Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

31 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегъовӕмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсыс?

Йегъовӕмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсыс?

«Цас хъӕуа, уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцаумӕ» (МИХ. 7:7).

128 ЗАРӔГ Кӕронмӕ фидар лӕуу

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

ЗӔГЪӔМ, де ’мбал дын хъуамӕ ӕрбахӕсса, тынг дӕ чи хъӕуы, ахӕм дзаума. Фӕлӕ йӕм ды цафон ӕнхъӕлмӕ кастӕ, уыцы афон не ’рбацыд. Цымӕ уӕд дӕ ныфс асӕтдзӕн? Ӕмбисӕндты 13:12 стихы фыст ис: «Бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын адӕймагӕн зӕрдӕниз у». Фӕлӕ йӕ куы зонай, афтӕ цӕмӕн рауад, уӕд дын ӕнхъӕлмӕ кӕсын афтӕ зын нӕ уыдзӕн.

2 Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм Библийӕ цалдӕр уагӕвӕрдмӕ. Уыдон нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй, «цас хъӕуа, уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм» (Мих. 7:7). Уый фӕстӕ аныхас кӕндзыстӕм, Йегъовӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ цавӕр уавӕрты фӕхъӕуы, уыдонӕй дыууӕйыл. Ӕмӕ фӕстагмӕ аныхас кӕндзыстӕм, Йегъовӕмӕ чи ’нхъӕлмӕ кӕсы, уыдон цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзысты, ууыл.

БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРДТӔ НЫН ӔХХУЫС КӔНЫНЦ, ЦӔМӔЙ ФӔРАЗОН УӔМ

3. Ӕмбисӕндтӕ 21:5 стих нын цӕуыл дзурӕг у?

3 Фӕразондзинад ахсджиаг кӕй у, уый базонӕн ис Ӕмбисӕндтӕ 21:5 стихӕй. Уым фыст ис: «Тагъд чи кӕны, уымӕн... йӕ фӕстаг цӕуы мӕгуырмӕ». Ацы ныхӕстӕ нын цӕуыл дзурӕг сты? Цӕмӕй нын исты бантыса, уый тыххӕй хъуамӕ алцыдӕр аразӕм бӕстон ӕмӕ ӕгӕр тагъд ма кӕнӕм.

4. Ӕмбисӕндтӕ 4:18 стихӕй нӕ бон цы у базонын?

4 Ӕмбисӕндты 4:18 стихы фыст ис: «Рӕстгӕнджыты фӕндаг у хуры рухсы хуызӕн – уыцы рухс кӕны тынгӕй-тынгдӕр, цалынмӕ хур йӕ тӕмӕны нӕ бацӕуы, уӕдмӕ». Ацы стихӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн йӕ фӕнд сабыргай кӕй бамбарын кӕны. Стӕй ма нын ацы стих ӕмбарын кӕны, чырыстон йӕ царды ивындзинӕдтӕ куыд скӕны ӕмӕ Йегъовӕйы хӕлар куыд свӕййы, уый. Цӕмӕй адӕймаг Йегъовӕмӕ баввахс уа, уымӕн хъӕуы рӕстӕг. Хуыцау нын йӕ Ныхасы ӕмӕ йӕ организацийы уылты цы уынаффӕтӕ дӕтты, уыдоныл-иу лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕнӕм ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нӕм гыццылгай фӕзындзӕн, Йесомӕ цы миниуджытӕ уыд, ахӕм миниуджытӕ. Стӕй Хуыцауы дӕр хуыздӕр базондзыстӕм. Ӕркӕсӕм, Йесо уыцы хабар куыд бамбарын кодта, уымӕ.

Мӕнӕу сабыргай куыд сзайы, афтӕ, хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи айсы, уый дӕр гыццылгай райдайы ивын (кӕс 5 абзац)

5. Йесо цавӕр цӕвиттоны фӕрцы бамбарын кодта, адӕймаджы рӕстӕг кӕй хъӕуы, цӕмӕй ивындзинӕдтӕ скӕна?

