Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

3 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын тынг аргъ кӕны!

Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын тынг аргъ кӕны!

«Ӕгады бынаты куы уыдыстӕм, уӕд нӕ... нӕ ферох кодта» (ПС. 136:23).

33 ЗАРӔГ Дӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕр

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц ӕмӕ сыл уый арӕх куыд фӕзыны?

АХЪУЫДЫ-МА КӔН ӕртӕ цӕвиттоныл. Ӕрыгон ӕфсымӕрӕн дохтыр загъта, уӕззау низӕй рынчын кӕй у ӕмӕ бонӕй-бонмӕ лӕмӕгъдӕр кӕй кӕндзӕн. Фӕндзай азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы, ахӕм ӕфсымӕры йӕ куыстӕй рарвыстой, ӕмӕ ӕндӕр куыст агуры, фӕлӕ нӕ ары. Ацӕргӕ иузӕрдион хойӕн йӕ бон нал у, раздӕр Йегъовӕйӕн цас лӕггад кодта, уыйбӕрц лӕггад кӕнын.

2 Кӕд ды дӕр ахӕм зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс, уӕд дӕм, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ ницыуал пайда ис. Арӕх ахӕм уавӕрты адӕймаг йӕхимӕ ныхъхъусы, йӕхимӕ ницӕйаг фӕкӕсы ӕмӕ ма иннӕтӕй дӕр адард вӕййы.

3. Хӕйрӕг ӕмӕ, йӕ зондыл чи цӕуы, уыдон адӕймаджы цардмӕ цы цӕстӕй кӕсынц?

3 Ацы дунейы адӕймаджы цардмӕ Хӕйрӕджы цӕстӕй кӕсынц. Хӕйрӕг адӕмӕн никуы аргъ кодта. Зӕгъӕм, уый Евӕйӕн загъта, Хуыцаумӕ куы нӕ байхъуса, уӕд сӕрибар адӕймаг кӕй суыдзӕн, кӕд зыдта, уый тыххӕй Евӕмӕ мӕлӕт кӕй ӕнхъӕлмӕ каст, уӕддӕр. Ӕмӕ йын тӕригъӕд дӕр нӕ фӕкодта. Рагӕй фӕстӕмӕ дӕр коммерци, политикӕ ӕмӕ динтӕ Хӕйрӕджы къухы сты. Уӕдӕ диссаг нӕу, бизнесментӕй, политиктӕй ӕмӕ дины разамонджытӕй бирӕтӕ адӕймаджы цардӕн ӕппындӕр кӕй нӕ аргъ кӕнынц ӕмӕ адӕмы кӕй ницӕмӕ дарынц.

4. Ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕуы?

4 Йегъовӕйы та фӕнды, цӕмӕй нӕхимӕ раст цӕстӕй кӕсӕм ӕмӕ нӕхицӕн аргъ кӕнӕм. Ӕмӕ кӕцыдӕр уавӕрты нӕхимӕ ницӕйаг куы фӕкӕсӕм, уӕд нын баххуыс кӕны (Пс. 136:23; Ром. 12:3). Ацы статьяйы дзырд цӕуы, Йегъовӕ нын куыд баххуыс кӕны: 1) рынчын куы вӕййӕм, уӕд, 2) цардамӕлттӕ кӕнын нын зын куы вӕййы, уӕд, 3) азтӕ ныл сӕ уӕз кӕй ӕруагътой, уый тыххӕй нӕм афтӕ куы фӕкӕсы, ӕмӕ Йегъовӕйы хъуыддаджы нӕ бон аразын ницыуал у, уӕд. Фӕлӕ уал фыццаг ӕркӕсӕм, фидарӕй нӕ цӕмӕн хъуамӕ уырна, Йегъовӕ нӕ алкӕмӕн дӕр тынг кӕй аргъ кӕны, уый.

ЙЕГЪОВӔ НЫН ТЫНГ АРГЪ КӔНЫ

5. Йегъовӕ адӕмӕн тынг кӕй аргъ кӕны, уый дӕ цӕмӕн уырны?

