Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

37 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Дӕ къухтӕн ӕнцой ма дӕтт»

«Дӕ къухтӕн ӕнцой ма дӕтт»

«Райсомӕй байтау дӕ хуым ӕмӕ изӕрмӕ дӕр дӕ къухтӕн ӕнцой ма дӕтт» (ЕККЛ. 11:6).

68 ЗАРӔГ Тауӕм Паддзахады мыггаг

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. Екклесиаст 11:6 стих ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаг куыд баст сты?

ИУӔЙ-ИУ бӕстӕты адӕм хорз хабар куы фехъусынц, уӕд сӕ бафӕнды фылдӕр базонын. Ӕндӕр бӕстӕты та адӕмӕн сӕ фылдӕр, Хуыцауы кӕнӕ сын Библийы тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд нӕм нӕ фӕхъусынц. Кӕм цӕрыс, уым та адӕм хорз хабармӕ цы цӕстӕй кӕсынц? Цыфӕнды цӕстӕй йӕм ма кӕсой, уӕддӕр Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй хъусын кӕнӕм, цалынмӕ, фаг у, зӕгъгӕ, нӕ зӕгъа, уӕдмӕ.

2 Йегъовӕ снысан кодта, хъусын кӕныны хъуыддаг кӕд фӕуыдзӕн, уыцы бон, ӕмӕ «уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матф. 24:14, 36). Ӕмӕ цалынмӕ уыцы рӕстӕг не ’рцыд, уӕдмӕ нӕ бон куыд у ӕххӕст кӕнын ацы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, «дӕ къухтӕн ӕнцой ма дӕтт»? * (Бакӕс Екклесиаст 11:6.)

3. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

3 Айразмӕйы статьяйы дзырд цыди, хорз «адӕмахсджытӕ» цавӕр цыппар хъуыддаджы фӕрцы суыдзыстӕм, ууыл (Матф. 4:19). Ацы статьяйы та ныхас кӕндзыстӕм, цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй дарддӕр дӕр фӕндфидарӕй хъусын кӕнӕм, цыфӕнды уавӕрты ма уӕм, уӕддӕр. Базондзыстӕм, ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй 1) хъусын кӕныны хъуыддаг фыццаг бынаты ӕвӕрӕм, 2) фӕразон уӕм, 3) нӕ уырнындзинад фидар уа, ууыл архайӕм.

ХЪУСЫН КӔНЫНЫ ХЪУЫДДАГ ФЫЦЦАГ БЫНАТЫ ӔВӔР

4. Йегъовӕ нын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый нӕ фыццаг бынаты ӕвӕрын цӕмӕн фӕнды?

4 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, фӕстаг бонты адӕм цыхуызӕн уыдзысты ӕмӕ цавӕр хабӕрттӕ цӕудзӕн. Уый зыдта, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй сын зын кӕй уыдзӕн хъусын кӕныны хъуыддаг фыццаг бынаты ӕвӕрын. Уымӕ гӕсгӕ сӕ бафӕдзӕхста, «ма бафынӕй ут», зӕгъгӕ (Матф. 24:42). Нойы заман адӕмы бирӕ цыдӕртӕ хъыгдардта, Ной сӕ цӕмӕй фӕдзӕхста, уымӕ хъусын. Ӕмӕ уыдӕттӕ, гӕнӕн ис, мах дӕр хъыгдарой (Матф. 24:37–39; 2 Пет. 2:5). Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, Йегъовӕ нын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый нӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрын.

5. Хъуыддӕгты 1:6–8 стихтӕм гӕсгӕ, хъусын кӕныны хъуыддаг кӕйонгты хъуамӕ ахӕццӕ уыдаид?

