Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

48 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Кӕс «размӕ» – фидӕнмӕ!

Кӕс «размӕ» – фидӕнмӕ!

«Дӕ цӕстытӕ кӕсӕнт размӕ, дӕ цӕстӕнгас комкоммӕ дӕ фӕндагмӕ сараз» (ӔМБ. 4:25).

77 ЗАРӔГ Рухс талынг дунейы

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. Нӕ бон куыд у, Ӕмбисӕндты 4:25 стихы цы уынаффӕ ис, уымӕ гӕсгӕ архайын? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

АХЪУЫДЫ кӕнӕм ӕртӕ цӕвиттоныл. Ацӕргӕ хо хъуыды кӕны, йӕ царды хорзӕй цы уыд, уыдӕттыл. Ӕмӕ йыл кӕд ныр цард йӕ уӕз ӕруагъта, уӕддӕр Йегъовӕйы хъуыддаджы, йӕ бон цы у, уый аразы (1 Кор. 15:58). Алы бон дӕр йӕ цӕстытыл ауайын кӕны, ног дунейы йӕ бинонтимӕ ӕмӕ йе ’мбӕлттимӕ куыд цӕрдзӕн, уый. Иу хойы та йе ’мбырдӕй чидӕр фӕхъыг кодта. Ӕмӕ дзы кӕд уыцы хабар рох нӕу, уӕддӕр йӕхицӕн загъта, йӕ зӕрдӕйы йӕм маст кӕй нӕ хӕсдзӕн (Кол. 3:13). Ӕфсымӕрӕй йӕ раздӕры рӕдыдтытӕ рох не сты. Фӕлӕ уый аскъуыддзаг кодта, дарддӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй уыдзӕн (Пс. 51:10).

2 Ацы ӕртӕ чырыстоны ӕмхуызон цӕмӕй сты? Сӕ царды цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдон сӕ рох не сты, фӕлӕ сыл ӕдзух нӕ хъуыды кӕнынц. Уыдон кӕсынц «размӕ» – фидӕнмӕ. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 4:25.)

3. Цӕмӕн хъуамӕ кӕсӕм «размӕ», фидӕнмӕ?

3 Ахсджиаг цӕмӕн у «размӕ», фидӕнмӕ, кӕсын? Адӕймаг фӕстӕмӕ фӕкӕс-фӕкӕсгӕнгӕ куы цӕуа, уӕд йӕ бон нӕ уыдзӕн йӕ фӕндагыл раст цӕуын. Раст афтӕ мах дӕр ӕдзух, раздӕр цы уыд, уыдӕттыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ бон нӕ уыдзӕн Йегъовӕйӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кӕнын (Лук. 9:62).

4. Ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

4 Ацы статьяйы дзырд цӕудзӕн, фидӕнмӕ кӕсын нӕ чи хъыгдардзӕн, ӕртӕ ахӕм къӕппӕгыл. Уыдон сты: 1) раздӕры цард ӕдзух куы мысӕм; 2) нӕ зӕрдӕйы искӕмӕ маст куы хӕссӕм ӕмӕ 3) нӕ раздӕры рӕдыдтыты тыххӕй нӕхи ӕгӕр куы хӕрӕм. Стӕй ма ӕркӕсдзыстӕм, Библийы уагӕвӕрдтӕ нын куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй, «фӕстейӕ цы баззад», уыдӕттыл ӕдзух ма хъуыды кӕнӕм, фӕлӕ нӕ хъарутӕ саразӕм, «разӕй цы ис, уымӕ» (Фил. 3:13).

РАЗДӔРЫ ЦАРД ӔДЗУХ КУЫ МЫСӔМ

Цы нӕ хъыгдардзӕн «размӕ», фидӕнмӕ, кӕсын? (кӕс 5, 9, 13 абзацтӕ) *

5. Екклесиаст 7:10 стих нӕ цӕмӕй фӕдзӕхсы?

5 Бакӕс Екклесиаст 7:10. Паддзах Соломоны афтӕ зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ раздӕры цардыл хъуыды кӕнӕн ӕппындӕр нӕй. Йӕ ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ, ныр куыд цӕрӕм, уый нӕ раздӕры цардимӕ куы барӕм, уӕд уый зондыл дзурӕг нӕ уыдзӕн. Йегъовӕ нӕ цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын кодта, уыдон куы ’рхъуыды кӕнӕм, уӕд нын тынг ӕхсызгон вӕййы. Фӕлӕ афтӕ хъуыды кӕнын куы райдайӕм, раздӕр алцыдӕр хорз уыд, ныр та мӕ царды хорзӕй ницыуал ис, зӕгъгӕ, уӕд нын уый суыдзӕн къӕппӕг.

Израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уӕд цавӕр къӕппӕджы бахаудысты? (кӕс 6 абзац)

6. Раст цӕуылнӕ у хъуыды кӕнын, раздӕр мӕ цард хуыздӕр уыди, зӕгъгӕ? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

6 Раст цӕуылнӕ у хъуыды кӕнын, раздӕр мӕ цард хуыздӕр уыди, зӕгъгӕ? Адӕймаг йӕ раздӕры цард ӕдзух куы фӕмысы, уӕд йӕ зӕрдыл ӕрлӕууынц, йӕ царды хорзӕй цы уыд, ӕрмӕстдӕр уыдӕттӕ. Фӕлӕ, зындзинӕдтӕ дӕр кӕй ӕвзӕрста, уый та дзы айрох вӕййы. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм рагон израилӕгты. Египетӕй куы рацыдысты, уӕд сӕ уайтагъд ферох, цы фыдцӕрдтытӕ дзы кодтой, уый. Ӕрмӕст хорз хӕринӕгты кой кодтой. Уыдон дзырдтой: «Египеты лӕвар хордтам кӕсаг, хордтам дзы джитъритӕ, харбызтӕ, хъӕдындзтӕ, нурытӕ!» (Ным. 11:5). Фӕлӕ ӕцӕгдӕр уыцы хӕринӕгтӕ «лӕвар» хордтой? Уыдон Египеты уыдысты цагъартӕ, ӕмӕ сын уым тыхкуыст кӕнын кодтой ӕмӕ сӕ ӕфхӕрдтой (Рац. 1:13, 14; 3:6–9). Фӕлӕ сӕ фӕстӕдӕр сӕ зындзинӕдтӕ ферох сты ӕмӕ сӕ раздӕры цард мысыдысты. Йегъовӕ сын хорзӕй цы сарӕзта, уыдӕттыл нӕ хъуыды кодтой, фӕлӕ хъуыды кодтой, раздӕр куыд хорз уыди, зӕгъгӕ. Сӕ цардмӕ ахӕм цӕстӕй кӕй кастысты, уый Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ цыд (Ным. 11:10).

7. Иу хойӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ раздӕры цард ма мысыдаид?

7 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй раздӕры цард ма мысӕм? Иу хо 1945 азы райдыдта Бруклины Вефилы лӕггад кӕнын. Цалдӕр азы фӕстӕ смой кодта. Кӕмӕ смой кодта, уыцы ’фсымӕр дӕр Вефилы лӕггад кодта. Ӕмӕ иумӕ уым бирӕ фӕлӕггад кодтой. Фӕлӕ 1976 азы йӕ сӕрыхицау фӕрынчын. Уыцы хо радзырдта, куы, дам, ӕй бамбӕрста, бирӕ кӕй нал ахӕсдзӕн, уӕд, дам, мын радта, уыцы маст сфӕразынӕн мын чи баххуыс кодтаид, ахӕм уынаффӕтӕ. Афтӕ йын загъта: «Мах демӕ тынг амондджынӕй фӕцардыстӕм. Афтӕ бирӕ къайтӕ нӕ фӕцардысты». Стӕй ма йын загъта: «Нӕ царды хорзӕй цы уыд, уыдӕттӕ дӕ нӕ ферох уыдзысты. Фӕлӕ-иу ӕдзух уыцы рӕстӕджытыл ма хъуыды кӕн. Рӕстӕг хъӕдгӕмттӕ дзӕбӕхгӕнӕг у. Мӕсты-иу ма кӕн ӕмӕ-иу дӕхицӕн ма тӕригъӕдтӕ кӕн. Дӕ царды ахӕм амондджын рӕстӕджытӕ кӕй уыд ӕмӕ ахӕм арфӕдзинӕдтӕй кӕй схайджын дӕ, уый дын цины хос уӕд. [...] Дӕ царды хорзӕй цы уыд, уыдӕттӕ-иу уый фӕстӕ ӕхсызгонӕй ӕрхъуыды кӕндзынӕ, ӕмӕ уый у Хуыцауы лӕвар». Уыдон ӕцӕгдӕр тынг хорз уынаффӕтӕ уыдысты.

