Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

10 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегъовӕйы куы бауарзай, уӕд дӕ бафӕнддзӕн донаргъуыд райсын

Йегъовӕйы куы бауарзай, уӕд дӕ бафӕнддзӕн донаргъуыд райсын

«Цы мӕ хъыгдары донаргъуыд райсын?» (ХЪУЫД. 8:36).

37 ЗАРӔГ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕндзынӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. Хъуыддӕгтӕ 8:27–31, 35–38 стихтӕй цы ис базонӕн, ефиопаг хицауы донаргъуыд райсын цӕмӕн бафӕндыд, уый тыххӕй?

МЫЙЙАГ, хъуыды кӕныс донаргъуыд райсыныл? Уыцы къахдзӕф бирӕтӕ скодтой, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы бауарзтой ӕмӕ дзы йӕ хорздзинӕдты тыххӕй бузныг сты. Ӕркӕсӕм, Ефиопийы ус-паддзахӕн чи лӕггад кодта, уыцы хицауы хабармӕ.

2 Ефиопаг хицау Фыстадӕй куы базыдта, донаргъуыд кӕй хъуамӕ райса, уӕд ракӕ-бакӕ нал кодта. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 8:27–31, 35–38.) Цӕмӕн ӕй бафӕндыд донаргъуыд райсын? Куыд зыны, афтӕмӕй Хуыцауы Ныхасӕн аргъ кодта. Уый здӕхти Иерусалимӕй Эфиопимӕ, ӕмӕ йӕ бӕхуӕрдоны бадгӕйӕ касти Исайы чиныг. Филипп йемӕ ныхас кӕнын куы райдыдта, уӕд уыцы лӕг бамбӕрста, Йесо йын цы стыр хорздзинад сарӕзта, ӕмӕ йӕ бафӕндыд хъуыддагӕй равдисын, уымӕн тынг кӕй аргъ кӕны. Ефиопаг хицау Йегъовӕйы дӕр тынг уарзта. Кӕцӕй йӕ зонӕм? Уый Иерусалиммӕ ацыд Йегъовӕйӕн кувынмӕ. Ӕвӕццӕгӕн, уӕдмӕ ныууагъта, цы диныл хӕст уыд, уый ӕмӕ райдыдта ӕцӕг Хуыцауӕн йе ’взӕрст адӕмимӕ лӕггад кӕнын. Ӕмӕ, Йегъовӕйы кӕй уарзта, уый тыххӕй йӕ бафӕндыд ӕндӕр ахсджиаг хъуыддаг дӕр саразын. Уый донаргъуыд райста ӕмӕ сси Чырыстийы ахуыргӕнинаг (Матф. 28:19).

3. Адӕймаджы донаргъуыд райсын цы фӕхъыгдары? (Кӕс рамкӕ « Дӕ зӕрдӕ цавӕр зӕххы хуызӕн у?».)

3 Кӕд Йегъовӕйы уарзыс, уӕд дӕу дӕр бафӕнддзӕн донаргъуыд райсын. Фӕлӕ дӕ уарзондзинад, гӕнӕн ис, ӕмӕ хъыгдара уыцы къахдзӕф саразын. Ома куыд? Зӕгъӕм, кӕд де ’нӕуырнӕг бинонты ӕмӕ ’мбӕлтты тынг уарзыс, уӕд, чи зоны, тӕрсыс, донаргъуыд куы райсай, уӕд дӕ се сӕфт кӕй фендзысты (Матф. 10:37). Кӕнӕ та, Хуыцау йе сӕфт цы хъуыддӕгтӕй уыны, уыдоныл, чи зоны, афтӕ сахуыр дӕ, ӕмӕ сӕ дӕ бон ныууадзын нӕу (Пс. 97:10). Науӕд та гыццылӕй фӕстӕмӕ бӕрӕг кодтай мӕнг динимӕ баст бӕрӕгбӕттӕ, ӕмӕ ӕхсызгонӕй ӕрымысыс, рӕстӕг куыд хъӕлдзӕгӕй ӕрвыстат, уый. Ӕмӕ дын уый тыххӕй, чи зоны, зын у, цӕмӕй, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, уыцы бӕрӕгбӕтты мауал архайай (1 Кор. 10:20, 21). Уӕдӕ хъуамӕ ахъуыды кӕнай ахӕм фарстайыл: «Ӕппӕты тынгдӕр кӕй уарзын кӕнӕ мын ӕппӕты зынаргъдӕр цы у?»

