӕстӕг хуссайраг паддзах йемӕ [цӕгатаг паддзахимӕ] схӕцдзӕн» (ДАН. 11:40).

150 ЗАРӔГ Хуыцауы агур, ӕмӕ фервӕзай

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Нӕ бон цы у Библийы пехуымпарӕдтӕй базонын?

ТАГЪД рӕстӕджы Йегъовӕйы адӕммӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы? Библийы пехуымпарӕдтӕй базонӕн ис, тагъд цы ахсджиаг хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн ӕмӕ не ’ппӕтыл дӕр куыд бандавдзысты, уый. Иу пехуымпарад нын уӕлдай тынгдӕр ӕргом кӕны, ӕппӕты хъомысджындӕр хицауӕдтӕй кӕцыдӕртӕ цы сараздзысты, уый. Уыцы пехуымпарад ис Данелы чиныджы 11-ӕм сӕры. Дзырд дзы цӕуы, кӕрӕдзиимӕ чи тох кӕны, дыууӕ ахӕм паддзахыл – цӕгатаг паддзахыл ӕмӕ хуссайраг паддзахыл. Уыцы пехуымпарадӕн йӕ фылдӕр хай сӕххӕст, ӕмӕ, йӕ иннӕ хай дӕр кӕй сӕххӕст уыдзӕн, ууыл хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм.

2. Райдианы 3:15 стихмӕ гӕсгӕ ӕмӕ Раргомады 11:7 ӕмӕ 12:17 стихтӕм гӕсгӕ, Данелы пехуымпарад иртасгӕйӕ нӕ зӕрдыл цавӕр ахсджиаг хъуыдытӕ хъуамӕ дарӕм?

2 Данелы чиныджы 11-ӕм сӕры цы пехуымпарад ис, уый цӕмӕй бамбарӕм, уый тыххӕй хъуамӕ иу цыдӕр нӕ зӕрдыл дарӕм: уыцы пехуымпарад амоны, Хуыцауы адӕмӕй бирӕтӕ кӕм цардысты кӕнӕ карз ӕфхӕрд кӕм ӕййӕфтой, ӕрмӕстдӕр уыцы бӕстӕты хицӕуттӕм ӕмӕ хицауӕдтӕм. Зӕххыл цас адӕм цӕры, уыимӕ абаргӕйӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ бирӕ не сты. Фӕлӕ сӕ цымӕ уӕд уыцы хицауӕдтӕ сӕ ныхтӕ цӕмӕн ныссадзынц? Уымӕн ӕмӕ Хӕйрӕгӕн ӕмӕ йӕ дунейӕн сӕ сӕйраг нысан у, Йегъовӕйӕн ӕмӕ Йесойӕн чи лӕггад кӕны, уыдоны зӕххы цъарӕй фесафын. (Бакӕс Райдиан 3:15; Раргомад 11:7; 12:17.) Уымӕй уӕлдай, хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Данелы пехуымпарад куыд ӕмбарӕм, уый кӕй хъуамӕ ма уа, иннӕ пехуымпарӕдтӕ куыд ӕмбарӕм, уый ныхмӕ. Ӕмӕ йӕ цӕмӕй раст ӕмбарӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕнӕмӕнг ӕркӕсӕм Библийы иннӕ хӕйттӕм дӕр.

3. Ацы статьяйы ӕмӕ иннӕ статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

3 Уӕдӕ ныртӕккӕ аныхас кӕндзыстӕм Данелы 11:25–39 стихтыл. Базондзыстӕм, 1870-ӕм азӕй 1991-ӕм азмӕ цӕгатаг паддзах ӕмӕ хуссайраг паддзах чи уыдысты, уый, стӕй ацы пехуымпарадӕн йӕ иу хай ӕндӕрхуызон ӕмбарын цӕмӕн хъӕуы, уый дӕр. Иннӕ статьяйы ӕркӕсдзыстӕм Данелы 11:40–12:1 стихтӕм ӕмӕ базондзыстӕм, 1991-ӕм азӕй Армагеддоны хӕсты онг цавӕр хабӕрттӕ хъуамӕ цӕуа, уый. Ацы дыууӕ статьяйы куы ахуыр кӕнай, уӕд-иу ӕркӕс схемӕмӕ «Кӕрӕдзиимӕ чи тох кӕны, уыцы паддзӕхтӕ кӕроны рӕстӕджы». Ныр та уал базонӕм, ацы пехуымпарады цы дыууӕ паддзахы кой ис, уыдон чи сты, уый.