8. Иу хо ӕдзух йӕ раздӕры цардыл кӕй нӕ хъуыды кодта, уый йын куыд баххуыс кодта?

8 Уыцы хо йӕ сӕрыхицауы ныхӕстӕ йӕ зӕрдыл бадардта. Уый Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй фӕлӕггад кодта суанг йӕ мӕлӕты онг дӕр (амард, 92 азы йыл куы цыди, уӕд). Уымӕй цалдӕр азы размӕ уыцы хо афтӕ загъта: «Йегъовӕйӕн ӕххӕстрӕстӕг фӕлӕггад кодтон 63 азӕй фылдӕр, ӕмӕ мӕ бон у зӕгъын, ӕцӕгдӕр тынг амондджын кӕй дӕн». Цымӕ афтӕ цӕмӕн загъта? Уый бамбарын кодта: «Ӕцӕг амондджын уымӕн стӕм, ӕмӕ нын ис диссаджы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ, стӕй нын ис ныфс, семӕ зӕххыл дзӕнӕты кӕй цӕрдзыстӕм ӕмӕ не Сфӕлдисӕгӕн, иунӕг стыр Хуыцау Йегъовӕйӕн, ӕнустӕм кӕй лӕггад кӕндзыстӕм» *. Уыцы хо касти «размӕ», фидӕнмӕ, ӕмӕ нын уымӕй у фӕзминаг.

НӔ ЗӔРДӔЙЫ ИСКӔМӔ МАСТ КУЫ ХӔССӔМ

9. Левит 19:18 стихмӕ гӕсгӕ нын уӕлдай зын кӕд вӕййы ныххатыр кӕнын?

9 Бакӕс Левит 19:18. Не ’мчырыстӕттӕй, нӕ бинонтӕй кӕнӕ нӕ не ’мбӕлттӕй исчи куы фӕхъыг кӕны, уӕд нын хатт зын вӕййы ныххатыр кӕнын. Иу хо иннӕйы фӕаххосджын кодта, зӕгъгӕ, дам, мын ме ’хцатӕ адавтай. Фӕстӕдӕр базыдта, дзӕгъӕлы йӕ кӕй фӕаххосджын кодта, ӕмӕ дзы хатыр ракуырдта. Фӕлӕ, кӕй фӕаххосджын кодта, уыцы хойӕн уӕддӕр зын уыд уыцы хабар ферох кӕнын. Чи зоны, дӕу дӕр кӕддӕр чидӕр фӕхъыг кодта. Ӕмӕ дыл кӕд, уыцы хойыл цы хабар ӕрцыд, ахӕм хабар не ’рцыд, уӕддӕр дӕм, чи зоны, афтӕ каст, ӕмӕ дӕ чи фӕхъыг кодта, уымӕн никуы ныххатыр кӕндзынӕ.

10. Искӕмӕ нӕ зӕрдӕйы маст куы хӕссӕм, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн?

10 Искӕмӕ нӕ зӕрдӕйы маст куы хӕссӕм, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн? Фыццаджыдӕр хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йегъовӕ алцыдӕр кӕй уыны. Уый фӕзоны, цыдӕриддӕр бавзарӕм, уый. Ӕмӕ нӕ исчи дзӕгъӕлы куы бафхӕры, уӕд уый дӕр фӕзоны (Дзут. 4:13). Йегъовӕйӕн зын вӕййы, махӕн нӕ зӕрдӕ истӕуыл куы фӕриссы, уӕд (Ис. 63:9). Ӕмӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, цы маст бавзӕрстам, уымӕй фӕд дӕр кӕй нал баззайдзӕн (Рарг. 21:3, 4).

11. Адӕймагӕн куы ныххатыр кӕнӕм, уӕд уый нӕхицӕн дӕр пайда куыд вӕййы?

11 Стӕй нӕ хъуамӕ рох ма уа, адӕймагӕн куы ныххатыр кӕнӕм, уӕд уый нӕхицӕн дӕр пайда кӕй хӕссы. Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы хо дӕр уый бамбӕрста. Ӕппынфӕстаг йӕ бон сси, чи йӕ фӕаххосджын кодта, уыцы хойӕн ныххатыр кӕнын. Уый бамбӕрста, ӕмӕ мах иннӕтӕн куы хатыр кӕнӕм, уӕд нын Йегъовӕ дӕр хатыр кӕндзӕн (Матф. 6:14). Хойӕн кӕй ныххатыр кодта, уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ, цы сарӕзта, уый ӕвзӕрыл нал нымадта. Фӕлӕ йӕхицӕн загъта, йӕ зӕрдӕйы йӕм маст кӕй нал хӕсдзӕн. Уый фӕрцы йын тынг фенцон ӕмӕ та йӕ тыхтӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ сарӕзта.

