Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

12 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Кӕд у рӕстӕг дзурынӕн?

Кӕд у рӕстӕг дзурынӕн?

«Ис рӕстӕг хъусӕй лӕууынӕн ӕмӕ рӕстӕг дзурынӕн» (ЕККЛ. 3:7).

124 ЗАРӔГ Алкӕд ӕнувыд, иузӕрдион уӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Екклесиасты 3:7 стихӕй цы ис базонӕн?

МАХӔЙ иутӕ дзураг сты, иннӕтӕ та – нӕ. Ацы статьяйы сӕйраг стихӕй куыд зыны, афтӕмӕй ис рӕстӕг дзурынӕн ӕмӕ рӕстӕг хъусӕй лӕууынӕн. (Бакӕс Екклесиаст 3:7.) Фӕлӕ нӕ уӕддӕр хатт фӕфӕнды, цӕмӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй иуӕй-иутӕ дзурагдӕр уой, чидӕртӕ та къаддӕр дзурой.

2. Дзурын кӕд ӕмӕ куыд фӕхъӕуы, уый скъуыддзаг кӕныны бар кӕмӕн ис?

2 Нӕ бон дзурын кӕй у, уый у Йегъовӕйы лӕвар (Рац. 4:10, 11; Рарг. 4:11). Йӕ Ныхасы нын ӕмбарын кӕны, уыцы лӕварӕй раст куыд ис пайда кӕнӕн, уый. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм Библийӕ цалдӕр адӕймаджы цӕвиттонмӕ. Ӕмӕ уый фӕрцы хуыздӕр бамбардзыстӕм, дзурын кӕд фӕхъӕуы ӕмӕ хъусӕй лӕууын кӕд фӕхъӕуы, уый. Стӕй ма базондзыстӕм, иннӕтимӕ куыд фӕныхас кӕнӕм, уый тыххӕй Йегъовӕ цы хъуыды кӕны, уый дӕр. Уӕдӕ уал фыццаг аныхас кӕнӕм, дзурын кӕд фӕхъӕуы, ууыл.

ДЗУРЫН КӔД ФӔХЪӔУЫ?

3. Ромӕгтӕм 10:14 стихмӕ гӕсгӕ, хъусын кӕнынмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

3 Хъуамӕ алкӕддӕр цӕттӕ уӕм Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй дзурынмӕ (Матф. 24:14; бакӕс Ромӕгтӕм 10:14). Афтӕмӕй фӕзмӕм Йесо Чырыстийы. Йесо зӕхмӕ уый тыххӕй дӕр ӕрцыд, цӕмӕй адӕмӕн йӕ Фыды тыххӕй рӕстдзинад дзура (Иоан. 18:37). Фӕлӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, куыд ныхас кӕнӕм, уый дӕр ахсджиаг кӕй у. Искӕмӕн Йегъовӕйы тыххӕй куы дзурӕм, уӕд-иу хъуамӕ дзурӕм «сабырӕй ӕмӕ уӕзданӕй». Стӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, адӕймагыл кӕй хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй йӕ ма фӕхъыг кӕнӕм, кӕд мӕнг ахуырӕдтыл ӕууӕнды, уӕддӕр (1 Пет. 3:15). Уӕд ӕрмӕст дзургӕ нӕ кӕндзыстӕм, фӕлӕ йын рӕстдзинад амондзыстӕм, ӕмӕ йын, чи зоны, йӕ зӕрдӕмӕ фӕндаг ссарӕм.

4. Ӕмбисӕндты 9:9 стихмӕ гӕсгӕ, нӕ ныхӕстӕ иннӕтӕн куыд баххуыс кӕнынц?