5 Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы хабар хъусын кӕнӕм, уый Йесо абарста гыццыл нӕмыгимӕ. Уыцы нӕмыг гыццылгай сзайы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы зӕрдӕты. Йесо загъта: «Мыггаг ӕвзар суадзы, сырӕзы – куыд, уый та адӕймаг зонгӕ дӕр нӕ кӕны. Афтӕ зӕхх йӕхӕдӕг сабыргай ратты тыллӕг: фыццаг мӕнӕу ссӕуы, уый фӕстӕ скӕны ӕфсир, стӕй уӕд ӕфсиры нӕмыг ныннӕрсы» (Мар. 4:27, 28). Йесойы цы зӕгъын фӕндыд? Уый бамбарын кодта, мӕнӕу гыццылгай куыд сзайы, афтӕ, хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи айсы, уыцы адӕймаг гыццылгай кӕй райдайы ивын. Зӕгъӕм, Библи кӕимӕ фӕахуыр кӕнӕм, уыдон Йегъовӕмӕ ’ввахсдӕр кӕнын куы райдайынц, уӕд ӕй фӕуынӕм, сӕ царды ивындзинӕдтӕ кӕй кӕнынц (Еф. 4:22–24). Фӕлӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, уыцы гыццыл нӕмыг Йегъовӕ кӕй сзайын кӕны (1 Кор. 3:7).

6, 7. Йегъовӕ зӕхх куыд сфӕлдыста, уымӕй нӕ бон цы у базонын?

6 Йегъовӕ цыфӕнды ма араза, уӕддӕр фӕразонӕй фӕархайы ӕмӕ уымӕн рахицӕн кӕны, цас хъӕуы, уыйбӕрц рӕстӕг. Афтӕ уый тыххӕй фӕархайы, цӕмӕй йӕ ном скадджын уа, стӕй иннӕтыл дӕр фӕхъуыды кӕны. Ӕркӕсӕм, адӕмӕн зӕхх цӕрынӕн сабыргай куыд цӕттӕ кодта, уымӕ.

7 Йегъовӕ зӕхх куыд сфӕлдыста, уый тыххӕй Библийы фыст ис, кӕй сбӕрӕг кодта, «цӕйас хъуамӕ уыдаид, уый», «йӕ бындуртӕ» йын кӕй ӕрфидар кодта ӕмӕ йын «йӕ фисыны дур» кӕй сӕвӕрдта (Иов 38:5, 6). Йегъовӕ ма-иу рӕстӕг ссардта, цӕмӕй-иу йӕ хъуыддӕгтыл дӕр ахъуыды кодтаид (Райд. 1:10, 12). Йегъовӕ-иу цы сфӕлдыста, уый-иу зӕдтӕ куы федтой, уӕд-иу сӕ цинӕн кӕрон нал уыд. Иухатт суанг «фырцинӕй... хъӕр кодтой» (Иов 38:7). Йегъовӕйы бахъуыди бирӕ мин азтӕ, цӕмӕй ӕппӕт дӕр сфӕлдыстаид. Уый алцыдӕр бӕстон арӕзта. Ӕмӕ, цытӕ сфӕлдыста, уыдӕттыл йӕ цӕст куы ахаста, уӕд загъта, «тынг хорз» кӕй сты (Райд. 1:31).

8. Ныртӕккӕ цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

8 Уӕдӕ куыд федтам, афтӕмӕй, Хуыцауы Ныхасы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдонӕй бирӕтӕй бӕрӕг у, арӕх нӕ кӕй фӕхъӕуы фӕразондзинад. Ныртӕккӕ аныхас кӕндзыстӕм, Йегъовӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ цавӕр дыууӕ уавӕры бахъӕуы, уыдоныл.

ЙЕГЪОВӔМӔ ӔНХЪӔЛМӔ КӔСЫН НӔ КӔД ФӔХЪӔУЫ?

9. Йегъовӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ кӕд бахъӕуы?