ӔППӔТЫ ТЫНГДӔР КӔЙ ХЪУАМӔ УАРЗӔМ?

4. Донаргъуыд райсын дӕ фыццаджыдӕр цӕмӕн хъуамӕ фӕнда?

4 Цалынмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын нӕ райдыдтай, уӕдмӕ дӕр, чи зоны, Библийӕн аргъ кодтай ӕмӕ Йесо Чырыстийы уарзтай. Ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ куы базонгӕ дӕ, уӕд, чи зоны, уыдоны дӕр бауарзтай. Фӕлӕ дын уыдӕттӕ зынаргъ кӕй сты, уый фаг нӕу, цӕмӕй дӕ бафӕнда дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын ӕмӕ донаргъуыд райсын. Донаргъуыд райсын дӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ фӕнда, Йегъовӕйы кӕй уарзыс, уый тыххӕй. Йегъовӕйӕ тынгдӕр куы никӕй ӕмӕ куы ницы уарзай, уӕд дӕ ничи ӕмӕ ницы бахъыгдардзӕн Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Уымӕй уӕлдай ма дын уыцы уарзондзинад донаргъуыды фӕстӕ дӕр ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йыл иузӕрдионӕй баззайай.

5. Ацы статьяйӕ цы базондзыстӕм?

5 Йесо загъта, Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ кӕй хъуамӕ уарзӕм (Мар. 12:30). Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ афтӕ уарзӕм ӕмӕ йӕ нымайӕм? Йӕхӕдӕг нӕ куыд тынг уарзы, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ӕй мах дӕр бауарздзыстӕм (1 Иоан. 4:19). Ацы статьяйӕ базондзынӕ, цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы бауарзай ӕмӕ донаргъуыд райсай.

6. Ромӕгтӕм 1:20 стихмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕйы хуыздӕр базонӕн цӕй фӕрцы ис?

6 Йегъовӕйы хуыздӕр базон, цы сфӕлдыста, уыдӕтты фӕрцы. (Бакӕс Ромӕгтӕм 1:20; Рарг. 4:11.) Ахъуыды-иу кӕн, Йегъовӕ цы зайӕгойтӕ скодта ӕмӕ цы цӕрӕгойтӕ сфӕлдыста, уыдоны йе стыр зонд куыд зыны, ууыл. Уӕдӕ адӕймаджы буар дӕр диссаджы конд у. Ӕмӕ дӕ бон у уый тыххӕй дӕр фылдӕр базонын (Пс. 139:14). Стӕй ма-иу ахъуыды кӕн, Йегъовӕ хур куыд скодта ӕмӕ дзы цас энерги ис, ууыл дӕр. Ӕмӕ ма хурӕй уӕлдай ис миллиардгай стъалытӕ * (Ис. 40:26). Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттыл куы хъуыды кӕнай, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр нымайдзынӕ. Фӕлӕ, Йегъовӕ стыр зонд ӕмӕ стыр тыхы хицау кӕй у, уый зонын фаг нӕу, цӕмӕй йӕ тынг бауарзай ӕмӕ йӕ хӕлар суай. Хъуамӕ Йегъовӕйы тыххӕй ноджы фылдӕр базонай.

7. Цӕмӕй Йегъовӕйы ноджы тынгдӕр уарзай, уый тыххӕй дӕ фидарӕй цы хъуамӕ уырна?

7 Хъуамӕ дӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ дӕ ӕцӕгдӕр кӕй уарзы, уый. Мыййаг дын зын у баууӕндын, арв ӕмӕ зӕхх Скӕнӕг Хуыцау дӕ кӕй зоны ӕмӕ дыл кӕй тыхсы? Рох дӕ ма уӕд: Йегъовӕ «махӕй алкӕмӕй дӕр дард нӕу» (Хъуыд. 17:26–28). Уый «кӕсы алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр», ӕмӕ дын зӕрдӕ ӕвӕры, «куы йӕ агурай, уӕд ӕй [кӕй] ссардзынӕ» (1 Аз. 28:9). Уӕвгӕ, ныр Библи кӕй ахуыр кӕныс, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дӕ Йегъовӕ йӕхимӕ ӕрбаввахс кодта (Йер. 31:3). Йегъовӕ дӕу тыххӕй цы сарӕзта, уый тыххӕй цас фылдӕр базонай, уыйас ӕй ноджы тынгдӕр уарздзынӕ.

8. Йегъовӕйы уарзондзинадӕн кӕй аргъ кӕныс, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?

