Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

5 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Мах дӕр уемӕ цӕуӕм»

«Мах дӕр уемӕ цӕуӕм»

«Мах дӕр уемӕ цӕуӕм, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис» (ЗАХ. 8:23).

26 ЗАРӔГ «Уый мӕнӕн сарӕзтат»

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

Йегъовӕ ӕндӕр фысты («дӕс адӕймаджы») ахӕм кады аккаг скодта, ӕмӕ йын лӕггад кӕнынц сӕрст чырыстӕттимӕ («дзуттаг лӕгимӕ») иумӕ (кӕс 1, 2 абзацтӕ)

1. Йегъовӕ нӕ рӕстӕджы тыххӕй цы загъта?

ЙЕГЪОВӔ нӕ рӕстӕджы тыххӕй загъта: «Уыцы рӕстӕг алы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмтӕй дӕс адӕймаджы ныххӕцдзысты иу дзуттаг лӕджы фӕдджийыл ӕмӕ зӕгъдзысты: „Мах дӕр уемӕ цӕуӕм, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис“» (Зах. 8:23). Ацы стихы «дзуттаг лӕг» амоны, Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй байсӕрста, уыдонмӕ. Библи ма сӕ хоны «Хуыцауы Израил» дӕр (Гал. 6:16). «Дӕс адӕймаджы» та амонынц, зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы адӕммӕ. Уыдон зонынц, сӕрст чырыстӕтты Йегъовӕ кӕй равзӕрста, ӕмӕ, семӕ иумӕ Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнынц, уый сӕхицӕн стыр кадыл нымайынц.

2. «Дӕс адӕймаджы» сӕрст чырыстӕттимӕ кӕй цӕуынц, уый куыд ӕмбаргӕ у?

2 Кӕд уал нырма нӕй гӕнӕн, цӕмӕй алы сӕрст чырыстоны ном дӕр зонӕм *, уӕддӕр, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонӕн сӕ бон у сӕрст чырыстӕттимӕ «цӕуын». Куыд? Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «дӕс адӕймаджы ныххӕцдзысты иу дзуттаг лӕджы фӕдджийыл ӕмӕ зӕгъдзысты: „Мах дӕр уемӕ цӕуӕм, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис“». Ацы стихы фыццаг хайы иу дзуттаг лӕджы кой ис. Фӕлӕ дзы дарддӕр ӕмбӕлы номивӕг «уемӕ». Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дзуттаг лӕг иу адӕймагмӕ нӕ амоны, фӕлӕ сӕрст чырыстӕтты къордмӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр. Сӕрст чи нӕу, уыцы чырыстӕттӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц сӕрст чырыстӕттимӕ иумӕ. Фӕлӕ сӕ уыдон сӕ разамонджытыл нӕ нымайынц, уымӕн ӕмӕ ӕмбарынц, сӕ Разамонӕг Йесо Чырысти кӕй у (Матф. 23:10).

3. Ацы статьяйӕ дзуапп цавӕр фарстатӕн базондзыстӕм?

3 Абон Хуыцауы адӕмы ’хсӕн нырма сӕрст чырыстӕттӕ кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ, гӕнӕн ис, хъуыды кӕнӕм ахӕм фарстатыл: 1) Сӕрст чырыстӕттӕ сӕхимӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой? 2) Ӕрымысӕн изӕры дзул ӕмӕ сӕнӕй чи саходы, уыдонмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? 3) Кӕд сӕ нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны, уӕд нӕ уый хъуамӕ мӕты ӕфтауа? Ацы фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм ацы статьяйӕ.

СӔРСТ ЧЫРЫСТӔТТӔ СӔХИМӔ ЦЫ ЦӔСТӔЙ ХЪУАМӔ КӔСОЙ?

4. 1 Коринфӕгтӕм 11:27–29 стихты сӕрст чырыстӕттӕн цавӕр фӕдзӕхст ис ӕмӕ йыл-иу лӕмбынӕг цӕмӕн хъуамӕ ахъуыды кӕной?

