Зыдтай йӕ?
Археологи куыд бӕлвырд кӕны, Валтасар ӕцӕгдӕр кӕй цард ӕмӕ Вавилоны паддзах кӕй уыд, уый?
БИБЛИМӔ фаутӕ чи хӕссы, уыцы ахуыргӕндтӕ бирӕ азты дӕргъы дзырдтой, Данелы чиныджы цы Валтасары кой ис, уый кӕй никуы цард ӕмӕ ахӕм паддзах кӕй никуы уыд (Дан. 5:1). Ахӕм хъуыдыйыл хӕст уымӕн уыдысты, ӕмӕ археологтӕн сӕ бон нӕ уыд ссарын, Валтасар ӕцӕгдӕр кӕй цард, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Фӕлӕ 1854 азы сӕ хъуыды фӕивтой. Цымӕ цӕмӕн?
Уыцы аз бритайнаг консул Джон Джордж Тейлор сгӕрста рагон горӕт Уры хӕлддзӕгтӕ (ныртӕккӕ уый у Иракы хуссар хай). Ӕмӕ уым иу стыр мӕсыджы ссардта цалдӕр ӕлыг цилиндры. Алкӕцыйӕн дӕр дзы йӕ дӕргъ у 10 сантиметры бӕрц ӕмӕ сыл ис рагон фыстытӕ. Иуыл дзы фыст ис куывды ныхӕстӕ. Уыцы куывд у вавилойнаг паддзах Набониды ӕмӕ йӕ хистӕр фырт Валтасары цӕрӕнбоны тыххӕй. Ӕмӕ, Библимӕ фаутӕ чи хӕссы, уыцы ахуыргӕндтӕ дӕр сразы сты, уый кӕй бӕлвырд кӕны, Валтасар ӕцӕгдӕр кӕй цард.
Фӕлӕ ма Библийы фыст ис, Валтасар паддзах кӕй уыд. Ӕмӕ иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ уыимӕ дӕр разы нӕ уыдысты. Зӕгъӕм, 19 ӕнусы англисаг ахуыргонд Уильям Толбот ныффыста, зӕгъгӕ, иуӕй-иутӕ дзурынц, «паддзах Набониды рӕстӕг йӕ фырт... [Валтасар] дӕр паддзах кӕй уыд. Афтӕмӕй та уымӕн иу бӕлвырдгӕнӕн дӕр нӕй».
Фӕлӕ уыцы быцӕуӕн дӕр кӕрон ӕрцыд, иннӕ ӕлыг цилиндртыл цы фыст ис, уый куы райхӕлдтой, уӕд. Фыст сыл ис, паддзах Набонид-иу, Валтасары фыд, цалдӕргай азтӕ Вавилоны кӕй нӕ уыд. Ӕмӕ-иу цымӕ уыцы рӕстӕг паддзах чи уыд? Иу энциклопедийы фыст ис: «Паддзах Набонид ӕндӕр бӕстӕмӕ куы ацыд, уӕд йӕ паддзахбадӕн ӕмӕ йе ’фсады фылдӕр хай Валтасары бар бакодта» (Encyclopaedia Britannica). Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыцы рӕстӕг Валтасар йӕ фыды бӕсты уыд паддзах. Уый фӕдыл археолог ӕмӕ лингвист Алан Миллард загъта, зӕгъгӕ, дам, Данелы чиныджы Валтасар паддзах кӕй хуыйны, уый рӕдыд нӕу.
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн, Данелы чиныг ӕууӕнчы аккаг кӕй у ӕмӕ Хуыцауы комытӕфӕй фыст кӕй ӕрцыд, уымӕн ӕппӕты стырдӕр бӕлвырдгӕнӕн у, Библийӕн йӕхимидӕг цы фыст ис, уый (2 Тим. 3:16).