Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

40 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Дӕ бар дын цы бакодтой, уый хъахъхъӕн»

«Дӕ бар дын цы бакодтой, уый хъахъхъӕн»

«Тимофей, дӕ бар дын цы бакодтой, уый хъахъхъӕн» (1 ТИМ. 6:20).

29 ЗАРӔГ Нӕ ном макуы фӕчъизи кӕнӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. 1 Тимофеймӕ 6:20 стихмӕ гӕсгӕ, Павел Тимофейы зӕрдыл цы ӕрлӕууын кодта?

ЗЫНАРГЪӔЙ нӕм цы ис, уый арӕх иннӕты бар бакӕнӕм. Зӕгъӕм, не ’хца банчы сӕвӕрӕм, цӕмӕй ма фесӕфой кӕнӕ сӕ мачи адава. Зынаргъыл цы нымайӕм, уый искӕй бар куы бакӕнӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг вӕййы, ӕмӕ йыл ӕууӕндӕм.

2 Бакӕс 1 Тимофеймӕ 6:20. Апостол Павел Тимофейы зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, йӕ бар ын кӕй бакодтой зынаргъ хӕзна – бӕлвырд зонындзинӕдтӕ, Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый фӕдыл. Тимофей ма ахӕм кады аккаг дӕр уыд, ӕмӕ «хорз хабар хъусын» кодта (2 Тим. 4:2, 5). Павел Тимофейы фӕдзӕхста, цӕмӕй уыдӕттӕ хъахъхъӕдтаид. Ӕмӕ махӕн дӕр Хуыцау нӕ бар зынаргъ хӕзнатӕ бакодта. Цымӕ уыцы хӕзнатӕ цы сты ӕмӕ сӕ цӕмӕн хъуамӕ хъахъхъӕнӕм?

ХУЫЦАУ НЫН НӔ БАР БАКОДТА БИБЛИЙЫ РӔСТДЗИНАД

3, 4. Библийы рӕстдзинад зынаргъ цӕмӕн у?

3 Йегъовӕ нын радта зынаргъ хӕзна – йӕ Ныхасы цы рӕстдзинад ис, уый. Уыцы рӕстдзинад зынаргъ уымӕн у, ӕмӕ уый фӕрцы базонӕм, Йегъовӕйы хорз хӕлӕрттӕ цӕй фӕрцы суыдзыстӕм ӕмӕ ӕцӕг амондджын цӕй фӕрцы уыдзыстӕм, уый. Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, ууыл куы ӕууӕндӕм ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд мӕнг ахуырӕдты къӕппӕджы нӕ бахаудзыстӕм ӕмӕ хӕрзӕгъдау цард кӕндзыстӕм (1 Кор. 6:9–11).

4 Библийы рӕстдзинад ма зынаргъ уымӕн у, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ ӕргом кӕны, «ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕнды», ӕрмӕстдӕр ахӕм сӕрныллӕг адӕмӕн (Хъуыд. 13:48). Уыцы адӕмы уырны, абон Хуыцау Библийы рӕстдзинад ӕмбарын кӕнынӕн кӕй пайда кӕны ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕй (Матф. 11:25; 24:45). Уый нын куы не ’ххуыс кӕнид, уӕд уыцы рӕстдзинад ӕмбарын нӕ бон нӕ уаид. Ӕмӕ Библи ӕмбарынӕй зынаргъдӕр та ницы ис (Ӕмб. 3:13, 15).

5. Йегъовӕ ма нӕ цавӕр кады аккаг скодта?

5 Йегъовӕ ма нӕ ахӕм кады аккаг дӕр скодта, цӕмӕй Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ йӕм цы фӕнд ис, уый тыххӕй иннӕтӕн рӕстдзинад амонӕм (Матф. 24:14). Цы хабар хъусын кӕнӕм, уымӕн аргъ нӕй, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы адӕмӕн ис фадат, цӕмӕй Йегъовӕйы бинонтӕм ӕрбаиу уой ӕмӕ ӕнусон цардӕй схайджын уой (1 Тим. 4:16). Цас хъусын кӕнӕм, сӕйраг уый нӕу. Сӕйрагдӕр у, зӕххыл ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддаджы кӕй архайӕм, уый (1 Тим. 2:3, 4). Цӕй стыр кад у, Хуыцауы ӕмкусджытӕ кӕй стӕм! (1 Кор. 3:9).

