Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

38 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Сабыр рӕстӕгӕй ӕмбаргӕйӕ пайда кӕн

Сабыр рӕстӕгӕй ӕмбаргӕйӕ пайда кӕн

«Зӕххыл [уыд] сабырдзинад... Уыцы азты йемӕ ничи хӕцыд, уымӕн ӕмӕ йын Йегъовӕ радта ӕнцойдзинад» (2 АЗ. 14:6).

60 ЗАРӔГ Сӕ цард ууыл баст у

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын зындӕр кӕд вӕййы?

КУЫД дӕм кӕсы, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын зындӕр кӕд вӕййы: бирӕ зындзинӕдтӕ нын куы вӕййы, уӕд ӕви, нӕ царды алцыдӕр хорз куы вӕййы, уӕд? Зын уавӕры куы бахауӕм, уӕд уайтагъд Йегъовӕйӕ ӕххуыс курын райдайӕм. Фӕлӕ нӕ царды алцыдӕр хорз куы вӕййы, уӕд та? Ахӕм рӕстӕджыты нӕ, Хуыцауӕн лӕггад кӕнын куыд ахсджиаг у, уый нӕ айрох вӕййы? Ӕмӕ Йегъовӕ дӕр израилӕгты уымӕй фӕдзӕхста (Дык. з. 6:10–12).

Паддзах Асӕ тох кӕны мӕнгхуыцӕуттӕн кувыны ныхмӕ (кӕс 2 абзац) *

2. Паддзах Асӕ фӕзминаг цӕмӕй у?

2 Паддзах Асӕ нын фӕзминаг у, йӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл кӕй дардта ӕмӕ ӕмбаргӕйӕ кӕй архайдта, уымӕй. Асӕ Йегъовӕйӕн ӕрмӕст зын рӕстӕджыты нӕ лӕггад кодта, фӕлӕ сабыр рӕстӕг дӕр. Библийы Асӕйы тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, «цалынмӕ ӕгас уыд, уӕдмӕ йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр уыд Йегъовӕимӕ» (1 Пад. 15:14). Хуыцауыл иузӕрдион кӕй уыд, уый бӕрӕг уыд, Иудӕйы зӕхх мӕнгхуыцӕуттӕй кӕй ссыгъдӕг кодта, уымӕй. Асӕ «ныппырх кодта ӕцӕгӕлон хуыцӕутты нывондхӕссӕнтӕ ӕмӕ кувӕн бынӕттӕ, ныссаста кувӕн дуртӕ ӕмӕ афӕлдӕхта кувӕн цӕджындзтӕ» (2 Аз. 14:3, 5). Суанг ма йӕ фыдымад Маахӕйӕн дӕр йӕ бартӕ байста, ӕмӕ ус-паддзах нал уыд. Афтӕ цӕмӕн бакодта? Уымӕн ӕмӕ Маахӕ адӕмы мӕнгхуыцауӕн кувыныл ӕфтыдта (1 Пад. 15:11–13).

3. Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

3 Асӕ мӕнгхуыцӕутты кӕй фесӕфта, уый иу хъуыддаг у. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай Иудӕйы адӕмӕн баххуыс кодта, цӕмӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ раздӕхтаиккой. Ӕмӕ сын Йегъовӕ раарфӕ кодта – бӕстӕйы сабыр рӕстӕг скодта. Асӕ паддзах куы уыди, уыцы рӕстӕг дӕс азы дӕргъы Иудӕйы «зӕххыл сабырдзинад... уыд» (2 Аз. 14:1, 4, 6). Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, Асӕ уыцы сабыр рӕстӕгӕй куыд спайда кодта. Стӕй аныхас кӕндзыстӕм, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ дӕр Асӕйау сабыр рӕстӕгӕй куыд пайда кодтой, ууыл. Ӕмӕ фӕстагмӕ дзуапп базондзыстӕм ахӕм фарстайӕн: кӕд, Хуыцауӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕнӕн кӕм ис, ахӕм бӕстӕйы цӕрӕм, уӕд нӕ бон куыд у сабыр рӕстӕгӕй ӕмбаргӕйӕ пайда кӕнын?

АСӔ САБЫР РӔСТӔГӔЙ КУЫД ПАЙДА КОДТА

4. 2 Азфыстыты 14:2, 6, 7 стихтӕм гӕсгӕ, Асӕ сабыр рӕстӕгӕй куыд пайда кодта?