4 Сӕрст чырыстӕттӕ-иу хъуамӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕной, 1 Коринфӕгтӕм 11:27–29 стихты цы фӕдзӕхст ис, ууыл. (Бакӕс сӕ.) Кӕд сӕрст чырыстон Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ халы, фӕлӕ дзул ӕмӕ сӕнӕй саходы, уӕд афтӕ уайы, ӕмӕ дзы саходы, «аккаг нӕу, афтӕмӕй» (Дзут. 6:4–6; 10:26–29). Сӕрст чырыстӕттӕ ӕмбарынц, ӕмӕ цӕмӕй «Хуыцауы хӕрзиуӕг, Йесо Чырыстийы фӕрцы... [сӕ] кӕмӕ ӕрхуыдта, уыцы уӕларвон цард», райсой, уый тыххӕй хъуамӕ кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззайой (Фил. 3:13–16).

5. Сӕрст чырыстӕттӕ сӕхимӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой?

5 Сыгъдӕг тых Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕрбӕрзонд ма уой, фӕлӕ сӕрныллӕг (Еф. 4:1–3; Кол. 3:10, 12). Сӕрст чырыстӕттӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ иннӕтӕй хуыздӕр сты. Уыдон зонынц, сӕрст кӕй сты, уый ӕнӕмӕнг ууыл дзурӕг кӕй нӕу, ӕмӕ сын, иннӕ лӕггадгӕнджытимӕ абаргӕйӕ, Йегъовӕ сыгъдӕг тых фылдӕр дӕтты. Уӕдӕ афтӕ дӕр нӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Библи иннӕтӕй хуыздӕр ӕмбарынц. Стӕй иннӕ чырыстӕттӕй дӕр афтӕ никӕмӕн зӕгъдзысты, ды дӕр сӕрст чырыстон дӕ ӕмӕ хъуамӕ Ӕрымысӕн изӕры дзул ӕмӕ сӕнӕй аходын райдайай, зӕгъгӕ. Сӕрныллӕг кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ ӕмбарынц, адӕмы уӕлӕрвты цӕрынмӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ кӕй ӕрхоны.

6. 1 Коринфӕгтӕм 4:7, 8 стихты цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ, сӕрст чырыстӕттӕ сӕхи куыд хъуамӕ дарой?

6 Кӕд сӕрст чырыстӕттӕ стыр кадыл нымайынц, уӕлӕрвты цӕрынмӕ хуынд кӕй сты, уый, уӕддӕр сӕхицӕн уӕлдай кад нӕ агурынц (Фил. 2:2, 3). Стӕй зонынц, Йегъовӕ сӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй куы байсӕрста, уӕд уый тыххӕй кӕй нӕ фехъусын кодта, хъуамӕ йӕ алчидӕр базона, зӕгъгӕ. Уымӕ гӕсгӕ дис нӕ фӕкӕнынц, кӕйдӕр уайтагъд куы нӕ бауырны, сыгъдӕг тыхӕй сӕрст кӕй ӕрцыдысты, уый. Уыдон зонынц, Библи кӕй фӕдзӕхсы, цӕмӕй-иу уайтагъд ма баууӕндӕм, йӕхи Хуыцауы ’взӕрст адӕймаг чи хоны, ууыл (Рарг. 2:2). Сӕрст чырыстӕтты нӕ фӕнды сӕхимӕ адӕмы ӕргом здахын. Ӕмӕ, искӕимӕ куы фӕзонгӕ кӕнынц, уӕд сын нӕ фӕдзурынц, сӕрст кӕй сты, ӕмӕ уымӕй ӕппӕлгӕ дӕр нӕ фӕкӕнынц. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 4:7, 8.)

7. Сӕрст чырыстӕттӕ сӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизой ӕмӕ цӕмӕн?

