Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

44 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Уӕ сывӕллӕттӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ суыдзысты?

Уӕ сывӕллӕттӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ суыдзысты?

«Йесо... зондджынӕй-зондджындӕр кодта ӕмӕ рӕзыд Хуыцауӕн ӕмӕ адӕмӕн уарзонӕй» (ЛУК. 2:52).

134 ЗАРӔГ Сывӕллӕттӕ сты Хуыцауы лӕвар

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Адӕймагӕн йӕ уынаффӕтӕй ӕппӕты хуыздӕр цавӕр вӕййы?

НЫЙЙАРДЖЫТӔ цы уынаффӕтӕ рахӕссынц, уыдон арӕх фӕзынынц сӕ сывӕллӕтты фидӕныл. Ӕвзӕр уынаффӕтӕ куы рахӕссынц, уӕд сӕ сывӕллӕттӕн бирӕ зындзинӕдтӕ бавзарын кӕнынц. Фӕлӕ хорз уынаффӕтӕ куы рахӕссынц, уӕд сӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнынц, цӕмӕй амондджын уой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сывӕллӕттӕ сӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ раст уынаффӕтӕ хӕссой. Ӕмӕ адӕймагӕн йӕ уынаффӕтӕй ӕппӕты хуыздӕр вӕййы, куы аскъуыддзаг кӕны, нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕндзӕн (Пс. 73:28).

2. Йесо ӕмӕ йӕ ныййарджытӕ цавӕр уынаффӕтӕ хастой?

2 Йесойы ныййарджыты фӕндыд сӕ сывӕллӕтты Йегъовӕйы фӕндагыл сӕвӕрын. Ӕмӕ, цы уынаффӕтӕ хастой, уыдонӕй бӕрӕг уыд, царды сын ӕппӕты сӕйраг кӕй уыд Хуыцауӕн лӕггад кӕнын (Лук. 2:40, 41, 52). Йесо йӕхӕдӕг дӕр хаста хорз уынаффӕтӕ. Ӕмӕ йын уыцы уынаффӕтӕ ӕххуыс кодтой Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн (Матф. 4:1–10). Йесо сси хӕларзӕрдӕ, иузӕрдион ӕмӕ хъӕбатыр адӕймаг. Хуыцауы чи уарзы, уыцы ныййарджытӕй чифӕнды дӕр ахӕм фыртӕй уыдаид сӕрыстыр ӕмӕ буц.

3. Ацы статьяйы цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?

3 Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм ахӕм фарстатӕм: цалынмӕ Йегъовӕ Йесойы зӕхмӕ нӕ арвыста, уӕдмӕ цавӕр уынаффӕтӕ рахаста? Чырыстон ныййарджытӕн Иосиф ӕмӕ Марийӕ фӕзминаг куыд сты, цы уынаффӕтӕ хастой, уымӕй? Йесо цавӕр уынаффӕтӕ хаста ӕмӕ ӕрыгон чырыстӕттӕн фӕзминаг цӕмӕй у?

ЙЕГЪОВӔЙЫ ФӔЗМУТ

4. Йегъовӕ Йесойӕн цавӕр ныййарджытӕ равзӕрста?

4 Йегъовӕ Йесойӕн тынг хорз ныййарджытӕ равзӕрста (Матф. 1:18–23; Лук. 1:26–38). Марийӕйӕн йӕ зӕрдӕбын ныхӕстӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы ӕмӕ йын йӕ Ныхас тынг кӕй уарзта (Лук. 1:46–55). Иосиф дӕр Хуыцауӕй тарст ӕмӕ йӕ фӕндыд йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын. Уый бӕрӕг у, йӕ амындтӕм-иу кӕй байхъуыста, уымӕй (Матф. 1:24).

5, 6. Йегъовӕ йӕ Фырты цавӕр зындзинӕдтӕй нӕ бахызта?