КУЫД ИС БАЗОНӔН ЦӔГАТАГ ПАДДЗАХЫ ӔМӔ ХУССАЙРАГ ПАДДЗАХЫ?

4. Цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы нын баххуыс кӕндзысты, цӕгатаг паддзах ӕмӕ хуссайраг паддзах чи сты, уый базонынӕн?

4 Райдианы «цӕгатаг паддзах» ӕмӕ «хуссайраг паддзах» хуындысты, Израилӕн цӕгатырдыгӕй ӕмӕ хуссарырдыгӕй цы паддзахӕдтӕ уыди, уыдон. Цӕмӕ гӕсгӕ ис афтӕ зӕгъӕн? Дӕ хъус-ма ӕрдар, зӕд Данелӕн цы загъта, уымӕ: «Ӕз ӕрцыдтӕн, цӕмӕй дын раргом кӕнон, дӕ адӕмыл [ома Хуыцауы адӕмыл] фӕстаг бонты цы ’рцӕудзӕн, уый» (Дан. 10:14). Н. э. 33 азмӕ Фӕндзайӕм боны онг Хуыцауы адӕм уыдысты Израилы адӕм. Фӕлӕ уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕ бӕлвырд ӕвдыста, йӕ адӕмыл кӕй банымадта Чырыстийы иузӕрдион ахуыргӕнинӕгты. Уымӕ гӕсгӕ, Данелы 11-ӕм сӕры цы пехуымпарад ис, уымӕн йӕ фылдӕр хай Израилы адӕммӕ нӕ амоны, фӕлӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕм (Хъуыд. 2:1–4; Ром. 9:6–8; Гал. 6:15, 16). Стӕй-иу алы рӕстӕджыты алыхуызон хицӕуттӕ кӕнӕ хицауӕдтӕ систы цӕгатаг паддзах ӕмӕ хуссайраг паддзах. Фӕлӕ сӕ алкӕддӕр базонӕн уыд ӕртӕ хъуыддагмӕ гӕсгӕ. Фыццаг: уыдон уыдысты, Хуыцауы адӕмӕй бирӕтӕ кӕм цардысты кӕнӕ карз ӕфхӕрд кӕм ӕййӕфтой, уыцы бӕстӕты паддзӕхтӕ. Дыккаг: Хуыцауы адӕмӕн куыд уыдысты, уымӕй бӕрӕг уыд, ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйӕ се сӕфт кӕй уынынц. Ӕмӕ ӕртыккаг: уыцы дыууӕ паддзахы кӕрӕдзиимӕ тох кодтой, бартӕ кӕй къухы уыдзысты, ууыл.

5. Н. э. 2 ӕнусӕй 1870-ӕм азмӕ искӕй уыди цӕгатаг паддзах ӕмӕ хуссайраг паддзах схонӕн? Бамбарын ӕй кӕн.