4 Хо кӕнӕ ’фсымӕрӕн уынаффӕ раттын куы хъӕуа, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕн хъусӕй лӕууӕн нӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ ӕмбарой, уынаффӕ раттынӕн йӕхи рӕстӕг кӕй ис. Чи зоны сӕ хъӕудзӕн банхъӕлмӕ кӕсын, сӕ бон йемӕ хибарӕй аныхас кӕнын кӕд уыдзӕн, уымӕ, цӕмӕй-иу ма фефсӕрмы уа. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уынаффӕ куы фӕдӕттынц, уӕд фӕархайынц, цӕмӕй адӕймаджы ӕфхӕргӕ ма кӕной. Фӕлӕ йын уӕддӕр Библийы уагӕвӕрдтӕм йӕ хъус ӕрдарынц, цӕмӕй ӕмбаргӕйӕ архайа. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 9:9.) Цӕмӕн у ахсджиаг, цӕмӕй-иу дзурынмӕ нӕ ныфс бахӕссӕм, дзурын куы хъӕуа, уӕд? Ӕркӕсӕм, алыхуызон чи архайдта, дыууӕ ахӕм адӕймаджы цӕвиттонмӕ. Уыдонӕй иу хъуамӕ йӕ фырттӕн зонд бацамыдтаид. Иннӕйы та хъуыди, паддзах чи хъуамӕ суыдаид, уыцы нӕлгоймагӕн зӕгъын, раст уынаффӕ кӕй нӕ рахаста.

5. Кӕд-иу хистӕр сауджын Илий йӕ фырттӕн бауайдзӕф кодта, уӕддӕр афтӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ хъусӕй лӕууыд?

5 Хистӕр сауджын Илийӕн уыд дыууӕ фырты, ӕмӕ сӕ Илий тынг уарзта. Фӕлӕ йӕ фырттӕ Йегъовӕйы ницӕмӕ дардтой. Уыдон цатыры лӕггад кодтой сауджынтӕй. Фӕлӕ сӕ бартӕй раст нӕ пайда кодтой, Йегъовӕйы кувинӕгтӕ хынджылӕггаг кодтой ӕмӕ ӕнӕфсармӕй хӕтыдысты (1 Сам. 2:12–17, 22). Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ, Илийы фырттӕ уыдысты мӕлӕты аккаг. Фӕлӕ-иу сын Илий ӕрмӕст фӕлмӕнӕй бауайдзӕф кодта ӕмӕ сын бар лӕвӕрдта, цӕмӕй дарддӕр дӕр цатыры лӕггад кодтаиккой (Дык. з. 21:18–21). Цымӕ Йегъовӕ уымӕ цы цӕстӕй каст? Уый Илийӕн загъта: «Дӕ фыртты мӕнӕй уӕлдӕр цӕмӕн ӕвӕрыс?» Гъемӕ сӕ Йегъовӕ фесафынвӕнд скодта (1 Сам. 2:29, 34).

6. Илийы цӕвиттон нын зондзонӕн куыд у?

6 Илийы цӕвиттон нын зондзонӕн у. Не ’мбӕлттӕй кӕнӕ нӕ хиуӕттӕй исчи Хуыцауы закъон куы фехала, уӕд-иу хъуамӕ йемӕ аныхас кӕнӕм ӕмӕ йын Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм. Стӕй хъуамӕ, махӕй цы кӕнгӕ у, уый бакӕнӕм, цӕмӕй йын, Йегъовӕ кӕй снысан кодта, уыцы нӕлгоймӕгтӕ баххуыс кӕной (Иак. 5:14). Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй Илийы хуызӕн уӕм ӕмӕ не ’мбӕлттӕн кӕнӕ нӕ хиуӕттӕн Йегъовӕйӕ тынгдӕр кад кӕнӕм. Искӕмӕн йӕ рӕдыды тыххӕй зӕгъынӕн хъӕбатырдзинад хъӕуы, фӕлӕ уый дзӕгъӕлы нӕ фӕуыдзӕн. Ныр та ӕркӕсӕм, израилаг сылгоймаг Авигейӕйы хабар Илийы хабарӕй куыд хицӕн кӕны, уымӕ.