7 Сӕрст чырыстӕттӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ сӕ рӕстӕг ӕрмӕст иннӕ сӕрст чырыстӕттимӕ хъуамӕ ӕрвитой, цыма цавӕрдӕр хицӕн къорд сты, уыйау. Стӕй иннӕ сӕрст чырыстӕтты нӕ фӕагурынц, цӕмӕй семӕ аныхас кӕной, сӕрст кӕй ӕрцыдысты, ууыл кӕнӕ хицӕн къордӕй Библи ахуыр кӕной (Гал. 1:15–17). Афтӕ куы кӕниккой, уӕд ӕмбырды иудзинад нал уаид. Уыдон архаиккой сыгъдӕг тыхы ныхмӕ, уымӕн ӕмӕ сыгъдӕг тых Хуыцауы адӕмӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй се ’хсӕн фарн ӕмӕ иудзинад уа (Ром. 16:17, 18).

СӔРСТ ЧЫРЫСТӔТТӔМ ЦЫ ЦӔСТӔЙ ХЪУАМӔ КӔСӔМ?

Хъуамӕ сӕрст чырыстӕтты кӕнӕ, разамынд чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕрты ӕгӕр бӕрзонд ма ӕвӕрӕм, раст цыма цавӕрдӕр зындгонд адӕм сты, уыйау (кӕс 8 абзац) *

8. Сӕрст чырыстӕттӕм цы цӕстӕй кӕсыс, ууыл цӕмӕн хъӕуы хъуыды кӕнын? (Кӕс ма фиппаинаг дӕр.)

8 Сӕрст хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? Раст нӕу адӕмы ӕгӕр бӕрзонд ӕвӕрын, Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕ куы уой, уӕддӕр (Матф. 23:8–12). Библийы фыст ис, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ уырнындзинад кӕй хъуамӕ фӕзмӕм. Фӕлӕ дзы афтӕ фыст нӕй, ӕмӕ хъуамӕ адӕмӕй нӕхицӕн разамонджытӕ кӕнӕм (Дзут. 13:7). Библи зӕгъы, иуӕй-иутӕ «уӕлдай кады аккаг» кӕй сты. Фӕлӕ ахӕм кады аккаг уый тыххӕй не сты, ӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕ сты, фӕлӕ «хорз разамынд» кӕй дӕттынц ӕмӕ «Хуыцауы ныхас дзурын ӕмӕ амоныны хъуыддаджы... [кӕй] фыдӕбон кӕнынц», уый тыххӕй (1 Тим. 5:17). Сӕрст чырыстӕттӕн ӕгӕр куы кад кӕнӕм ӕмӕ сӕм не ’ргом ӕгӕр куы здахӕм, уӕд-иу фӕтыхсдзысты кӕнӕ-иу фефсӕрмы уыдзысты *. Уымӕй фыддӕр та уый у, ӕмӕ, гӕнӕн ис, мах аххосӕй сӕхиуыл фервӕссой (Ром. 12:3). Фӕлӕ нӕ нӕ фӕндид, цӕмӕй мах тыххӕй искӕуыл ахӕм стыр рӕдыд ӕрцӕуа! (Лук. 17:2).

9. Нӕ бон куыд у равдисын, сӕрст чырыстӕтты кӕй нымайӕм, уый?