9Иуӕй-иу хатт нӕ фӕхъӕуы ӕнхъӕлмӕ кӕсын, Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн дзуапп кӕд ратдзӕн, уымӕ. Йегъовӕмӕ куы фӕкувӕм, цӕмӕй нын фӕлварӕны фидар фӕлӕууынӕн тыхтӕ ратта кӕнӕ цӕмӕй цавӕрдӕр ӕвзӕр миниуӕгӕй фервӕзӕм, уӕд нӕм, гӕнӕн ис, афтӕ кӕса, ӕмӕ нын нӕ куывдӕн дзуапп ӕрӕгмӕ дӕтты. Йегъовӕ нын нӕ алы куывдӕн дӕр дзуапп уайтагъд цӕуылнӕ ратты?

10. Куы фӕкувӕм, уӕд-иу фӕразон цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

10 Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕм лӕмбынӕг фӕхъусы (Пс. 65:2). Зӕрдӕбынӕй йӕм куы фӕкувӕм, уӕд фӕуыны, кӕй йыл ӕууӕндӕм (Дзут. 11:6). Йегъовӕйы ма фӕнды, цӕмӕй нӕхӕдӕг дӕр нӕ куывдтытӕм гӕсгӕ архайӕм ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнӕм (1 Иоан. 3:22). Зӕгъӕм, куы йӕм кувӕм, цӕмӕй нын цавӕрдӕр ӕвзӕр ахуыр ныууадзынӕн кӕнӕ цавӕрдӕр ӕвзӕр миниуӕгӕй фервӕзынӕн баххуыс кӕна, уӕд-иу хъуамӕ нӕхӕдӕг дӕр цыдӕр аразӕм ӕмӕ уӕм фӕразон. Йесо бамбарын кодта, Йегъовӕ-иу кӕцыдӕр куывдтытӕн дзуапп уайтагъд кӕй нӕ ратдзӕн. Уый загъта: «Курут, ӕмӕ уын ратдзысты. Агурут, ӕмӕ ссардзыстут. Хойут, ӕмӕ уын бакӕндзысты. Уымӕн ӕмӕ, чи куры, уымӕн раттынц, чи агуры, уый ссары ӕмӕ, чи хойы, уымӕн бакӕнынц» (Матф. 7:7, 8). Ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ куы архайӕм ӕмӕ «ӕппынӕдзух» куы кувӕм, уӕд хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, нӕ уӕларвон Фыд нын нӕ куывдтытӕн ӕнӕмӕнг дзуапп кӕй ратдзӕн (Кол. 4:2).

Йегъовӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ мах дарддӕр дӕр кувӕм ӕмӕ зонӕм, нӕ куывдтытӕ нын кӕй фехъусдзӕн (кӕс 11 абзац) *

11. Афтӕ нӕм куы кӕса, ӕмӕ нын Йегъовӕ нӕ куывдӕн дзуапп ӕрӕгмӕ дӕтты, уӕд нын Дзуттӕгтӕм 4:16 стих куыд баххуыс кӕндзӕн?

11 Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, нӕ куывдтытӕн-иу нын дзуапп кӕй ратдзӕн «бахъуаджы сахат», кӕнӕ йӕ афоныл. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 4:16.) Ӕмӕ нын кӕд, мах куыд ӕнхъӕл уыдыстӕм, афтӕ тагъд нӕ дӕтты дзуапп, уӕд хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ фӕстиат кӕны. Зӕгъӕм, бирӕтӕ дӕсгай азтӕ кувынц, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахад ацы дунейӕн кӕрон скӕна. Йесо ма нын фӕдзӕхсгӕ дӕр бакодта, цӕмӕй уый тыххӕй кувӕм (Матф. 6:10). Фӕлӕ куыд ӕнӕзонд ми уаид, ацы дунейӕн йӕ кӕрон, адӕм кӕд ӕнхъӕл уыдысты, уӕд кӕй не ’рцыд, уый тыххӕй Хуыцауыл куы нал ӕууӕндиккам! (Ав. 2:3; Матф. 24:44). Уӕдӕ хъуамӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, стӕй йӕм кувӕм ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, нӕ куывдтытӕ нын кӕй фехъусдзӕн. Ацы дунейӕн йӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн йӕ тӕккӕ афоныл, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ уымӕн «бон ӕмӕ... сахат» снысан кодта. Уый уыдзӕн ӕппӕты хуыздӕр рӕстӕг, Йегъовӕйы чи уарзы, уыдонӕн (Матф. 24:36; 2 Пет. 3:15).