НӔ РӔДЫДТЫТЫ ТЫХХӔЙ НӔХИ ӔГӔР КУЫ ХӔРӔМ

12. 1 Иоанны 3:19, 20 стихтӕй цы ис базонӕн?

12 Бакӕс 1 Иоанны 3:19, 20. Алчидӕр нӕ хатт цӕйдӕр тыххӕй йӕхи фӕхӕры. Иуӕй-иутӕн сӕ зӕрдӕ сӕхиуыл фӕхуды, цалынмӕ рӕстдзинад нӕ базыдтой, уӕдмӕ цы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ арӕзтой, уыдоны тыххӕй, иннӕтӕн та, донаргъуыды фӕстӕ кӕй сарӕзтой, уыцы рӕдыдтыты тыххӕй (Ром. 3:23). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах фӕфӕнды, раст цы у, уый аразын. Фӕлӕ «не ’ппӕт дӕр арӕх рӕдийӕм» (Иак. 3:2; Ром. 7:21–23). Нӕ цӕсгом нӕ истӕй тыххӕй куы фӕхӕры, уӕд нын уый ӕхсызгон нӕ вӕййы. Фӕлӕ нын уый пайда дӕр ӕрхӕссы. Нӕ рӕдыды тыххӕй нӕ зӕрдӕ нӕхиуыл куы фӕхуды, уӕд нӕ бафӕнды, цы хъӕуы, уый аивын, ӕмӕ нӕхицӕн фидарӕй фӕзӕгъӕм, ахӕм рӕдыд кӕй никуыуал ӕруадздзыстӕм (Дзут. 12:12, 13).

13. Нӕхи ӕдзух фӕсмонӕй хӕрӕм, уый тӕссаг цӕмӕй у?

13 Кӕд нӕ рӕдыдыл ӕрфӕсмон кодтам, ӕмӕ Йегъовӕ равдыста, кӕй нын ныххатыр кодта, уӕд хъуамӕ нӕхи фӕсмонӕй мауал хӕрӕм. Уый хорзӕй ницӕмӕ ӕркӕндзӕн (Пс. 31:10; 38:3, 4). Иу хо йӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй йӕхи ӕдзух хордта. Ӕмӕ афтӕ загъта: «Хъуыды кодтон, зӕгъын, Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй куы лӕггад кӕнон, уӕддӕр ма уый цы пайда у». Махӕй дӕр бирӕтӕм хатт ахӕм хъуыдытӕ фӕзыны. Фӕлӕ, нӕхи ӕдзух фӕсмонӕй хӕрӕм, уый тӕссаг у. Уӕд афтӕ рауайдзӕн, ӕмӕ ныл кӕд Йегъовӕ йӕ къух нӕ ауыгъта, уӕддӕр мах нӕхиуыл нӕ къух ауыгътам. Ӕмӕ ма Хӕйрӕджы дӕр ӕндӕр цы хъӕуы. (Абар 2 Коринфӕгтӕм 2:5–7, 11.)

14. Нӕ бон куыд у бамбарын, Йегъовӕ ныл йӕ къух кӕй нӕ ауыгъта, уый?