4 Бакӕс 2 Азфыстыты 14:2, 6, 7. Асӕ Иудӕйы адӕмӕн загъта: «[Йегъовӕ] нын алырдыгӕй ӕнцойдзинад радта». Уый афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ уыцы рӕстӕг хъуамӕ сӕ уды дзӕбӕхӕн цардаиккой, ӕндӕр мацы куыстаиккой. Уый бӕсты Асӕ горӕттӕ, къултӕ, мӕсгуытӕ, стӕй кулдуӕрттӕ арӕзта. Уый адӕмӕн загъта, нырма «зӕхх нӕ къухы ис», зӕгъгӕ. Уымӕй йӕ зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ сӕ уыцы рӕстӕг се знӕгтӕ сӕ зӕххыл сӕрибарӕй рацу-бацу кӕнын ӕмӕ сӕ горӕттӕ фидар кӕнын нӕ хъыгдардтой. Асӕ адӕмы фӕдзӕхста, цӕмӕй сабыр рӕстӕгӕй ӕмбаргӕйӕ пайда кодтаиккой.

5. Асӕ йе ’фсад цӕмӕн цӕттӕ кодта?

5 Иудӕйы сабыр рӕстӕг куы уыд, уӕд Асӕ уымӕй спайда кодта, цӕмӕй йе ’фсад бацӕттӕ кодтаид, ӕмӕ бахъуаджы сахат тохмӕ цӕттӕ уыдаиккой (2 Аз. 14:8). Цымӕ афтӕ кӕй бакодта, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ ныфс Йегъовӕйыл нӕ дардта? Нӕ, паддзах Асӕ зыдта, йӕ хӕс кӕй уыд, цӕмӕй адӕмы бацӕттӕ кодтаид, фидӕны цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлдаиккой, уыдонмӕ. Уый ӕмбӕрста, сабыр рӕстӕг бирӕ кӕй нӕ ахӕсдзӕн. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ рауад.

ФЫЦЦАГ ӔНУСЫ ЧЫРЫСТӔТТӔ САБЫР РӔСТӔГӔЙ КУЫД ПАЙДА КОДТОЙ

6. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ-иу сабыр рӕстӕджыты цы арӕзтой?

6 Фыццаг ӕнусы чырыстӕтты фӕдыл-иу арӕх зылдысты. Фӕлӕ-иу сын сабыр рӕстӕджытӕ дӕр скодта. Цымӕ-иу ахӕм рӕстӕджыты уыцы иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ цы арӕзтой? Хорз хабар ӕнӕрынцойӕ хъусын кодтой. Хъуыддӕгты чиныджы фыст ис, ахуыргӕнинӕгты кӕй уыди «Йегъовӕйы тас». Уыдон дарддӕр дӕр хорз хабар хъусын кодтой ӕмӕ уый фӕрцы «фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой». Бӕрӕг у, чырыстӕттӕ сабыр рӕстӕджыты зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кодтой, уымӕн Йегъовӕ кӕй арфӕ кодта (Хъуыд. 9:26–31).

7, 8. Радзур, Павел ӕмӕ-иу иннӕ чырыстӕттӕн хъусын кӕнынӕн фадат куы фӕзынд, уӕд-иу дзы куыд спайда кодтой.

7 Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ хорз хабар хъусын кӕнынӕн пайда кодтой алы фадатӕй дӕр. Зӕгъӕм, апостол Павел куы бамбӕрста, Ефесы йын лӕггад кӕнынӕн стыр дуар кӕй байгом, уӕд уыцы горӕты баззад ӕмӕ хорз хабар хъусын кодта (1 Кор. 16:8, 9).

8 Уый фӕстӕ ма Павелӕн ӕмӕ иннӕ чырыстӕттӕн ноджыдӕр иу фадат фӕзынд хорз хабар хъусын кӕнынӕн. Уый уыд нӕ эрӕйы 49 азы, апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Иерусалимы сунӕт кӕныны фарста куы аскъуыддзаг кодтой, уӕд (Хъуыд. 15:23–29). Цы уынаффӕ рахастой, уый тыххӕй ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмбырдты куы фехъуыстой, уӕд ӕппӕт хъарутӕй райдыдтой хъусын кӕнын «хорз хабар, Йегъовӕйы ныхас» (Хъуыд. 15:30–35). Ӕмӕ сын цы бантыст? Библийы фыст ис: «Ӕмбырдты ахуыргӕнинӕгты уырнындзинад фидардӕр кодта ӕмӕ бонӕй-бонмӕ фылдӕр кодтой» (Хъуыд. 16:4, 5).

АБОН ДӔР САБЫР РӔСТӔГӔЙ ПАЙДА КӔНӔМ

9. Абон бирӕ бӕстӕты уавӕр куыд у ӕмӕ цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?