5 Кӕд сыджытӕй конд стӕм, уӕддӕр сыджытӕй бирӕ зынаргъдӕр стӕм (Райд. 2:7). Йегъовӕ нын тынг кӕй аргъ кӕны, уый кӕцӕй зонӕм? Ӕркӕсӕм цалдӕр хъуыддагмӕ. Йегъовӕ нӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ йӕ нӕ бон у фӕзмын, ӕмӕ нӕ афтӕмӕй сӕвӕрдта, зӕххыл ма ноджыдӕр цы сфӕлдыста, уыдӕттӕй уӕлдӕр (Райд. 1:27). Стӕй ма нын зӕхх дӕр ӕмӕ цӕрӕгойты дӕр нӕ дӕлбар бакодта (Пс. 8:4–8).

6. Йегъовӕ ӕнӕххӕст адӕмӕн кӕй аргъ кӕны, уый ма кӕцӕй зонӕм?

6 Адам тӕригъӕд куы сарӕзта, уӕд дӕр Йегъовӕ адӕмӕн къаддӕр аргъ кӕнын нӕ райдыдта. Йегъовӕ нын афтӕ тынг аргъ кӕны, ӕмӕ йӕ уарзон Фырты нӕ тӕригъӕдты тыххӕй нывондӕн ӕрхаста (1 Иоан. 4:9, 10). Йесойы нывонды фӕрцы Йегъовӕ райгас кӕндзӕн, Адамы тӕригъӕды тыххӕй чи амард, уыдоны – «рӕстгӕнджыты дӕр ӕмӕ фыдгӕнджыты дӕр» (Хъуыд. 24:15). Кӕд рынчын стӕм, зын нын у цардамӕлттӕ кӕнын йе та ныл азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой, уӕддӕр Библийӕ зонӕм, Хуыцауӕн зынаргъ кӕй стӕм (Хъуыд. 10:34, 35).

7. Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ма ноджыдӕр цӕмӕн уырны, Йегъовӕ сын кӕй аргъ кӕны, уый?

7 Йегъовӕ нын кӕй аргъ кӕны, уый ма нӕ ноджыдӕр уымӕн уырны, ӕмӕ нӕ йӕхимӕ ӕрбакодта. Уый федта, хорз хабар нӕ зӕрдӕмӕ кӕй айстам (Иоан. 6:44). Йегъовӕмӕ ӕввахс кӕнын куы райдыдтам, уӕд нӕм уый дӕр ӕрбаввахс (Иак. 4:8). Уымӕй уӕлдай ма нӕ ахуыр кӕны, ӕмӕ уымӕн йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕ хъарутӕ не ’вгъау кӕны. Уый хорз зоны, ныртӕккӕ цавӕр адӕймӕгтӕ стӕм, уый, фӕлӕ ма зоны, нӕ бон фӕивын дӕр кӕй у. Стӕй нын зонд амоны ӕмӕ нын уайдзӕф дӕр бакӕны, уымӕн ӕмӕ нӕ уарзы (Ӕмб. 3:11, 12). Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ нын тынг аргъ кӕны!

8. Псалом 18:27–29 стихты ныхӕстӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй нӕ зындзинӕдтӕм раст цӕстӕй кӕсӕм?

8 Чидӕртӕ паддзах Давиды ницӕйаг адӕймагыл нымадтой. Фӕлӕ уый зыдта, Йегъовӕ йӕ кӕй уарзы ӕмӕ йын кӕй ӕххуыс кӕны. Ӕмӕ уый фӕрцы йӕ уавӕрмӕ раст цӕстӕй каст (2 Сам. 16:5–7). Ныфссаст куы вӕййӕм кӕнӕ зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд нын Йегъовӕ баххуыс кӕны хъуыддагмӕ ӕндӕр цӕстӕй ракӕсынӕн. Стӕй йӕ бон у, ӕмӕ нын баххуыс кӕна цыфӕнды зындзинӕдты сӕрты ахизынӕн дӕр. (Бакӕс Псалом 18:27–29.) Ӕмӕ нын Йегъовӕ куы ӕххуыс кӕна, уӕд нӕ ницы бахъыгдардзӕн, цӕмӕй йын дарддӕр дӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнӕм (Ром. 8:31). Фӕлӕ нӕ хатт уӕлдай тынгдӕр фӕхъӕуы нӕ зӕрдыл дарын, кӕй нӕ уарзы ӕмӕ нын кӕй аргъ кӕны, уый. Ӕркӕсӕм ӕртӕ уавӕрмӕ.

