Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

34 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Бафӕлвар ӕмӕ базон, Йегъовӕ куыд хорз у, уый

Бафӕлвар ӕмӕ базон, Йегъовӕ куыд хорз у, уый

«Бафӕлварут ӕмӕ базонут, Йегъовӕ куыд хорз у, уый. Амондджын у уыцы адӕймаг, йӕхи йе уазӕг чи бакодта» (ПС. 34:8).

117 ЗАРӔГ Хуыцауы хорздзинад фӕзмӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. Псалом 34:8 стихмӕ гӕсгӕ, нӕ бон куыд у базонын, Йегъовӕ куыд хорз у, уый?

ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕн, цыма дын дӕ разы ӕрӕвӕрдтой, раздӕр кӕй никуы хордтай, ахӕм хӕринаг. Цавӕр хӕринаг у, уый тыххӕй дӕ бон у цыдӕртӕ базонын, куы йӕм ӕркӕсай, куы йӕм басмудай, цӕмӕй конд у, уый куы базонай кӕнӕ иннӕты куы бафӕрсай, сӕ зӕрдӕмӕ цӕуы ӕви нӕ. Фӕлӕ дзы цалынмӕ дӕхӕдӕг нӕ фенай, уӕдмӕ йӕ нӕ бамбардзынӕ, дӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн ӕви нӕ.

2 Йегъовӕ куыд хорз у, уый тыххӕй нӕ бон цыдӕртӕ у базонын Библийӕ ӕмӕ нӕ публикацитӕй, стӕй, иннӕтӕ Йегъовӕйы арфӕдзинӕдты тыххӕй цы радзурынц, уымӕй. Фӕлӕ, куыд хорз у, уый бамбардзыстӕм, нӕхӕдӕг ӕй куы «бафӕлварӕм» ӕмӕ йын йӕ хорздзинӕдтӕй куы «фенӕм», уӕд. (Бакӕс Псалом 34:8.) Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Зӕгъӕм, фӕнды нӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын. Фӕлӕ цӕмӕй уыцы нысан нӕ къухы бафта, уый тыххӕй нӕ хъӕуы нӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын. Йесойы ныхӕстӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ кастыстӕм, зӕгъгӕ, Хуыцауы Паддзахад фыццаг бынаты куы ’вӕрӕм, уӕд нын Йегъовӕ дӕтдзӕн, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ (Матф. 6:33). Чи зоны, уыцы ныхӕстӕ нӕхиуыл нӕма бавзӕрстам. Фӕлӕ Йесойы ныхӕстыл кӕй ӕууӕндӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ хӕрдзтӕ фӕкъаддӕр кодтам, къаддӕр кусын райдыдтам ӕмӕ нӕ тыхтӕ сарӕзтам Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ. Ӕмӕ уӕд нӕхиуыл бавзардзыстӕм, Йегъовӕ нын кӕй дӕтты, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ. Афтӕмӕй базондзыстӕм, Йегъовӕ куыд хорз у, уый.

3. Псалом 31:19 стихмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ хорздзинӕдтӕй кӕй схайджын кӕны?

3 Йегъовӕ «хорз у алкӕмӕн дӕр», суанг ӕй чи нӕ зоны, уыдонӕн дӕр (Пс. 145:9; Матф. 5:45). Фӕлӕ, чи йӕ уарзы ӕмӕ йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи лӕггад кӕны, уӕлдайдӕр уыдоны хайджын кӕны бирӕ арфӕдзинӕдтӕй. (Бакӕс Псалом 31:19.) Аныхас кӕнӕм, Йегъовӕ нын хорзӕй цы аразы, уыдӕттыл.

4. Йегъовӕмӕ ӕввахс кӕнын чи райдайы, уыдон куыд фенынц, куыд хорз у, уый?

4 Йегъовӕ нын цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ куы фӕархайӕм, уӕд ныл уый алкӕддӕр хуыздӕрырдӕм фӕзыны. Йегъовӕйы куы базыдтам ӕмӕ йӕ куы бауарзтам, уӕд нӕ бафӕндыд йӕ зӕрдӕ йын рухс кӕнын. Ӕмӕ нын Йегъовӕ ӕххуыс кодта, цӕмӕй, йӕ зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕ ныууагътаиккам, стӕй нӕ зондахаст дӕр аивтаиккам (Кол. 1:21). Ӕмӕ йын нӕхи куы снывонд кодтам ӕмӕ донаргъуыд куы райстам, уӕд нӕ ноджы фылдӕр хорздзинӕдтӕй схайджын кодта. Зӕгъӕм, йӕ разы нын ис сыгъдӕг цӕсгом ӕмӕ у не ’ввахс Хӕлар (1 Пет. 3:21).