Дзурын хуыздӕр кӕд вӕййы, уыцы хъуыддаджы нын Авигейӕ фӕзминаг у (кӕс 7, 8 абзацтӕ) *

7. Авигейӕ Давидимӕ цӕмӕн аныхас кодта?

7 Авигейӕ уыд хъӕздыг лӕг Навалы ус. Давид ӕмӕ йӕ адӕм паддзах Саулӕй куы ӕмбӕхстысты, уӕд цасдӕр рӕстӕг уыдысты Навалы фыййӕуттимӕ ӕмӕ йын йӕ фос абырджытӕй хъахъхъӕдтой. Цымӕ сӕ Навал уый тыххӕй бузныг уыд? Нӕ. Давид дзы йӕхицӕн ӕмӕ йӕ адӕмӕн иу гыццыл хӕринаг ӕмӕ дон куы ракуырдта, уӕд Навал смӕсты ӕмӕ сын алывыдтӕ акалдта (1 Сам. 25:5–8, 10–12, 14). Гъемӕ Давид сфӕнд кодта Навалы ӕмӕ, йӕ хӕдзары нӕлгоймаджы мыггагӕй чидӕриддӕр уыд, уыдоны амарын (1 Сам. 25:13, 22). Цы уыд саразӕн, цӕмӕй ахӕм бӕллӕх ма ’рцыдаид? Авигейӕ бамбӕрста, уый кӕй у рӕстӕг дзурынӕн. Гъемӕ ныфсджынӕй ацыд 400 ӕххормаг ӕмӕ мӕсты хӕстон лӕджы размӕ, цӕмӕй Давидимӕ аныхас кодтаид.

8. Авигейӕйы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

8 Авигейӕ Давидимӕ куыд ныхас кодта, уымӕй равдыста хъӕбатырдзинад, стӕй бӕрӕг уыд, кӕй йын кад кӕны. Давидӕн ахӕм ныхӕстӕ загъта, ӕмӕ йӕм уый байхъуыста. Кӕд Авигейӕ аххосджын ницӕмӕй уыд, уӕддӕр Давидӕй хатыр ракуырдта. Уымӕй уӕлдай ма йын бамбарын кодта, хорз адӕймагыл ӕй кӕй нымайы. Авигейӕ йӕ ныфс Йегъовӕйыл дардта (1 Сам. 25:24, 26, 28, 33, 34). Мах дӕр фӕхъӕуы Авигейӕйау хъӕбатырдзинад равдисын, цӕмӕй-иу, тӕригъӕд саразынӕй тӕссаг кӕмӕн у, уыцы адӕймагимӕ аныхас кӕнӕм (Пс. 141:5). Кӕй зӕгъын йӕ хъӕуы, ӕфхӕргӕ йӕ нӕ кӕндзыстӕм, фӕлӕ уӕддӕр йемӕ ӕргом аныхас кӕндзыстӕм. Искӕмӕн дӕ уынаффӕ раттын куы хъӕуа ӕмӕ йын ӕй фӕлмӕнӕй куы раттай, уӕд равдисдзынӕ, ӕцӕг ӕмбал ын кӕй дӕ (Ӕмб. 27:17).

9, 10. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уынаффӕ дӕтгӕйӕ сӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарой?