8 Йегъовӕйы уарзондзинадӕн кӕй аргъ кӕныс, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? Зӕгъӕм, куы йӕм кувай, уымӕй. Цы дӕ тыхсын кӕны, уыдӕттӕ йын куы дзурай ӕмӕ-иу ын йӕ хорздзинӕдты тыххӕй бузныг куы зӕгъай, уӕд ӕй тынгдӕр уарздзынӕ. Ӕмӕ дын Йегъовӕ дӕ куывдтытӕн дзуапп куыд ратты, уый-иу куы фенай, уӕд уӕ хӕлардзинад фидардӕр кӕндзӕн (Пс. 116:1). Уӕд дӕ фидарӕй уырндзӕн, кӕй дӕ ’мбары, уый. Фӕлӕ цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уай, уый тыххӕй йын хъуамӕ йӕ зондахаст зонай. Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ зонай, цӕмӕ дӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Ӕмӕ уыдӕттӕ базондзынӕ, Библи куы ахуыр кӕнай, ӕрмӕстдӕр уӕд.

Цӕмӕй Хуыцаумӕ баввахс уӕм ӕмӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый зонӕм, уый тыххӕй хъӕуы Библи ахуыр кӕнын (кӕс 9 абзац) *

9. Библийӕн кӕй аргъ кӕныс, уый дӕ бон куыд у равдисын?

9 Хуыцауы Ныхасӕн, Библийӕн, аргъ кӕн. Йегъовӕ чи у ӕмӕ цавӕр Хуыцау у, стӕй йӕм дӕу тыххӕй цавӕр фӕнд ис, уый базонӕн ис ӕрмӕстдӕр Библийӕ. Алы бон дӕр ӕй куы кӕсай, Библийы ахуырмӕ дӕхи куы цӕттӕ кӕнай ӕмӕ, цы базоныс, уымӕ гӕсгӕ куы архайай, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, Библийӕн кӕй аргъ кӕныс (Пс. 119:97, 99; Иоан. 17:17). Библи кӕсынӕн дын график ис? Алы бон дӕр ӕй фӕкӕсыс?

10. Библи иннӕ чингуытӕй цӕмӕй хицӕн кӕны?

10 Библи иннӕ чингуытӕй бирӕ цӕмӕйдӕрты хицӕн кӕны. Иу уый, ӕмӕ дзы Йесойы царды ӕмӕ лӕггады хабӕрттӕ ныффыстой, йӕхи цӕстӕй йӕ чи федта, уыцы адӕймӕгтӕ. Ӕрмӕстдӕр ацы чиныгӕй ис бӕлвырд базонӕн, Йесо дӕу тыххӕй цы сарӕзта, уый. Цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уый куы базонай, уӕд дӕ бафӕнддзӕн, цӕмӕй йӕ хӕлар суай.

11. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы тынгдӕр бауарзай?

11 Йесойы бауарз. Йесойы куы уарзай, уӕд Йегъовӕйы дӕр ноджы тынгдӕр уарздзынӕ. Афтӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ Йесо йӕ Фыды алцӕмӕй дӕр фӕзмыдта (Иоан. 14:9). Уӕдӕ Йесойы тыххӕй цас фылдӕр зонай, уыйас хуыздӕр ӕмбардзынӕ Йегъовӕйы зондахаст ӕмӕ йӕм ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзынӕ. Ахъуыды-иу кӕн, Йесо куыд тӕригъӕд кодта, иннӕтӕ уӕлейӕ дӕлӕмӕ кӕмӕ кастысты, уыдонӕн – мӕгуыртӕн, рынчынтӕн ӕмӕ, сӕрыл рахӕцӕг кӕмӕн нӕ уыд, уыдонӕн. Стӕй-иу ахъуыды кӕн, Йесо дын цы хорз уынаффӕтӕ дӕтты, уыдоныл ӕмӕ йӕм кӕй хъусыс, уый фӕрцы дӕ цард хуыздӕрырдӕм куыд ивы, ууыл (Матф. 5:1–11; 7:24–27).

12. Йесойы тыххӕй фылдӕр куы базонай, уӕд дӕ цы бафӕнддзӕн саразын?