5. Уацамынды нӕхиуыл куыд бавзарӕм, Йегъовӕ куыд хорз у, уый?

5 Йегъовӕ куыд хорз у, уый ма нӕхиуыл бавзарӕм уацамынды дӕр. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ ӕфсӕрмыгӕнаг сты. Чи зоны, ды дӕр ӕфсӕрмыгӕнаг дӕ. Цалынмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нӕ райдыдтай, уӕдмӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды дӕр никуы акодтай, ӕмӕ ӕнӕзонгӕ адӕммӕ хӕдзармӕ цӕудзынӕ ӕмӕ семӕ ныхас кӕндзынӕ, бирӕты зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, уыцы хабарыл. Фӕлӕ ныртӕккӕ уый ӕдзухдӕр аразыс. Уымӕй уӕлдай ма уыцы хъуыддаг уарзгӕ дӕр бакодтай. Йегъовӕ дын ӕххуыс кӕны ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр. Зӕгъӕм, исчи дӕ ныхмӕ куы рацӕуы, уӕд дын баххуыс кӕны, цӕмӕй йемӕ сабырӕй ныхас кӕнай. Кӕнӕ искӕй Библийӕ фылдӕр базонын куы бафӕнды, уӕд дын дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны хъӕугӕ стих. Стӕй дын дӕтты тыхтӕ, цӕмӕй дарддӕр дӕр хъусын кӕнай, бирӕтӕ хорз хабармӕ куы нӕ фӕхъусынц, уӕд дӕр (Йер. 20:7–9).

6. Йегъовӕ нӕ кӕй ахуыр кӕны, уымӕй куыд у бӕрӕг, хорз кӕй у, уый?

6 Йегъовӕ куыд хорз у, уый ма ӕвдисы, хъусын кӕнын нӕ кӕй ахуыр кӕны, уымӕй дӕр (Иоан. 6:45). «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад» чи хуыйны, уыцы фембӕлды фенӕм, адӕмимӕ ныхас райдайӕн куыд ис, уый. Ӕмӕ нын стӕй уыцы цӕвиттонтӕ уацамынды баххуыс кӕнынц. Чи зоны, фыццаг нӕ ныфс нӕ фӕхӕссӕм ног цыдӕртӕ бафӕлварынмӕ. Фӕлӕ йӕ стӕй фенӕм, хъусын кӕнгӕйӕ уыцы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы фӕархайӕм, уӕд бирӕтӕ хорз кӕй байхъусынц. Уымӕй уӕлдай ма ӕмбырдты ӕмӕ конгрессты фехъусӕм, нӕ бон кӕй у бафӕлварын, цӕмӕй ӕндӕр хуызы дӕр Йегъовӕйӕн балӕггад кӕнӕм. Чи зоны, раздӕр афтӕ никуы лӕггад кодтам. Ӕмӕ та, гӕнӕн ис, тыхсӕм, нӕ нын рауайдзӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ цыфӕнды уавӕрты дӕр Йегъовӕйӕн, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый куы фӕдӕттӕм, уӕд нӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕны. Ӕмӕ дзы ныртӕккӕ иуӕй-иутыл аныхас кӕндзыстӕм. Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм, нӕ бон фылдӕр лӕггад кӕнын куыд у, ууыл дӕр.

ЙЕГЪОВӔ АРФӔ КӔНЫ, ЙӔ ЗӔРДӔ ЙЫЛ ЧИ ДАРЫ, УЫДОНӔН

7. Фылдӕр лӕггад кӕнын куы райдайӕм, уӕд цавӕр арфӕдзинадӕй схайджын вӕййӕм?

7Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс вӕййӕм. Ӕркӕсӕм иу хистӕр нӕлгоймаджы хабармӕ. Самуэль * йӕ бинойнагимӕ лӕггад кӕны Колумбийы. Фыццаг цы ӕмбырды уыдысты, уым лӕггад кодтой пионертӕй ӕмӕ уыдысты тынг амондджын. Фӕлӕ сӕ фӕндыд, ӕххуыс кӕм хъуыди, ахӕм ӕмбырды лӕггад кӕнын. Уый тыххӕй сӕ бахъуыд сӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнын. Самуэль дзуры: «Мах бацархайдтам Матфейы 6:33 стихы фыст уынаффӕмӕ гӕсгӕ, ӕмӕ нӕ ӕнӕмӕнг цы нӕ хъуыд, уыдӕттӕ нал ӕлхӕдтам. Фӕлӕ нын ӕппӕты зындӕр уыди нӕ квартирӕ ныууадзын. Нӕхи куыддӕридӕр фӕндыд, афтӕ конд уыди. Стӕй квартирӕйы тыххӕй хӕстӕ дӕр нӕ дардтам». Уыдон ӕндӕр ӕмбырдмӕ рацыдысты. Ӕмӕ уым лӕггад кӕнгӕйӕ бамбӕрстой, раздӕр цас ӕхца куыстой, ныр сын уымӕй ӕхсӕз хатты къаддӕр кӕй фаг кодта. Самуэль ма загъта: «Мах нӕ царды уынӕм Йегъовӕйы разамынд ӕмӕ нын нӕ куывдтытӕн дзуапп кӕй дӕтты, уый. Мах ӕй зонӕм, йӕ зӕрдӕ нӕ кӕй рухс кӕны. Ӕмӕ нӕ кӕй уарзы, уый нӕхиуыл ӕндӕрхуызӕтты дӕр бавзӕрстам». Дӕуӕн дӕр дӕ бон нӕ уаид фылдӕр лӕггад кӕнын? Уӕд Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс уыдзынӕ ӕмӕ дӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттӕ дын дӕтдзӕн (Пс. 18:25).

8. Иван ӕмӕ Викторийӕ цы радзырдтой, уымӕй цы ис базонӕн?

8Нӕ лӕггад нын фӕхӕссы циндзинад. Иван ӕмӕ Викторийӕ лӕггад кӕнынц пионертӕй Хъыргъызстаны. Уыдон кодтой хуымӕтӕг цард, цӕмӕй-иу лӕггад кодтаиккой, се ’ххуыс-иу кӕм бахъуыдаид, уым. Ӕххуыс-иу кодтой нӕ организацийы агъуыстытӕ аразынӕн дӕр. Иван радзырдта: «Кӕмфӕнды ма лӕггад кодтаиккам,– нӕхиуыл никуы ауӕрстам. Ӕмӕ-иу кӕд изӕрӕй фӕлладӕй ӕрбацыдыстӕм, уӕддӕр-иу тынг райгонд уыдыстӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдтам, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ кӕй бафӕлладыстӕм. Стӕй нын фӕзынд бирӕ ӕмбӕлттӕ. Ӕмӕ ныр дӕр бирӕ хорз хабӕрттӕ ӕхсызгонӕй ӕрымысӕм» (Мар. 10:29, 30).

9. Иу хо цы аразы, цӕмӕй фылдӕр лӕггад кӕна, кӕд ын уый ӕнцон нӕу, уӕддӕр ӕмӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын?

9 Нӕ бон у зын уавӕрты дӕр Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнын. Миррей цӕры Ныгуылӕн Африкӕйы. Уый у ацӕргӕ идӕдз хо. Миррей куыста дохтырӕй. Ӕмӕ, пенсийы куы рацыд, уӕд райдыдта пионерӕй лӕггад кӕнын. Миррей у артритӕй рынчын, ӕмӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ йӕ бон сахат йеддӕмӕ нӕ вӕййы хъусын кӕнын. Фӕлӕ стендтимӕ йӕ бон у фылдӕр лӕггад кӕнын. Кӕмӕн хъусын кодта, уыдонӕй бирӕты фӕнды фылдӕр базонын ӕмӕ йын ис бирӕ Библийы ахуыртӕ. Ӕмӕ уыцы адӕмӕй кӕимӕдӕрты фӕныхас кӕны телефонӕй. Миррей афтӕ зӕрдиагӕй цӕмӕн архайы? Уый загъта: «Йегъовӕйы ӕмӕ Йесо Чырыстийы афтӕ тынг уарзын, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй! Ӕмӕ Йегъовӕмӕ арӕх фӕкувын, цӕмӕй мын ӕххуыс кӕна, мӕ бон цас у, уыйбӕрц ын лӕггад кӕнынӕн» (Матф. 22:36, 37).

