Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

15 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йесойы фӕстаг ныхӕстӕ нын цӕуыл дзурӕг сты?

Йесойы фӕстаг ныхӕстӕ нын цӕуыл дзурӕг сты?

«Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт. Хъусут ӕм» (МАТФ. 17:5).

17 ЗАРӔГ «Фӕнды мӕ»

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. Йесо йӕ фӕстаг ныхӕстӕ куы загъта, уӕд цы уавӕры уыд?

НӔ ЭРӔЙЫ 33 аз, 14 нисан. Йесойӕн тӕрхон рахастой, кӕй нӕ сарӕзта, ахӕм фыдракӕнды тыххӕй. Уый фӕстӕ йын алы фыдмитӕ фӕкодтой ӕмӕ йӕ хъӕдыл байтыгътой. Йӕ алы сулӕфт дӕр, йӕ алы ныхас дӕр ын стыр рыст ӕвзарын кӕны. Фӕлӕ йын ӕнӕдзургӕ нӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ цы фӕнды зӕгъын, уый тынг ахсджиаг у.

2 Уӕдӕ аныхас кӕнӕм, Йесо хъизӕмӕртты хъӕдыл ауыгъд куы уыд, уӕд ма фӕстагмӕ цы загъта ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ махӕн цӕуыл дзурӕг сты, ууыл. Байхъусӕм ӕм (Матф. 17:5).

«МӔ ФЫД, НЫХХАТЫР СЫН КӔН»

3. Йесо афтӕ куы загъта, «мӕ Фыд, ныххатыр сын кӕн», зӕгъгӕ, уӕд кӕй кой кодта?

3 Йесо цы загъта? Йесо хъӕдыл ауыгъд куы уыд, уӕд скуывта: «Мӕ Фыд, ныххатыр сын кӕн». Кӕй кой кодта, уый базонӕн ис йӕ иннӕ ныхӕстӕй: «Цы аразынц, уый не ’мбарынц» (Лук. 23:33, 34). Ӕвӕццӕгӕн, Йесо кодта, йӕ къухтӕ ӕмӕ йын йӕ къӕхтӕ хъӕдмӕ чи ныххуыдта, уыцы ромаг ӕфсӕддонты кой. Уыдон нӕ зыдтой, Хуыцауы Фырт кӕй у. Стӕй ма, чи зоны, кодта, уым цы адӕм лӕууыд, уыдоны кой дӕр. Уыдон домдтой, амарын ӕй хъӕуы, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йыл дзы уый фӕстӕ чидӕртӕ баууӕндыдысты (Хъуыд. 2:36–38). Йесойӕн цас цыдӕртӕ бавзарын кодтой, фӕлӕ йӕ зӕрдӕйы маст хӕссын никӕмӕ райдыдта (1 Пет. 2:23). Уый Йегъовӕйӕ куырдта, цӕмӕй йын йӕ марджытӕн ныххатыр кодтаид.

4. Йесо йе ’фхӕрджытӕн кӕй ныххатыр кодта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