9 Нӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй байсӕрста, уыдоны кӕй нымайӕм? Зӕгъӕм, нӕ сӕ фӕрсдзыстӕм, сӕрст чырыстон кӕй дӕ, уый куыд бамбӕрстай, зӕгъгӕ. Ахӕм цӕмӕйдӕрты фӕрсын не ’мбӕлы ӕмӕ нын уыдӕттӕ зоныны бар дӕр нӕй (1 Фес. 4:11; 2 Фес. 3:11). Стӕй хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ сӕрст чырыстонӕн йӕ бинонтӕ дӕр, зӕгъӕм, йӕ цардӕмбал, йӕ ныййарджытӕ кӕнӕ ма иннӕтӕ, сӕрст чырыстӕттӕ сты. Уӕлӕрвты цӕрыны ныфс ын кӕй ис, уый, йӕ бинонтӕн ахӕм ныфс ис ӕви нӕ, уымӕй кӕнгӕ нӕ уыд. Уыцы ныфс ын Хуыцау радта (1 Фес. 2:12). Стӕй иннӕтӕм нӕ дӕтдзыстӕм, сӕ зӕрдӕ сын чи фӕриссын кӕна, ахӕм фарстатӕ. Зӕгъӕм, сӕрст ӕфсымӕры бинойнаджы нӕ фӕрсдзыстӕм, ӕнӕ уымӕй зӕххыл ӕнустӕм куыд цӕрдзынӕ, зӕгъгӕ. Мах ӕй фидарӕй зонӕм, ног дунейы Йегъовӕ алкӕмӕн дӕр йӕ зӕрдӕйы фӕндон кӕй сӕххӕст кӕндзӕн (Пс. 145:16).

10. Адӕмы ӕгӕр бӕрзонд куы не ’вӕрӕм, уӕд нӕхи цӕмӕй бахъахъхъӕндзыстӕм?

10 Сӕрст чырыстӕтты иннӕтӕй уӕлдӕр куы не ’вӕрӕм, уӕд афтӕмӕй нӕхи дӕр бахъахъхъӕндзыстӕм. Цӕмӕй? Библи ӕмбарын кӕны, сӕрст чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ, гӕнӕн ис, кӕронмӕ иузӕрдионӕй ма баззайой (Матф. 25:10–12; 2 Пет. 2:20, 21). Фӕлӕ мах ӕгӕр бӕрзонд куы никӕй ӕвӕрӕм, уӕд нӕ разамонджытыл адӕмы нӕ нымайдзыстӕм, сӕрст чырыстӕттӕ куы уой науӕд, зындгонд чи у кӕнӕ Йегъовӕйӕн рагӕй чи лӕггад кӕны, ахӕм чырыстӕттӕ, уӕддӕр (Иуд. 16). Ӕмӕ уыдонӕй исчи Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ куы сива кӕнӕ ӕмбырд куы ныууадза, уӕддӕр махӕн нӕ уырнындзинад нӕ фӕцуддзӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр лӕггад кӕндзыстӕм.

ДЗУЛ ӔМӔ СӔНӔЙ ЦАЛ АДӔЙМАДЖЫ САХОДЫ, УЫЙ НӔ ХЪУАМӔ МӔТЫ ӔФТАУА?

11. Ӕрымысӕн изӕры дзул ӕмӕ сӕнӕй чи саходы, уыдоны нымӕцы тыххӕй цы ис зӕгъӕн?

11 Бирӕ азты дӕргъы, Ӕрымысӕн изӕры-иу дзул ӕмӕ сӕнӕй чи сахуыста, уыдоны нымӕц къаддӕр кодта. Фӕлӕ фӕстаг азты сӕ нымӕц алы аз дӕр фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны. Уый нӕ хъуамӕ мӕты ӕфтауа? Нӕ. Ӕркӕсӕм, нӕ зӕрдыл кӕй хъуамӕ дарӕм, цалдӕр ахӕм хъуыддагмӕ.

12. Дзул ӕмӕ сӕнӕй цал адӕймаджы саходы, уый нӕ мӕты цӕуылнӕ хъуамӕ ӕфтауа?