10. 1 Петры 5:10 стихмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, фылдӕр аразын кӕй фӕнды, уыдонӕн?

10Йегъовӕ нӕ фылдӕр цӕуылдӕрты сахуыр кӕны. Кенни уый йӕхиуыл бавзӕрста. Уый лӕггад кӕны пионерӕй Маврикийы. Рӕстдзинад куы базыдта, уӕд университет ныууагъта, донаргъуыд райста ӕмӕ райдыдта пионерӕй лӕггад кӕнын. Кенни зӕгъы: «Мӕн фӕнды, цӕмӕй уон пехуымпар Исайы хуызӕн. Уый афтӕ загъта: „Мӕнӕ ӕз! Мӕн арвит“» (Ис. 6:8). Кенни бирӕ рӕтты ӕххуыс кодта нӕ организацийы агъуыстытӕ аразынӕн. Стӕй ма ӕххуыс кодта Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ йӕ мадӕлон ӕвзагмӕ тӕлмац кӕнынӕн. Уый зӕгъы: «Нӕ организацийы цӕуыл сахуыр дӕн, уый фӕрцы мӕ бон уыд мӕ хӕслӕвӕрдтӕ хорз ӕххӕст кӕнын». Фӕлӕ ма ноджыдӕр цӕуылдӕр сахуыр. Йӕ ныхӕстӕм ма бафтыдта: «Ӕз базыдтон, мӕ бон алцы кӕй нӕу. Стӕй ма бамбӕрстон, цавӕр миниуджытӕ мӕ хъӕуы мӕ удыхъӕды фидар кӕнын, цӕмӕй хуызӕр лӕггадгӕнӕг суон». (Бакӕс 1 Петры 5:10.) Чи зоны, дӕуӕн дӕр дӕ бон у дӕ царды цыдӕр фӕивын, цӕмӕй дӕ Йегъовӕ фылдӕр цӕуылдӕрты сахуыр кӕна.

Лӕг ӕмӕ ус лӕггад кӕнынц, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм территорийы; ӕрыгон хо ӕххуыс кӕны Паддзахады зал аразынӕн; ацӕргӕ лӕг ӕмӕ ус хъусын кӕнынц телефонӕй. Се ’ппӕтӕн дӕр сӕ лӕггад стыр циндзинад хӕссы (кӕс 11 абзац)

11. Хуссар Корейы ӕртӕ хойы цы сарӕзтой, цӕмӕй сӕ бон уыдаид фылдӕр хъусын кӕнын, ӕмӕ сын цы бантыст? (Ноджыдӕр кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

11 Фӕлтӕрдджын хъусынгӕнджыты дӕр бахъӕуы ног мадзӕлттыл ахуыр кӕнын. Хуссар Корейӕ иу ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ныффыстой, коронавирусы пандемийӕйы рӕстӕг хъусынгӕнджытӕн сӕ къухы цы бафтыд, уый тыххӕй: «Йе ’нӕниздзинады тыххӕй хъусын кӕнынмӕ ацӕуын арӕх йӕ бон кӕмӕн нӕ уыд, уыдонӕй бирӕтӕ ныр хъусын кӕнынц видеоконференцийы фӕрцы. 80 азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы, ӕртӕ ахӕм хойы компьютерӕй архайын сахуыр сты. Ӕмӕ ныр алы бон дӕр фӕхъусын кӕнынц» (Пс. 92:14, 15). Дӕу дӕр фӕнды Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын ӕмӕ базонын, Йегъовӕ куыд хорз у, уый? Дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй уыцы нысан дӕ къухы бафта? Ӕркӕсӕм цалдӕр хъуыддагмӕ.

ДӔ БОН ЦЫ У АРАЗЫН, ЦӔМӔЙ ДӔ НЫСАН ДӔ КЪУХЫ БАФТА?

12. Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, йӕ ныфс ыл чи дары, уыдонӕн?