14 Фӕлӕ, чи зоны, хъуыды кӕныс: «Йегъовӕ мыл йӕ къух кӕй нӕ ауыгъта, уый мӕ бон куыд у бамбарын?» Ӕмӕ, ахӕм фарстайыл кӕй хъуыды кӕныс, уый дӕр цӕуылдӕр дзурӕг у. 1954 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд: «Цалынмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын нӕ райдыдтам, уӕдмӕ, чи зоны, цавӕрдӕр ӕвзӕр хъуыддагыл фӕцахуыр стӕм. Ӕмӕ нӕхӕдӕг дӕр ӕнхъӕл нӕ уыдыстӕм, уыцы ахуырӕй фервӕзын афтӕ зын кӕй уыдзӕн. Гӕнӕн ис, ӕмӕ та ногӕй фӕкӕлӕм ӕмӕ фӕрӕдийӕм. [...] Дӕ ныфс ма асӕттӕд. Афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ сарӕзтай, ныххатыр кӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм тӕригъӕд. Хӕйрӕджы дӕр уый фӕндид. Уыцы рӕдыд куы ’руадзыс, уӕд кӕй фӕмаст кӕныс ӕмӕ дӕ зӕрдӕ дӕхиуыл кӕй фӕхуды, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕфт адӕймаг нӕ дӕ. Хуыцауӕн дарддӕр дӕр сӕрныллӕгӕй лӕгъстӕ кӕн, цӕмӕй дын ныххатыр кӕна, дӕ цӕсгом дын ссыгъдӕг кӕна ӕмӕ дын баххуыс кӕна, цӕмӕй уыцы рӕдыд мауал ӕруадзай. Сывӕллон йӕ фыдмӕ ӕххуысмӕ куыд фӕцӕйлидзы, афтӕ ды дӕр Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур, уыцы иу рӕдыд бирӕ хӕттыты куы ’руадзай, уӕддӕр, ӕмӕ дын Йегъовӕ йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ баххуыс кӕндзӕн».

15, 16. Адӕймаг куы бамбары, Йегъовӕ йыл йӕ къух кӕй нӕ ауыгъта, уӕд ын уый куыд баххуыс кӕны? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

15 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ бамбӕрстой, Йегъовӕ сыл йӕ къух кӕй нӕ ауыгъта. Ӕмӕ сын уый удӕнцой ӕрхаста. Цалдӕр азы размӕ рубрикӕйы «Библи ивы адӕймаджы цард» уыди иу хойы хабар. Хо радзырдта, йӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй йӕ кӕй нӕ уырныдта, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ уарзы. Донаргъуыды фӕстӕ дӕр ма бирӕ азты дӕргъы тох кодта уыцы хъуыдытимӕ. Фӕлӕ Чырыстийы нывондыл арфдӕр хъуыды кӕнын куы райдыдта, уӕд ӕй бамбӕрста, Йегъовӕ йӕ ӕцӕгдӕр кӕй уарзы *.

16 Уыцы хойы хабар иу ӕфсымӕры ныфс бауагъта. Уый ныффыста: «Ӕрыгонӕй порнографимӕ кӕсыныл фӕцахуыр дӕн, ӕмӕ тох кодтон, цӕмӕй уыцы ахуырӕй фервӕзтаин. Фӕлӕ та ӕрӕджы мӕхиуыл нӕ фӕхӕцыдтӕн, ӕмӕ порнографимӕ бакастӕн. Ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕм бацыдтӕн, ӕмӕ мын уыдон тынг баххуыс кодтой. Загътой мын, Хуыцау фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у ӕмӕ мӕ кӕй уарзы. Фӕлӕ уӕддӕр иуӕй-иу хатт мӕхимӕ бынтон ницӕйаг фӕкӕсын. Афтӕ мӕм фӕкӕсы, цыма уымӕн гӕнӕн нӕй, ӕмӕ мӕ Йегъовӕ уарза. [Уыцы хойы] хабар мын тынг баххуыс кодта. Ныр ӕй бамбӕрстон, афтӕ-иу куы хъуыды кодтон, ӕмӕ мын Хуыцау никуы ныххатыр кӕндзӕн, уӕд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ-иу афтӕ дзырдтон, йӕ Фырты нывондӕн уыйас тых нӕй, цӕмӕй мӕ мӕ тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕна, зӕгъгӕ. Уыцы биографи журналӕй ралыг кодтон, цӕмӕй-иу мӕм афтӕ куы кӕса, ӕмӕ Хуыцауы уарзты аккаг нӕ дӕн, уӕд-иу ӕй ногӕй бакӕсон ӕмӕ-иу ыл ахъуыды кӕнон».

17. Апостол Павелӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй йӕхи ма хордтаид?

17 Ахӕм хабӕрттӕ кӕсгӕйӕ ӕрхъуыды кӕнӕн вӕййы апостол Павелы дӕр. Цалынмӕ чырыстон не сси, уӕдмӕ сарӕзта уӕззау тӕригъӕдтӕ. Ӕмӕ дзы кӕд уыцы хъуыддӕгтӕ рох нӕ уыдысты, уӕддӕр сыл ӕдзух нӕ хъуыды кодта (1 Тим. 1:12–15). Павелы уырныдта, Хуыцау йӕ Фырты нывондӕн уый тыххӕй дӕр кӕй ӕрхаста ӕмӕ йын уыцы нывонды фӕрцы кӕй ныххатыр кӕндзӕн (Гал. 2:20). Ӕмӕ йӕхи йӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй нӕ хордта, фӕлӕ Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кодта.