УӔЗЗАУ НИЗӔЙ РЫНЧЫН КУЫ УӔМ

Рынчын чи у, уый Библийы Йегъовӕйы ныхӕстӕ куы кӕса, уӕд йӕ бон уыдзӕн ныфссӕттӕн хъуыдытимӕ тох кӕнын (кӕс 9–12 абзацтӕ)

9. Адӕймаг исты низӕй куы фӕрынчын вӕййы, уӕд хатт йӕхимӕ цы цӕстӕй фӕкӕсы?

9 Адӕймаг исты низӕй куы фӕрынчын вӕййы, уӕд хатт йӕ ныфс асӕтты ӕмӕ йӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ дзы ницыуал пайда ис. Ӕмӕ, чи зоны, ӕфсӕрмы дӕр фӕкӕны, иннӕтӕ куы фӕуынынц, йӕ бон алцы аразын кӕй нал у кӕнӕ йӕ иннӕты ӕххуыс кӕй хъӕуы, уымӕй. Фӕлӕ йӕ низы тыххӕй иннӕтӕ куы нӕ зоной, уӕд дӕр, чи зоны, йӕхимӕ ӕгуыдзӕг кӕса, йӕ бон цыдӕртӕ аразын кӕй нал у, уый тыххӕй. Ахӕм уавӕры Йегъовӕ адӕймаджы куыд бафидар кӕны?

10. Ӕмбисӕндтӕ 12:25 стихмӕ гӕсгӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, рынчын куы уӕм, уӕд?

10 Рынчын адӕймагыл «хорз ныхас» базыртӕ басадзы. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 12:25.) Йегъовӕ Библийы бирӕ хорз ныхӕстӕ ныффыссын кодта. Уыдон нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнынц, рынчынӕй дӕр ын зынаргъ кӕй стӕм (Пс. 31:19; 41:3). Уыцы ныхӕстӕ куы кӕсӕм,– нӕ бон сӕ у ногӕй ӕмӕ ногӕй кӕсын,– уӕд нын Йегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй къаддӕр мӕт кӕнӕм.

11. Йегъовӕ Хорхейӕн куыд баххуыс кодта?

11 Ӕркӕсӕм Хорхейы цӕвиттонмӕ. Ӕрыгондӕр куы уыд, уӕд ӕм ссардтой уӕззау низ. Хорхе бонӕй-бонмӕ лӕмӕгъдӕр кодта, ӕмӕ йӕ низы тыххӕй йӕхимӕ ницӕйаг кӕсын райдыдта. Хорхе загъта: «Афтӕ кӕй фӕдӕн, уый мӕ бынтон мардта. Адӕм-иу мӕм кастысты, ӕмӕ-иу мӕхи цы фӕкодтаин, уый-иу нал зыдтон. Мӕ низ куыд тыхджындӕр кодта, афтӕ хъуыды кодтон, мӕ цард куыд аивдзӕн, ууыл. Мӕ ныфс бынтондӕр асаст, ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодтон, цӕмӕй мын баххуыс кодтаид». Йегъовӕ Хорхейӕн куыд баххуыс кодта? Уый загъта: «Библи-иу куы кастӕн, уӕд-иу мӕ хъуыдытӕ адзӕгъӕл сты. Ӕмӕ мын ӕмбырдӕй чидӕр загъта, цӕмӕй Псаломтӕй цыбыр скъуыддзӕгтӕ кастаин. Кастӕн-иу, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытыл кӕй тыхсы, уый тыххӕй фыст кӕм ис, уыцы стихтӕ. Алы бон дӕр сӕ кастӕн, ӕмӕ-иу мын фенцондӕр. Цасдӕры фӕстӕ иннӕтӕ бафиппайдтой, кӕй фӕхъӕлдзӕгдӕр дӕн. Афтӕ дӕр ма-иу мын дзырдтой, дӕумӕ кӕсгӕйӕ, дам, нӕхӕдӕг дӕр бафидар вӕййӕм. Ӕмӕ йӕ уӕд бамбӕрстон, Йегъовӕ мын мӕ куывдтытӕн дзуапп кӕй радта! Баххуыс мын кодта, цӕмӕй мӕхимӕ ӕндӕр цӕстӕй ракастаин. Библи кӕсгӕйӕ бамбӕрстон, рынчынӕй дӕр Йегъовӕйӕн зынаргъ кӕй дӕн. Ӕмӕ фылдӕр ууыл райдыдтон хъуыды кӕнын».