9 Абон нӕ бирӕ бӕстӕты хъусын кӕнын ничи хъыгдары. Кӕм цӕрыс, уыцы бӕстӕйы Хуыцауӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕнын дӕ бон у? Кӕд о, уӕд ахъуыды кӕн: «Уыцы сӕрибардзинадӕй куыд пайда кӕнын?» Ацы фӕстаг бонты Йегъовӕйы адӕм архайынц диссаджы куысты – ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр хъусын кӕнынц хорз хабар, ӕмӕ уыйбӕрц адӕмӕн ахӕм фадат никуыма уыд, цӕмӕй Йегъовӕйы тыххӕй фехъусой (Мар. 13:10). Ӕмӕ нын уыцы хъуыддаджы архайынӕн бирӕ фадӕттӕ ис.

Бирӕтӕ райдыдтой ӕндӕр бӕстӕйы лӕггад кӕнын кӕнӕ ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕн хъусын кӕнын, ӕмӕ стыр арфӕдзинӕдтӕй схайджын сты (кӕс 10–12 абзацтӕ) *

10. 2 Тимофеймӕ 4:2 стих нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны?

10 Дӕ бон куыд у сабыр рӕстӕгӕй ӕмбаргӕйӕ пайда кӕнын? (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 4:2.) Дӕ уавӕртыл ахъуыды кӕн. Чи зоны дӕхи бон кӕнӕ дӕ бинонтӕй искӕй бон уаид фылдӕр хъусын кӕнын кӕнӕ суанг пионерӕй лӕггад кӕнын дӕр. Ныр уый рӕстӕг нӕу, цӕмӕй мулк ӕмбырд кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ стыр бӕллӕхы рӕстӕг мулкӕй ницы пайда уыдзӕн (Ӕмб. 11:4; Матф. 6:31–33; 1 Иоан. 2:15–17).

11. Иуӕй-иутӕ цы аразынц, цӕмӕй хорз хабар, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмӕн фехъусын кӕной?

11 Хъусынгӕнджытӕй бирӕтӕ ӕндӕр ӕвзаг сахуыр кодтой, цӕмӕй уыцы ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕн хъусын кӕной ӕмӕ семӕ Библи ахуыр кӕной. Хуыцауы организаци сын уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кӕны, Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл кӕй уадзы, уый фӕрцы. Ӕмӕ уыцы ӕвзӕгты нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны. Зӕгъӕм, 2010 азы литературӕ уыд иу-500 ӕвзагыл. Абон та уыцы ӕвзӕгты нымӕц у 1 000 фылдӕр!

12. Адӕймаг Хуыцауы Ныхасы рӕстдзинад йӕхи ӕвзагыл куы фехъусы, уӕд ыл уый куыд бандавы? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

12 Адӕм Хуыцауы Ныхасы рӕстдзинад сӕхи ӕвзагыл куы фехъусынц, уӕд сыл уый куыд бандавы? Ӕркӕсӕм иу хойы хабармӕ. Уыцы хо уыд регионалон конгрессы Америкӕйы Иугонд Штатты. Конгресс уыд ӕвзаг киньяруандӕйыл. Уыцы ӕвзагыл дзурынц сӕйраджыдӕр Руандӕйы, Конгойы (Киншасӕ) ӕмӕ Угандӕйы. Киньяруандӕ уыцы хойӕн йӕ мадӕлон ӕвзаг у, ӕмӕ конгрессы фӕстӕ хо загъта: «Иугонд Штатты 17 азы цӕрын, ӕмӕ конгрессы программӕ афтӕ хорз фыццаг хатт бамбӕрстон». Бӕрӕг у, хойӕн йӕ зӕрдӕ тынг кӕй бацагайдта, конгрессы программӕмӕ йӕхи ӕвзагыл кӕй байхъуыста, уый. Кӕд уӕ территорийы ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг адӕм цӕры, уӕд сын се ’взаг сахуыр кӕнын дӕ бон нӕ уаид? Хорз хабар сын сӕхи ӕвзагыл куы хъусын кӕнай, уӕд сын ӕхсызгондӕр нӕ уыдзӕн? Дӕ фыдӕбон дын стыр циндзинад ӕрхӕсдзӕн.

13. Не ’фсымӕртӕ Уӕрӕсейы сабыр рӕстӕгӕй куыд спайда кодтой?