12 «Йегъовӕ зоны йӕхиуӕтты» (2 Тим. 2:19). Йегъовӕ зоны, ӕцӕгдӕр сӕрст чи у, уый. Фӕлӕ, Ӕрымысӕн изӕры дзул ӕмӕ сӕнӕй цал адӕймаджы саходы, уый чи фӕнымайы, уыцы ӕфсымӕртӕ та уый нӕ зонынц. Ӕмӕ, йӕхи сӕрст чырыстоныл чи нымайы, фӕлӕ ӕцӕгӕй чи нӕу, уыдон дӕр нымад ӕрцӕуынц. Зӕгъӕм, дзул ӕмӕ сӕнӕй-иу чи сахуыста, уыдонӕй иуӕй-иутӕ фӕстӕдӕр афтӕ нал кодтой. Чидӕртӕ та нервытимӕ баст низтӕй рынчын кӕй сты, уый тыххӕй сӕм афтӕ кӕсы, цыма Чырыстиимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ уыдзысты. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ ма зӕххыл сӕрст чырыстӕттӕй цас баззад, уый мах нӕ зонӕм.

13. Стыр бӕллӕх куы райдайа, уӕд ма зӕххыл цал сӕрст чырыстоны уыдзӕн, уый тыххӕй Библи цы зӕгъы?

13 Йесо куы ’рцӕуа, цӕмӕй сӕрст чырыстӕтты уӕлӕрвтӕм акӕна, уӕд уыдон уыдзысты зӕххыл бирӕ рӕтты (Матф. 24:31). Библийӕ базонӕн ис, ацы дунейы фӕстаг бонты зӕххыл сӕрст чырыстӕттӕй бирӕ кӕй нӕ уыдзӕн (Рарг. 12:17). Фӕлӕ, стыр бӕллӕх куы райдайа, уӕд ма дзы зӕххыл цал уыдзӕн, уый дзы фыст нӕй.

Искӕй дзул ӕмӕ сӕнӕй аходгӕ куы фенӕм, уӕд уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ ракӕсӕм? (кӕс 14 абзац)

14. Ромӕгтӕм 9:11, 16 стихтӕй нӕ бон цы у базонын, Йегъовӕ сӕрст чырыстӕтты куыд ӕвзары, уый тыххӕй?

14 Йегъовӕ скъуыддзаг кӕны, адӕймаджы йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕд байсӕрддзӕн, уый (Ром. 8:28–30). Йегъовӕ сӕрст чырыстӕтты ӕвзарын райдыдта, Йесойы куы райгас кодта, уый фӕстӕ. Куыд зыны, афтӕмӕй 1 ӕнусы ӕцӕг чырыстӕттӕ иууылдӕр сӕрст уыдысты. Ӕмӕ кӕд уый фӕстӕ ӕнусты дӕргъы, йӕхи чырыстон чи хуыдта, уыдонӕн сӕ фылдӕр Чырыстийы фӕдыл нӕ цыдысты, уӕддӕр дзы чидӕртӕ уыдысты ӕцӕг чырыстӕттӕ. Ӕмӕ-иу сӕ Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй байсӕрста. Йесойы фӕсномыг ныхасмӕ гӕсгӕ, уыдон уыдысты, хӕмпӕлгӕрдӕджы ’хсӕн чи рӕзыд, ахӕм мӕнӕуы хуызӕн (Матф. 13:24–30). Фӕстаг бонты дӕр Йегъовӕ ӕвзары, уӕлӕрвты Чырыстиимӕ чи уыдзӕн, уыдоны *. Ӕмӕ кӕйдӕрты кӕроны хӕдразмӕ куы равзара, уӕд-иу хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, раст кӕй архайы, ууыл. (Бакӕс Ромӕгтӕм 9:11, 16.) * Хъуамӕ ма уӕм, Йесо иу фӕсномыг ныхасы цы кусджыты кой ракодта, уыдоны хуызӕн. Уыцы кусджытӕ хъуыр-хъуыр кодтой, фӕстагмӕ чи ’рбацыд ӕмӕ иу сахат йеддӕмӕ чи нӕ бакуыста, уыдонӕн сӕ хицау цас бафыста, уый тыххӕй (Матф. 20:8–15).

