Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Джозеф Рутерфорд ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕ, Европӕйы куы уыдысты, уӕд

Сӕдӕ азы размӕ: 1920 аз

Сӕдӕ азы размӕ: 1920 аз

УЫДИ 1920 азы райдиан. Йегъовӕйы адӕмы хъарутӕ бацыд ӕмӕ цӕттӕ уыдысты, цы куыст сӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уый аразынмӕ. 1920 азӕн равзӕрстой ацы стих: «ХИЦАУ у мӕ хъару ӕмӕ мӕ зарӕг» (Пс. 118:14, «Паддзах Яковы Библи»).

Бӕрӕг уыд, Йегъовӕ уыцы зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджыты хъарутӕ кӕй бауагъта, уый. Уыцы аз чиныгхӕсджыты, кӕнӕ пионерты, нымӕцыл бафтыд: уый размӕ уыдысты 225, ӕмӕ систы 350. Сӕйраг хайадмӕ йӕ хыгъдтӕ чи арвыста, уыцы хъусынгӕнджыты нымӕц фыццаг хатт уыд 8 000 фылдӕр. Ӕмӕ сын Йегъовӕ сӕ фыдӕбонӕн тынг арфӕ кодта.

СӔ УДӔЙ АРТ УАДЗЫНЦ

1920 азы 21 мартъийы Нью-Йорчы Джозеф Рутерфордӕн (уыцы рӕстӕг Библииртасджытӕн разамынд уый лӕвӕрдта) хъуамӕ уыдаид раныхас «Абон чи цӕры, уыдонӕй милуантӕ никуы амӕлдзысты». Библииртасджытӕ ӕппӕт хъарутӕй архайдтой, цӕмӕй уыцы раныхасмӕ фылдӕр адӕмы фӕхуыдтаиккой. Уыдон баххуырстой Нью-Йорчы стырдӕр театртӕй сӕ иу ӕмӕ апарахат кодтой 320 мин хуынды гӕххӕтты бӕрц.

Хъусинаг газеты, кӕй уыдзӕн раныхас «Абон чи цӕры, уыдонӕй милуантӕ никуы амӕлдзысты»

Библииртасджытӕ уый ӕнхъӕл нӕ уыдысты, ӕмӕ уыйбӕрц адӕм ӕрбацӕудзӕн. Театры уыд 5 000 бынаты, ӕмӕ йӕ тӕккӕ дзаг баци. Ноджыдӕр ма ’рбацыд 7 000 адӕймаджы, фӕлӕ дзы уыдонӕн бынат нал уыд. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд: «Уыцы фембӕлд уыди Ӕппӕтдунеон Библииртасджытӕн сӕ хуыздӕр фембӕлдтӕй сӕ иу».

Библииртасджытӕ алкӕм дӕр хъусын кодтой, «абон чи цӕры, уыдонӕй милуантӕ никуы амӕлдзысты», зӕгъгӕ, ӕмӕ сӕ адӕм уымӕй зыдтой. Уыцы рӕстӕг ӕй нӕма ӕмбӕрстой, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар нырма ноджы фылдӕр рӕтты ӕмӕ ноджы фылдӕр рӕстӕджы дӕргъы кӕй цӕудзӕн хъуыстгонд. Фӕлӕ уӕддӕр сӕ удӕй арт уагътой. Идӕ Олмстед ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдта 1902 азы. Уый радзырдта: «Мах ӕй зыдтам, ӕппӕт адӕммӕ дӕр стыр арфӕдзинӕдтӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Ӕмӕ, уацамынды кӕуыл ӕмбӕлдыстӕм, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр уыцы хорз хабар дзырдтам».

ӔФСЫМӔРТӔ СӔХӔДӔГ ЛИТЕРАТУРӔ МЫХУЫР КӔНЫН РАЙДЫДТОЙ

Цӕмӕй уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг фаг уыдаид, уый тыххӕй ӕфсымӕртӕ Вефилы сӕхӕдӕг дӕр райдыдтой литературӕ мыхуыр кӕнын. Бруклины иу ран, Вефилӕй цалдӕр кварталы дарддӕр, баххуырстой агъуыст (Миртл-авенюйы, 35-ӕм номыр). Ӕмӕ, цы мыхуыргӕнӕн станок балхӕдтой, уый уым сӕвӕрдтой.