НӔ БАР ЦЫ ИС, УУЫЛ ФИДАР ХӔЦӔМ

Тимофей хъуамӕ рӕстдзинадыл фидар хӕцыдаид, иннӕтӕ йын куы нал аргъ кодтой, уӕд (кӕс 6 абзац)

6. Хуыцауы ӕмкусджытӕ кӕй уыдысты, уымӕн чи нал аргъ кодта, уыдонӕй кӕмӕндӕрты сӕ хабар куыд рауад?

6 Тимофейы рӕстӕг чырыстӕттӕй чидӕртӕ, Хуыцауы ӕмкусджытӕ кӕй уыдысты, уымӕн нал аргъ кодтой. Зӕгъӕм, Димас ацы дуне бауарзта, ӕмӕ уый тыххӕй Павелимӕ нал лӕггад кодта (2 Тим. 4:10). Фигелл ӕмӕ Ермоген та, ӕвӕццӕгӕн, Хуыцауӕн нал лӕггад кодтой, апостол Павелау ӕфхӕрд куы баййафой, уымӕй кӕй фӕтарстысты, уый тыххӕй (2 Тим. 1:15). Именей, Алыксандр ӕмӕ Филитыл та бандӕвта, раст дин чи ныууагъта, уыдоны зондахаст, ӕмӕ рӕстдзинад ныууагътой (1 Тим. 1:19, 20; 2 Тим. 2:16–18). Ацы нӕлгоймӕгтӕ райдианы Йегъовӕйы уарзтой, фӕлӕ фӕстӕдӕр, сӕ бар сын цы бакодта, уый зынаргъ хӕзнайыл нал нымадтой.

7. Хӕйрӕг цавӕр мадзӕлттӕй пайда кӕны, цӕмӕй йӕ зондыл цӕуӕм?

7 Хӕйрӕг цы аразы, цӕмӕй, Йегъовӕ нын нӕ бар кӕй бакодта, уыцы хӕзнатӕн мауал аргъ кӕнӕм? Ӕркӕсӕм-ма, цы мадзӕлттӕй пайда кӕны, уыдонӕй цалдӕрмӕ. Зӕгъӕм, телепередачӕты, киноты, интернеты, газетты, чингуыты ӕмӕ журналты уылты ахӕм зондахаст хъары, цӕмӕй рӕстдзинадӕн мауал аргъ кӕнӕм. Стӕй ма архайы, цӕмӕй, иннӕтӕ нӕ цы ахъуыды кӕндзысты, уымӕй кӕнӕ ӕфхӕрд баййафынӕй фӕтӕрсӕм, ӕмӕ мауал хъусын кӕнӕм. Уымӕй уӕлдай ма ныл хинӕй цӕуы, цӕмӕй, раст дин чи ныууагъта, уыдон цы «мӕнг зонындзинӕдтӕ» парахат кӕнынц, уыдонмӕ хъусӕм ӕмӕ рӕстдзинад ныууадзӕм (1 Тим. 6:20, 21).

8. Ӕфсымӕр Дэниелы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?