5 Йегъовӕ Йесойӕн хъӕздыг ныййарджытӕ нӕ равзӕрста. Йесойы райгуырды фӕстӕ Иосиф ӕмӕ Марийӕ нывондӕн цы ’рхастой, уымӕй бӕрӕг уыд, мӕгуыр бинонтӕ кӕй уыдысты (Лук. 2:24). Иосиф уыд хъӕддӕсны. Ӕвӕццӕгӕн, Назареты йӕ хӕдзары фарсмӕ уыд гыццыл агъуыст, ӕмӕ уым куыста. Иосифы бинонтӕ хуымӕтӕг цард кодтаиккой. Сывӕллӕттӕ дӕр бирӕ уыдысты, ӕппынкъаддӕр авд, ӕмӕ уыдоны дӕр дарын куыннӕ хъуыд (Матф. 13:55, 56).

6 Йегъовӕ Йесойы цӕмӕйдӕрты бахъахъхъӕдта. Фӕлӕ йӕ ӕппӕт зындзинӕдтӕй нӕ бахызта (Матф. 2:13–15). Зӕгъӕм, йӕ хиуӕттӕй йыл чидӕртӕ не ’ууӕндыдысты. Зын ын куыннӕ уыдаид, йӕ бинонтӕй иуӕй-иуты фыццаг куы нӕ уырныдта, Мессийӕ кӕй у, уый (Мар. 3:21; Иоан. 7:5). Уымӕй уӕлдай, Йесо нырма, ӕвӕццӕгӕн, ӕрыгон уыд, Иосиф куы амард, уӕд. Ӕмӕ йын уый дӕр зын куыннӕ уыдаид. Стӕй, хистӕр фырт кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ, йӕ фыд цы куыст кодта, уый дарддӕр кодтаид (Мар. 6:3). Куы сыстыр, уӕд бинонты дарӕджы хӕстӕ йӕхимӕ райста. Уый тыххӕй йӕ, ӕвӕццӕгӕн, бирӕ фыдӕбон кӕнын хъуыд. Ӕмӕ йӕ хорз зыдтаид, изӕрӕй хӕдзармӕ фӕлладӕй ӕрбацӕуай, уый цы у.

Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕтты куы ахуыр кӕнат уынаффӕтӕ Хуыцауы Ныхасы агурын, уӕд сӕ бацӕттӕ кӕндзыстут, царды цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлдзысты, уыдонмӕ (кӕс 7 абзац) *

7. а) Ныййарджытӕн сӕ бон цавӕр фарстатыл у ахъуыды кӕнын? б) Ӕмбисӕндтӕ 2:1–6 стихтӕм гӕсгӕ, ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты цӕуыл хъуамӕ ахуыр кӕной?

7 Кӕд уын сывӕллӕттӕ нӕма ис, фӕлӕ уӕ фӕнды, цӕмӕй уын уа, уӕд ахъуыды кӕнут ахӕм фарстатыл: «Сӕрныллӕг адӕймӕгтӕ стӕм ӕмӕ Йегъовӕйы ӕмӕ йын йӕ Ныхас уарзӕм? Йегъовӕ гыццыл зынаргъ удӕн ныййарджытӕй мах равзарид?» (Пс. 127:3, 4). Кӕд дын сывӕллӕттӕ ис, уӕд та ахъуыды кӕн: «Мӕ сывӕллӕтты афтӕ хъомыл кӕнын, цӕмӕй куыстуарзаг уой?» (Еккл. 3:12, 13). Кӕнӕ ахъуыды кӕн ахӕм фарстайыл: «Мӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразын, цӕмӕй, мӕ сывӕллӕттӕн Хӕйрӕджы дунейы тӕссаг цӕмӕйты у, уыдӕттӕй сӕ бахъахъхъӕнон?» (Ӕмб. 22:3). Дӕ бон сӕ ӕппӕт зындзинӕдтӕй бахизын нӕу. Уымӕн гӕнӕн дӕр нӕй. Фӕлӕ сӕ куы ахуыр кӕнай уынаффӕтӕ Хуыцауы Ныхасы агурын, уӕд сӕ гыццылгай бацӕттӕ кӕндзынӕ, царды цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлдзысты, уыдонмӕ. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 2:1–6.) Зӕгъӕм, кӕд уӕ бинонтӕй исчи Йегъовӕйӕн нал лӕггад кӕны, уӕд дӕ сывӕллӕттӕн Хуыцауы Ныхасы фӕрцы бамбарын кӕн, Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайын куыд ахсджиаг у, уый (Пс. 31:23). Кӕнӕ кӕд уӕ бинонтӕй исчи фӕзиан, уӕд сывӕллӕттӕн равдис, Хуыцауы Ныхас маст ӕмӕ рыст сфӕразынӕн куыд ӕххуыс кӕны ӕмӕ удӕнцой куыд хӕссы (2 Кор. 1:3, 4; 2 Тим. 3:16).