Иосиф Йегъовӕмӕ фӕразонӕй кӕй ӕнхъӕлмӕ каст, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (кӕс 12–14 абзацтӕ)

12. Уӕлдайдӕр нын цавӕр уавӕры вӕййы зын ӕнхъӕлмӕ кӕсын?

12Иуӕй-иу хатт нӕ бахъӕуы ӕнхъӕлмӕ кӕсын, цавӕрдӕр хӕрам хъуыддагӕн кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, уымӕ. Ацы дунейы адӕм арӕх иннӕты фефхӕрынц, нӕлгоймӕгтӕ кӕнӕ сылгоймӕгтӕ кӕй сты, уый тыххӕй кӕнӕ сӕ адӕмыхатты тыххӕй. Кӕмӕдӕрты та ӕвзӕр цӕстӕй фӕкӕсынц, сӕ буары цавӕрдӕр сахъатдзинад кӕй ис кӕнӕ цӕмӕйдӕр рынчын кӕй сты, уый тыххӕй. Йегъовӕйы адӕмӕй та бирӕтӕ ӕфхӕрд ӕййафынц сӕ уырнындзинады тыххӕй. Мах дӕр цӕйдӕр тыххӕй ӕфхӕрд куы ӕййафӕм, уӕд хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм Йесойы ныхӕстӕ: «Кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууа, уый фервӕздзӕн» (Матф. 24:13). Фӕлӕ, зӕгъӕм, куы базонай, чидӕр ӕмбырды уӕззау тӕригъӕд сарӕзта, уӕд куыд хъуамӕ бакӕнай? Уый тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куы базоной, уӕд ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕ, Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ йӕ кӕй аскъуыддзаг кӕндзысты? Ахӕм уавӕры хистӕр нӕлгоймӕгты цы бахъӕуы саразын?

13. Ӕмбырды исчи уӕззау тӕригъӕд куы сараза, уӕд, Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуыддаг куыд хъуамӕ равзарой?

13 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куы базонынц, ӕмбырды чидӕр уӕззау тӕригъӕд кӕй сарӕзта, уӕд Йегъовӕмӕ фӕкувынц ӕмӕ дзы «уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд» фӕкурынц, цӕмӕй уыцы уавӕрмӕ уый цӕстӕй ракӕсой (Иак. 3:17). Сӕ нысан вӕййы, тӕригъӕд чи аразы, уый «рӕдыд фӕндагӕй... раздахын» (Иак. 5:19, 20). Стӕй ма сӕ фӕфӕнды ӕмбырд бахъахъхъӕнын ӕмӕ, уыцы адӕймаг тӕригъӕд кӕй ныхмӕ сарӕзта, уымӕн дӕр баххуыс кӕнын (2 Кор. 1:3, 4). Ахӕм хъуыддӕгтӕ куы февзарынц, уӕд уал фыццаг алцыдӕр базонынц. Ӕмӕ уымӕн та рӕстӕг бахъӕуы. Уый фӕстӕ Йегъовӕмӕ скувынц. Тӕригъӕд чи сарӕзта, уымӕн Хуыцауы Ныхасӕй уынаффӕ раттынц ӕмӕ йын, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ зонд бацамонынц (Йер. 30:11). Уыдон уынаффӕ рахӕссыныл фӕстиат нӕ фӕкӕнынц, фӕлӕ ӕгӕр тагъд дӕр нӕ фӕкӕнынц. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ куы фӕархайынц, уӕд уый ӕмбырды се ’ппӕтӕн дӕр стыр пайда ӕрхӕссы. Фӕлӕ уӕддӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕнаххос адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы рыст ма ’рсабыр уа. Кӕд ды дӕр ахӕм уавӕры бахаудтӕ, уӕд дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй ӕгӕр ма маст кӕнай?

14. Кӕд дӕ чырыстӕттӕй исчи тынг фӕхъыг кодта, уӕд дын кӕй цӕвиттон баххуыс кӕндзӕн?

