Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

4 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Хуыцауы сыгъдӕг тых... ӕвдисӕн лӕууы»

«Хуыцауы сыгъдӕг тых... ӕвдисӕн лӕууы»

«Хуыцауы сыгъдӕг тых нӕ удимӕ иумӕ ӕвдисӕн лӕууы, мах Хуыцауы хъӕбултӕ кӕй стӕм, уымӕн» (РОМ. 8:16).

25 ЗАРӔГ Хуыцауӕн уӕлдай зынаргъ адӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

Фӕндзайӕм боны Йегъовӕ 120 ахуыргӕнинаджы бӕрц диссаджы хуызы йӕ сыгъдӕг тыхӕй схайджын кодта (кӕс 1, 2 абзацтӕ)

1, 2. Нӕ эрӕйы 33 азы Фӕндзайӕм боны цавӕр диссаджы хабар ӕрцыд?

НӔ ЭРӔЙЫ 33 азы Фӕндзайӕм боны, хуыцаубоны райсомӕй, 120 ахуыргӕнинаджы бӕрц ӕрӕмбырд сты иу хӕдзары уӕллаг уаты (Хъуыд. 1:13–15; 2:1). Цалдӕр боны размӕ сын Йесо Чырысти загъта, цӕмӕй Иерусалимӕй макӕдӕм ацыдаиккой, уымӕн ӕмӕ хъуамӕ схайджын уыдаиккой диссаджы лӕварӕй (Хъуыд. 1:4, 5). Уыцы бон цы ’рцыд?

2 «Ӕвиппайды уӕларвӕй ахӕм уынӕр ӕрыхъуыст, цыма тыхджын дымгӕ сыстад, ӕмӕ, цы хӕдзары бадтысты, уый уынӕрӕй байдзаг». Ахуыргӕнинӕгты сӕрмӕ фӕзынд «арты ӕвзӕгты хуызӕн ӕвзӕгтӕ», ӕмӕ се ’ппӕт дӕр «Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты» (Хъуыд. 2:2–4). Йегъовӕ уыцы ахуыргӕнинӕгты ахӕм диссаджы хуызы йӕ сыгъдӕг тыхӕй схайджын кодта (Хъуыд. 1:8). Уыдон уыдысты, сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чи ’рцыд * ӕмӕ уӕлӕрвты Йесоимӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдонӕй фыццӕгтӕ.

АДӔЙМАГ СЫГЪДӔГ ТЫХӔЙ СӔРСТ КУЫД ӔРЦӔУЫ?

3. Фӕндзайӕм боны сыгъдӕг тыхӕй чи схайджын, уыдон цӕуылнӕ дызӕрдыг кодтой, сыгъдӕг тыхӕй сӕрст кӕй ӕрцыдысты, ууыл?

3 Ды дӕр 33 азы уыцы ахуыргӕнинӕгты ’хсӕн куы уыдаис, уӕд уыцы хабар никуы ферох кодтаис. Ахъуыды-ма кӕн, дӕ сӕрмӕ фӕзынд арты ӕвзаджы хуызӕн цыдӕр, ӕмӕ райдыдтай ӕндӕр ӕвзагыл дзурын! (Хъуыд. 2:5–12). Ӕвӕццӕгӕн, ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнис, сыгъдӕг тыхӕй сӕрст кӕй ӕрцыдтӕ, ууыл. Фӕлӕ цымӕ сӕрст чырыстӕттӕ иууылдӕр уыцы иухуызон ӕрцӕуынц сыгъдӕг тыхӕй сӕрст? Нӕ. Кӕцӕй йӕ зонӕм?

4. Фыццаг ӕнусы-иу чырыстӕттӕ сыгъдӕг тыхӕй сӕрст кӕд ӕрцыдысты?

4 Ӕркӕсӕм, адӕймаг сыгъдӕг тыхӕй сӕрст кӕд ӕрцӕуы, уымӕ. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрмӕст 120 ахуыргӕнинаджы бӕрц не ’рцыдысты. Фӕстӕдӕр ма уыцы бон сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты ноджыдӕр 3 мины бӕрц. Уыцы хабар ӕрцыд, донаргъуыд куы райстой, уӕд (Хъуыд. 2:37, 38, 41). Фӕлӕ уый фӕстӕ азты се ’ппӕты хабар афтӕ нӕ уыд. Зӕгъӕм, самариӕгтӕ сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыдысты, сӕ донаргъуыдӕй цасдӕр куы рацыд, уӕд (Хъуыд. 8:14–17). Корнилий ӕмӕ йӕ хӕдзаронты хабар та бынтон диссаг уыд. Уыдон сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыдысты, донаргъуыд нӕма райстой, афтӕ (Хъуыд. 10:44–48).