ИОСИФЫ ӔМӔ МАРИЙӔЙЫ ФӔЗМУТ

8. Дыккаг закъон 6:6, 7 стихтӕм гӕсгӕ, Иосифы ӕмӕ Марийӕйы цы хъуыди аразын?

8 Йесойӕн йӕ зӕххон ныййарджытӕ баххуыс кодтой, цӕмӕй суыдаид, Хуыцауы зӕрдӕ кӕмӕй рухс кодта, ахӕм адӕймаг. Уыдон ӕй хъомыл кодтой, Йегъовӕ ныййарджытӕн цы амындтӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ. (Бакӕс Дыккаг закъон 6:6, 7.) Иосиф ӕмӕ Марийӕ Йегъовӕйы тынг уарзтой. Ӕмӕ сын ӕппӕты сӕйраг уыд сӕ сывӕллӕттӕн дӕр Йегъовӕйы бауарзын кӕнын.

9. Иосиф ӕмӕ Марийӕ цавӕр ахсджиаг хъуыддӕгтӕ арӕзтой?

9 Иосиф ӕмӕ Марийӕ Йегъовӕйӕн сӕ сывӕллӕттимӕ иумӕ лӕггад кодтой. Уыдон алы къуыри дӕр цыдысты Назареты ӕмбырдгӕнӕнмӕ. Стӕй алы аз дӕр цыдысты Иерусалиммӕ Куадзӕны бӕрӕгбонмӕ (Лук. 2:41; 4:16). Ӕмӕ-иу, ӕвӕццӕгӕн, фӕндагыл Йесойӕн ӕмӕ иннӕ сывӕллӕттӕн дзырдтой Йегъовӕйы адӕмы хабӕрттӕ. Чи зоны-иу сӕ бафӕндыд, Фыстады цы бынӕтты кой ис, уыдон дӕр фенын. Иосиф ӕмӕ Марийӕйӕн ноджыдӕр сывӕллӕттӕ куы райгуырд, уӕд сын фӕзындӕр уыдаид Хуыцауы хъуыддӕгтӕ ӕнӕхъӕн бинонтӕй аразын. Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕн, цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын сты! Йегъовӕ сӕ царды фыццаг бынаты кӕй уыд, уый фӕрцы сӕ уырнындзинад уыд фидар.

10. Чырыстон ныййарджытӕн сӕ бон куыд у Иосифы ӕмӕ Марийӕйы бафӕзмын?

10 Чырыстон ныййарджытӕн сӕ бон куыд у Иосифы ӕмӕ Марийӕйы бафӕзмын? Ӕппӕты ахсджиагдӕр у, цӕмӕй уӕ ныхӕстӕй ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уа, уӕхӕдӕг Йегъовӕйы тынг кӕй уарзут. Уӕ сывӕллӕттӕн ӕппӕты стырдӕр лӕвар уыдзӕн, Йегъовӕйы сын куы бауарзын кӕнат. Уымӕй уӕлдай сӕ хъуамӕ сахуыр кӕнат Библи иртасын, кувын, стӕй ӕмбырдтӕм ӕмӕ уацамынды цӕуын (1 Тим. 6:6). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ архайат, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕн уа, ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттӕ (1 Тим. 5:8). Фӕлӕ уӕ рох ма уӕд: ацы дунейӕн йӕ кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд сын удӕгасӕй баззайынӕн ӕмӕ ног дунемӕ бацӕуынӕн ӕхца ӕмӕ мулк нӕ баххуыс кӕндзысты, фӕлӕ сӕ хӕлардзинад Йегъовӕимӕ (Йез. 7:19; 1 Тим. 4:8) *.