5 Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар нӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрын абон уӕлдай ахсджиаг у. Йесо загъта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ йӕ мӕлӕты фӕстӕ дӕр хорз хабар кӕй хъусын кӕндзысты ӕмӕ, зӕххыл цӕргӕйӕ йӕхӕдӕг цас сарӕзта, уымӕй фылдӕр кӕй сараздзысты (Иоан. 14:12). Чырыстийы мӕлӕты фӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иуӕй-иутӕ фӕстӕмӕ кӕсаг ахсыны куыст кӕнын райдыдтой. Фӕстӕдӕр Йесо куы райгас, уӕд сын диссаджы хуызы баххуыс кодта бирӕ кӕсаг ӕрцахсынӕн. Ӕмӕ сын уый фӕстӕ бамбарын кодта, хъусын кӕнынӕй ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕй ахсджиагдӕр куыст кӕй нӕй (Иоан. 21:15–17). Уӕлӕрвтӕм ацӕуыны хӕдразмӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, хорз хабар хъуыстгонд кӕй цӕудзӕн ӕрмӕст Израилы нӕ, фӕлӕ суанг зӕххы кӕрӕтты онг дӕр. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 1:6–8.) Фӕстӕдӕр Йесо апостол Иоаннӕн цӕстылуайӕны раргом кодта, «Хицау Йесойы бон» цы хабӕрттӕ цӕудзӕн, уыдон *. Иоанн кӕй федта, уыцы хабӕрттӕй иу уыд, зӕды разамындӕй «ӕнусон хорз хабар» хъуыстгонд кӕй цыди «алы адӕмӕн, алы мыггагӕн, алы ӕвзагӕн ӕмӕ алы адӕмыхаттӕн» (Рарг. 1:10; 14:6). Бӕрӕг у, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй уыцы диссаджы хъуыддаджы архайӕм, цалынмӕ нӕ фӕуа, уӕдмӕ.

6. Цы нын баххуыс кӕндзӕн дарддӕр дӕр хъусын кӕныны хъуыддаг фыццаг бынаты ӕвӕрынӕн?

6 Хъусын кӕныны хъуыддаг фыццаг бынаты ӕвӕрдзыстӕм, Йегъовӕ мах тыххӕй цас аразы, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд. Зӕгъӕм, парахатӕй нын дӕтты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг. Ис нӕм мыхуыргонд ӕмӕ электронон публикацитӕ, нӕ публикациты аудиозаписьтӕ, алыхуызон видеотӕ ӕмӕ нӕ интернет-телеуынынад. Ӕрмӕст-ма ахъуыды кӕн: нӕ сайты ӕрмӕг ис 1 000 ӕвзагӕй фылдӕрыл! (Матф. 24:45–47). Ацы дунейы адӕмӕн се ’хсӕн иудзинад нӕй, политикӕимӕ баст фарстатӕм иухуызон цӕстӕй кӕй нӕ кӕсынц, алыхуызон динтыл хӕст кӕй сты, стӕй сӕ иутӕ хъӕздыг кӕй сты, иннӕтӕ та мӕгуыр, уый тыххӕй. Уыдонӕй уӕлдай аст милуанӕй фылдӕр Хуыцауы лӕггадгӕнӕджы ӕгас дунейы дӕр сты иу бинонтау ӕнгом. Зӕгъӕм, 2019 азы 19 апрелы, майрӕмбоны Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ се ’ппӕт дӕр бакастысты, боны стих ӕвзӕрст кӕм цыд, уыцы программӕмӕ. Уыцы бон изӕрӕй та 20 919 041 адӕймаджы ӕрӕмбырд сты Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кӕнынмӕ. Уыцы диссӕгтӕ уынын ӕмӕ уыцы хъуыддӕгты архайын стыр кад у. Ӕмӕ ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ ноджы тынгдӕр фӕфӕнды Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын.

Йесо никуы бауагъта, цӕмӕй йын хъусын кӕнынӕй сӕйрагдӕр ӕндӕр исты суыдаид (кӕс 7 абзац)

7. Йесойы цӕвиттон нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг фыццаг бынаты ӕвӕрӕм?