4 Йесойы ныхӕстӕ нын цӕуыл дзурӕг сты? Мах дӕр хъуамӕ Йесойау хатыргӕнаг уӕм (Кол. 3:13). Иуӕй-иутӕ, уыимӕ нӕ хиуӕттӕ дӕр, гӕнӕн ис, нӕ ныхмӕ цӕуой, куыд цӕрӕм ӕмӕ цӕуыл ӕууӕндӕм, уый сӕм ӕнахуыр кӕй кӕсы, уый тыххӕй. Гӕнӕн ис, мӕнг ныхӕстӕ нӕ кӕной, иннӕты раз нын кӕной ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ, нӕ литературӕ нын скъуыной кӕнӕ ма нӕм суанг ӕртхъирӕн дӕр кӕной, исты нын кӕй бакӕндзысты. Ӕмӕ сӕм хъуамӕ нӕ зӕрдӕйы маст ма хӕссӕм. Хъуамӕ Йегъовӕйӕ курӕм, цӕмӕй сын сӕ цӕстытӕ байгом кӕна, ӕмӕ иу бон рӕстдзинад базоной (Матф. 5:44, 45). Иуӕй-иу хатт нын иннӕтӕн ныххатыр кӕнын зын уымӕн вӕййы, ӕмӕ нын стыр мӕстытӕ бавзарын кӕнынц. Фӕлӕ сӕм нӕ зӕрдӕйы маст хӕссын куы райдайӕм, уӕд ӕвзӕрдӕр нӕхицӕн кӕндзыстӕм. Иу хо загъта: «Иннӕтӕн хатыр кӕнай, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ дын ӕвзӕрӕй цы аразынц, уый дӕм нымады нӕу кӕнӕ дӕхицӕй хынджылӕггаг кӕныс. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы маст нал хӕссыс» (Пс. 37:8). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у. Куы бацархайӕм, цӕмӕй адӕймагӕн ныххатыр кӕнӕм, уӕд афтӕмӕй нӕ зӕрдӕйы мастӕн бынат не скӕнӕм (Еф. 4:31, 32).

«УЫДЗЫНӔ МЕМӔ ДЗӔНӔТЫ»

5. Йесойы фарсмӕ ауыгъд чи уыд, уыцы фыдгӕнджытӕй иуӕн Йесо зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта ӕмӕ цӕмӕн?

5 Йесо цы загъта? Йесойы фарсмӕ ауыгъд уыд дыууӕ фыдгӕнӕджы. Фыццаг ын уыдон дӕр ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кодтой (Матф. 27:44). Фӕлӕ дзы уый фӕстӕ иу афтӕ нал кодта. Уый бамбӕрста, Йесо «ӕвзӕрӕй [кӕй] ницы сарӕзта» (Лук. 23:40, 41). Уымӕй уӕлдай ма равдыста, кӕй баууӕндыд, Йесо мӕрдтӕй кӕй райгас уыдзӕн ӕмӕ иу бон паддзах кӕй суыдзӕн, ууыл. Уый загъта: «Йесо, паддзах куы суай, уӕд-иу мӕ ӕрхъуыды кӕн» (Лук. 23:42). Диссаджы уырнындзинад равдыста! Йесо йын дзуапп радта: «Ӕцӕг дын зӕгъын абон: уыдзынӕ мемӕ Дзӕнӕты» (Лук. 23:43) *. Куыд уынӕм, афтӕмӕй Йесо уыцы фыдгӕнӕгӕн комкоммӕ йӕхицӕн загъта, йемӕ Дзӕнӕты кӕй уыдзӕн. Уый зыдта, йӕ Фыд фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыди уыцы фыдгӕнӕгӕн йӕ мӕлӕты размӕ уымӕй зӕрдӕ бавӕрын (Пс. 103:8).

6. Йесо фыдгӕнӕгӕн цы ныхӕстӕ загъта, уыдон нын цӕуыл дзурӕг сты?

6 Йесойы ныхӕстӕ нын цӕуыл дзурӕг сты? Йесо алцӕмӕй дӕр у йӕ Фыды хуызӕн (Дзут. 1:3). Йегъовӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хатыргӕнаг Хуыцау. Ӕмӕ кӕд, цы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ арӕзтам, уыдоныл зӕрдӕйӕ фӕсмон кӕнӕм ӕмӕ нӕ уырны, нӕ тӕригъӕдтӕ Чырыстийы нывонды фӕрцы хатыргонд кӕй ӕрцӕудзысты, уӕд нын сӕ ныххатыр кӕндзӕн (1 Иоан. 1:7). Иуӕй-иутӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ сын Йегъовӕ сӕ рӕдыдтытӕ никуы ныххатыр кӕндзӕн. Кӕд дӕумӕ дӕр ахӕм хъуыдытӕ фӕзыны, уӕд-иу ахъуыды кӕн ацы хабарыл. Йесо йӕ мӕлӕты размӕ фыдгӕнӕгӕн цы ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй равдыста, йӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд кӕй ӕрцыдысты. Ӕмӕ уыцы адӕймаг та нырма гъеуӕд баууӕндыд Йесойыл. Ӕмӕ-иу уӕд Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн куыннӕ ныххатыр кӕндзӕн, кӕд ӕмӕ уыдон ӕппӕт зӕрдӕйӕ архайынц йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕныныл! (Пс. 51:1; 1 Иоан. 2:1, 2).