Чырыстон ныййарджытӕй бирӕтӕ рахӕссынц хорз уынаффӕтӕ, ӕмӕ уый фӕрцы сӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕ свӕййы сӕ Хӕлар (кӕс 11 абзац) *

11. а) 1 Тимофеймӕ 6:17–19 стихты цы ныхӕстӕ ис, уыдон ныййарджытӕн куыд баххуыс кӕндзысты хорз уынаффӕтӕ хӕссынӕн? б) Уӕ бинонтимӕ уӕ бон уӕ разы цавӕр нысӕнттӕ у сӕвӕрын ӕмӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзыстут? (Кӕс рамкӕ « Уӕ разы цавӕр нысӕнттӕ сӕвӕрдзыстут?».)

11 Чырыстон ныййарджытӕй бирӕтӕ рахӕссынц хорз уынаффӕтӕ, ӕмӕ уый фӕрцы сӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕ свӕййы сӕ Хӕлар. Уыдон Хуыцауы хъуыддӕгты ӕдзух иумӕ фӕархайынц: фӕцӕуынц ӕмбырдтӕм, конгресстӕм ӕмӕ хорз хабар фӕхъусын кӕнынц. Иуӕй-иу бинонтӕ ацӕуынц, арӕх кӕм нӕ фӕхъусын кӕнынц, ахӕм рӕттӕм дӕр кӕнӕ феххуыс кӕнынц нӕ организацийы агъуыстытӕ аразынӕн. Иуӕй-иутӕ та ацӕуынц экскурсимӕ Вефилмӕ. Уыцы хъуыддӕгтӕн сӕ ӕхца дӕр куыннӕ бахъӕуы, стӕй цавӕрдӕр зындзинӕдтыл дӕр куыннӕ сӕмбӕлынц. Фӕлӕ сӕ Йегъовӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй схъӕздыг кӕны. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 6:17–19.) Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты, сӕ уырнындзинад кӕй фӕрцы фидар кӕны, ахӕм хъуыддӕгтыл куы сахуыр кӕнынц, уӕд уыдонӕй бирӕтӕ, куы сыстыр вӕййынц, уӕд дӕр сӕ нӕ ныууадзынц. Ӕмӕ сӕ ныййарджытӕй бузныг вӕййынц, афтӕ сӕ кӕй схъомыл кодтой, уый тыххӕй (Ӕмб. 10:22) *.

ЙЕСОЙЫ ФӔЗМУТ

12. Йесо куыд стырдӕр кодта, афтӕ йӕхи дӕр цы хъуыди аразын?

12 Йесойы уӕларвон Фыд алкӕддӕр рахӕссы хорз уынаффӕтӕ, ӕмӕ йӕ зӕххон ныййарджытӕ дӕр хастой хорз уынаффӕтӕ. Фӕлӕ Йесо куыд стырдӕр кодта, афтӕ йӕхи дӕр хъуыди уынаффӕтӕ хӕссын (Гал. 6:5). Махӕн не ’ппӕтӕн дӕр сӕрибардзинад ӕмӕ уынаффӕтӕ хӕссыны бар куыд ис, афтӕ уымӕн дӕр уыд уыцы бар. Йӕ бон уыд аскъуыддзаг кӕнын, йӕхи цы фӕнды, уый кӕй араздзӕн. Фӕлӕ уый аскъуыддзаг кодта, Йегъовӕйы цы фӕнды, уый кӕй араздзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр йӕ Хӕлар уыдаид (Иоан. 8:29). Йесо абон сывӕллӕттӕн ӕмӕ ӕрыгӕттӕн фӕзминаг цӕмӕй у?

Ӕрыгӕттӕ, уӕ ныййарджытӕ уын исты куы амоной, уӕд-иу сӕм байхъусут (кӕс 13 абзац) *

13. Йесо гыццыл куы уыд, уӕд цы аскъуыддзаг кодта?

13 Йесо гыццыл куы уыд, уӕд аскъуыддзаг кодта, йӕ ныййарджытӕм кӕй хъусдзӕн. Уый сын «уыд коммӕгӕс» (Лук. 2:51). Йесо афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕз мӕ ныййарджытӕй фылдӕр зонын, ӕмӕ сӕм цӕмӕн хъуамӕ хъусон, зӕгъгӕ. Стӕй уыд хистӕр фырт, ӕмӕ йыл цы хӕстӕ уыд, уыдонмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ каст. Йесо зӕрдиагӕй архайдта, цӕмӕй Иосифау хъӕддӕсныйы куыст кӕнын сахуыр уыдаид ӕмӕ йӕ бон уыдаид йӕ бинонты дарын.