12 Йесо йӕ цард нывондӕн ӕрхаста, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой. Ӕмӕ ууыл арф куы хъуыды кӕнай, уӕд ӕй бонӕй-бонмӕ тынгдӕр уарздзынӕ (Матф. 20:28). Куы йӕ бамбарай, Йесо йӕ цард дӕу тыххӕй кӕй нӕ бавгъау кодта, уӕд дӕ бафӕнддзӕн дӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнын ӕмӕ Йегъовӕйӕ курын, цӕмӕй дын сӕ ныххатыр кӕна (Хъуыд. 3:19, 20; 1 Иоан. 1:9). Ӕмӕ Йесойы ӕмӕ Йегъовӕйы куы бауарзай, уӕд дӕ бафӕнддзӕн, цӕмӕй ӕрбаиу уай, чи сӕ уарзы, уыцы адӕммӕ.

13. Йегъовӕ дын цы ратдзӕн?

13 Йегъовӕйы бинонты бауарз. Чи зоны, де ’нӕуырнӕг бинонтӕ ӕмӕ дӕ раздӕры ӕмбӕлттӕ не ’мбарынц, цӕмӕн дӕ фӕнды дӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын. Суанг ма, чи зоны, дӕ ныхмӕ дӕр цӕуынц. Фӕлӕ дӕ Йегъовӕ иунӕгӕй нӕ ныууадздзӕн. Ратдзӕн дын чырыстон бинонтӕ. Уыцы бинонтыл дӕхи куы бӕттай, уӕд-иу дӕ фарсмӕ ’рбалӕудзысты ӕмӕ сӕ уарзтӕй рӕвдыд уыдзынӕ (Мар. 10:29, 30; Дзут. 10:24, 25). Ӕмӕ рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд дӕ бинонтӕ дӕр, чи зоны, райдайой Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ йӕ закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын (1 Пет. 2:12).

14. 1 Иоанны 5:3 стихы ныхӕстӕ раст кӕй сты, уый дӕхиуыл куыд бавзӕрстай?

14 Йегъовӕйы закъӕттӕ бауарз ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ цӕр. Цалынмӕ Йегъовӕйы нӕ базыдтай, уӕдмӕ, чи зоны, цардтӕ, дӕхимӕ растдӕр куыд каст, афтӕ. Фӕлӕ ныр ӕмбарыс, хуыздӕр кӕй у Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын (Пс. 1:1–3; бакӕс 1 Иоанны 5:3). Ахъуыды-ма кӕн, Библийы лӕгӕн, усӕн, ныййарджытӕн ӕмӕ сывӕллӕттӕн цы хорз уынаффӕтӕ ис, уыдоныл (Еф. 5:22–6:4). Уыцы уынаффӕтӕм кӕй хъусыс, уый уӕ бинонтыл хуыздӕрырдӕм нӕ фӕзынд? Ӕмбӕлттӕ Йегъовӕйы уынаффӕтӕм гӕсгӕ кӕй ӕвзарыс, уый фӕрцы хуыздӕрырдӕм нӕ аивтай? Ныр амондджындӕр нӕ дӕ? (Ӕмб. 13:20; 1 Кор. 15:33). Ӕвӕццӕгӕн, ацы фарстатӕн разыйы дзуапп ратдзынӕ.

15. Библийӕ кӕцыдӕр уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ архайын куыд хъӕуы, уый куы нӕ зонай, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн?

15 Чи зоны, хатт нӕ фӕзоныс, Библийӕ кӕцыдӕр уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ архайын куыд хъӕуы, уый. Ӕмӕ нын Йегъовӕ уый тыххӕй йӕ организацийы уылты дӕтты Библи ӕмбарынгӕнӕн публикацитӕ, цӕмӕй-иу нӕ бон уа, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый бамбарын (Дзут. 5:13, 14). Уыцы публикацитӕ куы иртасай, уӕд-иу бамбардзынӕ, цы уынаффӕтӕ дзы ис, уыдон дӕ царды кӕм бахъӕудзысты ӕмӕ ӕцӕгдӕр пайда кӕй сты, уый. Ӕмӕ дӕ уӕд, чи зоны, бафӕнддзӕн, цӕмӕй ды дӕр Йегъовӕйы организацийы уай.

16. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн цавӕр фӕтк ӕмӕ ӕгъдау скодта?

