Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Екклесиасты 5:8 стихы цы фыст ис, уым дзырд ӕрмӕст зӕххон хицӕуттыл цӕуы ӕви Йегъовӕйыл дӕр?

▪ Ацы стихы фыст ис: «Искӕцы бӕстӕйы куы фенай, ӕмӕ мӕгуырты ӕфхӕрынц, рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон зыгъуыммӕ кӕнынц, уӕд-иу дӕм диссаг ма фӕкӕсӕд, уымӕн ӕмӕ хицауы сӕрмӕ дӕр ис чидӕр, ӕмӕ алкӕй сӕрмӕ дӕр ис, йӕхицӕй уӕлдӕр чи у, ахӕм» (Еккл. 5:8).

Адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ, ацы стихы дзырд цӕуы ӕрмӕстдӕр хицӕуттыл. Фӕлӕ йыл арфдӕр куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд ма дзы ссардзыстӕм ахсджиаг хъуыды Йегъовӕйы тыххӕй дӕр. Уыцы хъуыды нӕ ныфс уадзы ӕмӕ нын удӕнцой хӕссы.

Екклесиаст 5:8 стих амоны, мӕгуырты бартӕ чи ссӕнды ӕмӕ сын сӕ хъуыддӕгтӕ рӕстӕй чи не ’взары, ахӕм хицӕуттӕм. Хицау хъуамӕ йӕ зӕрдыл дара, йӕ хъуыддӕгтӕм ын кӕй кӕсы, йӕхицӕй уӕлдӕр бынат чи ахсы кӕнӕ фылдӕр бартӕ кӕмӕ ис, ахӕм хицау. Ӕмӕ уый сӕрмӕ дӕр, чи зоны, ис, ноджы фылдӕр бартӕ кӕмӕ ис, ахӕм хицӕуттӕ. Хъыгагӕн, афтӕ вӕййы, ӕмӕ бӕстӕйы сӕргъы чи лӕууы, уыцы хицӕуттӕ иууылдӕр вӕййынц гӕртамхортӕ. Ӕмӕ уыцы хицӕутты хӕрам хъуыддӕгты тыххӕй хуымӕтӕг адӕм фӕудхар кӕнынц.

Фӕлӕ кӕд бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ уымӕн сраст кӕнӕн нӕй, уӕд дӕр махӕн стыр удӕнцой хӕссы, Йегъовӕ хицӕуттӕй уӕлдӕр кӕй у. Махӕн нӕ бон у Йегъовӕйӕ ӕххуыс ракурын ӕмӕ йыл нӕ уаргъ сӕвӕрын (Пс. 55:22; Фил. 4:6, 7). Мах зонӕм: «Йегъовӕйы цӕстытӕ фӕлгӕсынц ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр, цӕмӕй, йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ кӕмӕн у, уыдоны тыххӕй йӕ хъару равдиса» (2 Аз. 16:9).

Уӕдӕ Екклесиаст 5:8 стих хорз ӕвдисы, зӕххон хицӕуттӕн сӕ хабар куыд у, уый: алкӕцы хицауӕн дӕр йӕ сӕрмӕ ис ӕндӕр хицау. Уымӕй ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ нын ацы стих нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Йегъовӕ ӕппӕт хицӕуттӕй дӕр уӕлдӕр кӕй у, ӕппӕт бартӕ дӕр уымӕ кӕй сты. Абон нын Йегъовӕ разамынд дӕтты йӕ Фырт ӕмӕ йӕ Паддзахады Паддзах Йесо Чырыстийы уылты. Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау алцӕмӕ дӕр йӕ хъус дары ӕмӕ алкӕддӕр рӕстӕй фӕархайы. Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис йӕ Фыртӕй дӕр.