14. Йесо Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг кӕй иртӕста, уый кӕцӕй зонӕм?

14 Йесойӕн йӕ ныййарджытӕ, ӕвӕццӕгӕн, радзырдтой йӕ райгуырды хабӕрттӕ ӕмӕ зӕдтӕ, стӕй Симеон ӕмӕ ус-пехуымпар Аннӕ Йесойы тыххӕй цы загътой, уый (Лук. 2:8–19, 25–38). Фӕлӕ Йесо йӕхӕдӕг дӕр Фыстад лӕмбынӕг иртӕста. Уый кӕцӕй зонӕм? 12 азы йыл куы цыд, уӕд Иерусалимы ныхас кодта ахуыргӕнджытимӕ. Ӕмӕ «сӕ дисӕн кӕрон нал уыд, куыд ӕмбаргӕ у ӕмӕ цы дзуаппытӕ дӕтты, зӕгъгӕ» (Лук. 2:46, 47). Уымӕй уӕлдай, уыцы карӕнӕй Хуыцауы Ныхас афтӕ лӕмбынӕг кӕй иртӕста, уый фӕрцы фидарӕй зыдта, Йегъовӕ йӕ Фыд кӕй у (Лук. 2:42, 43, 49).

15. Йесо куыд равдыста, кӕй аскъуыддзаг кодта, Йегъовӕйы фӕндон кӕй ӕххӕст кӕндзӕн?

15 Йесо куы базыдта, Йегъовӕ йын цы бахӕс кӕнынмӕ хъавы, уӕд аскъуыддзаг кодта, йӕ Фыды цы фӕнды, уый кӕй сараздзӕн (Иоан. 6:38). Уый зыдта, бирӕтӕ дзы се сӕфт кӕй уындзысты, ӕмӕ ууыл дӕр куыннӕ хъуыды кодтаид. Фӕлӕ уӕддӕр аскъуыддзаг кодта, Йегъовӕйы коммӕ кӕй бакӕсдзӕн. Н. э. 29 азы аргъуыд куы райста, уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ царды ӕппӕты сӕйраг уыд Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын (Дзут. 10:5–7). Ӕмӕ, хъизӕмӕртты хъӕдыл ауыгъд куы уыд ӕмӕ куы мард, уӕд дӕр ын уый уыд сӕйраг (Иоан. 19:30).

16. Сывӕллӕттӕн сӕ бон цӕмӕй у Йесойы бафӕзмын?

16 Дӕ ныййарджыты коммӕ кӕс. Иосиф ӕмӕ Марийӕйау дӕ ныййарджытӕ дӕр ӕнӕххӕст сты. Фӕлӕ Йегъовӕ уыдонӕн бахӕс кодта, цӕмӕй дӕ хъахъхъӕной, ахуыр дӕ кӕной ӕмӕ дын зонд амоной. Ӕмӕ сӕ куы нымайай, стӕй сын сӕ уынаффӕтӕм куы хъусай, уӕд дын «уыдзӕн хорз» (Еф. 6:1–4).

17. Йесо Навин 24:15 стихмӕ гӕсгӕ, ӕрыгӕтты цавӕр уынаффӕ хъӕуы рахӕссын?

17 Равзар, кӕмӕн лӕггад кӕндзынӕ. Хъуамӕ бамбарай, Йегъовӕ чи у, йӕ фӕндон цы у ӕмӕ йӕ дӕ бон ӕххӕст кӕнын куыд у, уый (Ром. 12:2). Ӕмӕ уӕд дӕ бон уыдзӕн царды ӕппӕты ахсджиагдӕр уынаффӕ рахӕссын – аскъуыддзаг кӕнын, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕндзынӕ. (Бакӕс Йесо Навины 24:15; Еккл. 12:1.) Библи алы бон дӕр куы кӕсай ӕмӕ йӕ куы иртасай, уӕд бонӕй-бонмӕ Йегъовӕйы тынгдӕр уарздзынӕ ӕмӕ дӕ уырнындзинад дӕр фидардӕр кӕндзӕн.

18. Ӕрыгӕтты цы хъӕуы аскъуыддзаг кӕнын ӕмӕ уый ахсджиаг цӕмӕн у?