9 Уӕлдай ахсджиаг у, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъӕбатыр уой ӕмӕ-иу аныхас кӕной, рӕдыд къахдзӕф чи сарӕзта, уыцы адӕймагимӕ (Гал. 6:1). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сты сӕрныллӕг ӕмӕ йӕ ӕмбарынц, сӕхӕдӕг дӕр ӕнӕххӕст кӕй сты, ӕмӕ, чи зоны, уыдонӕн дӕр иу бон бахъӕуа уынаффӕ раттын. Фӕлӕ уый тыххӕй афтӕ нӕ фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ сӕ бон нӕу, куы хъӕуа, уӕд иннӕтӕн зонд бацамонын (2 Тим. 4:2; Тит. 1:9). Хойӕн кӕнӕ ’фсымӕрӕн уынаффӕ куы фӕдӕттынц, уӕд фӕархайынц, цӕмӕй йемӕ фӕразонӕй ныхас кӕной ӕмӕ сӕ ныхӕстӕ йӕ зӕрдӕмӕ хъарой. Уыдон уарзынц уыцы адӕймаджы, ӕмӕ йын уынаффӕ уый тыххӕй дӕттынц (Ӕмб. 13:24). Фӕлӕ сӕ сӕйраджыдӕр фӕнды Йегъовӕйӕн кад кӕнын. Уый та фӕаразынц, йӕ закъӕттӕ ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы фӕархайынц, уӕд. Стӕй ӕмбырд фӕхъахъхъӕнынц, цӕмӕй йын зиан мацы ’рхӕсса (Хъуыд. 20:28).

10 Мах аныхас кодтам, дзурын кӕд фӕхъӕуы, уыцы уавӕртыл. Фӕлӕ кӕцыдӕр уавӕрты та хуыздӕр вӕййы хъусӕй лӕууын. Ӕмӕ ныр та уыдоныл аныхас кӕндзыстӕм.

ХЪУСӔЙ ЛӔУУЫН КӔД ФӔХЪӔУЫ?

11. Иаков цавӕр цӕвиттон ӕрхаста ӕмӕ хорз цӕвиттон цӕмӕн у?

11 Хатт нын не ’взаджы рохтыл хӕцын зын вӕййы. Библийы фысджытӕй иу, Иаков, уый хорз цӕвиттонӕй бамбарын кодта: «Ныхасӕй чи нӕ рӕдийы, уый та у алцӕмӕй ӕххӕст адӕймаг ӕмӕ йӕ бон у йӕ буары ӕппӕт уӕнгты рохтыл дӕр хӕцын. Цӕмӕй бӕхтӕ нӕ коммӕ кӕсой, уый тыххӕй сын сӕ дзыхы бакӕнӕм идоны къӕбӕлтӕ, ӕмӕ уӕд нӕ бар фӕцӕуы сӕ буарыл ӕгасӕй дӕр» (Иак. 3:2, 3). Барӕг бӕхы рохтыл куы фӕхӕцы, уӕд бӕх йӕ коммӕ фӕкӕсы ӕмӕ йӕ йӕ бон вӕййы бауромын дӕр. Фӕлӕ рохтӕ куы суадза, уӕд ӕй бӕх ахӕсдзӕн, ӕмӕ, гӕнӕн ис, йӕхи дӕр ӕмӕ барӕджы дӕр ныппырх кӕна. Афтӕ мах дӕр не ’взаджы рохтыл куы нӕ хӕцӕм, уӕд уый хорзӕй ницӕмӕ ’ркӕндзӕн. Ӕркӕсӕм, не ’взаджы рохтыл хӕцын ӕмӕ нӕ хъусӕй лӕууын кӕд фӕхъӕуы, уымӕ.

12. Кӕд вӕййы рӕстӕг не ’взаджы рохтыл хӕцынӕн ӕмӕ хъусӕй лӕууынӕн?