8 Лӕмбынӕг куы нӕ уӕм, уӕд, гӕнӕн ис, сабыргай рӕстдзинад ныууадзӕм. Ӕркӕсӕм-ма Дэниелы * хабармӕ. Дэниел уарзта видеохъӕзтытӕй хъазын. Уый зӕгъы: «Видеохъӕзтытӕй хъазын райдыдтон, дӕс азы мыл куы цыд, уӕд. Фыццаг рӕстӕг, цы хъӕзтытӕй хъазыдтӕн, уыдон бынтон ӕвзӕр нӕ уыдысты. Фӕлӕ фӕстӕдӕр райдыдтон, тыхми ӕмӕ спиритизм кӕм уыд, ахӕм хъӕзтытӕй хъазын». Фӕстагмӕ-иу ын алы бон дӕр хъазыныл ацыд 15 сахаты бӕрц. Дэниел ма загъта: «Ӕмбӕрстон ӕй, цы хъӕзтытӕй хъазын ӕмӕ цас рӕстӕг фӕхъазын, уый тыххӕй Йегъовӕйӕ дардӕй-дарддӕр кӕй кӕнын. Фӕлӕ мӕхицӕн дзырдтон, зӕгъгӕ, цы аразын, уый Библийы уагӕвӕрдты ныхмӕ нӕу». Уӕдӕ лӕмбынӕг куы нӕ уӕм, уӕд, гӕнӕн ис, рӕстдзинадыл фидар мауал хӕцӕм. Ӕмӕ уӕд, Йегъовӕ нын нӕ бар цы зынаргъ хӕзнатӕ бакодта, уыдон фесафдзыстӕм.

НӔ БОН КУЫД У, НӔ БАР ЦЫ ИС, УУЫЛ ФИДАР ХӔЦЫН

9. 1 Тимофеймӕ 1:18, 19 стихтӕм гӕсгӕ, Павел Тимофейӕн цы бафӕдзӕхста?

9 Бакӕс 1 Тимофеймӕ 1:18, 19. Павел Тимофейы абарста ӕфсӕддонимӕ (2 Тим. 2:3). Ӕмӕ йын бафӕдзӕхста, «хъӕбатырӕй тох кӕн», зӕгъгӕ. Павел цы тохы кой кодта, уый ӕнӕуи тох нӕ уыд. Чырыстӕтты, тохы чи хӕцы, ахӕм ӕфсӕддонтимӕ абарӕн цӕмӕн ис? Чырыстийы ӕфсӕддонтӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ цавӕр миниуджытӕ хъӕуы нӕ удыхъӕды фидар кӕнын? Ӕркӕсӕм, Павел цы цӕвиттон ӕрхаста, уымӕй цавӕр фондз хъуыддагыл ахуыр кӕнӕм. Уыцы фондз хъуыддаджы нын баххуыс кӕндзысты рӕстдзинадыл фидар хӕцынӕн.

10. Хуыцауыл иузӕрдион цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

10 Архай, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдион уай. Хорз ӕфсӕддон тохы быдырмӕ рацӕуы, цӕмӕй бахъахъхъӕна, кӕй уарзы, уыдоны ӕмӕ йын зынаргъ цы у, уый. Павел Тимофейӕн дзырдта, Хуыцауыл иузӕрдион у, зӕгъгӕ (1 Тим. 4:7). Йегъовӕйы цас тынгдӕр уарзӕм ӕмӕ йыл цас иузӕрдиондӕр уӕм, уыйас нӕ тынгдӕр фӕнддзӕн рӕстдзинадыл фидар хӕцын (1 Тим. 4:8–10; 6:6).

Изӕрӕй фӕллад куы вӕййӕм, уӕд нӕ фӕхъӕуы бацархайын, цӕмӕй-иу ӕмбырдмӕ ацӕуӕм, ӕмӕ нын уӕд Йегъовӕ арфӕ кӕндзӕн! (кӕс 11 абзац)

11. Раст цы у, уый аразыныл архайын нӕ цӕмӕн хъӕуы?