12Сахуыр у дӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын. Уый нын зӕгъы, нӕ зӕрдӕ йыл куы дарӕм ӕмӕ нӕм хуыздӕрӕй цы ис, уый йын куы дӕттӕм, уӕд нӕ йӕ арфӕдзинӕдты бын кӕй фӕкӕндзӕн (Мал. 3:10). Хо Фабиолӕ цӕры Колумбийы. Ӕмӕ уый йӕхиуыл бавзӕрста, Йегъовӕ уыцы зӕрдӕвӕрд куыд сӕххӕст кӕны, уый. Донаргъуыд куы райста, уӕд ӕй фӕндыди пионерӕй лӕггад кӕнын. Фӕлӕ йӕ хъуыди кусын, цӕмӕй йӕ лӕгӕн ӕххуыс кодтаид се ’ртӕ сывӕллоны дарынӕн. Пенсийы рацӕуыны афон ын куы уыд, уӕд Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй скуывта. Фабиолӕ зӕгъы: «Ӕнӕуи, цӕмӕй адӕймаг пенси исын райдайа, уымӕн бирӕ рӕстӕг бахъӕуы. Фӕлӕ мӕнӕн мӕ хъуыддаг иу мӕймӕ арӕзт ӕрцыд. Уый стыр диссаг куыннӕ уыди!» Дыууӕ мӕйы фӕстӕ райдыдта пионерӕй лӕггад кӕнын. Ныртӕккӕ йыл цӕуы 70 азӕй фылдӕр, ӕмӕ пионерӕй 20 азӕй фылдӕр лӕггад кӕны. Фабиолӕ аст адӕймагӕн баххуыс кодта донаргъуыд райсынӕн. Ӕмӕ ма афтӕ зӕгъы: «Иуӕй-иу хатт тынг лӕмӕгъ вӕййын, фӕлӕ мын Йегъовӕ алы бон дӕр ӕххуыс кӕны, цӕмӕй мын ӕнтыса дарддӕр дӕр пионерӕй лӕггад кӕнын».

Авраам ӕмӕ Саррӕ, стӕй Иаков ӕмӕ, Иорданы цӕугӕдоны сӕрты чи ахызт, уыцы сауджынтӕ куыд равдыстой, сӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дардтой, уый? (кӕс 13 абзац)

13, 14. Кӕй цӕвиттонтӕ дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй дӕ ныфс Йегъовӕйыл дарай ӕмӕ дӕ нысӕнттӕм тырнай?

13Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй чи лӕггад кӕны, уыдоны фӕзм. Библийы фыст ис, Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй чи лӕггад кодта, бирӕ ахӕм адӕймӕгты тыххӕй. Арӕх-иу сын Йегъовӕ раарфӕ кодта, сӕ ныфс ыл кӕй дарынц, уый-иу куы равдыстой, ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ. Зӕгъӕм, Авраам, «кӕдӕм цӕуы, уый зонгӕ дӕр нӕ кодта». Фӕлӕ уӕддӕр йӕ райгуырӕн бӕстӕ ныууагъта, ӕмӕ йын Йегъовӕ ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ раарфӕ кодта (Дзут. 11:8). Иаков ӕнӕхъӕн ӕхсӕв зӕдимӕ хъӕбысӕй хӕцыд. Ӕмӕ йын Йегъовӕ ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ раарфӕ кодта (Райд. 32:24–30). Кӕнӕ израилӕгтӕн сӕ бон Иорданы сӕрты ахизын ӕмӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацӕуын сси, сауджынтӕ ивылд цӕугӕдонмӕ куы бахызтысты, ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ (Йес. Н. 3:14–16).

14 Абон дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ сӕ ныфс Йегъовӕйыл дарынц ӕмӕ сӕ нысӕнттӕм тырнынц. Ӕмӕ нӕ бон у уыдоны дӕр фӕзмын. Зӕгъӕм, ӕфсымӕр Пэйтон ӕмӕ йӕ бинойнаг Дайанӕ уарзтой кӕсын рубрикӕ «Уыдон уыдысты цӕттӕ» *. Уым бакӕсӕн вӕййы, Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын чи райдыдта, ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты тыххӕй. Пэйтон радзырдта: «Сӕ хабӕрттӕ-иу сын куы кастыстӕм, уӕд-иу нӕм афтӕ каст, цыма, чидӕр хӕрзад хӕринӕгтӕ куыд хӕры, уымӕ кӕсӕм. Ӕмӕ-иу цас фылдӕр кастыстӕм, уыйас-иу сӕм тынгдӕр смондаг стӕм, ӕмӕ нӕ фӕндыд бафӕлварын ӕмӕ фенын, Йегъовӕ куыд хорз у, уый». Гъемӕ Пэйтон ӕмӕ Дайанӕ ацыдысты, фылдӕр хъусынгӕнджытӕ кӕм хъуыд, ахӕм ранмӕ. Ды дӕр уыцы рубрикӕ фӕкӕсыс? Кӕнӕ ма нӕ сайты jw.org ис видеоролик «Хъусын кӕнӕм дард рӕтты: Австрали». Уыцы ӕрмӕг дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй бамбарай, дӕ бон куыд у Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын.

15. Фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад чи агуры, уыдонимӕ куы лымӕн кӕнӕм, уӕд ныл уый куыд фӕзындзӕн?

15Фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад чи агуры, уыдонимӕ лымӕн кӕн. Адӕймагӕн ног хӕринагӕй фенын ӕнцондӕр вӕййы, уыцы хӕринаг чи уарзы, уыдоны ’хсӕн куы вӕййы, уӕд. Раст афтӕ, Йегъовӕ йӕ царды фыццаг бынаты кӕмӕн ис, уыдонимӕ куы лымӕн кӕнӕм, уӕд нӕ фӕнддзӕн фылдӕр лӕггад кӕнын. Уый Кент ӕмӕ Вероникӕ сӕхиуыл бавзӕрстой. Кент зӕгъы: «Не ’мбӕлттӕ ӕмӕ нӕ нӕ бинонтӕ разӕнгард кодтой, цӕмӕй ӕндӕр хуызы лӕггад кӕнын дӕр бафӕлвӕрдтаиккам. Фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад чи агуры, уыдонимӕ кӕй лымӕн кодтам, уый фӕрцы нӕ ныфс бахастам ног цыдӕр бафӕлварынмӕ». Кент ӕмӕ Вероникӕ ныр лӕггад кӕнынц сӕрмагонд пионертӕй Сербийы.

16. Лукайы 12:16–21 стихты цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ, цӕмӕн хъуамӕ уӕм цӕттӕ нӕхи истӕмӕй фӕцух кӕнынмӕ?

16Йегъовӕйы тыххӕй дӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ цӕттӕ у. Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ цӕмӕй Йегъовӕ райгонд уа, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи фӕцух кӕнӕм царды ӕппӕт хорздзинӕдтӕй дӕр (Еккл. 5:19, 20). Фӕлӕ нӕ кӕд фылдӕр лӕггад кӕныны тыххӕй нӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнын нӕ фӕнды, уӕд уыдзыстӕм, Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы кӕй кой ракодта, уыцы нӕлгоймаджы хуызӕн. Уый йӕхицӕн бирӕ мулк ӕрӕмбырд кодта, Хуыцау та йӕм нымады дӕр нӕ уыд. (Бакӕс Лукайы 12:16–21.) Ӕфсымӕр Кристиан цӕры Францийы. Уый зӕгъы: «Раздӕр Йегъовӕйы хъуыддагӕн ӕмӕ мӕ бинонтӕн, цас хъуыд, уыйбӕрц рӕстӕг нӕ хицӕн кодтон». Кристиан йӕ бинойнагимӕ аскъуыддзаг кодтой, пионертӕй кӕй лӕггад кӕндзысты. Фӕлӕ сӕ уый тыххӕй бахъуыд сӕ куыст ныууадзын. Уыдон райдыдтой хӕдзӕрттӕ ӕфснайын ӕмӕ сахуыр сты, цы сын ис, уый фагыл нымайын. Цымӕ, афтӕ кӕй бакодтой, ууыл фӕфӕсмон кодтой? Кристиан зӕгъы: «Ныр нын нӕ лӕггад фылдӕр циндзинад хӕссы, ӕмӕ нын тынг ӕхсызгон вӕййы, ногӕй кӕмӕ бацӕуӕм ӕмӕ Библи кӕмӕ ахуыр кӕнӕм, уыдоны Йегъовӕйы базонын кӕй фӕнды, уый».

17. Хатт нӕ ныфс цӕуылнӕ фӕхӕссӕм ӕндӕр хуызы хъусын кӕнынмӕ?