13 Не ’ппӕтӕн ахӕм фадат нӕй, цӕмӕй сӕрибарӕй хъусын кӕнӕм. Иуӕй-иу бӕстӕты нӕ бон сӕрибарӕй хъусын кӕнын нӕ вӕййы, хицауад нын нӕ хъуыддаг кӕй сӕхгӕны, уый тыххӕй. Ӕркӕсӕм не ’фсымӕрты хабармӕ Уӕрӕсейы. Дӕсазты дӕргъы сӕ фӕдыл зылдысты, фӕлӕ сын 1991 азы мартъийы хицауад сӕрибарӕй лӕггад кӕныны бар радта. Уыцы рӕстӕг дзы иу-16 000 хъусынгӕнӕджы йеддӕмӕ нӕ уыд. Ссӕдз азы фӕстӕ та дзы уыд 160 000 хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр! Бӕрӕг у, ӕфсымӕртӕн сӕрибарӕй хъусын кӕныны фадат куы уыд, уӕд ӕмбаргӕйӕ кӕй архайдтой. Ӕмӕ кӕд уыцы сабыр рӕстӕг фӕцис, уӕддӕр раздӕрау зынгзӕрдӕ сты ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕныны хъуыддаджы, сӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразынц.

САБЫР РӔСТӔГ АЛКӔД НӔ УЫДЗӔН

Паддзах Асӕ Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй куы скуывта, уӕд Йегъовӕ Иудӕйы адӕмӕн се знӕгты хъомысджын ӕфсад сӕ къухмӕ радта (кӕс 14, 15 абзацтӕ)

14, 15. Йегъовӕ Асӕйӕн куыд баххуыс кодта?

14 Асӕйы заман сабыр рӕстӕгӕн кӕрон ӕрцыд. Хъомысджын эфиопаг ӕфсад Иудӕйы ныхмӕ рацыд, уыди дзы иу милуан хӕстоны бӕрц. Уыцы ӕфсады сӕргълӕууӕг, Зара, нӕ дызӕрдыг кодта, Иудӕйы ӕфсадыл кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн. Фӕлӕ паддзах Асӕ йӕ ныфс дардта йӕ Хуыцау Йегъовӕйыл. Асӕ Йегъовӕмӕ скуывта: «Баххуыс нын кӕн, о Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, уымӕн ӕмӕ дӕуыл дарӕм нӕ зӕрдӕ ӕмӕ дӕ номӕй рацыдыстӕм ацы бирӕ адӕмы ныхмӕ» (2 Аз. 14:11).

15 Кӕд ефиопаг ӕфсӕддонтӕ израилаг ӕфсӕддонтӕй дыууӕ хатты фылдӕр уыдысты, уӕддӕр Асӕ зыдта, Йегъовӕ куыд тыхджын у, уый ӕмӕ йӕ бон кӕй у йӕ адӕмӕн баххуыс кӕнын. Ӕмӕ Йегъовӕ Асӕйы нӕ фӕфыдӕнхъӕл кодта – баххуыс ын кодта ефиопӕгты ӕфсад ныддӕрӕн кӕнынӕн (2 Аз. 14:8–13).

16. Кӕцӕй йӕ зонӕм, алкӕд сабыр рӕстӕг кӕй нӕ уыдзӕн?

16 Фидӕны нӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый лыстӕг хабӕртты онг нӕ зонӕм. Фӕлӕ зонӕм, ӕмӕ кӕд ныр сабыр рӕстӕг у, уӕддӕр алкӕд афтӕ кӕй нӕ уыдзӕн. Йесо загъта, фӕстаг бонты йын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй «ӕппӕт адӕмтӕ дӕр се сӕфт [кӕй] уындзысты» (Матф. 24:9). Апостол Павел дӕр загъта: «Хуыцауыл иузӕрдионӕй ӕмӕ Йесо Чырыстиимӕ иудзинады цӕрын кӕй фӕнды, уыдон се ’ппӕт дӕр ӕфхӕрд ӕййафдзысты» (2 Тим. 3:12). Хӕйрӕг «тынг мӕсты» у, ӕмӕ абон уа ӕви райсом – алкӕуыл дӕр нӕ йӕ маст ныккалдзӕн (Рарг. 12:12).

17. Нӕ уырнындзинад, чи зоны, фӕлвӕрд куыд ӕрцӕудзӕн?