11 Архай, цӕмӕй, раст цы у, уый аразай. Ӕфсӕддон хъуамӕ ӕппӕт хъарутӕй архайа йӕ буар фидар кӕныныл, цӕмӕй алкӕддӕр тохмӕ цӕттӕ уа. Тимофейӕн йӕ бон уыд Хӕйрӕджы ныхмӕ фӕлӕууын, уымӕн ӕмӕ Павелы уынаффӕмӕ хъуыста: ӕппӕт хъарутӕй архайдта ӕвзӕр фӕндты ныхмӕ тох кӕныныл, йӕ удыхъӕды хорз миниуджытӕ фидар кодта ӕмӕ йӕ рӕстӕг йе ’мчырыстӕттимӕ ӕрвыста (2 Тим. 2:22). Уый тыххӕй йӕ хъуыди, раст цы у, уый аразыныл архайын. Мах дӕр хъӕуы, раст цы у, уый аразыныл архайын, цӕмӕй нӕ буары монцтыл уӕлахиз кӕнӕм (Ром. 7:21–25). Уый ма нӕ хъӕуы, цӕмӕй нӕ зӕронд удыхъӕд ныууадзӕм ӕмӕ нӕ удыхъӕд ногмӕ раивӕм (Еф. 4:22, 24). Ӕмӕ, зӕгъӕм, изӕрӕй фӕллад куы вӕййӕм, уӕд дӕр нӕ фӕхъӕуы архайын, цӕмӕй-иу ӕмбырдмӕ ацӕуӕм (Дзут. 10:24, 25).

12. Цы нын баххуыс кӕндзӕн Библийӕ арӕхстджындӕрӕй пайда кӕнынӕн?

12 Ӕфсӕддон хъуамӕ йӕ хӕцӕнгӕрзтӕй арӕхстджынӕй пайда кӕнын зона. Ӕмӕ уый тыххӕй та хъуамӕ уыцы хъуыддаджы ӕдзух йӕхи фӕлвара. Мах дӕр хъуамӕ Хуыцауы Ныхасӕй арӕхстджынӕй пайда кӕнӕм (2 Тим. 2:15). Ууыл фӕахуыр кӕнӕм, зӕгъӕм, ӕмбырдты. Фӕлӕ нӕ кӕд фӕнды иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Библийы рӕстдзинадӕн аргъ кӕной, уӕд хъуамӕ нӕхӕдӕг дӕр Библи ӕдзух иртасӕм. Хуыцауы Ныхасы фӕрцы нӕ уырнындзинад фидар кӕндзӕн. Фӕлӕ уый тыххӕй Библи ӕрмӕст кӕсын фаг нӕу. Хъӕуы ма, цы бакӕсӕм, ууыл хъуыды кӕнын ӕмӕ-иу нӕ публикациты ӕрмӕг бацагурын, цӕмӕй Библийы стихтӕ раст ӕмбарӕм ӕмӕ сӕ иннӕтӕн дӕр раст ӕмбарын кӕнӕм (1 Тим. 4:13–15). Уӕд нӕ бон уыдзӕн Хуыцауы Ныхасӕй пайда кӕнын иннӕты ахуыр кӕнынӕн. Ӕмӕ уымӕ ӕрмӕст уый нӕ хауы, цӕмӕй-иу сын стих ӕнӕуи бакӕсӕм. Хъуамӕ-иу сын баххуыс кӕнӕм, стих цӕуыл дзурӕг у ӕмӕ уыдонмӕ куыд хауы, уый бамбарынӕн. Библи ӕдзух куы иртасӕм, уӕд иннӕты ахуыр кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсдзыстӕм (2 Тим. 3:16, 17).

13. Ӕмбисӕндты 22:3 стихмӕ гӕсгӕ, ӕмбаргӕ цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

13 Ӕмбаргӕ у. Ӕфсӕддон-иу хъуамӕ фыдбылыз фена ӕмӕ-иу дзы йӕхи бахиза. Мах дӕр хъуамӕ сахуыр уӕм, цӕмӕй-иу, уавӕр тӕссаг кӕй у, уый бамбарӕм ӕмӕ-иу нӕхи бӕллӕхӕй бахизӕм. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 22:3; Дзут. 5:14.) Зӕгъӕм, хъуамӕ-иу зондӕй архайӕм, нӕ фӕллад куыд уадздзыстӕм ӕмӕ цавӕр ирхӕфсӕнтӕ равзардзыстӕм, уый скъуыддзаг кӕнгӕйӕ. Арӕх телепередачӕты ӕмӕ киноты февдисынц ӕнӕгъдау цыдӕртӕ. Хъуамӕ нӕхи ахӕм ирхӕфсӕнтӕй хизӕм, кӕннод сабыргай Хуыцауӕй адард уыдзыстӕм. Мах зонӕм, Йегъовӕ ӕнӕгъдаудзинадӕй йе сӕфт кӕй уыны ӕмӕ, ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ чи аразы, уый йӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр зиан кӕй хӕссы (Еф. 5:5, 6).