7 Цы ма нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг фыццаг бынаты ӕвӕрӕм? Хъуамӕ Чырыстийы фӕзмӕм. Йесо никуы бауагъта, цӕмӕй йын хъусын кӕнынӕй сӕйрагдӕр ӕндӕр исты суыдаид (Иоан. 18:37). Хӕйрӕг ын «ӕппӕт паддзахӕдтӕ ӕмӕ сӕ кад» куы равдыста ӕмӕ йын куы загъта, зӕгъгӕ, дам, дын сӕ ратдзынӕн, уӕд сӕм не сцыбӕл. Адӕм ӕй паддзахӕй сӕвӕрынмӕ куы хъавыдысты, уӕд уымӕ дӕр не сцыбӕл (Матф. 4:8, 9; Иоан. 6:15). Йесо хъӕздыгдзинадмӕ никуы бӕллыд, стӕй йӕ ныхмӕ кӕй цыдысты, уымӕй дӕр нӕ тарст (Лук. 9:58; Иоан. 8:59). Нӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куы цӕуа, уӕд нын фидар фӕлӕууынӕн баххуыс кӕндзӕн апостол Павелы уынаффӕ. Павел чырыстӕттӕн дзырдта, зӕгъгӕ, «цӕмӕй ма бафӕллайат ӕмӕ уӕ ныфс ма асӕтта», уый тыххӕй Йесойыл хъуыды кӕнут (Дзут. 12:3).

ФӔРАЗОН У

8. Фӕразондзинад цы у ӕмӕ нӕ абон уӕлдай тынгдӕр цӕмӕн хъӕуы?

8 Фӕразон адӕймаг ӕнцад фенхъӕлмӕ кӕсы, уавӕр кӕд фӕивдзӕн, уымӕ. Фӕразондзинад нӕ фӕхъӕуы алыхуызон уавӕрты, зӕгъӕм, цавӕрдӕр уавӕр хуыздӕрырдӕм кӕд фӕивдзӕн кӕнӕ, рагӕй цӕмӕ бӕллӕм, уый кӕд сӕххӕст уыдзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ. Пехуымпар Аввакум ӕнхъӕлмӕ каст, Иудӕйы фыддзинадӕн кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, уымӕ (Ав. 1:2). Йесойы ахуыргӕнинӕгты ныфс уыди, Хуыцауы Паддзахад тагъд рӕстӕджы кӕй «раргом уыдзӕн», ӕмӕ Ромы ӕфсондзы бынӕй кӕй ссӕрибар уыдзысты (Лук. 19:11). Мах тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Хуыцауы Паддзахад фыддзинад кӕд фесафдзӕн ӕмӕ коммӕгӕс адӕмы ног дунемӕ кӕд бакӕндзӕн, уыцы бонмӕ (2 Пет. 3:13). Фӕлӕ хъуамӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Йегъовӕ уымӕн цы рӕстӕг снысан кодта, уымӕ. Ӕркӕсӕм, Йегъовӕ нӕ фӕразондзинадыл куыд ахуыр кӕны.

9. Йегъовӕ фӕразон кӕй у, уый цавӕр цӕвиттонтӕй бӕрӕг у?