17 Тынг тагъд не ’ппӕты уырнындзинад дӕр фӕлвӕрд ӕрцӕудзӕн. Тагъд уыдзӕн, «дунейы фӕзындӕй нырмӕ чи никуыма уыди, ахӕм стыр бӕллӕх» (Матф. 24:21). Уыцы рӕстӕг нӕ бинонтӕ, гӕнӕн ис, нӕ ныхмӕ суой ӕмӕ нын хицауад нӕ хъуыддаг сӕхгӕна (Матф. 10:35, 36). Цымӕ махӕй алчидӕр Асӕйау йӕ ныфс Йегъовӕйыл дардзӕн ӕмӕ йӕ фидарӕй уырндзӕн, кӕй йын баххуыс кӕндзӕн ӕмӕ йӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн?

18. Дзуттӕгтӕм 10:38, 39 стихтӕм гӕсгӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн нӕхи фидӕны хабӕрттӕм бацӕттӕ кӕнынӕн?

18 Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм, ӕмӕ нӕм разӕй цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕ цӕттӕ уӕм. Уый тыххӕй нын «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты уырнындзинад фидаргӕнӕн «хӕринаг афоныл дӕтты» (Матф. 24:45). Фӕлӕ нӕхи дӕр хъӕуы ӕппӕт хъарутӕй архайын, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 10:38, 39.)

19, 20. 1 Азфыстыты 28:9 стихы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ нӕ цавӕр фарстатыл хъӕуы ахъуыды кӕнын ӕмӕ цӕмӕн?

19 Паддзах Асӕйау мах дӕр хъӕуы «Йегъовӕйы агурын» (2 Аз. 14:4; 15:1, 2). Йегъовӕйы агурын райдайӕм, куы йӕ базонӕм ӕмӕ донаргъуыд куы райсӕм, уӕд. Ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр хъуамӕ алы фадатӕй дӕр пайда кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы ноджы тынгдӕр бауарзӕм. Хъуамӕ-иу ахъуыды кӕнӕм: «Алы ӕмбырдмӕ дӕр фӕцӕуын?» Ӕмбырдты фӕрцы нӕм хъарутӕ фӕзыны дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн, стӕй нӕ уым хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ бафидар кӕнынц (Матф. 11:28). Ноджыдӕр ма хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм: «Библи ӕдзух фӕиртасын?» Кӕд дӕ бинонтимӕ цӕрыс, уӕд алы къуыри дӕр бинонты ахуырӕн рӕстӕг рахицӕн кӕныс? Кӕнӕ кӕд иунӕгӕй цӕрыс, уӕддӕр Библи иртасынӕн рӕстӕг рахицӕн кӕныс, бинонтимӕ цӕргӕйӕ куыд кодтаис, афтӕ? Хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнингтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы ӕппӕт хъарутӕй архайыс?

20 Ацы фарстатыл ахъуыды кӕнын нӕ цӕмӕн хъӕуы? Библийы фыст ис, Йегъовӕ нын кӕй зоны нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Ӕмӕ-иу мах дӕр хъуамӕ нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсӕм, цӕмӕй-иу базонӕм, нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуынц ӕви нӕ. (Бакӕс 1 Азфыстыты 28:9.) Куы йӕ бамбарӕм, нӕ нысӕнттӕ кӕнӕ та нӕ нӕ зондахаст фӕивын кӕй хъӕуы, уӕд-иу хъуамӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс курӕм. Ныр у уый рӕстӕг, цӕмӕй нӕхи бацӕттӕ кӕнӕм, разӕй нӕм цы фӕлварӕнтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонмӕ. Уӕдӕ уӕ мацы бакъуылымпы кӕнӕд сабыр рӕстӕгӕй ӕмбаргӕйӕ пайда кӕнын!

62 ЗАРӔГ Ног зарӕг

^ 5 абз. Цы бӕстӕйы цӕрыс, уым Йегъовӕйӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕныны бар ис? Кӕд о, уӕд уыцы сабыр рӕстӕгӕй куыд пайда кӕныс? Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, нӕ бон куыд у фӕзмын Иудӕйы паддзах Асӕйы ӕмӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕтты. Уыдон сабыр рӕстӕгӕй ӕмбаргӕйӕ пайда кодтой.

^ 56 абз. НЫВ. Паддзах Асӕ йӕ фыдымадӕн йӕ бартӕ байста, адӕмы мӕнгхуыцауӕн кувыныл кӕй ӕфтыдта, уый тыххӕй. Асӕйы фарс чи уыд, уыдон йӕ разамындмӕ гӕсгӕ мӕнгхуыцӕуттӕ ныппырх кодтой.

^ 58 абз. НЫВ. Зынгзӕрдӕ лӕг ӕмӕ ус сӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кодтой, цӕмӕй, фылдӕр хъусынгӕнджытӕ кӕм хъӕуы, ахӕм ран лӕггад кӕной.