14. Дэниелӕн ӕмбаргӕдзинад куыд баххуыс кодта?

14 Уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы ӕфсымӕр, Дэниел, ӕмбарын райдыдта, тыхми ӕмӕ спиритизм кӕм ис, ахӕм видеохъӕзтытӕй хъазын тӕссаг кӕй у. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы библиотекӕ»-йы бацагуырдта, уыцы хъӕзтытӕ ныууадзынӕн ын чи баххуыс кодтаид, ахӕм ӕрмӕг. Цымӕ йын уыцы ӕрмӕг баххуыс кодта? О, ӕвзӕр хъӕзтытӕй нал хъазыд. Ӕмӕ аскъуыддзаг кодта, интернеты уылты-иу кӕимӕ хъазыд, уыдонимӕ дӕр ын иумӕйагӕй кӕй ницыуал уыдзӕн. Дэниел дзуры: «Видеохъӕзтытӕй хъазыны бӕсты-иу ӕддӕмӕ рацыдтӕн кӕнӕ та-иу мӕ рӕстӕг, ӕмбырды мын цы ӕмбӕлттӕ уыд, уыдонимӕ ӕрвыстон». Ныр Дэниел лӕггад кӕны пионерӕй ӕмӕ у хистӕр нӕлгоймаг.

15. Мӕнг ныхӕстӕ тӕссаг цӕмӕй сты?

15 Тимофейау мах дӕр хъуамӕ ӕмбарӕм, раст дин чи ныууагъта, уыцы адӕм цы хъуыдытӕ парахат кӕнынц, уыдон куыд тӕссаг сты, уый (1 Тим. 4:1, 7; 2 Тим. 2:16). Зӕгъӕм, сӕ бон у нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ парахат кӕнын кӕнӕ та нӕ Йегъовӕйы организацийы тыххӕй дызӕрдыггаг хъуыдытыл ӕфтауын. Ахӕм мӕнг ныхӕсты тыххӕй, гӕнӕн ис, нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ уа. Хъуамӕ нӕхи хизӕм, цӕмӕй уыцы къӕппӕджы ма бахауӕм. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ сӕ парахат кӕнынц, «йӕ зонд зыгъуыммӕ кӕмӕн у ӕмӕ рӕстдзинадӕй йӕхи ӕнӕхай чи фӕкодта, уыдон». Уыдонӕн сӕ нысан у, цӕмӕй семӕ «радзур-бадзуртӕ» ӕмӕ «цыдӕр ныхӕстыл быцӕу кӕнын» райдайӕм (1 Тим. 6:4, 5). Фӕнды сӕ, цӕмӕй нӕ сӕ мӕнг ныхӕстӕ бауырной ӕмӕ не ’фсымӕртыл мауал ӕууӕндӕм.

16. Нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм?

16 Де ’ргом иу цӕмӕдӕр здӕхт уӕд. Тимофей «Йесо Чырыстийы хъӕбатыр ӕфсӕддон» кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ йе ’ргом ӕппынӕдзух здӕхт уыдаид йӕ лӕггадмӕ. Ӕмӕ хъуамӕ ацы дунейы мадӕр хъӕздыгдзинадмӕ тырныдтаид, мадӕр ӕндӕр нысӕнттӕм (2 Тим. 2:3, 4). Тимофейау мах дӕр хъуамӕ нӕхи хизӕм, цӕмӕй мулкмӕ бӕллын ма райдайӕм. Гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ «хъӕздыгдзинад... йӕ фӕдыл асайа», ӕмӕ Йегъовӕйы мауал уарзӕм, йӕ Ныхасӕн ын мауал аргъ кӕнӕм ӕмӕ нӕ иннӕтӕн рӕстдзинады тыххӕй дзурын мауал фӕнда (Матф. 13:22). Мах хъуамӕ хуымӕтӕг цард кӕнӕм ӕмӕ, цӕмӕй фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад агурӕм, уый тыххӕй нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ тыхтӕ ма ’вгъау кӕнӕм (Матф. 6:22–25, 33).