9 Йегъовӕйӕ хуыздӕр фӕразондзинад ничи ӕвдисы. Йегъовӕ Нойӕн фаг рӕстӕг радта, цӕмӕй нау сарӕзтаид ӕмӕ адӕмӕн фехъусын кодтаид, тагъд Хуыцау зӕххыл Доны хъаймӕт кӕй рауадздзӕн (2 Пет. 2:5; 1 Пет. 3:20). Йегъовӕ Аврааммӕ фӕразонӕй байхъуыста, Содом ӕмӕ Гоморрӕйы цӕрджыты фесафынвӕнд куы скодта, уӕд ӕй Авраам уыцы адӕмы тыххӕй куы фарста, уӕд (Райд. 18:20–33). Бирӕ ӕнусты дӕргъы Йегъовӕ диссаджы фӕразондзинад ӕвдыста ӕгоммӕгӕс израилӕгтӕм (Неем. 9:30, 31). Ӕмӕ абон дӕр фӕразондзинад ӕвдисы, йӕхимӕ ӕрбакӕнын ӕй кӕй фӕнды, уыдонмӕ. Рӕстӕг сын дӕтты, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной (2 Пет. 3:9; Иоан. 6:44; 1 Тим. 2:3, 4). Йегъовӕйы цӕвиттон нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй дарддӕр дӕр фӕразонӕй хъусын кӕнӕм ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнӕм. Стӕй ма нӕ Йегъовӕ фӕразондзинадыл ахуыр кӕны, йӕ Ныхасы чи ис, иу ахӕм цӕвиттоны фӕрцы.

Цӕмӕй нӕ фыдӕбоны тыллӕг фенӕм, уый тыххӕй хъуамӕ зӕхкусӕгау фыдӕбон кӕнӕм ӕмӕ фӕразон уӕм (кӕс 10, 11 абзацтӕ)

10. Иаковы 5:7, 8 стихты цы зӕхкусӕджы кой ис, уый нын фӕзминаг цӕмӕй у?

10 Бакӕс Иаковы 5:7, 8. Фӕразон кӕй хъуамӕ уӕм, уый хорз зыны зӕхкусӕджы цӕвиттонӕй. Иуӕй-иу зайӕгойтӕ тагъд рӕзынц. Фӕлӕ сӕ фылдӕрӕн сӕ тыллӕгмӕ бирӕ рӕстӕг фӕхъӕуы ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Израилы-иу мыггаг байтауынӕй тыллӕг сисынмӕ рацыд ӕхсӕз мӕйы. Зӕхкусӕг-иу хор байтыдта фӕззӕджы фыццаг къӕвдаты фӕстӕ, кӕрдгӕ та-иу ӕй ӕркодта уалдзӕджы фӕстаг къӕвдаты фӕстӕ (Мар. 4:28). Мах дӕр зӕхкусӕгау фӕразон куы уӕм, уӕд уый уыдзӕн зондыл дзурӕг. Фӕлӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕнцон нӕ вӕййы.

11. Хъусын кӕнгӕйӕ ӕмӕ нын ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ фӕразондзинад куыд баххуыс кӕндзӕн?

11 Арӕх ӕнӕххӕст адӕймаг фенхъӕлмӕ кӕсы, цӕмӕй йӕ фыдӕбон уайтагъд тыллӕг ӕрхӕсса. Цӕмӕй нӕ цӕхӕрадоны исты ӕрзайа, уый тыххӕй хъӕуы бафыдӕбон кӕнын: зӕхх скъахын, мыггаг байтауын, хӕмпӕлгӕрдӕг рувын ӕмӕ хуымтыл дон кӕнын. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныныл дӕр хъӕуы бирӕ фыдӕбон кӕнын. Фӕхъӕуы рӕстӕг, цӕмӕй, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдон сахуыр уой алкӕмӕ дӕр иухуызон цӕстӕй кӕсын ӕмӕ алкӕй дӕр уарзын. Фӕразондзинад нӕм куы уа, уӕд-иу нӕ ныфс нӕ асӕтдзӕн, адӕм нӕм куы нӕ хъусой, уӕд. Фӕлӕ нӕм куы фӕхъусынц, уӕд дӕр нӕ фӕхъӕуы фӕразондзинад. Махӕн нӕ бон нӕу, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн сӕ уырнындзинад тыххӕй рӕзын кӕнын. Суанг-иу Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр алы хатт уайтагъд нӕ бамбӕрстой, цӕуыл-иу сӕ ахуыр кодта, уый (Иоан. 14:9). Уӕдӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, нӕ бон кӕй у садзын ӕмӕ дон кӕнын, фӕлӕ рӕзын та кӕны Хуыцау (1 Кор. 3:6).