5. 2 Коринфӕгтӕм 1:21, 22 стихтӕм гӕсгӕ, Йегъовӕ адӕймаджы йӕ сыгъдӕг тыхӕй куыд байсӕрды?

5 Ӕркӕсӕм ма, адӕймаг сыгъдӕг тыхӕй сӕрст куыд ӕрцӕуы, уымӕ дӕр. Сӕрст чи ’рцӕуы, уыдонӕй иуӕй-иутӕн фыццаг зын вӕййы баууӕндын, Йегъовӕ сӕ кӕй равзӕрста, ууыл. Гӕнӕн ис, хъуыды кӕной, зӕгъгӕ, мӕн цӕмӕн равзӕрста. Кӕмӕдӕр та нӕ вӕййы ахӕм хъуыдытӕ. Куыдфӕнды ма уа, апостол Павел бамбарын кодта, алы сӕрст чырыстоны хабар дӕр куыд вӕййы, уый: «Куы баууӕндыдыстут, уӕд сымахыл дӕр Чырыстийы фӕрцы Хуыцау мыхуыр сӕвӕрдта *, зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы сыгъдӕг тыхӕй,– сыгъдӕг тых у, Хуыцау нын цы бынтӕ скодта, уыдон кӕй райсдзыстӕм, уый ӕвдисӕн» (Еф. 1:13, 14). Уӕдӕ уыцы чырыстӕттӕн Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы бӕлвырдӕй бамбарын кӕны, кӕй сӕ равзӕрста. Афтӕмӕй сын сыгъдӕг тых вӕййы «ӕвдисӕн», кӕнӕ бӕлвырдгӕнӕн, фидӕны ӕнустӕм зӕххыл нӕ, фӕлӕ уӕлӕрвты кӕй цӕрдзысты. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 1:21, 22.)

6. Сӕрст чырыстӕтты цы хъӕуы аразын, цӕмӕй сӕ хӕрзиуӕг райсой?

6 Чырыстон сыгъдӕг тыхӕй сӕрст куы ’рцӕуа, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ныр уӕлӕрвты йӕ бынат конд у? Нӕ. Уый бӕлвырдӕй зоны, уӕлӕрвты цӕрынӕн ӕвзӕрст кӕй ӕрцыд. Фӕлӕ хъуамӕ йӕ зӕрдыл дара ацы фӕдзӕхст: «Ӕфсымӕртӕ, ноджы зӕрдиагдӕрӕй архайут, цӕмӕй, Хуыцау уӕ цӕмӕ ӕрхуыдта ӕмӕ цӕмӕн равзӕрста, уымӕй ӕцӕгдӕр хайджын уат. Афтӕ куы кӕнат, уӕд никуы фӕкӕлдзыстут» (2 Пет. 1:10). Уӕдӕ кӕд сӕрст чырыстон уӕларвон цардмӕ хуынд ӕрцыд, уӕддӕр йӕ хӕрзиуӕг райсдзӕн, кӕронмӕ иузӕрдионӕй куы баззайа, ӕрмӕстдӕр уӕд (Фил. 3:12–14; Дзут. 3:1; Рарг. 2:10).

АДӔЙМАГ КУЫД БАМБАРЫ, СЫГЪДӔГ ТЫХӔЙ СӔРСТ КӔЙ ӔРЦЫД, УЫЙ?

7. Сӕрст чырыстӕттӕ куыд бамбарынц, уӕларвон цардмӕ хуынд кӕй ӕрцыдысты, уый?