5 2 ӕнусы ӕцӕг чырыстӕтты ӕмбырды мӕнг чырыстӕттӕ сбирӕ сты. Уыдон парахат кодтой мӕнг динты ахуырӕдтӕ, Хуыцауы Ныхасы цы рӕстдзинад ис, уый та сусӕг кодтой. Уӕдӕ 2 ӕнусӕй 1870-ӕм азмӕ Хуыцауӕн зӕххыл организаци нӕ уыд. Мӕнг чырыстӕттӕ хӕмпӕлгӕрдӕгау сбирӕ сты, ӕмӕ уый тыххӕй базонӕн нал уыд, ӕцӕг чырыстон дзы чи уыд, уый (Матф. 13:36–43). Уыцы хабӕрттӕ зонын ахсджиаг цӕмӕн у? Уыдон ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ, Библийы цӕгатаг паддзахы ӕмӕ хуссайраг паддзахы тыххӕй цы фыст ис, уый нӕ хауы, 2 ӕнусӕй 1870-ӕм азмӕ цы паддзӕхтӕ ӕмӕ хицауӕдтӕ уыд, уыдонмӕ. Хуыцауӕн зӕххыл организаци кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ сӕ бон нӕ уыди Хуыцауы адӕмы ныхмӕ рацӕуын *. Фӕлӕ та 1870-ӕм азы фӕстӕ цӕгатаг паддзах ӕмӕ хуссайраг паддзах хъуамӕ ногӕй фӕзындаиккой. Уый кӕцӕй зонӕм?

6. Хуыцауы адӕм та, куыд къорд, афтӕ бӕрӕг дарын кӕд райдыдтой? Бамбарын ӕй кӕн.

6 1870-ӕм азы Хуыцауы адӕм бӕрӕг дарын райдыдтой, куыд къорд, афтӕ. Уыцы аз Чарлз Тейз Расселл ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ райдыдтой иумӕ Библи иртасын. Ӕфсымӕр Расселл ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ уыдысты, Библийы кӕй тыххӕй уыд загъд, уыцы «фидиуӕг». Уый хъуамӕ «фӕндаг асыгъдӕг» кодтаид, цалынмӕ Мессийӕйы Паддзахад ӕвӕрд не ’рцыд, уӕдмӕ (Мал. 3:1). Ногӕй та Хуыцауы адӕмы уыди базонӕн! Цымӕ паддзахӕдтӕй та искӕцы уыцы рӕстӕг Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ’фхӕрдта? Ӕркӕсӕм иуӕй-иу хабӕрттӕм.

ЧИ У ХУССАЙРАГ ПАДДЗАХ?

7. 1917-ӕм азмӕ хуссайраг паддзах чи уыд?

7 1870-ӕм азмӕ Великобритани сси зӕххыл ӕппӕты стырдӕр паддзахад ӕмӕ йӕм уыди ӕппӕты тыхджындӕр ӕфсад. Данелы пехуымпарады фыст ис, иу гыццыл сыкъа ӕртӕ сыкъайыл кӕй фӕуӕлахиз. Ӕмӕ уыцы гыццыл сыкъа уыди Великобритани, ӕртӕ сыкъайы та – Франци, Испани ӕмӕ Нидерландтӕ (Дан. 7:7, 8). Великобритани хуссайраг паддзах уыд 1917-ӕм азмӕ. Уӕдмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕ систы зӕххыл ӕппӕты хъӕздыгдӕр бӕстӕ, ӕмӕ бирӕ хъуыддӕгты Великобританиимӕ иумӕ архайын райдыдтой.

8. Фӕстаг бонты дӕргъы хуссайраг паддзах чи уыд?

8 Фыццаг дунеон хӕсты Иугонд Штаттӕ дӕр хӕцыдысты Великобританиимӕ иумӕ, ӕмӕ дыууӕ бӕстӕйы иумӕ уыдысты тынг тыхджын. Уыцы рӕстӕг систы Англо-Америкаг дунеон паддзахад. Данелы пехуымпарады фыст куыддӕриддӕр уыд, афтӕ уыцы паддзахмӕ уыд «тынг стыр ӕмӕ тыхджын ӕфсад» (Дан. 11:25). Фӕстаг бонты дӕргъы хуссайраг паддзах алкӕддӕр уыд Англо-Америкаг дунеон паддзахад *. Фӕлӕ чи уыд цӕгатаг паддзах та?

ЧИ У «ЦӔГАТАГ ПАДДЗАХ»?

9. Цӕгатаг паддзах ногӕй кӕд фӕзынд ӕмӕ Данелы 11:25 стих куыд сӕххӕст?