12. Кӕд цавӕрдӕр низӕй рынчын дӕ, уӕд дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дын Йегъовӕ баххуыс кӕна?

12 Кӕд цавӕрдӕр низӕй рынчын дӕ, уӕд фидарӕй зон, Йегъовӕ кӕй ӕмбары, ӕнцон дын кӕй нӕу. Ӕххуыс дзы кур, цӕмӕй дӕ уавӕрмӕ раст цӕстӕй кӕсай. Стӕй-иу Библийы ссар, Йегъовӕ дӕуӕн зӕгъинаг кӕй у, уыцы хорз ныхӕстӕ. Лӕмбынӕг-иу ахъуыды кӕн, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн кӕй аргъ кӕны, уый тыххӕй фыст кӕм ис, уыцы стихтыл. Ӕмӕ-иу уӕд фендзынӕ, иузӕрдион ыл чи у, уыдонӕй алкӕмӕ дӕр хӕлар зӕрдӕ кӕй дары (Пс. 84:11).

ЗЫН НЫН КУЫ УА ЦАРДАМӔЛТТӔ КӔНЫН

Куыст куы нӕ арӕм, фӕлӕ нын Йегъовӕ кӕй баххуыс кӕндзӕн, уый куы нӕ рох кӕнӕм, уӕд къаддӕр мӕт кӕндзыстӕм (кӕс 13–15 абзацтӕ)

13. Бинонты хистӕр ӕнӕ куыстӕй куы баззайы, уӕд ыл уый хатт куыд фӕзыны?

13 Алы бинонты хистӕры дӕр фӕнды, цӕмӕй йӕ бинонтӕн уа, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ. Фӕлӕ, зӕгъӕм, ӕфсымӕры йӕ куыстӕй рарвыстой, ницы аххосджын уыд, афтӕмӕй. Бӕргӕ архайы ног куыст ссарыныл, фӕлӕ нӕ ары. Уый тыххӕй, гӕнӕн ис, хъуыды кӕнын райдайа, мӕнӕй ницы пайда ис, зӕгъгӕ. Фӕлӕ нын Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, ууыл куы хъуыды кӕна, уӕд ын ӕнцондӕр уыдзӕн йӕ уавӕрмӕ раст цӕстӕй кӕсын.

14. Йегъовӕ йӕ ныхас алкӕддӕр цӕмӕн сӕххӕст кӕны?

14 Йегъовӕ йӕ ныхас алкӕддӕр сӕххӕст кӕны (Йес. Н. 21:45; 23:14). Ӕмӕ афтӕ кӕны цалдӕр хъуыддаджы тыххӕй. Фыццаг, йӕ номы тыххӕй. Йегъовӕ дзырд радта, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытыл кӕй тыхсдзӕн. Ӕмӕ йӕ ныхас сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ уый йӕхицӕн хӕсыл нымайы (Пс. 31:1–3). Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕ зоны, куы нӕ ныл тыхса, уӕд нын уый зын кӕй уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ бинонтӕй стӕм. Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, цӕрынӕн, стӕй нӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы хъӕуы, уый нын кӕй дӕтдзӕн. Ӕмӕ йӕ ницы бахъыгдардзӕн йӕ ныхас сӕххӕст кӕнын! (Матф. 6:30–33; 24:45).