16 Йегъовӕйы организацийы тыххӕй фылдӕр базон ӕмӕ йӕ разамындмӕ гӕсгӕ архай. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн скодта бӕлвырд фӕтк ӕмӕ ӕгъдау ӕмӕ сӕ адих кодта ӕмбырдтыл. Ӕмӕ ӕппӕт ӕмбырдты сӕргъы сӕвӕрдта йӕ Фырты, Йесо Чырыстийы (Еф. 1:22; 5:23). Йесо сӕрст чырыстӕтты гыццыл къордӕн, ома «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕн», йӕ бар бакодта, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый. Ӕмӕ йын бахӕс кодта, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр разамынд дӕтта. Ӕууӕнкджын цагъарӕн йӕ хӕс у дӕуӕн дӕр ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Хуыцаумӕ баввахс уай ӕмӕ дзы макуы адард уай, ӕмӕ уыцы хъуыддагмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ кӕсы (Матф. 24:45–47). Зӕгъӕм, фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй нысангонд ӕрцӕуынц, цӕмӕй дын разамынд дӕттой ӕмӕ дын зиан цы ’рхӕсдзӕн, уыдӕттӕй дӕ хъахъхъӕной (Ис. 32:1, 2; Дзут. 13:17; 1 Пет. 5:2, 3). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ зӕрдиагӕй архайынц, цӕмӕй дын дӕ ныфсыл ныфс ӕфтауой ӕмӕ дын ӕххуыс кӕной Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнынӕн. Фӕлӕ ма иу ахсджиаг хъуыддаг у, кӕй дын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй иннӕтӕн Йегъовӕйы тыххӕй дзурай (Еф. 4:11–13).

17. Ромӕгтӕм 10:10, 13, 14 стихтӕм гӕсгӕ, иннӕтӕн Йегъовӕйы тыххӕй цӕмӕн дзурӕм?

17 Иннӕтӕн Йегъовӕйы бауарзынӕн ӕххуыс кӕн. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй иннӕтӕн Йегъовӕйы тыххӕй дзурой (Матф. 28:19, 20). Ацы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнӕн ис, нӕ хӕс кӕй у, уый тыххӕй дӕр. Фӕлӕ Йегъовӕйы куы бауарзай, уӕд ды дӕр хъуыды кӕндзынӕ, апостолтӕ Петр ӕмӕ Иоанн куыд хъуыды кодтой, афтӕ: «Цы федтам ӕмӕ цы фехъуыстам, уыдӕтты тыххӕй ма дзурӕм, уый нӕ бон нӕу» (Хъуыд. 4:20). Искӕмӕн Йегъовӕйы бауарзынӕн куы баххуыс кӕнай, уӕд дын уый стыр циндзинад ӕрхӕсдзӕн. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, хъусынгӕнӕг Филипп куыд цин кодтаид, ефиопаг хицауӕн Фыстад бамбарынӕн ӕмӕ донаргъуыд райсынӕн куы баххуыс кодта, уӕд! Филиппы куы фӕзмай ӕмӕ Йесойы фӕдзӕхст куы ’ххӕст кӕнай, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, дӕу дӕр кӕй фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суай. (Бакӕс Ромӕгтӕм 10:10, 13, 14.) Ӕмӕ уӕд, чи зоны, ды дӕр, ефиопаг хицау куыд загъта, афтӕ зӕгъай: «Цы мӕ хъыгдары донаргъуыд райсын?» (Хъуыд. 8:36).

18. Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

18 Донаргъуыд райсын куы сфӕнд кӕнай, уӕд рахӕсдзынӕ дӕ царды ӕппӕты ахсджиагдӕр уынаффӕ. Ӕмӕ йыл хъӕуы лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын. Иннӕ статьяйӕ дзуапп базондзыстӕм ахӕм фарстатӕн: донаргъуыды тыххӕй дӕ цы хъӕуы зонын? Донаргъуыды размӕ дӕ цавӕр къахдзӕфтӕ хъӕудзӕн саразын? Ӕмӕ дӕ донаргъуыды фӕстӕ цы хъӕудзӕн аразын?

2 ЗАРӔГ Йегъовӕ у дӕ ном

^ 5 абз. Йегъовӕйы чи уарзы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ дызӕрдыг кӕнынц, донаргъуыд райсой ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ суой, уымӕ цӕттӕ кӕй сты, ууыл. Кӕд ды дӕр дызӕрдыг кӕныс, уӕд ацы статьяйы фӕрцы дӕ бон уыдзӕн ногӕй ахъуыды кӕнын, цы дӕ хъӕуы саразын, цӕмӕй дӕ бафӕнда донаргъуыд райсын.

^ 6 абз. Фылдӕр цӕвиттонтӕ ис брошюрӕты «Была ли жизнь создана?» ӕмӕ «У истоков жизни. Пять вопросов, которые требуют ответа».

^ 60 абз. НЫВ. Хо базары цыдӕртӕ ӕлхӕны ӕмӕ иу ӕрыгон сылгоймагӕн буклет дӕтты.