9 Цӕгатаг паддзах ногӕй фӕзынд 1871-ӕм азы, Расселл ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ Библи иртасынӕн къорд куы скодтой, уый фӕстӕ. Чи уыд цӕгатаг паддзах? Уый уыди Германи. Уыцы аз Отто фон Бисмарк цалдӕр бӕстӕйы баиу кодта, ӕмӕ афтӕмӕй фӕзынд Германийы паддзахад. Йӕ фыццаг паддзах сси пруссиаг паддзах Вильгельм Фыццаг, ӕмӕ Бисмаркы та сӕвӕрдта хицауады сӕргъы *. Цасдӕры фӕстӕ Германи йӕ дӕлбар бакодта Африкӕйы бӕстӕтӕй иуӕй-иутӕ, стӕй, Сабыр океаны цы территоритӕ уыд, уыдонӕй дӕр кӕцыдӕртӕ. Ӕмӕ архайдта, цӕмӕй Великобританийӕ тыхджындӕр суыдаид. (Бакӕс Данелы 11:25.) Германийы паддзахадмӕ фӕзынд тыхджын ӕфсад, йӕ денджызон флотӕй стырдӕр та уыди ӕрмӕстдӕр Великобританийы флот. Ӕмӕ Фыццаг дунеон хӕсты Германи йе знӕгтыл йӕ хӕстон хъомыс бавзӕрста.

10. Данелы 11:25б, 26 стихтӕ куыд сӕххӕст сты?

10 Данелы пехуымпарадӕй ма базонӕн ис, Германийы паддзахад ӕмӕ йе ’фсӕдтӕ цы хъуамӕ бауыдаиккой, уый дӕр. Фыст дзы ис, цӕгатаг паддзах «фидар фӕлӕууын нӕ бафӕраздзӕн», зӕгъгӕ. Цӕуылнӕ? «Уымӕн ӕмӕ йын уыдон йӕ ныхмӕ фыдвӕндтӕ кӕндзысты. Ӕмӕ йын йӕ хуыздӕр хӕринӕгтӕй чи хӕры, уыдон ӕй бабын кӕндзысты» (Дан. 11:25б, 26а). «Паддзахы хӕринӕгтӕй» чи хордта, уыдоны ’хсӕн Данелы рӕстӕджы уыдысты, паддзахӕн чи лӕггад кодта, уыдон, зӕгъӕм, йӕ фӕсдзӕуинтӕ ӕмӕ йӕ уынаффӕгӕнджытӕ (Дан. 1:5). Ацы пехуымпарад кӕмӕ амоны? Германийы паддзахады бӕрзонд бынӕттӕ чи ахста, уыцы хицӕуттӕм, уыимӕ, паддзах кӕуыл ӕууӕндыд, уыцы генералтӕм ӕмӕ ӕфсӕддон хицӕуттӕм. Уыдон афтӕ бакодтой, цӕмӕй паддзахы хицаудзинадӕн кӕрон ӕрцыдаид ӕмӕ бартӕ йӕ къухмӕ райстаид ног хицауад *. Данелы пехуымпарады ма фыст ис, хӕст цӕгатаг паддзахы ӕмӕ хуссайраг паддзахы ’хсӕн цӕуыл ахицӕн уыдзӕн, уый дӕр. Цӕгатаг паддзахы тыххӕй дзы фыст ис: «Йе ’фсад та йын дон фӕласдзӕн, ӕмӕ бирӕтӕ фӕмард уыдзысты» (Дан. 11:26б). Ӕмӕ Фыццаг дунеон хӕсты Германийы ӕфсад цыма ӕцӕгдӕр дон фӕласта, афтӕ уыд, бирӕтӕ дзы фӕмард сты. Уыцы хӕсты цас адӕм фӕмард, уыйбӕрц уый размӕ иу хӕсты дӕр нӕ фӕмард.

11. Данелы 11:27–30 стихтӕм гӕсгӕ, цӕгатаг паддзах ӕмӕ хуссайраг паддзах цы арӕзтой?