15. Матфейы 24:45–47 стихты кӕй кой ис, уыцы «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъармӕ» сӕрст чырыстӕттӕ иууылдӕр хауынц? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

15 Уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон се ’ппӕт «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъармӕ» нӕ хауынц. (Бакӕс Матфейы 24:45–47.) Фыццаг ӕнусы куыд уыди, афтӕ абон дӕр Йегъовӕ ӕмӕ Йесо бирӕтӕн хӕринаг дӕттынц, ома сӕ ахуыр кӕнынц, цалдӕр адӕймаджы уылты. Фыццаг ӕнусы ӕрмӕстдӕр цалдӕр сӕрст чырыстоны фыстой Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ. Ӕмӕ абон дӕр ӕрмӕстдӕр цалдӕр сӕрст чырыстоныл ис хӕс, цӕмӕй Хуыцауы адӕмӕн «хӕринаг афоныл дӕттой».

16. Ацы статьяйӕ цы базыдтай?

16 Ацы статьяйӕ цы базыдтам? Йегъовӕ йӕ адӕмӕй сӕ фылдӕрӕн ӕрцӕттӕ кодта ӕнусон цард зӕххыл. Уӕлӕрвты та Йесоимӕ паддзӕхтӕ уыдзысты ӕрмӕстдӕр 144 мины. Йегъовӕ хӕрзиуӕг ратдзӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр – «дзуттаг лӕг» кӕмӕ амоны, уыдонӕн дӕр ӕмӕ, «дӕс адӕймаджы» кӕмӕ амонынц, уыдонӕн дӕр. Уый сын радта уыцы иу закъӕттӕ, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй сӕ ӕххӕст кӕной ӕмӕ йыл иузӕрдионӕй баззайой. Йӕ лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр хъуамӕ уой сӕрныллӕг. Иууылдӕр ын хъуамӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй лӕггад кӕной. Ӕмӕ иууылдӕр хъуамӕ архайой, цӕмӕй ӕмбырды уа фарн ӕмӕ иудзинад. Мах ӕй зонӕм, ацы дунейы кӕрон хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕй кӕны. Ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй не ’ппӕт дӕр дарддӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм ӕмӕ Чырыстийы фӕдыл цӕуӕм, куыд «иу дзуг», афтӕ (Иоан. 10:16).

34 ЗАРӔГ Цӕрын рӕстӕй

^ 5 абз. Ацы аз Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр уыдзӕн 7 апрелы, дыццӕджы. Ӕрымысӕн изӕры дзул ӕмӕ сӕнӕй чи саходы, уыдонмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? Йӕхи сӕрст чырыстоныл чи нымайы, уыдоны нымӕц кӕд фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны, уӕд нӕ уый хъуамӕ мӕты ӕфтауа? Ацы фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм ацы статьяйӕ. Арӕзт у, 2016 азы январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» цы статьятӕ уыд, уыдонӕй иуыл.

^ 2 абз. Псалом 87:5, 6 стихтӕм гӕсгӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ фидӕны Хуыцау раргом кӕна, Йесоимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ чи сси, уыдоны нӕмттӕ (Ром. 8:19).

^ 8 абз. Кӕс рамкӕ «Уарзондзинад, „чи не ’мбӕлы, ахӕм митӕ нӕ кӕны“» 2016 азы январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», 27 фарс.

^ 14 абз. Кӕд, Хъуыддӕгты 2:33 стихы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ чырыстӕттыл сыгъдӕг тых Йесо ӕруагъта, уӕддӕр алы сӕрст чырыстоны дӕр уӕларвон цардмӕ Йегъовӕ ӕрхоны.

^ 14 абз. Фылдӕр базоныны тыххӕй кӕс 2007 азы 1 майы «Сторожевая башня», рубрикӕ «Вопросы читателей».

^ 56 абз. НЫВ. Конгрессы сӕйраг хайады минӕварыл ӕмӕ йӕ бинойнагыл адӕм куы ’ртымбыл уаиккой, цӕмӕй семӕ къамтӕ сисой, уӕд зӕгъӕн уаид, ӕмӕ сын кад кӕнынц?