15. а) 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты? б) Псалом 37:18, 19 стихтӕ нын ныфсы хос куыд сты?

15 Йегъовӕ йӕ ныхас алкӕддӕр цӕмӕн сӕххӕст кӕны, уый куы нӕ рох кӕнӕм, уӕд нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм, зын уавӕры ныл кӕй батыхсдзӕн, ууыл. Ӕркӕсӕм 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕтты цӕвиттонмӕ. Иерусалимы ӕмбырд карзӕй ӕфхӕрын куы райдыдтой, уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ иууылдӕр алырдӕмты ныххӕлиу сты, Иерусалимы ма ӕрмӕстдӕр апостолтӕ баззадысты (Хъуыд. 8:1). Ахъуыды-ма кӕнӕм, уый чырыстӕтты цардыл куыд фӕзындаид. Ӕвӕццӕгӕн сӕ бахъуыд сӕ хӕдзӕрттӕ ӕмӕ, цы куыст кодтой, уый ныууадзын. Фӕлӕ сӕ Йегъовӕ нӕ ныууагъта. Стӕй уыдон дарддӕр дӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кодтой (Хъуыд. 8:4; Дзут. 13:5, 6; Иак. 1:2, 3). Йегъовӕ уыцы иузӕрдион чырыстӕттӕн куыд ӕххуыс кодта, афтӕ махӕн дӕр ӕххуыс кӕндзӕн. (Бакӕс Псалом 37:18, 19.)

АЗТӔ НЫЛ СӔ УӔЗ КУЫ ’РУАДЗОЙ

Ацӕргӕтӕ, сӕ бон бирӕ цыдӕртӕ аразын кӕй у, фылдӕр ууыл куы хъуыды кӕной, уӕд нӕ дызӕрдыг кӕндзысты, Йегъовӕ сын сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ лӕггадӕн дӕр кӕй аргъ кӕны, ууыл (кӕс 16–18 абзацтӕ)

16. Чырыстон хатгай дызӕрдыг кӕнын цӕмӕн райдайы, Йегъовӕ йын йӕ лӕггадӕн кӕй аргъ кӕны, ууыл?

16 Азтӕ ныл сӕ уӕз куы ’руадзой, уӕд, чи зоны, хъуыды кӕнын райдайӕм, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы хъуыддаджы нӕ бон бирӕ аразын нал у. Паддзах Давидӕн дӕр, ӕвӕццӕгӕн, ахӕм хъуыдытӕ ӕнцой нӕ лӕвӕрдтой, азтӕ йыл сӕ уӕз куы ’руагътой, уӕд (Пс. 71:9). Йегъовӕ нын ахӕм уавӕры куыд баххуыс кӕны?

17. Джоаннӕйы хабарӕй цы ис базонӕн?

17 Ӕркӕсӕм хо Джоаннӕйы хабармӕ. Иухатт хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй кӕйдӕрты Паддзахады залмӕ фӕхуыдтой, цӕмӕй сын бацамыдтаиккой, Йегъовӕйӕн кӕм фӕкувӕм, уыцы агъуыстытӕм зилын куыд хъӕуы, уый. Джоаннӕйы дӕр фӕхуыдтой, фӕлӕ йӕ уырдӕм цӕуын нӕ фӕндыд. Уый загъта: «Ӕз дӕн зӕронд, идӕдз сылгоймаг. Уым цы куыстытӕ фӕкӕнынц, ахӕм куыстытӕ кӕнын нӕ зонын. Мӕнӕй ницы пайда уыдзӕн». Уыцы фембӕлдмӕ цы бон хъуамӕ ацыдаид, уый размӕ изӕр Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй скуывта. Иннӕ бон Паддзахады залмӕ куы ’рбацыд, уӕд дӕр ма хъуыды кодта, ам цы кусын, зӕгъгӕ. Фембӕлды ӕфсымӕртӕй иу йӕ раныхасы ахӕм хъуыды загъта, зӕгъгӕ, дам, нӕм цы курдиӕттӕ ис, уыдонӕй иу у ӕппӕты ахсджиагдӕр – цӕттӕ кӕй стӕм, цӕмӕй нӕ Йегъовӕ ахуыр кӕна. Джоаннӕ загъта: «Ӕмӕ уӕд ахъуыды кодтон, зӕгъын, мӕнмӕ куы ис ахӕм курдиат! Мӕ цӕссыг нал баурӕдтон, уымӕн ӕмӕ йӕ бамбӕрстон, Йегъовӕ мын мӕ куывдӕн дзуапп кӕй радта. Бамбарын мын кодта, мӕнмӕ дӕр кӕй ис, цы йын раттон, уый ӕмӕ йӕ кӕй фӕнды мӕн ахуыр кӕнын!» Джоаннӕ ма загъта: «Уырдӕм куы цыдтӕн, уӕд тыхстӕн ӕмӕ уыдтӕн ныфссаст. Фӕлӕ уым бафидар дӕн, ныфс мӕ бацыд ӕмӕ бамбӕрстон, Йегъовӕ мын кӕй аргъ кӕны!»