12. Нӕ бон фӕразондзинад ӕвдисын куыд у, нӕ хиуӕттӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдонӕн куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд?

12 Фӕразондзинад ӕвдисын нын, гӕнӕн ис, зын уа, нӕ хиуӕттӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдонӕн куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд. Уый фӕдыл хорз уагӕвӕрд ис Екклесиасты 3:7 стихы: «Ис рӕстӕг хъусӕй лӕууынӕн ӕмӕ рӕстӕг дзурынӕн». Нӕ хорз уагахаст уынгӕйӕ нӕ хиуӕтты, чи зоны, бафӕнда хорз хабармӕ байхъусын. Фӕлӕ сын уыцы иу рӕстӕг хъуамӕ алкӕддӕр Йегъовӕйы тыххӕй дзурынмӕ дӕр цӕттӕ уӕм (1 Пет. 3:1, 2). Хъуамӕ адӕмӕн зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнӕм, фӕлӕ хъуамӕ алкӕддӕр алкӕимӕ дӕр фӕразон уӕм, уыимӕ нӕ бинонтимӕ дӕр.

13, 14. Йӕ фӕразондзинадӕй нын фӕзминаг чи у, уыдонӕй иуӕй-иутӕ чи сты?

13 Фӕразондзинадыл ма нӕ бон ахуыр кӕнын у, Библийы кӕй кой ис, уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй ӕмӕ, нӕ рӕстӕджы иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдонӕй. Аввакум бӕллыд, фыддзинадӕн кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, уыцы рӕстӕгмӕ, фӕлӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ каст. Уый загъта: «Ӕз лӕудзынӕн мӕ хъахъхъӕнӕн бынаты» (Ав. 2:1). Апостол Павел загъта, кӕй йӕ фӕнды, Йесо йын цы бахӕс кодта, уый кӕронмӕ сӕххӕст кӕнын ӕмӕ йӕ уӕларвон хӕрзиуӕг райсын. Фӕлӕ уӕддӕр дарддӕр дӕр фӕразонӕй «хорз хабар адӕмӕн бӕстон хъусын кодта» (Хъуыд. 20:24).

14 Ӕркӕсӕм, Галаады скъолайы чи ахуыр кодта, ахӕм лӕг ӕмӕ усы хабармӕ. Скъолайы фӕстӕ сӕ снысан кодтой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бирӕ кӕм не сты ӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр чырыстон диныл хӕст кӕм не сты, ахӕм бӕстӕмӕ. Библи ахуыр кӕнын кӕй фӕндыд, ахӕмтӕ дзы бирӕ нӕ уыд. Галаады кӕимӕ ахуыр кодтой, уыдон сӕм фыстой, кӕдӕм сӕ снысан кодтой, уыцы бӕстӕты Библи бирӕтимӕ кӕй ахуыр кӕнынц ӕмӕ дзы бирӕтӕ донаргъуыд кӕй райсынц. Фӕлӕ уыцы лӕг ӕмӕ ус дарддӕр фӕразонӕй хъусын кодтой, кӕд сӕм сӕ территорийы адӕмӕн сӕ фылдӕр нӕ хъуыстой, уӕддӕр. Ӕппынфӕстаг, аст азы фӕстӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кодтой, уыдонӕй иу донаргъуыд райста. Ахъуыды-ма кӕнут, куыд цин кодтаиккой! Уӕдӕ рагон ӕмӕ нырыккон лӕггадгӕнджытӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Сӕ зӕрдӕты зынг ахуыссын нӕ бауагътой ӕмӕ сӕ къухтӕн ӕнцой нӕ лӕвӕрдтой, ӕмӕ сын Йегъовӕ сӕ фӕразондзинады тыххӕй раарфӕ кодта. Цӕй уӕдӕ «Хуыцау сӕ уырнындзинад ӕмӕ сӕ фӕразондзинады тыххӕй хорздзинӕдтӕй зӕрдӕ кӕмӕн бавӕрдта», уыдоны фӕзмӕм (Дзут. 6:10–12).