14 Чи зоны, афтӕ уыд, ӕмӕ дын чидӕр дӕ зӕрдӕ скъахта. Гӕнӕн ис, хотӕй ӕмӕ ’фсымӕртӕй дӕр чидӕр уыди. Библийы ис, фӕзминаг нын чи у, бирӕ ахӕм адӕймӕгты цӕвиттонтӕ. Уыдон ӕнхъӕлмӕ кастысты, Йегъовӕ хъуыддӕгтӕ кӕд сраст кӕндзӕн, уымӕ. Зӕгъӕм, кӕд Иосифӕн йе ’фсымӕртӕ стыр мӕстытӕ бавзарын кодтой, уӕддӕр фыдзӕрдӕ адӕймаг не сси. Фӕлӕ йӕ тыхтӕ иууылдӕр сарӕзта Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ. Ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ фӕразондзинады ӕмӕ фидардзинады тыххӕй раарфӕ кодта (Райд. 39:21). Рӕстӕг куы рацыд, уӕд Иосифӕн йӕ бон сси йе ’фсымӕртӕн ныххатыр кӕнын, стӕй фенын, Йегъовӕ йын куыд раарфӕ кодта, уый (Райд. 45:5). Иосифау мах дӕр Йегъовӕмӕ куы ’ввахсдӕр кӕнӕм ӕмӕ-иу хъуыддӕгтӕ уый бар куы бакӕнӕм, уӕд нын уый удӕнцой хӕсдзӕн (Пс. 7:17; 73:28).

15. Иу хойӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй йе ’мкусӕджы ныхӕстӕ мацӕмӕ ӕрдардтаид?

15 Иосиф цытӕ бавзӕрста, мах ахӕм цыдӕртӕ, гӕнӕн ис, ма бавзарӕм. Фӕлӕ нын уӕддӕр зын вӕййы, исчи нын ӕвзӕрӕй исты куы саразы, уӕд. Уыцы адӕймаг Йегъовӕйӕн лӕггад кӕны ӕви нӕ, уӕддӕр Библимӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нын уый стыр пайда ӕрхӕсдзӕн (Фил. 2:3, 4). Ӕркӕсӕм иу хабармӕ. Иу хо куы базыдта, йе ’мкусӕг иннӕтӕн йӕ фыдкой кӕй фӕкодта, уӕд ын тынг зын уыди. Фӕлӕ хо йӕ масты фӕдыл нӕ ацыд. Уый ахъуыды кодта Йесойы цӕвиттоныл. Йесойы куы ӕфхӕрдтой, уӕд-иу уый никӕй ӕфхӕрдта (1 Пет. 2:21, 23). Гъемӕ нӕ хо йӕхицӕн загъта, хъуыддаг кӕй нӕ ныддиссаг кӕндзӕн. Фӕстӕдӕр базыдта, уыцы сылгоймаг уӕззау низимӕ кӕй тох кодта ӕмӕ тынг тыхст кӕй уыд. Ӕмӕ хо ахъуыды кодта, зӕгъгӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, нӕ фӕндыд, цӕмӕй мӕ фӕхъыг кодтаид. Хо ӕфхӕрдӕн кӕй ныффӕрӕзта, ууыл тынг цин кодта, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ’рсабыр.

16. Кӕд дӕм исчи ӕвзӕр цӕстӕй кӕсы, уӕд дын ныфсы хос цы уыдзӕн? (1 Петры 3:12).

16 Кӕд дӕумӕ дӕр исчи ӕвзӕр цӕстӕй кӕсы кӕнӕ ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй маст кӕныс, уӕд дӕ зӕрдыл дар, «Йегъовӕ хӕстӕг [кӕй] у, зӕрдӕсаст чи у, уыдонмӕ» (Пс. 34:18). Уый дӕ уарзы, фӕразон кӕй дӕ ӕмӕ йыл дӕ уаргъ кӕй сӕвӕрыс, уый тыххӕй (Пс. 55:22). Йегъовӕ у ӕппӕт зӕххы Тӕрхонгӕнӕг, ӕмӕ уый алцыдӕр уыны. (Бакӕс 1 Петры 3:12.) Зын уавӕры куы бахауыс ӕмӕ уыцы уавӕрыл дӕ бар куы нӕ фӕцӕуы, уӕд ӕм фӕразонӕй фенхъӕлмӕ кӕсыс?