Лео Пелл ӕмӕ Уолтер Кесслер Вефилмӕ ӕрцыдысты 1920 азы январы. Уолтер радзырдта: «Куы ’рцыдыстӕм, уӕд нӕм типографийы цӕстдарӕг бакаст ӕмӕ нын афтӕ, сихормӕ, дам, уын ис сахат ӕмӕ ’рдӕг». Ӕмӕ нын бахӕс кодта, цӕмӕй пъадвалӕй чингуыты къоппытӕ схастаиккам.

Лео радзырдта, иннӕ бон цы куыстой, уый тыххӕй: «Нӕ куыст уыд фыццаг уӕладзыджы къултӕ ӕхсын. Ахӕм чъизи куыст уӕдмӕ никуы кодтон. Фӕлӕ мах куыстам нӕ Хицауӕн, ӕмӕ уыцы куыст нымадтам кадджын куыстыл».

«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» кӕуыл мыхуыр кодтой, уыцы станок

Цалдӕр къуырийы фӕстӕ ӕфсымӕртӕ райдыдтой «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» мыхуыр кӕнын, ӕмӕ сӕхиуыл нӕ ауӕрстой. Дыккаг уӕладзыджы цы мыхуыргӕнӕн станок лӕууыд, ууыл 1920 азы 1 февралы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй ныммыхуыр кодтой 60 мин экземпляры. Ӕфсымӕртӕ ма пъадвалы дӕр сӕвӕрдтой мыхуыргӕнӕн станок, схуыдтой йӕ «хӕстон нау». Ӕмӕ «Сызгъӕрин ӕнус» дӕр 1920 азы 14 апрелы номырӕй сӕхӕдӕг мыхуыр кӕнын райдыдтой. Бӕрӕг уыд, Йегъовӕ уыцы ӕнӕзивӕг кусджытӕн кӕй арфӕ кодта.

«Мах куыстам нӕ Хицауӕн, ӕмӕ уыцы куыст нымадтам кадджын куыстыл»

«ЦӔЙ ӔМӔ ХӔЛАРӔЙ ЦӔРӔМ»

Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн та ногӕй се ’хсӕн уыд иудзинад ӕмӕ та хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтой. Фӕлӕ, 1917 азӕй 1919 азмӕ цы уӕззау рӕстӕг уыд, уыцы рӕстӕг Хуыцауы организаци чи ныууагъта, уыдонӕн куыд уыди баххуыс кӕнӕн?

1920 азы 1 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» уыд статья «Цӕй ӕмӕ хӕларӕй цӕрӕм». Ӕмӕ дзы уыд ахӕм ныхӕстӕ: «Мах уырны, сыгъдӕг тыхӕй хайджын чи у... уыдонӕй алкӕй дӕр кӕй фӕнды, раздӕр цы уыд, уыдӕттӕ ферох кӕнын... иумӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй цӕрын ӕмӕ иу буарау архайын».

Уыцы ныхӕстӕ бирӕтӕн сӕ зӕрдӕмӕ бахъардтой. Иу лӕг ӕмӕ ус ныффыстой: «Фарон ӕнӕхъӕн аз ӕмӕ ма уымӕй размӕ дӕр, цалынмӕ иннӕтӕ хъусын кодтой, уӕдмӕ мах та дзӕгъӕл бадт кодтам. Ӕмӕ йӕ бамбӕрстам, уый стыр рӕдыд кӕй уыд. [...] Афтӕ никуыуал адзӕгъӕл уыдзыстӕм». Фӕстӕмӕ йӕ къахыл чи слӕууыд, уыцы хъусынгӕнджытӕм бирӕ куыст ӕнхъӕлмӕ каст.

ПАРАХАТ КӔНЫНЦ ЧИНЫГ «СУСӔГДЗИНАД РАРГОМ»

1920 азы 21 июны райдыдта стыр зиу. Библииртасджытӕ парахат кӕнын райдыдтой чиныг «Сусӕгдзинад раргом» (уыди йын фӕлмӕн цъар). Уый уыд «Фыстад иртасӕн куыст»-ы 7-ӕм том. 1918 азӕй фӕстӕмӕ хицауады уынаффӕмӕ гӕсгӕ ацы чиныг кӕсӕн ӕмӕ парахат кӕнӕн нӕ уыд. Ӕмӕ дзы скълады бирӕ баззад.