7 Цымӕ чырыстон – хо кӕнӕ ӕфсымӕр – куыд бамбары, уӕларвон цардмӕ хуынд кӕй ӕрцыд, уый? Бӕлвырд дзуапп ис, Павел Ромы чырыстӕттӕм кӕй ныффыста, уыцы ныхӕсты. Уыцы чырыстӕтты «Хуыцау... ӕрхуыдта, цӕмӕй сыгъдӕджытӕ уой». Ӕмӕ сӕм Павел ныффыста: «Цы сыгъдӕг тыхӕй схайджын стӕм, уый нӕ цагъартӕ нӕ аразы ӕмӕ нӕ ногӕй тасы не ’фтауы. Фӕлӕ нӕ уыцы сыгъдӕг тыхы фӕрцы Хуыцау йӕхицӕн скодта фырттӕ. Ӕмӕ нӕ уыцы сыгъдӕг тых разӕнгард кӕны, цӕмӕй дзурӕм: „Аввӕ, нӕ Фыд!“ Хуыцауы сыгъдӕг тых нӕ удимӕ иумӕ ӕвдисӕн лӕууы, мах Хуыцауы хъӕбултӕ кӕй стӕм, уымӕн» (Ром. 1:7; 8:15, 16). Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы сӕрст чырыстӕттӕн бӕлвырд бамбарын кӕны, уӕларвон цардмӕ хуынд кӕй сты, уый (1 Фес. 2:12).

8. 1 Иоанны 2:20, 27 стихтӕй куыд зыны, сӕрст чырыстӕтты уый сӕр кӕй нӕ хъӕуы, цӕмӕй сын исчи дзура, ӕцӕгдӕр сыгъдӕг тыхӕй сӕрст кӕй сты?

8 Уӕларвон цардмӕ хуынд чи ’рцӕуы, уыдонӕн Йегъовӕ уыцы хъуыды сӕ зӕрдӕйы ӕмӕ сӕ зонды афтӕ ныффидар кӕны, ӕмӕ, уӕлӕрвты кӕй цӕрдзысты, ууыл ӕппындӕр нӕ фӕдызӕрдыг кӕнынц. (Бакӕс 1 Иоанны 2:20, 27.) Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ сӕрст чырыстӕтты дӕр иннӕтау ӕмбырды уылты ахуыр кӕны. Фӕлӕ сӕ уый сӕр нӕ хъӕуы, цӕмӕй сын исчи зӕгъа, ӕцӕгдӕр сӕрст чырыстон дӕ, зӕгъгӕ. Сӕрст чырыстӕттӕ кӕй сты, уый сын Йегъовӕ бӕлвырд бамбарын кӕны дун-дунейы ӕппӕты хъомысджындӕр тыхы фӕрцы – йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы!

УЫДОН «НОГӔЙ... РАЙГУЫРЫНЦ»

9. Исчи сыгъдӕг тыхӕй сӕрст куы ’рцӕуы, уӕд, Ефесӕгтӕм 1:18 стихмӕ гӕсгӕ, цы фӕивы?

9 Абон Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн сӕ фылдӕр сӕрст чырыстӕттӕ не сты, ӕмӕ сын зын у бамбарын, Хуыцау кӕйдӕр сыгъдӕг тыхӕй куы байсӕрды, уӕд уыцы адӕймаг цы фенкъары, уый. Йегъовӕ адӕмы уӕлӕрвты цӕрынӕн не сфӕлдыста, фӕлӕ зӕххыл цӕрынӕн (Райд. 1:28; Пс. 37:29). Фӕлӕ кӕйдӕрты равзӕрста, цӕмӕй уӕлӕрвты цӕрой. Ӕмӕ сӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй куы байсӕрды, уӕд сын зӕххыл цӕрыны ныфс нал вӕййы, фӕлӕ сын фӕзыны уӕлӕрвты цӕрыны ныфс. Стӕй, куыд хъуыды кӕнынц, уый дӕр бынтондӕр фӕивы. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыдон ӕнхъӕлмӕ кӕсынц уӕларвон цардмӕ. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 1:18.)

10. Цы нысан кӕны «ногӕй... райгуырын»? (Кӕс ма фиппаинаг дӕр.)

10 Чырыстӕттӕ сыгъдӕг тыхӕй сӕрст куы ’рцӕуынц, уӕд «ногӕй... райгуырынц» *, кӕнӕ «Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй... райгуырынц». Ӕмӕ Йесо дӕр дзырдта, ахӕм адӕймаг цы фенкъары, уый, сӕрст чи нӕу, уыцы адӕймагӕн кӕй нӕй бӕлвырд бамбарын кӕнӕн (Иоан. 3:3–8).

11. Бамбарын кӕн, исчи сӕрст куы ’рцӕуы, уӕд ӕндӕрхуызон хъуыды кӕнын цӕмӕн райдайы.