11 Данелы 11:27, 28 стихты фыст ис, Фыццаг дунеон хӕсты размӕ цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдоны тыххӕй. Зӕгъӕм, фыст дзы ис, цӕгатаг паддзах ӕмӕ хуссайраг паддзах «иу фынгыл бадгӕйӕ мӕнг ныхӕстӕ кӕндзысты», зӕгъгӕ. Стӕй ма дзы фыст ис, цӕгатаг паддзах «стыр фӕллӕйттӕ» кӕй ӕрӕмбырд кӕндзӕн. Ӕмӕ та ацы ныхӕстӕ дӕр сӕххӕст сты. Германи ӕмӕ Великобритани кӕрӕдзийӕн дзырдтой, кӕй сӕ фӕнды, цӕмӕй сабырдзинад уа. Фӕлӕ 1914-ӕм азы хӕст куы райдыдта, уӕд рабӕрӕг, мӕнг ныхӕстӕ кӕй кодтой. Уымӕй уӕлдай, 1914-ӕм азмӕ Германи сси тынг хъӕздыг бӕстӕ, уымӕй хъӕздыгдӕр уыдысты ӕрмӕстдӕр Америкӕйы Иугонд Штаттӕ. Уый фӕстӕ сӕххӕст Данелы 11:29 стих ӕмӕ 30 стихы фыццаг хай: Германи схӕцыд хуссайраг паддзахимӕ, фӕлӕ йӕ ныфс асаст, уымӕн ӕмӕ йыл хуссайраг паддзах фӕуӕлахиз.

УЫЦЫ ПАДДЗӔХТӔ ТОХ КӔНЫНЦ ХУЫЦАУЫ АДӔМИМӔ

12. Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг цӕгатаг паддзах ӕмӕ хуссайраг паддзах цы арӕзтой?

12 1914-ӕм азӕй фӕстӕмӕ уыцы дыууӕ паддзахы кӕрӕдзиимӕ дӕр ӕмӕ Хуыцауы адӕмимӕ дӕр тынгӕй-тынгдӕр тох кодтой. Зӕгъӕм, Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй йӕ къухмӕ хӕцӕнгарз чи нӕ иста, уыдоны Германийы хицауад дӕр ӕфхӕрдта ӕмӕ Великобританийы хицауад дӕр. Иугонд Штатты хицауад та ахӕстоны бакодта, хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд чи лӕвӕрдта, уыцы ӕфсымӕрты. Ӕмӕ уымӕй сӕххӕст, Раргомады 11:7–10 стихты цы пехуымпарад ис, уый.

13. 1933-ӕм азӕй фӕстӕмӕ ӕмӕ Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг цӕгатаг паддзах цы арӕзта?

13 Стӕй 1933-ӕм азӕй фӕстӕмӕ, ӕмӕ уӕлдайдӕр Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг, цӕгатаг паддзах Хуыцауы адӕмы тынг карзӕй ӕфхӕрдта. Германийы нацисттӕ бартӕ сӕ къухмӕ куы райстой, уӕд Гитлер ӕмӕ, йӕ фарс чи уыд, уыдон Хуыцауы адӕмӕн сӕ хъуыддаг сӕхгӕдтой. Цӕгатаг паддзах Йегъовӕйы адӕмӕй 1 500 адӕймаджы бӕрц амардта, мингӕйттӕ та ӕрвыст ӕрцыдысты концлагертӕм. Ӕмӕ Данелы пехуымпарад уымӕй дӕр сӕххӕст. Цӕгатаг паддзах хъусын кӕныны хъуыддаг сӕхгӕдта, ӕмӕ афтӕмӕй «кувӕндон... фӕчъизи» кодта ӕмӕ, «алы бон дӕр кӕй... [хастой], уыцы кувинагӕн кӕрон» скодта (Дан. 11:30б, 31а). Гитлер ма суанг ӕртхъирӕн дӕр кодта, Германийы Хуыцауы адӕмы кӕй сыскъуыйын кӕндзӕн.

ФӔЗЫНД НОГ ЦӔГАТАГ ПАДДЗАХ

14. Дыккаг дунеон хӕсты фӕстӕ цӕгатаг паддзах чи сси? Бамбарын ӕй кӕн.