Уыцы зиуы архайынмӕ ӕрмӕст пионерты нӕ хуыдтой, фӕлӕ хъусынгӕнджыты се ’ппӕты дӕр. 1920 азы июны «Бюллетен»-ы (ныртӕккӕ хуыйны «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад») фыст уыд: «Алы ӕмбырды дӕр [донаргъуыд] хъусынгӕнджытӕй йӕ бон кӕмӕн у уыцы хъуыддаджы архайын, уыдон хъуамӕ уый цингӕнгӕйӕ аразой». Эдмунд Хупер уый фӕстӕ радзырдта, зӕгъгӕ, дам, зӕгъӕн уыд, ӕмӕ бирӕтӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ фыццаг хатт уыцы зиуы рӕстӕг хъусын кодтой. Ӕмӕ ма загъта: «Уӕд нӕм хъарын райдыдта, цӕй стыр куыст нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ нӕ цас цыдӕртӕ хъӕудзӕн саразын, уый».

ЕВРОПӔЙЫ НӔ ХЪУЫДДАДЖЫ ӔРЦЫД ИВЫНДЗИНӔДТӔ

Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг иннӕ бӕстӕты Библииртасджытимӕ фембӕлын зын кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ ӕфсымӕр Рутерфорды фӕндыд уыцы ӕфсымӕрты бафидар кӕнын ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы ивындзинӕдтӕ скӕнын. Гъемӕ 1920 азы 12 августы цыппар ӕфсымӕримӕ араст балцы Англимӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр бӕстӕтӕм.

Ӕфсымӕр Рутерфорд Египеты

Рутерфорд Англимӕ куы ’рцыд, уӕд дзы Библииртасджытӕ ауагътой 3 конгрессы ӕмӕ 12 сӕрмагонд фембӕлды. Ӕдӕппӕтӕй уыцы конгрессты ӕмӕ фембӕлдты уыд 50 мин адӕймаджы бӕрц. Уыцы хабӕртты тыххӕй «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд: «Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты хъарутӕ бацыд ӕмӕ сыл базыртӕ базад. Уарзондзинад сӕ кӕрӕдзийыл баста ӕмӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй лӕггад кодтой. Ӕмӕ бирӕты зӕрдӕтӕм рухс бакалд». Ӕфсымӕр Рутерфордӕн Парижы дӕр уыд раныхас «Абон чи цӕры, уыдонӕй милуантӕ никуы амӕлдзысты». Раныхас куы райдыдта, уӕд залы къух бакӕнӕн нӕ уыд. Раныхасы фӕстӕ 300 адӕймаджы загътой, фылдӕр базонын сӕ кӕй фӕнды.

Плакатыл фыст ис, Лондоны Альберт-холлы раныхас кӕй уыдзӕн

Уый фӕстӕ ӕфсымӕртӕ ацыдысты Афинтӕм, Каирмӕ ӕмӕ Иерусалиммӕ. Фесты дзы цалдӕр къуырийы. Уыцы рӕтты бирӕты рӕстдзинад базонын кӕй фӕндыд, уымӕ гӕсгӕ Рутерфорд горӕт Рамаллайы (Иерусалиммӕ ’ввахс) скодта филиал. Уый фӕстӕ ӕрыздӕхт Европӕмӕ ӕмӕ Швейцарийы скодта Централон Европӕйы филиал. Ӕмӕ алцыдӕр бацӕттӕ кӕнын кодта, цӕмӕй дзы литературӕ мыхуыр кодтаиккой.