ЙЕГЪОВӔМӔ ЧИ ӔНХЪӔЛМӔ КӔСЫ, УЫДОН БИРӔ АРФӔДЗИНӔДТӔЙ СХАЙДЖЫН УЫДЗЫСТЫ

17. Исайы 30:18 стихы нын Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры?

17 Тагъд нӕ нӕ уӕларвон Фыд йӕ Паддзахады фӕрцы бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн. Исайы 30:18 стихы фыст ис: «Йегъовӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзӕн, цӕмӕй уын фӕтӕригъӕд кӕна, сыстдзӕн, цӕмӕй уӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдиса. Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ у, раст тӕрхон чи кӕны, уыцы Хуыцау. Амондджын сты, чи йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдон иууылдӕр». Йегъовӕмӕ чи ’нхъӕлмӕ кӕсы, уыдон ныр дӕр ӕмӕ ног дунейы дӕр бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзысты.

18. Цавӕр арфӕдзинӕдтӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

18 Абон Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ цы зындзинӕдтӕ ӕвзарынц, уыдонӕн ног дунейы сӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Нал уыдзӕн хӕрам хъуыддӕгтӕ, маст ӕмӕ рыст (Рарг. 21:4). Ног дунейы алцыдӕр уыдзӕн парахатӕй ӕмӕ ницӕуыл мӕт кӕндзыстӕм (Пс. 72:16; Ис. 54:13). Цард ӕцӕгдӕр тынг диссаг уыдзӕн!

19. Йегъовӕ нӕ гыццылгай цӕмӕ цӕттӕ кӕны?

19 Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй-иу ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзӕм ӕмӕ нӕ удыхъӕды хорз миниуджытӕ фидар кӕнӕм. Ӕмӕ нӕ афтӕмӕй цӕттӕ кӕны ног дунейы цӕрынмӕ. Уӕдӕ дӕ ныфс мацӕй тыххӕй асӕттӕд ӕмӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕн. Махмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы диссаджы фидӕн! Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, цалынмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр нӕ сӕххӕст кӕна, уӕдмӕ!

118 ЗАРӔГ «Бафтау нын нӕ уырнындзинадыл»

^ 5 абз. Йегъовӕйӕн рагӕй чи лӕггад кӕны, уыцы чырыстӕттӕй искӕмӕй, чи зоны, фехъуыстай, зӕгъгӕ, уый ӕнхъӕл никуы уыдтӕн, ӕмӕ ацы дунейы базӕронд уыдзынӕн. Уӕлдайдӕр ацы зын рӕстӕджы не ’ппӕт дӕр бӕллӕм, Йегъовӕ ацы дунейӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн, уымӕ. Фӕлӕ хъуамӕ зонӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Библийы уагӕвӕрдтӕ нын куыд баххуыс кӕндзысты Йегъовӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынӕн, цавӕр уавӕрты нӕ фӕхъӕуы Йегъовӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын, стӕй, ӕнхъӕлмӕ кӕсын чи зоны, уыдон цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзысты.

^ 56 абз. НЫВ. Хойы йӕ ныййарджытӕ гыццылӕй сахуыр кодтой Йегъовӕмӕ кувын. Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ алкӕддӕр фӕкувы. Ӕрыгонӕй райдыдта пионерӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ-иу Йегъовӕмӕ куывта, цӕмӕй-иу ын йӕ лӕггадӕн раарфӕ кодтаид. Бирӕ азты фӕстӕ, йӕ сӕрыхицау тынг куы фӕрынчын, уӕд Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын тыхтӕ радтаид ӕмӕ уыцы зын уавӕры фидар фӕлӕууыдаид. Ныр у идӕдз ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕппынӕдзух фӕкувы. Ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кӕны, Йегъовӕ-иу ын алкӕддӕр йӕ куывдтытӕн дзуапп куыд лӕвӕрдта, афтӕ йын дарддӕр дӕр йӕ куывдтытӕн дзуапп кӕй дӕтдзӕн.