14 Дыккаг дунеон хӕсты фӕстӕ Советон Цӕдисӕн йӕ бар цӕуын райдыдта, Германийӕ цы стыр территоритӕ ӕмӕ бӕстӕтӕ байста, уыдоныл. Ӕмӕ нацистон Германийау Советон Цӕдис ӕмӕ, йӕ фарс чи уыдысты, уыцы бӕстӕтӕ дӕр карзӕй ӕфхӕрдтой, паддзахадӕй уӕлдӕр ӕцӕг Хуыцауы чи ӕвӕрдта, уыдоны. Афтӕмӕй уыцы бӕстӕтӕ систы цӕгатаг паддзах.

15. Дыккаг дунеон хӕст куы фӕци, уӕд цӕгатаг паддзах цы арӕзта?

15 Дыккаг дунеон хӕст куы фӕци, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ ног цӕгатаг паддзах Хуыцауы адӕмы ныхмӕ цӕуын райдыдта. Уыцы паддзах уыди Советон Цӕдис ӕмӕ, йӕ фарс чи уыдысты, уыцы бӕстӕтӕ. Раргомады 12:15–17 стихты цы «цӕугӕдоны» кой ис, уый амоны, Хуыцауы адӕм ӕфхӕрд кӕй ӕййӕфтой, уымӕ. Цӕгатаг паддзах хъусын кӕныны хъуыддаг сӕхгӕдта ӕмӕ Йегъовӕйы адӕмӕй мингӕйтты Сыбырмӕ ахаста. Уӕдӕ, фӕстаг бонтӕ куы райдыдтой, уӕдӕй фӕстӕмӕ цӕгатаг паддзах Хуыцауы адӕмы ӕфхӕры, фӕлӕ йын сӕ бауромын никуы бантыст *.

16. Данелы 11:37–39 стихты цы пехуымпарад ис, уый Советон Цӕдисыл куыд сӕххӕст?

16 Бакӕс Данелы 11:37–39. Ацы пехуымпарады фыст ис, цӕгатаг паддзах «йӕ фыдӕлты Хуыцауы ницӕмӕ дардзӕн», зӕгъгӕ. Ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ дӕр сӕххӕст сты. Советон Цӕдисы фӕндыд ӕппӕт динтӕ дӕр фесафын, ӕмӕ архайдта афтӕ бакӕныныл, цӕмӕй адӕмы цӕсты динтӕн кад мауал уыдаид. Зӕгъӕм, 1918-ӕм азы советон хицауад рахаста уынаффӕ скъолайы ӕмӕ динты фӕдыл. Уый уымӕ ӕркодта, ӕмӕ фӕстӕдӕр скъолаты райдыдтой атеизм амонын. Цӕгатаг паддзах «фидар мӕсгуыты хуыцауы» та куыд кадджын кодта? Советон Цӕдис дуне ӕхца хардз кодта, цӕмӕй йе ’фсад фестырдӕр кодтаид ӕмӕ тынг бирӕ ядерон хӕцӕнгарз рауагътаид. Цӕгатаг паддзах дӕр ӕмӕ хуссайраг паддзах дӕр ӕппынфӕстаг уыйбӕрц хӕцӕнгарз ӕрӕмбырд кодтой, ӕмӕ фаг уыдаид, цӕмӕй цалдӕр миллиард адӕймаджы ныццагътаиккой!

ДЫУУӔ ЗНАДЖЫ ӔМВӔНДӔЙ АРХАЙЫНЦ

17. «Бӕстӕ чи сафы, уыцы ӕлгъагдзинад» цы у?

17 Кӕд дыууӕ паддзахы рагӕй фӕстӕмӕ дӕр кӕрӕдзимӕ знаджы цӕстӕй кастысты, уӕддӕр цӕгатаг паддзах хуссайраг паддзахимӕ иу хъуыддаджы архайдта ӕмвӕндӕй – уыдон сӕвӕрдтой, «бӕстӕ чи сафы, уыцы ӕлгъагдзинад» (Дан. 11:31). Уыцы «ӕлгъагдзинад» у Иугонд Нациты Организаци.