12 Хо кӕнӕ ’фсымӕр, иннӕтӕн дзурӕн цы нӕй, ахӕм исты куы фӕзоны, уӕд йемӕ дӕхи куыд фӕдарыс? Зӕгъӕм, нӕ хъуыддаг ӕхгӕд кӕм у, ахӕм бӕстӕйӕ искӕуыл куы фембӕлыс, уӕд ӕй хынцфарст фӕкӕныс, сӕ бӕстӕйы нӕ хъуыддаг куыд цӕуы, уымӕй? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕ зӕрды ӕвзӕрӕй ницы вӕййы. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уарзыс, ӕмӕ дӕ фӕфӕнды базонын, куыд сты, уый. Ӕмӕ ма дӕ фӕфӕнды, цӕмӕй, уыдоны тыххӕй куы кувай, уӕд бӕлвырд хъуыддӕгты тыххӕй кувай. Фӕлӕ уӕддӕр уый вӕййы рӕстӕг ӕвзаджы рохтыл хӕцынӕн ӕмӕ хъусӕй лӕууынӕн. Зоныны бар нын цӕмӕн нӕй, уый искӕмӕн тыххӕй куы дзурын кӕнӕм, уӕд нӕ уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзӕм – нӕдӕр, кӕмӕн ӕй дзурын кӕнӕм, уый, нӕдӕр, уыцы бӕстӕйы чи цӕры, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты, уымӕн ӕмӕ уыдоны ныфс вӕййы, кӕй никӕмӕн ницы радзурдзӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах нӕ фӕнды, цӕмӕй уыцы бӕстӕты цӕрӕг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн мах тыххӕй сӕ уавӕр фӕуӕззаудӕр уа. Уӕдӕ, ахӕм бӕстӕйы чи лӕггад кӕны, уыдон сӕхӕдӕг дӕр никӕмӕн дзурдзысты, куыд хъусын кӕнынц ӕмӕ ӕмбырдтӕ куыд фӕуадзынц, уый тыххӕй кӕнӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгты тыххӕй.

13. Ӕмбисӕндты 11:13 стихмӕ гӕсгӕ, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы хъуамӕ аразой ӕмӕ цӕмӕн?

13 Уӕлдайдӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ архайой Ӕмбисӕндты 11:13 стихмӕ гӕсгӕ ӕмӕ иннӕтӕн ма дзурой, зоныны бар сын цӕмӕн нӕй, уыдӕттӕ. (Бакӕс ӕй.) Уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы, уӕлдайдӕр та хистӕр нӕлгоймагӕн бинойнаг куы уа, уӕд. Лӕг ӕмӕ ус ӕнгом вӕййынц, арӕх зӕрдӕйӕ зӕрдӕмӕ кӕй фӕныхас кӕнынц ӕмӕ, цы хъуыды кӕнынц ӕмӕ сӕ цы тыхсын кӕны, уыдӕттӕ кӕрӕдзийӕн кӕй фӕдзурынц, уый фӕрцы. Фӕлӕ хистӕр нӕлгоймаг ӕмбары, хо кӕнӕ ’фсымӕры «сусӕг ныхас» йӕ бинойнагӕн кӕй хъуамӕ ма дзура. Афтӕ куы кӕна, уӕд ыл ничиуал ӕууӕнддзӕн ӕмӕ йын ӕмбырды хорз ном нал уыдзӕн. Бӕрнон ӕфсымӕртӕ хъуамӕ «дывзагон» ма уой (1 Тим. 3:8). Хъуамӕ сайгӕ ма кӕной кӕнӕ макӕй кой кӕной. Кӕд хистӕр нӕлгоймаг йӕ бинойнаджы уарзы, уӕд ын нӕ дзурдзӕн, зонын ӕй цы нӕ хъӕуы, уыдӕттӕ.

14. Хистӕр нӕлгоймагӕн йӕ бинойнаг куыд ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын ӕмбырды дарддӕр дӕр хорз ном уа?

14 Ус йӕ лӕджы куы нӕ къаха ӕмӕ йын зоныны бар цӕмӕн нӕй, уый йын куы нӕ дзурын кӕна, уӕд афтӕмӕй йӕ лӕгӕн ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын ӕмбырды дарддӕр дӕр хорз ном уа. Фӕлӕ ма афтӕмӕй равдисдзӕн, йӕ лӕгӕн йӕ сусӕг ныхас чи ракӕны, уыдонӕн кӕй аргъ кӕны. Ӕппӕты ахсджиагдӕр та у, Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй рухс кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ ӕххуыс кӕндзӕн ӕмбырды фарн ӕмӕ иудзинад хъахъхъӕнынӕн (Ром. 14:19).