ДӔ УЫРНЫНДЗИНАД ФИДАР УӔД

15. Уырнындзинад нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй дарддӕр дӕр хорз хабар хъусын кӕнӕм?

15 Цы хорз хабар хъусын кӕнӕм, уый нӕ фидарӕй уырны ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмӕн фехъусын кӕнӕм. Мах нӕ дызӕрдыг кӕнӕм Библийы зӕрдӕвӕрдтыл (Пс. 119:42; Ис. 40:8). Мах уынӕм, Библийы пехуымпарӕдтӕ нӕ рӕстӕджы кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый. Стӕй уынӕм, адӕм Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын куы райдайынц, уӕд сӕ цард хуыздӕрырдӕм кӕй аивы. Уый фӕрцы нӕ ноджы тынгдӕр уырны, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар алкӕй дӕр фехъусын кӕй хъӕуы.

16. Псалом 46:1–3 стихтӕм гӕсгӕ, Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндӕм, уый нын хъусын кӕнынӕн куыд ӕххуыс кӕны? Йесойыл кӕй ӕууӕндӕм, уый та?

16 Уымӕй уӕлдай мах ӕууӕндӕм Йегъовӕйыл, хорз хабар кӕмӕй у, ууыл ӕмӕ Йесойыл, Хуыцау йӕ Паддзахады Паддзахӕй кӕй сӕвӕрдта, ууыл (Иоан. 14:1). Цыфӕнды уавӕры ма бахауӕм, Йегъовӕ алкӕддӕр уыдзӕн не ’мбӕхсӕн ӕмӕ нӕ хъару. (Бакӕс Псалом 46:1–3.) Уымӕй уӕлдай мах фидарӕй уырны, Йесо уӕлӕрвтӕй хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд кӕй дӕтты. Ӕмӕ уый аразы, Йегъовӕ йын кӕй радта, уыцы барты ӕмӕ уыцы тыхы фӕрцы (Матф. 28:18–20).

17. Дарддӕр дӕр хъусын кӕнын кӕй хъӕуы, уый цавӕр цӕвиттонӕй у бӕрӕг?

17 Уырнындзинад нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нын нӕ фыдӕбонӕн кӕй раарфӕ кӕндзӕн, гӕнӕн ис, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ уӕм, афтӕ (Еккл. 11:6). Зӕгъӕм, алы бон дӕр мингай адӕм фенынц нӕ стендтӕ. Цымӕ стендтимӕ кӕй хъусын кӕнӕм, уый исты пайда у? Бӕгуыдӕр! Зӕгъӕм, 2014 азы ноябры «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» фыст уыди, университеты чи ахуыр кодта, иу ахӕм чызджы тыххӕй. Хъуамӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй реферат ныффыстаид. Йӕ бон Паддзахады зал ссарын нӕ уыд, фӕлӕ университеты раз федта Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты стендимӕ лӕугӕ. Ӕмӕ йын уыдон реферат ныффыссынӕн ӕрмӕг радтой. Ӕппынфӕстаг уыцы чызг донаргъуыд райста ӕмӕ ныр лӕггад кӕны пионерӕй. Ахӕм хабӕрттӕ куы фехъусӕм, уӕд нӕ дарддӕр дӕр фӕфӕнды хъусын кӕнын, уымӕн ӕмӕ, Хуыцауы чи агуры, ахӕм адӕм нырма ис.

ДӔ КЪУХТӔН ӔНЦОЙ МА ДӔТТ

18. Фидарӕй нӕ цӕмӕн уырны, хъусын кӕныны хъуыддаг кӕй фӕуыдзӕн, Йегъовӕ уымӕн цы рӕстӕг снысан кодта, уӕд?