18. Иугонд Нациты Организаци «ӕлгъагдзинад» цӕмӕн хуыйны?

18 Иугонд Нациты Организаци «ӕлгъагдзинад» уымӕн хуыйны, ӕмӕ уый дзуры, ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр сабыр цард кӕй скӕндзӕн. Фӕлӕ уыцы хъуыддаг ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахадӕн у йӕ бон саразын. Пехуымпарады ма фыст ис, ӕлгъагдзинад «бӕстӕ... сафы», зӕгъгӕ. Уый та амоны, Иугонд Нациты Организаци мӕнг динтӕ иууылдӕр кӕй фесафдзӕн, уымӕ. (Кӕс схемӕ «Кӕрӕдзиимӕ чи тох кӕны, уыцы паддзӕхтӕ кӕроны рӕстӕджы».)

АЦЫ ХАБӔРТТӔ ЗОНЫН НӔ ЦӔМӔН ХЪӔУЫ?

19, 20. а) Цы хабӕрттӕм ӕркастыстӕм, уыдон зонын нӕ цӕмӕн хъӕуы? б) Иннӕ статьяйӕ цы базондзыстӕм?

19 Ацы хабӕрттӕ зонын нӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы, уымӕн ӕмӕ уыдонӕй бӕрӕг у, 1870-ӕм азӕй 1991-ӕм азмӕ Данелы пехуымпарад цӕгатаг паддзах ӕмӕ хуссайраг паддзахы тыххӕй кӕй ӕххӕст кодта. Уымӕ гӕсгӕ нӕ хъуамӕ фидарӕй уырна, ацы пехуымпарадӕн йӕ иннӕ хай дӕр кӕй сӕххӕст уыдзӕн.

20 1991-ӕм азы Советон Цӕдис фехӕлд. Ӕмӕ уӕд ныртӕккӕ цӕгатаг паддзах чи у? Уый базондзыстӕм иннӕ статьяйӕ.

128 ЗАРӔГ Кӕронмӕ фидар лӕуу

^ 5 абз. Мах ӕй бӕлвырдӕй уынӕм, Данелы пехуымпарад «цӕгатаг паддзахы» ӕмӕ «хуссайраг паддзахы» тыххӕй дарддӕр кӕй ӕххӕст кӕны. Уый нӕ афтӕ фидарӕй цӕмӕн уырны? Ӕмӕ нӕ цӕмӕн хъӕуы ацы пехуымпарад хуыздӕр бамбарын?

^ 5 абз. Уӕдӕ Ромы паддзах Аврелианы (паддзах уыд н. э. 270–275 азты) нӕй «цӕгатаг паддзахыл» нымайӕн, ус-паддзах Зенобийы та (паддзах уыд н. э. 267–272 азты) – «хуссайраг паддзахыл». Ацы хабар раздӕр куыд ӕмбарын кодтам, уый тыххӕй бакӕсӕн ис чиныджы «Внимайте пророчеству Даниила!», 13 ӕмӕ 14 сӕрты.

^ 9 абз. 1890-ӕм азы Германийы паддзах Вильгельм Дыккаг Бисмаркы йӕ бынатӕй систа.

^ 10 абз. Цӕмӕй паддзахы хицаудзинадӕн тагъддӕр кӕрон ӕрцыдаид, уый тыххӕй уыдон, зӕгъӕм, паддзахы фарс нал уыдысты, хӕсты тыххӕй сусӕг хабӕрттӕ знӕгтӕн рахъӕр кодтой, стӕй паддзахӕн йӕ паддзахбадӕн ныууадзын кодтой.

^ 15 абз. Данелы 11:34 стихы куыд фыст ис, афтӕ, цӕгатаг паддзахы дӕлбар чи цард, уыцы чырыстӕттӕн-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фенцондӕр, уымӕн ӕмӕ-иу сӕ афтӕ тынг нал ӕфхӕрдтой. Зӕгъӕм, хабар афтӕ уыд, 1991-ӕм азы Советон Цӕдис куы фехӕлд, уӕд.