ЦЫ ДЗУРӔМ, УЫМӔ ЙЕГЪОВӔ ЦЫ ЦӔСТӔЙ КӔСЫ?

15. Йегъовӕ Иовы ӕртӕ ӕмбалы тыххӕй цы хъуыды кодта ӕмӕ цӕмӕн?

15 Дзурын куыд ӕмӕ кӕд фӕхъӕуы, уый хуыздӕр бамбарӕн ис, Иовы чиныг кӕсгӕйӕ. Иовыл иу бӕллӕх иннӕйы фӕдыл куы ’рцыд, уӕд ӕм цыппар адӕймаджы ӕрбацыдысты, цӕмӕй йын ныфсытӕ бавӕрдтаиккой. Хъусӕй бирӕ рӕстӕг фӕлӕууыдысты. Фӕлӕ дзы фӕстӕдӕр ӕртӕйӕ – Елифаз, Вилдад ӕмӕ Софар – цы дзырдтой, уымӕй бӕрӕг у, Иовӕн куыд баххуыс кӕной, ууыл кӕй нӕ хъуыды кодтой. Уыдонмӕ афтӕ каст, ӕмӕ Иов Хуыцауы раз цӕмӕйдӕр фӕрӕдыд, ӕмӕ хъуыды кодтой, уый куыд сбӕлвырд кӕной, ууыл. Сӕ ныхӕстӕй кӕцыдӕртӕ раст уыдысты. Фӕлӕ, Иовы тыххӕй ӕмӕ Йегъовӕйы тыххӕй цы дзырдтой, уыдӕттӕн сӕ фылдӕр мӕнг ныхӕстӕ уыдысты. Стӕй сӕ ныхӕстӕ уарзондзинадыл дзурӕг дӕр нӕ уыдысты (Иов 32:1–3). Уыдон Иовы карз уайдзӕфты бын фӕкодтой. Йегъовӕ уымӕ цы цӕстӕй ракаст? Уыцы ӕртӕ адӕймагмӕ йӕ маст ссыгъд. Йегъовӕ сӕ схуыдта ӕнӕзӕндтӕ. Стӕй сӕ Иовмӕ арвыста, ацӕут ӕмӕ Иовӕн зӕгъут, цӕмӕй сымах тыххӕй скува, зӕгъгӕ (Иов 42:7–9).

16. Елифаз, Вилдад ӕмӕ нын Софары хабар зондзонӕн куыд у?

16 Елифаз, Вилдад ӕмӕ нын Софары хабар зондзонӕн куыд у? Фыццаг: хъуамӕ не ’фсымӕртӕм фаутӕ ма хӕссӕм (Матф. 7:1–5). Цалынмӕ-иу сын исты зӕгъӕм, уӕдмӕ уал-иу сӕм хъуамӕ лӕмбынӕг байхъусӕм. Ӕрмӕстдӕр сӕ уӕд бамбардзыстӕм (1 Пет. 3:8). Дыккаг: нӕ ныхӕстӕ хъуамӕ уой уарзондзинадыл дзурӕг ӕмӕ хъуамӕ, ӕцӕг цы у, уый дзурӕм (Еф. 4:25). Ӕмӕ ӕртыккаг: кӕрӕдзийӕн цы дзурӕм, уымӕ Йегъовӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы.

17. Елиуйы цӕвиттон нын цӕуыл дзурӕг у?