18 Мах фидарӕй уырны, хъусын кӕныны хъуыддаг кӕй фӕуыдзӕн йӕ тӕккӕ афоныл. Цыбыртӕй аныхас кӕнӕм Нойы заманы хабӕрттыл. Йегъовӕ равдыста, алцӕмӕн дӕр ӕппӕты хуыздӕр рӕстӕг кӕй равзары. Доны хъаймӕт кӕд райдайдзӕн, уымӕн Йегъовӕ рӕстӕг рагацау снысан кодта, иу-120 азы раздӕр. Уымӕй цалдӕр дӕс азы фӕстӕ Йегъовӕ Нойӕн загъта, цӕмӕй нау сарӕзтаид. Доны хъаймӕты размӕ Ной, ӕвӕццӕгӕн, 40–50 азы дӕргъы уӕззау фыдӕбон кодта. Кӕд адӕм Ноймӕ нӕ хъуыстой, уӕддӕр сӕ фӕдзӕхста, цалынмӕ Йегъовӕ нӕ загъта, цӕрӕгойты наумӕ бакӕныны афон кӕй у, уӕдмӕ. Стӕй, нысангонд рӕстӕг куы ’рцыд, уӕд «Йегъовӕ дуар сӕхгӕдта» (Райд. 6:3; 7:1, 2, 16).

19. Нӕ къухтӕн ӕнцой куы нӕ дӕттӕм, уӕд нӕм цавӕр фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

19 Тагъд Йегъовӕйы фӕндмӕ гӕсгӕ, хъусын кӕныны хъуыддаг фӕуыдзӕн. Стӕй Йегъовӕ Хӕйрӕджы цардӕвӕрдыл «дуар сӕхгӕндзӕн», ома йӕ фесафдзӕн, ӕмӕ коммӕгӕс адӕмы ног дунемӕ бакӕндзӕн. Уӕдмӕ та фӕзмӕм, йӕ къухтӕн ӕнцой чи нӕ лӕвӕрдта, уыдоны – Нойы, Аввакумы ӕмӕ Хуыцауы иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты. Цӕй уӕдӕ, ахсджиагдӕр цы у, уый фыццаг бынаты ӕвӕрӕм, фӕразон уӕм, стӕй Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтыл фидарӕй ӕууӕндӕм!

75 ЗАРӔГ «Мӕнӕ ӕз! Мӕн арвит!»

^ 5 абз. Айразмӕйы статья, Библи чи ахуыр кӕны ӕмӕ йӕ цард чи фӕивта, уыдоны разӕнгард кодта, цӕмӕй «адӕмахсджытӕ» суой. Ацы статьяйы та ӕркӕсдзыстӕм, ног хъусынгӕнджытӕн дӕр ӕмӕ, рагӕй чи хъусын кӕны, уыдонӕн дӕр цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй сӕ фидар фӕнд уа дарддӕр дӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын, цалынмӕ Йегъовӕ, фаг у, зӕгъгӕ, нӕ зӕгъа, уӕдмӕ.

^ 2 абз. АЦЫ НЫХӔСТӔН СӔ ХЪУЫДЫ ЦЫ У. Ацы статьяйы дзырдбаст, «дӕ къухтӕн ӕнцой ма дӕтт», зӕгъгӕ, ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ фидар фӕнд хъуамӕ уа хорз хабар хъусын кӕнын, цалынмӕ Йегъовӕ, фаг у, зӕгъгӕ, нӕ зӕгъа, уӕдмӕ.

^ 5 абз. «Хицау Йесойы бон» райдыдта, 1914 азы Йесо Чырысти паддзах куы сси, уӕд ӕмӕ фӕуыдзӕн йӕ Миназон хицаудзинады кӕрон.