18. Кӕд ныл азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой, уӕддӕр нын Йегъовӕ нӕ лӕггадӕн кӕй аргъ кӕны, уый Библийӕ куыд зыны?

18 Кӕд ныл азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой, уӕддӕр нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Йегъовӕ нын йӕ хъуыддаджы алкӕддӕр куыст кӕй ссардзӕн (Пс. 92:12–15). Йесойы ныхӕстӕй бӕрӕг у, кӕд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ нӕ бон бирӕ аразын нӕу, уӕддӕр нын Йегъовӕ нӕ лӕггадӕн кӕй аргъ кӕны (Лук. 21:2–4). Уӕдӕ фылдӕр хъуыды кӕн, дӕ бон аразын цы у, ууыл. Зӕгъӕм, дӕ бон у иннӕтӕн Йегъовӕйы тыххӕй дзурын, хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты тыххӕй кувын, стӕй сӕ фидар кӕнын, цӕмӕй иузӕрдионӕй баззайой. Йегъовӕ дӕ йе ’мкусӕгыл уый тыххӕй нӕ нымайы, ӕмӕ дӕ бон у цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ аразын, фӕлӕ дӕ йӕ коммӕ кӕсын кӕй фӕнды, уый тыххӕй (1 Кор. 3:5–9).

19. Ромӕгтӕм 8:38, 39 стихтӕ нӕ ныфс куыд уадзынц?

19 Куыд ӕхсызгон нын у, йӕ лӕггадгӕнджытӕн тынг чи аргъ кӕны, уыцы Хуыцау Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын! Йегъовӕ нӕ сфӕлдыста, цӕмӕй йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнӕм. Ӕмӕ йын кӕй лӕггад кӕнӕм, уый фӕрцы стӕм амондджын (Рарг. 4:11). Чи зоны нӕ ацы дуне ницӕуыл нымайы, фӕлӕ Йегъовӕ не ’фсӕрмы кӕны, йӕ лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уымӕй (Дзут. 11:16, 38). Кӕд исты низимӕ тох кӕныс, цардамӕлттӕ кӕнын дын зын у йе та дыл азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой, ӕмӕ уыдӕтты тыххӕй дӕ ныфс асаст, уӕд дӕ зӕрдыл дар, нӕ уӕларвон Фыды уарзондзинадӕй дӕ кӕй ницы фӕхицӕн кӕндзӕн. (Бакӕс Ромӕгтӕм 8:38, 39.)

30 ЗАРӔГ Мӕ Хуыцау, мӕ Фыд ӕмӕ мӕ Хӕлар

^ 5 абз. Искуы истӕй тыххӕй дӕхимӕ ницӕйаг кастӕ? Ацы статья дын дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн, Йегъовӕ дын тынг кӕй аргъ кӕны, уый. Дзырд дзы цӕуы, цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй цыфӕнды уавӕрты дӕр дӕхицӕн аргъ кӕнай.