17 Иовмӕ чи ’рбацыд, уыдонӕй цыппӕрӕм уыд Елиуй, Авраамы хӕстӕг. Иов ӕмӕ иннӕ ӕртӕ нӕлгоймаджы куы дзырдтой, уӕд сӕм Елиуй хъуыста. Ӕвӕццӕгӕн сӕм лӕмбынӕг хъуыста. Уый уымӕй бӕрӕг у, ӕмӕ йӕ бон уыд Иовӕн фӕлмӕнӕй бӕлвырд уынаффӕ раттын. Уый Иовӕн баххуыс кодта йӕ зондахаст сраст кӕнынӕн (Иов 33:1, 6, 17). Елиуйӕн сӕйраг уыд йӕхи кӕнӕ ӕндӕр искӕй нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйы сбӕрзонд кӕнын (Иов 32:21, 22; 37:23, 24). Йӕ цӕвиттон нын ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ис рӕстӕг хъусӕй лӕууынӕн ӕмӕ хъусынӕн (Иак. 1:19). Стӕй ма, искӕмӕн уынаффӕ куы фӕдӕттӕм, уӕд нын ӕппӕты сӕйраг хъуамӕ уа нӕхи нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйы скадджын кӕнын.

18. Нӕ бон куыд у равдисын, Хуыцауы лӕварӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый?

18 Уӕдӕ дзурын кӕд ӕмӕ куыд хъӕуы, уый фӕдыл Библийы ис хорз уынаффӕтӕ. Ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, нӕ бон дзурын кӕй у, уыцы лӕварӕн кӕй аргъ кӕнӕм. Зондджын паддзах Соломон ныффыста: «Сызгъӕрин фӕткъуытӕ ӕвзист нывӕфтыд къусты мидӕг куыд фидауынц, афтӕ фидауы, йӕ афоныл кӕй зӕгъай, ахӕм ныхас» (Ӕмб. 25:11). Иннӕтӕ цы дзурынц, уымӕ-иу лӕмбынӕг куы хъусӕм ӕмӕ-иу исты зӕгъыны размӕ куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ ныхӕстӕ уыдзысты сызгъӕрин фӕткъуыты хуызӕн рӕсугъд ӕмӕ сын уыдзӕн аргъ. Ӕмӕ уӕд нӕ ныхӕстӕй иннӕты фидар кӕндзыстӕм, бирӕ цыдӕртӕ сын зӕгъӕм ӕви нӕ, уӕддӕр, ӕмӕ нӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ дӕр рухс кӕндзӕн (Ӕмб. 23:15; Еф. 4:29). Уымӕй хуыздӕр ма нӕ бон куыд у равдисын, уыцы лӕвары тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм, уый!

82 ЗАРӔГ «Уӕ рухс кӕлӕд»

^ 5 абз. Хуыцауы Ныхасы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдоны фӕрцы нӕ бон вӕййы бамбарын, дзурын кӕд фӕхъӕуы ӕмӕ хъусӕй лӕууын кӕд фӕхъӕуы, уый. Уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд-иу нӕ ныхӕстӕ Йегъовӕйӕн ӕхсызгон уыдзысты.

^ 62 абз. НЫВ. Иу хо иннӕ хойӕн хорз уынаффӕ дӕтты.

^ 64 абз. НЫВ. Ӕфсымӕр иннӕ ӕфсымӕрӕн ӕмбарын кӕны, йӕ бон куыд у сыгъдӕгдзинадмӕ йӕ хъус тынгдӕр дарын.

^ 66 абз. НЫВ. Авигейӕ Давидимӕ йӕ афоныл аныхас кодта, ӕмӕ хъуыддаг дзӕбӕхӕй ахицӕн.

^ 68 абз. НЫВ. Нӕ хъуыддаг ӕхгӕд кӕм у, уыцы бӕстӕйӕ иу лӕг ӕмӕ ус иннӕтӕн, нӕ хъуыддаг сӕ бӕстӕйы куыд цӕуы, уый тыххӕй бӕлвырд хабӕрттӕ нӕ дзурынц.

^ 70 абз. НЫВ. Хистӕр нӕлгоймаг телефонӕй ныхас кӕны, ӕмбырдимӕ баст чи у ӕмӕ иннӕтӕн дзурӕн кӕй нӕй, ахӕм хъуыддагыл, ӕмӕ бацархайдта, цӕмӕй йӕ мачи фехъуса.