11 Чырыстӕттӕ сыгъдӕг тыхӕй сӕрст куы ’рцӕуынц, уӕд цӕуыл райдайынц хъуыды кӕнын? Цалынмӕ сӕ Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй нӕ байсӕрста, уӕдмӕ сын уыди ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфс. Уыдон бӕллыдысты, Йегъовӕ фыддзинадӕн кӕрон куы скӕна ӕмӕ ӕгас зӕххӕй дӕр дзӕнӕт куы сараза, уыцы рӕстӕгмӕ. Чи зоны-иу сӕ цӕстытыл ауад, сӕ бинонтӕй кӕнӕ се ’мбӕлттӕй чи амард, уыдон куы райгас уой, уӕд сыл куыд цин кӕндзысты, уый. Фӕлӕ, сӕрст куы ’рцыдысты, уӕд райдыдтой ӕндӕрхуызон хъуыды кӕнын. Цымӕ цӕмӕн? Мыййаг, уый тыххӕй, ӕмӕ, ӕнустӕм зӕххыл кӕй цӕрдзысты, уыцы ныфсӕй райгонд нал уыдысты? Ӕви, бирӕ зындзинӕдтӕ кӕй бавзӕрстой кӕнӕ сӕхимӕ кӕй ныхъхъуыстой, уый тыххӕй? Нӕ, уыдӕтты тыххӕй нӕ райдыдтой ӕндӕрхуызон хъуыды кӕнын. Стӕй дзы ӕвиппайды ахӕм хъуыды никӕмӕ фӕзынд, зӕгъгӕ, ӕнустӕм зӕххыл цӕрынӕй сфӕлмӕцдзынӕн. Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы афтӕ бакодта, ӕмӕ ӕндӕрхуызон хъуыды кӕнын райдыдтой, стӕй сын ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфсы бӕсты фӕзынд уӕлӕрвты цӕрыны ныфс.

12. 1 Петры 1:3, 4 стихтӕм гӕсгӕ, сӕрст чырыстӕттӕ цы хъуыды кӕнынц, цы ныфс сын ис, уый тыххӕй?

12 Сӕрст чи ’рцӕуы, уыдонӕй исчи, гӕнӕн ис, хъуыды кӕна, уыцы стыр кады аккаг кӕй нӕу. Фӕлӕ йӕ Йегъовӕ кӕй равзӕрста, ууыл ӕппындӕр никуы фӕдызӕрдыг вӕййы. Фидӕны уӕлӕрвты кӕй цӕрдзӕн, ууыл куы фӕхъуыды кӕны, уӕд йӕ цин йӕ риуы нал фӕцӕуы. Стӕй Хуыцауӕй ахӕм кады тыххӕй тынг бузныг вӕййы. (Бакӕс 1 Петры 1:3, 4.)

13. Сӕрст чырыстӕттӕ сӕ зӕххон цардмӕ цы цӕстӕй кӕсынц?

13 Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕрст чырыстӕтты амӕлын фӕфӕнды? Ацы фарстайӕн дзуапп дӕтты апостол Павел. Уый сӕрст чырыстӕтты зӕххон буӕрттӕ абарста цатыримӕ. Ӕмӕ афтӕ загъта: «О, мах ацы цатыры мидӕг уаргъы бын тухӕнӕй мӕлӕм. Уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ дзы куы фервӕзиккам, уый нӕ фӕнды, фӕлӕ нӕ фӕнды ӕндӕры бацӕрын, цӕмӕй цард аныхъуыра, мӕлӕты бар цӕуыл цӕуы, уый» (2 Кор. 5:4). Уыцы чырыстӕттӕ цардӕй не сфӕлмӕцыдысты ӕмӕ мӕлӕтмӕ нӕ бӕллынц. Уыдонӕн цард циндзинад хӕссы ӕмӕ сӕ фӕнды алы бон дӕр сӕ бинонтимӕ ӕмӕ се ’мбӕлттимӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Фӕлӕ цыфӕнды ма аразой,– цы диссаджы фидӕн сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый сӕ рох никуы вӕййы (1 Кор. 15:53; 2 Пет. 1:4; 1 Иоан. 3:2, 3; Рарг. 20:6).

МЫЙЙАГ, ДЫ ДӔР СЫГЪДӔГ ТЫХӔЙ СӔРСТ ДӔ?

