Кӕсджыты фарстатӕ
Кувӕндон хъахъхъӕнджытӕ чи уыдысты ӕмӕ сӕ хӕстӕм цы хауд?
Левиттӕй сауджынтӕ чи нӕ уыд, уыдоныл уыди бирӕ хӕстӕ. Уыцы хӕстӕй иу абарӕн ис пъӕлицӕйӕгты куыстимӕ. Сӕ сӕргъы лӕууыд кувӕндон хъахъхъӕнджыты хистӕр. Дзуттаг фыссӕг Александриаг Филон ныффыста, цы хӕстӕ сыл уыд, уый тыххӕй: «Уыцы [левиттӕй] иутӕ лӕууынц, кувӕндоны кӕртмӕ цы кулдуӕрттыл ис бахизӕн, уыдоны цур. Иннӕтӕ лӕууынц кувӕндоны раз, цӕмӕй, бар кӕмӕн нӕй, уыдонӕй мидӕмӕ мачи бахиза – мадӕр зонгӕ-зонын, мадӕр ӕнӕбары. Чидӕртӕ та дзы рацу-бацу кӕнынц кӕрты, кувӕндоны алыварс ӕмӕ йӕ, кӕрӕдзи ивгӕйӕ, ӕхсӕвӕй-бонӕй хъахъхъӕнынц».
Уыцы хъахъхъӕнджытӕ уыдысты дзуттӕгты Сӕйраг тӕрхондоны дӕлбар. Ромы хицауад дзуттӕгтӕй ӕрмӕстдӕр уыцы къордӕн лӕвӕрдта бар, цӕмӕй сӕм хӕцӕнгарз уыдаид.
Библииртасӕг Иоахим Иеремиас загъта: «Йесойы куы ’рцахстой, уӕд, чи йӕ ’рцахста, уыдонӕн бауайдзӕф кодта, алы бон уӕ Кувӕндоны куы ахуыр кодтон, ӕмӕ мӕ уӕд куы нӕ ахстат, зӕгъгӕ (Матф. 26:55). Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыдон уыдысты кувӕндон хъахъхъӕнджытӕ, ӕндӕр сын афтӕ нӕ загътаид». Иоахимы хъуыдымӕ гӕсгӕ, уый размӕ Йесойы ’рцахсынмӕ кӕй арвыстой, уыдон дӕр уыдысты кувӕндон хъахъхъӕнджытӕ (Иоан. 7:32, 45, 46). Фӕстӕдӕр, Сӕйраг тӕрхондоны чи уыд, уыдон кувӕндон хъахъхъӕнджыты ӕмӕ сӕ хистӕры арвыстой, цӕмӕй сӕм апостолты ӕрбакодтаиккой. Ӕмӕ апостол Павелы дӕр кувӕндонӕй, ӕвӕццӕгӕн, кувӕндон хъахъхъӕнджытӕ ракодтой (Хъуыд. 4:1–3; 5:17–27; 21:27–30).