18 Аскъуыддзаг кӕн, Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын дын царды ӕппӕты сӕйраг кӕй уыдзӕн. Хӕйрӕджы дуне дын зӕрдӕ ӕвӕры, дӕ курдиӕттӕй, дӕхицӕн хуыздӕр куыд уыдзӕн, афтӕ куы пайда кӕнай, уӕд амондджын кӕй уыдзынӕ. Ӕцӕгӕй та, ӕхца ӕмӕ мулк сӕйраг кӕмӕн систы, уыдон «сӕхи бирӕ мӕстыты хай фӕкодтой» (1 Тим. 6:9, 10). Фӕлӕ Йегъовӕмӕ куы хъусай ӕмӕ дын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын царды ӕппӕты сӕйраг куы уа, уӕд уыдзынӕ ӕнтыстджын ӕмӕ «зондджынӕй архайдзынӕ» (Йес. Н. 1:8).

ЦАВӔР УЫНАФФӔТӔ РАХӔСДЗЫСТУТ?

19. Ныййарджытӕ сӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарой?

19 Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ суой. Уыцы хъуыддаджы, уӕ бон цы у, уый аразут. Уӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарут, ӕмӕ уын ӕххуыс кӕндзӕн раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн (Ӕмб. 3:5, 6). Рох уӕ ма уӕд: уӕ хъуыддӕгтӕн уӕ ныхӕстӕй стырдӕр уӕз ис. Сывӕллӕттӕ фылдӕр уӕ хъуыддӕгтӕм кӕсынц. Уӕдӕ-иу рахӕссут, уӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнынӕн чи ’ххуыс кӕндзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ.

20. Сывӕллӕттӕ куы аскъуыддзаг кӕной, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕндзысты, уӕд цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзысты?

20 Сывӕллӕттӕ, уӕ ныййарджытӕ уын ӕххуыс кӕндзысты раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн. Фӕлӕ уӕддӕр уӕхицӕй аразгӕ у, уӕ уынаффӕтӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстут ӕви нӕ. Йесойау аскъуыддзаг кӕнут, уӕ уарзӕгой уӕларвон Фыдӕн кӕй лӕггад кӕндзыстут. Уӕд уыдзыстут амондджын ӕмӕ уӕ цардӕй уӕ зӕрдӕ райдзӕн (1 Тим. 4:16). Ӕмӕ фидӕны та схайджын уыдзыстут, зӕгъӕн дӕр кӕмӕн нӕй, ахӕм диссаджы цардӕй!

133 ЗАРӔГ Не ’взонджы бонты Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм

^ 5 абз. Чырыстон ныййарджыты фӕнды, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ суой ӕмӕ амондджын уой. Сӕ бон цавӕр уынаффӕтӕ у рахӕссын, цӕмӕй уыцы нысан сӕ сывӕллӕтты къухы бафта? Ӕмӕ ӕрыгон чырыстӕтты цавӕр уынаффӕтӕ хъӕуы хӕссын, цӕмӕй амондджын ӕмӕ ӕнтыстджын уой? Ацы фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм ацы статьяйы.

^ 11 абз. Кӕс рамкӕ «Лучших родителей представить невозможно» 2011 азы октябры «Пробудитесь!»-ы, 20 фарс, ӕмӕ статья «Особенное письмо родителям» 1999 азы 8 мартъийы «Пробудитесь!»-ы, 25 фарс.

^ 66 абз. НЫВ. Марийӕ гыццыл Йесойӕн Йегъовӕйы тынг бауарзын кодта. Абон дӕр чырыстон сылгоймӕгтӕ хъуамӕ архайой, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы бауарзын кӕной.

^ 68 абз. НЫВ. Иосиф тынг аргъ кодта, йӕ бинонтимӕ йӕ бон ӕмбырдгӕнӕнмӕ цӕуын кӕй уыд, уымӕн. Абон дӕр чырыстон нӕлгоймӕгтӕ аргъ кӕнынц, сӕ бинонтимӕ сӕ бон ӕмбырдтӕм цӕуын кӕй у, уымӕн.

^ 70 абз. НЫВ. Йесо сахуыр, йӕ фыд ын цы амыдта, ууыл. Абон дӕр хорз уаид, ӕрыгон чырыстонӕн йӕ фыд цы амоны, ууыл куы сахуыр уа.