14. Кӕд чырыстон зынгзӕрдӕ у кӕнӕ уыны, Йегъовӕ йӕ царды куыд архайы, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сыгъдӕг тыхӕй сӕрст у?

14 Чи зоны, хъуыды кӕныс, цымӕ ӕз сыгъдӕг тыхӕй сӕрст нӕ дӕн, зӕгъгӕ. Уӕд ахъуыды кӕн ахӕм ахсджиаг фарстатыл: «Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын дӕ зӕрдиагӕй фӕнды? Афтӕ дӕм кӕсы, ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы уӕлдай зынгзӕрдӕ дӕ? Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг фӕиртасыс? „Хуыцауы арф зонд“ иртасын тынг уарзыс? (1 Кор. 2:10). Уыныс ӕй, Йегъовӕ дын хъусын кӕныны хъуыддаджы тынг кӕй арфӕ кӕны? Дӕхицӕн хӕсыл нымайыс иннӕтӕн Йегъовӕйы базонынӕн ӕххуыс кӕнын? Йегъовӕ дын арӕх бӕлвырд хъуыддӕгты куыд баххуыс кӕны, уый феныс?» Ацы фарстатӕн дзуапп дӕтгӕйӕ фидарӕй, о, зӕгъгӕ, куы зӕгъай, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уӕларвон цардмӕ хуынд дӕ? Нӕ, уый ууыл дзурӕг нӕу. Гӕнӕн ис, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр ацы фарстатӕн ахӕм дзуапп раттой, сӕрст чырыстӕттӕ уой ӕви ма уой, уӕддӕр. Ӕмӕ Йегъовӕйӕн йӕ бон у, ӕмӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕн дӕр ратта ахӕм хъуыддӕгтӕ аразыны хъару, уӕлдай нӕу, зӕххыл цӕрыны ныфс сын ис ӕви уӕлӕрвты цӕрыны ныфс. Уӕвгӕ, кӕд дызӕрдыг кӕныс, сыгъдӕг тыхӕй сӕрст дӕ ӕви нӕ, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕрст чырыстон нӕ дӕ. Йегъовӕ кӕй ӕрхуыдта, уыдон нӕ фӕхъуыды кӕнынц, цымӕ сӕрст чырыстон дӕн ӕви нӕ, зӕгъгӕ. Уыдон ӕй бӕлвырд зонынц!

Йегъовӕ Авраамӕн, Саррӕйӕн, Давидӕн ӕмӕ Аргъауӕг Иоаннӕн йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы лӕвӕрдта диссаджы хъуыддӕгтӕ аразыны хъару, фӕлӕ сӕ уӕлӕрвты цӕрынӕн нӕ равзӕрста (кӕс 15, 16 абзацтӕ) *

15. Кӕцӕй йӕ зонӕм, сыгъдӕг тыхӕй чи схайджын, уыдон се ’ппӕт уӕлӕрвты цӕрынӕн ӕвзӕрст кӕй не ’рцыдысты?

15 Библийы цы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты кой ис, уыдонӕй бирӕтӕ уыдысты сыгъдӕг тыхӕй хайджын, фӕлӕ сын уӕлӕрвты цӕрыны ныфс нӕ уыд. Зӕгъӕм, Давидӕн сыгъдӕг тых разамынд лӕвӕрдта (1 Сам. 16:13). Сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ бон уыд Йегъовӕйы арф хъуыдытӕ ӕмбарын. Стӕй сыгъдӕг тыхы разӕнгардӕй ныффыста Библийы кӕцыдӕр хӕйттӕ (Мар. 12:36). Фӕлӕ апостол Петр загъта, «Давид... уӕларвмӕ не ссыд», зӕгъгӕ (Хъуыд. 2:34). Аргъауӕг Иоанн дӕр хайджын уыд Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй (Лук. 1:13–16). Йесо загъта, адӕмӕй Иоаннӕй уӕлдӕр кӕй ничи уыд. Фӕлӕ уый фӕстӕ загъта, Иоанн уӕларвон Паддзахады кӕй нӕ уыдзӕн (Матф. 11:10, 11). Йегъовӕ сын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы лӕвӕрдта диссаджы хъуыддӕгтӕ аразыны хъару, фӕлӕ сӕ уӕлӕрвты цӕрынӕн нӕ равзӕрста. Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, уӕлӕрвты паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдоны хуызӕн иузӕрдион нӕ уыдысты? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ цардмӕ раздахдзӕн зӕххыл дзӕнӕты (Иоан. 5:28, 29; Хъуыд. 24:15).