ХӔРАМ ХЪУЫДДӔГТӔ ХУРМӔ ХӔССЫНЦ

1920 азы сентябры Библииртасджытӕ рауагътой «Сызгъӕрин ӕнус»-ы 27-ӕм номыр. Уый сӕрмагондӕй уагъд ӕрцыд, цӕмӕй, 1918 азы Библииртасджытӕ цы ’фхӕрд баййӕфтой, уый хурмӕ хаст ӕрцыдаид. «Хӕстон нау» куыста ӕхсӕвӕй-бонӕй, ӕмӕ йыл ныммыхуыр кодтой 4 милуан экземплярӕй фылдӕр.

Эммӕ Мартины къам, пъӕлицӕйы участокы ист

Уыцы журналӕй адӕм базыдтой нӕ хо Эммӕ Мартины хабӕрттӕ. Эммӕ уыди чиныгхӕссӕг, царди Сан-Бернардинойы (штат Калифорни). 1918 азы 17 мартъийы Эммӕ ӕмӕ ма ӕртӕ ’фсымӕры – Эдвард Хэм, Эдвард Зонненбург ӕмӕ Эрнест Стивенс – уыдысты Библииртасджыты фембӕлды. Адӕм дзы бирӕ нӕ уыд.

Уыцы фембӕлдмӕ иу нӕлгоймаг уый тыххӕй не ’рбацыд, цӕмӕй Библийӕ истытӕ базыдтаид. Уый фӕстӕ радзырдта: «Уырдӕм мӕ прокурор арвыста, цӕмӕй ссардтаин, фӕаххосджын кӕнӕн сӕ цӕмӕй уыд, ахӕм исты». Ӕмӕ «ссардта» – чиныг «Сусӕгдзинад раргом». Цалдӕр боны фӕстӕ Эммӕйы ӕмӕ уыцы ӕртӕ ’фсымӕры ӕрцахстой. Ӕмӕ сӕ фӕаххосджын кодтой, зӕгъгӕ, адӕмӕн лӕвӕрдтой, парахат кӕнӕн кӕй нӕй, уыцы чиныг ӕмӕ афтӕмӕй закъон фехӕлдтой.

Эммӕйы ӕмӕ ӕфсымӕрты аххосджыныл банымадтой ӕмӕ сын фӕйнӕ 3 азы радтой. Уыдон, цал хатты уыд гӕнӕн, уал хатты хъаст балӕвӕрдтой. Фӕлӕ сӕ тӕрхон ивд не ’рцыд. Ӕмӕ сӕ 1920 азы 17 майы ахӕстоны сбадын кодтой. Фӕлӕ гыццыл фӕстӕдӕр хабар фӕивта.

1920 азы 20 июны сын ӕфсымӕр Рутерфорд сӕ хабар радзырдта конгрессы Сан-Францискойы. Конгрессы чи уыд, уыдон зӕрдӕцӕф фесты. Ӕмӕ сфӕнд кодтой Америкӕйы Иугонд Штатты президентмӕ телеграммӕ арвитын. Ныффыстой дзы ахӕм ныхӕстӕ: «Эммӕ Мартины аххосджыныл кӕй банымадтой, закъон фехӕлдта, зӕгъгӕ... уый нымайӕм хӕрам хъуыддагыл... Хицӕуттӕ сӕ бартӕй раст кӕй не спайда кодтой ӕмӕ Эммӕ Мартиныл цыдӕртӕ кӕй ӕрымысыдысты... стӕй йӕ ахӕстоны кӕй сбадын кодтой, уый нымайӕм ӕвирхъау хъуыддагыл».

Иннӕ бон президент Вудро Вильсон уайтагъд уынаффӕ рахаста, цӕмӕй Эммӕ Мартины, Эдвард Хэмы, Эдвард Зонненбургы ӕмӕ Эрнест Стивенсы рауагътаиккой. Ӕмӕ уыцы ӕнаххос адӕмы ссӕрибар кодтой.

1920 аз йӕ кӕронмӕ фӕцӕйхӕццӕ кодта. Библииртасджытӕн бирӕ бантыст, ӕмӕ ууыл цин кодтой. Сӕйраг хайады куыст фылдӕрӕй-фылдӕр кодта. Ӕмӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ зӕрдиагӕй хъусын кодтой, адӕмы зындзинӕдтӕн кӕрон ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй скӕндзӕн (Матф. 24:14). 1921 азы та Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъуамӕ ноджы тынгдӕр айхъуыстаид.