17Ӕндӕр хуызы хъусын кӕнын бафӕлвар (Хъуыд. 17:16, 17; 20:20, 21). Шерли у Иугонд Штаттӕй, лӕггад кӕны пионерӕй. Коронавирусы пандемийӕйы рӕстӕг хъуамӕ сахуыр уыдаид ӕндӕр хуызы хъусын кӕнын. Фыццаг йӕ ныфс нӕ хаста телефонӕй хъусын кӕнынмӕ. Фӕлӕ сӕ стӕй районон цӕстдарӕг куы бӕрӕг кодта, уӕд сын бацамыдта, уый куыд ис аразӕн. Ӕмӕ уый фӕстӕ Шерли арӕх райдыдта телефонӕй хъусын кӕнын. Уый зӕгъы: «Фыццаг рӕстӕг-иу тарстӕн. Фӕлӕ ныр мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы телефонӕй хъусын кӕнын. Ныр цас адӕмимӕ аныхас кӕнӕм, уыйбӕрц адӕмимӕ-иу хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ нӕ аныхас кодтам».

18. Фылдӕр лӕггад кӕнын нӕ исты куы хъыгдара, уӕд нӕ бон цы у саразын?

18Спълан кӕн, куыд архайдзынӕ, уый ӕмӕ дӕ нысанмӕ тырн. Зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд Йегъовӕмӕ фӕкувӕм ӕмӕ нӕхӕдӕг дӕр фӕхъуыды кӕнӕм, нӕ бон цы у саразын, ууыл (Ӕмб. 3:21). Соня лӕггад кӕны пионерӕй, цигайнаг ӕвзагыл чи дзуры, ахӕм къорды Европӕйы. Уый зӕгъы: «Куыд архайдзынӕн, уый гӕххӕттыл ныффыссын ӕмӕ йӕ ахӕм ран сӕвӕрын, цӕмӕй йӕ уынон. Стъолыл мын ис дыууӕ фӕндаджы ныв: иу дзы иуырдӕм цӕуы, иннӕ – иннӕрдӕм. Ӕмӕ мӕ уынаффӕ рахӕссын куы фӕхъӕуы, уӕд уыцы нывмӕ ӕркӕсын ӕмӕ ахъуыды кӕнын, мӕ уынаффӕ мӕ кӕдӕм ӕркӕндзӕн, ууыл». Соня архайы, цӕмӕй зындзинӕдтӕм раст цӕстӕй кӕса. Уый афтӕ зӕгъы: «Мӕ уавӕрты исты куы фӕивы, уӕд ахъуыды кӕнын: ацы ивындзинад мын, чи мӕ хъыгдара, ахӕм къулы хуызӕн уыдзӕн ӕви, мӕ нысанмӕ кӕй фӕрцы бахӕццӕ уыдзынӕн, ахӕм хиды хуызӕн?»

19. Цы нӕ фӕнды аразын?

19 Йегъовӕ нӕ бирӕ алыхуызон арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕны. Ӕмӕ сын кӕй аргъ кӕнӕм, уый равдисдзыстӕм, йӕ хъуыддаджы, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы аразӕм ӕмӕ йӕ афтӕмӕй куы кадджын кӕнӕм, уымӕй (Дзут. 13:15). Ӕмӕ-иу нӕ лӕггады ног исты куы бафӕлварӕм, уӕд ноджы фылдӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзыстӕм. Цӕй уӕдӕ-иу алы бон дӕр «бафӕлварӕм ӕмӕ базонӕм, Йегъовӕ куыд хорз у, уый». Ӕмӕ уӕд нӕ бон уыдзӕн Йесойау зӕгъын: «Мӕнӕн мӕ хӕринаг у, чи мӕ рарвыста, уымӕн йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ йын йӕ хъуыддаг кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын» (Иоан. 4:34).

80 ЗАРӔГ «Бафӕлвар ӕмӕ базон, Йегъовӕ куыд хорз у, уый»

^ 5 абз. Хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый у Йегъовӕйӕ. Йегъовӕ хорздзинад алкӕмӕн дӕр аразы, суанг ӕвзӕр адӕмӕн дӕр. Фӕлӕ йын уӕлдай ӕхсызгон вӕййы хорздзинад йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн аразын. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн хорзӕй цы аразы, уымӕ. Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм, фылдӕр лӕггад кӕнын чи райдайы, уыдон сӕхиуыл куыд бавзарынц, Йегъовӕ куыд хорз у, уый.

^ 7 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

^ 14 абз. Ацы рубрикӕ раздӕр мыхуыргонд цыди «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы». Ныр та йӕ ссарӕн ис сайты jw.org. (Кӕс МАХ ТЫХХӔЙ > ХАБӔРТТӔ > НЫСӔНТТӔ ХУЫЦАУЫ ХЪУЫДДАДЖЫ.)