16. Абон Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн сӕ фылдӕр цавӕр хӕрзиуӕгмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц?

16 Ныртӕккӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй зӕххыл чи ис, уыдонӕн сӕ фылдӕрӕн уӕлӕрвты цӕрыны ныфс нӕй. Авраам, Саррӕ, Давид, Аргъауӕг Иоанн ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр рагон лӕггадгӕнджытӕ – нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ – ӕнхъӕлмӕ кастысты, зӕххыл Хуыцауы Паддзахады дӕлбар кӕй цӕрдзысты, уымӕ (Дзут. 11:10). Ӕмӕ нырыккон лӕггадгӕнджытӕн дӕр сӕ фылдӕр уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц.

17. Иннӕ статьяйы цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?

17 Абон Хуыцауы адӕмы ’хсӕн нырма ис сӕрст чырыстӕттӕ, ӕмӕ нӕм уымӕ гӕсгӕ, гӕнӕн ис, цавӕрдӕр фарстатӕ фӕзына (Рарг. 12:17). Зӕгъӕм, сӕрст чырыстӕттӕ сӕхимӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой? Уе ’мбырдӕй исчи Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй аходын куы райдайа, уӕд уыцы адӕймагмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? Ӕмӕ кӕд, йӕхи сӕрст чырыстоныл чи нымайы, уыдоны нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны, уӕд нӕ уый хъуамӕ мӕты ӕфтауа? Ацы фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм иннӕ статьяйӕ.

27 ЗАРӔГ Хуыцауы фыртты кад раргом уыдзӕн

^ 5 абз. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бонӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕ чырыстӕттӕй кӕйдӕрты ӕвзары, цӕмӕй уӕлӕрвты Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ уой. Фӕлӕ уыцы чырыстӕттӕ куыд базонынц, ахӕм диссаджы хъуыддагӕн ӕвзӕрст кӕй ӕрцыдысты, уый? Адӕймаг уӕлӕрвты цӕрынмӕ хуынд куыд ӕрцӕуы? Ацы цымыдисаг фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм ацы статьяйӕ. Арӕзт у, 2016 азы январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» цы статьятӕ уыд, уыдонӕй иуыл.

^ 2 абз. АЦЫ НЫХӔСТӔН СӔ ХЪУЫДЫ ЦЫ У. Сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцӕуын. Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы адӕймагӕн бамбарын кӕны, кӕй йӕ равзӕрста, цӕмӕй Йесоимӕ уӕлӕрвты паддзах уа. Сӕрст чырыстӕттӕн сӕ бон у фидарӕй зӕгъын, сыгъдӕг тых «ӕвдисӕн [кӕй] лӕууы», ома сын кӕй ӕмбарын кӕны, сӕ хӕрзиуӕг уӕлӕрвты кӕй ис (Ром. 8:16).

^ 5 абз. АЦЫ НЫХӔСТӔН СӔ ХЪУЫДЫ ЦЫ У. Мыхуыр сӕвӕрын. Уыцы мыхуыр фӕстаг мыхуыр нӕу. Иузӕрдион сӕрст чырыстӕттыл фӕстаг мыхуыр ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн кӕнӕ сӕ мӕлӕты размӕ, кӕнӕ та стыр бӕллӕхы хӕдразмӕ (Еф. 4:30; Рарг. 7:2–4; кӕс «Кӕсджыты фарстатӕ» 2016 азы апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы»).

^ 10 абз. «Ногӕй... райгуырын» цы нысан кӕны, уый тыххӕй фылдӕр кӕс 2009 азы 1 апрелы «Сторожевая башня»-йы, 3, 4, 5, 5, 6, 7, 8, 8, 9, 10, 11, 11, 12 фӕрстӕ.

^ 57 абз. НЫВ. Йӕ уырнындзинады тыххӕй ахст чи у, уыдон дӕр ӕмӕ, йӕ бон сӕрибарӕй хъусын кӕнын ӕмӕ иннӕтӕн рӕстдзинад амонын кӕмӕн у, уыдон дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, зӕххыл Хуыцауы Паддзахады дӕлбар кӕй цӕрдзысты, уымӕ.