17, 18. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нӕ хӕлардзинад Йегъовӕимӕ бахъахъхъӕнӕм?

17 Цӕттӕ у ӕвӕстиатӕй архайынмӕ. Ӕфсӕддон хъуамӕ рагацау ахъуыды кӕна, йӕхи куыд хъахъхъӕндзӕн, ууыл. Кӕд нӕ фӕнды, Йегъовӕ нын нӕ бар цы бакодта, уыцы хӕзнатӕ бахъахъхъӕнын, уӕд-иу фыдбылыз бафиппайгӕйӕ хъуамӕ ӕвӕстиатӕй архайӕм. Уымӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн? Хъуамӕ-иу рагацау ахъуыды кӕнӕм, тӕссаг уавӕры куы бахауӕм, уӕд куыд архайдзыстӕм, ууыл.

18 Ӕрхӕссӕм цӕвиттон. Цалынмӕ хӕдтӕхӕг не стӕхы, уӕдмӕ адӕмӕн бамбарын кӕнынц, аварийы рӕстӕг сӕ цы кӕнын хъӕудзӕн. Стӕй сын равдисынц, хӕстӕгдӕр сӕм чи ис, уыцы рахизӕнтӕ. Цӕмӕн? Цӕмӕй, исты куы ’рцӕуа, уӕд хӕдтӕхӕгӕй уайтагъд рахизой. Афтӕ-иу мах дӕр хъуамӕ рагацау спълан кӕнӕм, цы сараздзыстӕм, ӕвиппайды телепередачӕйы, кинойы кӕнӕ интернеты исты ӕнӕгъдаудзинад кӕнӕ тыхми куы ауынӕм, йе та дзы, раст дин чи ныууагъта, уыдон цы парахат кӕнынц, ахӕм исты куы фенӕм кӕнӕ куы фехъусӕм, уӕд. Ахӕм уавӕртӕм цӕттӕ куы уӕм, уӕд нӕ хӕлардзинад Йегъовӕимӕ бахъахъхъӕндзыстӕм ӕмӕ йӕ цӕсты сыгъдӕг уыдзыстӕм (Пс. 101:3; 1 Тим. 4:12).

19. Йегъовӕ нын цы зынаргъ хӕзнатӕ радта, уыдон куы хъахъхъӕнӕм, уӕд цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзыстӕм?

19 Мах хъуамӕ хъахъхъӕнӕм, Йегъовӕ нын кӕй радта, уыцы зынаргъ хӕзнатӕ – Библийы рӕстдзинад зонын ӕмӕ йӕ иннӕтӕн амонын. Уӕд йӕ разы нӕ цӕсгом уыдзӕн сыгъдӕг, нӕ цардӕн уыдзӕн нысан ӕмӕ, иннӕтӕн Йегъовӕйы базонынӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый нын стыр циндзинад хӕсдзӕн. Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы нӕ бон суыдзӕн, нӕ бар нын цы бакодта, уый бахъахъхъӕнын (1 Тим. 6:12, 19).

127 ЗАРӔГ Цавӕр адӕймаг хъуамӕ уон?

^ 5 абз. Рӕстдзинад зонын ӕмӕ йӕ иннӕтӕн амонын у стыр кад. Ацы статьяйы фӕрцы базондзыстӕм, цы аразын нӕ хъӕуы, цӕмӕй уыцы кадӕн алкӕддӕр аргъ кӕнӕм ӕмӕ рӕстдзинадыл фидар хӕцӕм.

^ 8 абз. Ном ивд у.