ДӔ ХЪУЫДЫТӔ УӔНТ ФИДӔНЫЛ!

Хъуамӕ кӕсӕм фидӕнмӕ! (кӕс 18, 19 абзацтӕ) *

18. Ацы статьяйӕ цы базыдтам?

18 Ацы статьяйӕ цы базыдтам? 1) Нӕ бон хорзӕй цыдӕртӕ ӕрхъуыды кӕнын кӕй у, уый у Йегъовӕйы лӕвар. Фӕлӕ кӕд раздӕр нӕ царды хорзӕй бирӕ цыдӕртӕ уыд, уӕддӕр нӕм фидӕны, ног дунейы, хуыздӕр цард ӕнхъӕлмӕ кӕсы. 2) Гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ исчи фӕхъыг кӕна. Фӕлӕ йын куы ныххатыр кӕнӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн нӕ тыхтӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ саразын. 3) Нӕ раздӕры рӕдыдтыты тыххӕй нӕхи ӕгӕр куы хӕрӕм, уӕд нӕ бон нӕ уыдзӕн Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнын. Уӕдӕ мах дӕр Павелау хъуамӕ уырна, Йегъовӕ нын сӕ кӕй ныххатыр кодта.

19. Кӕцӕй йӕ зонӕм, ног дунейы, раздӕр цы уыд, уыдӕтты тыххӕй маст ӕмӕ ӕнкъард кӕй нал кӕндзыстӕм?

19 Махӕн ис ныфс, ӕнустӕм кӕй цӕрдзыстӕм. Ӕмӕ ног дунейы, раздӕр цы уыд, уыдӕтты тыххӕй маст ӕмӕ ӕнкъард нал кӕндзыстӕм. Уыцы рӕстӕджы тыххӕй Библийы фыст ис: «Раздӕр цы уыд, уыдон хъуыды дӕр ничиуал ӕркӕндзӕн» (Ис. 65:17). Махӕй чидӕртӕ Йегъовӕйӕн цӕрӕнбонты фӕлӕггад кодтой. Ӕмӕ кӕд базӕронд сты, уӕддӕр та ног дунейы раздӕхдзысты се ’взонджы бонтӕм! (Иов 33:25). Уӕдӕ хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй, раздӕр цы уыд, уыдӕттыл ӕдзух ма хъуыды кӕнӕм. Фӕлӕ хъуамӕ кӕсӕм фидӕнмӕ, ног дунемӕ!

142 ЗАРӔГ Нӕ ныфсыл фидар хӕцӕм

^ 5 абз. Адӕймаг йӕ раздӕры цардыл кӕй фӕхъуыды кӕны, уый ӕвзӕр нӕу. Фӕлӕ, раздӕр цы уыд, уыдӕттыл ӕдзух куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ уый хъыгдардзӕн, ныртӕккӕ Йегъовӕйы хъуыддаджы аразын нӕ бон цы у, уый аразын кӕнӕ нӕм цы диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый нӕ айрох уыдзӕн. Ацы статьяйы дзырд цӕуы, фидӕнмӕ кӕсын нӕ чи хъыгдардзӕн, ӕртӕ ахӕм къӕппӕгыл. Ӕмӕ аныхас кӕндзыстӕм, Библийы уагӕвӕрдтӕ, стӕй нын нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты цӕвиттонтӕ куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй уыцы къӕппӕджыты ма бахауӕм.

^ 57 абз. НЫВ. Раздӕры цард ӕдзух куы мысӕм, нӕ зӕрдӕйы искӕмӕ маст куы хӕссӕм кӕнӕ нӕ раздӕры рӕдыдтыты тыххӕй нӕхи ӕгӕр куы хӕрӕм, уӕд уый афтӕ уыдзӕн, цыма нӕ фӕдыл уӕззау уӕргътӕ ласӕм. Уыдӕттӕ нӕ хъыгдардзысты, цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл размӕ цӕуын.

^ 64 абз. НЫВ. Уыцы «уӕргътӕ» куы аппарӕм, уӕд сулӕфдзыстӕм ӕмӕ уыдзыстӕм амондджын, стӕй та нӕ хъарутӕ бацӕудзӕн. Ӕмӕ уӕд нӕ бон уыдзӕн размӕ кӕсын.