«АМӔЙ ФӔСТӔМӔ АЙ У ДӔ ФЫРТ! ...АМӔЙ ФӔСТӔМӔ АЙ У ДӔ МАД!»

7. Иоанны 19:26, 27 стихтӕм гӕсгӕ, Йесо Марийӕйӕн ӕмӕ Иоаннӕн цы загъта ӕмӕ цӕмӕн?

7 Йесо цы загъта? (Бакӕс Иоанны 19:26, 27.) Йесо йӕ мадыл мӕт кодта. Ӕвӕццӕгӕн, уӕдмӕ Иосиф ӕгас нал уыд, ӕмӕ Марийӕ идӕдзӕй баззад. Йесойӕн ма уыди хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дӕр. Ӕмӕ уыдон сӕ мады, ӕнӕмӕнг ӕй цы хъуыд, уыдӕттӕй цух нӕ ныууагътаиккой. Фӕлӕ йын дарддӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн та чи ӕххуыс кодтаид? Куыд зыны, афтӕмӕй Йесойы ӕфсымӕртӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нӕма уыдысты. Иоанн та уыди йӕ иузӕрдион апостолтӕй ӕмӕ йе ’ввахсдӕр ӕмбӕлттӕй сӕ иу. Йесо, Йегъовӕйӕн йемӕ иумӕ чи лӕггад кодта, уыдоны йӕ бинонтыл нымадта (Матф. 12:46–50). Ӕмӕ йӕ мады бакодта Иоанны бар. Зыдта йӕ, Иоанн ын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн дарддӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн. Йесо йӕ мадӕн загъта: «Амӕй фӕстӕмӕ ай у дӕ фырт!» Иоаннӕн та загъта: «Амӕй фӕстӕмӕ ай у дӕ мад!» Ӕмӕ уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Иоанн Марийӕйӕн ӕххуыс кодта, раст цыма йӕхи фырт уыд, афтӕ. Марийӕ Йесойӕн хорз мад уыди, уый ныр дӕр лӕууыд йӕ разы. Ӕмӕ Йесо дӕр равдыста, йӕ мады тынг кӕй уарзта.

8. Йесо Марийӕйӕн ӕмӕ Иоаннӕн цы ныхӕстӕ загъта, уыдон нын цӕуыл дзурӕг сты?

8 Йесойы ныхӕстӕ нын цӕуыл дзурӕг сты? Нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ тынг ӕнгом стӕм. Хатт нӕ бинонтимӕ дӕр афтӕ ӕнгом нӕ вӕййӕм. Нӕ хиуӕттӕ, гӕнӕн ис, нӕ ныхмӕ цӕуой, суанг ма нӕм, гӕнӕн ис, хӕстӕг дӕр мауал цӕуой. Фӕлӕ Йесо загъта, Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ куы уӕм ӕмӕ нӕхи йӕ организацийыл куы бӕттӕм, уӕд, ӕнӕхай цӕмӕй фестӕм, уымӕй «сӕдӕ хатты фылдӕр» кӕй ссардзыстӕм. Чидӕр нын суыдзӕн фырты хуызӕн, чидӕр – чызджы хуызӕн, чидӕр – мады хуызӕн, чи та – фыды хуызӕн (Мар. 10:29, 30). Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндӕм ӕмӕ йӕ кӕй уарзӕм, стӕй кӕрӕдзийы дӕр кӕй уарзӕм, уый фӕрцы иу бинонты хуызӕн стӕм. Ӕмӕ дын ӕхсызгон нӕу, ахӕм бинонты ’хсӕн кӕй дӕ, уый? (Кол. 3:14; 1 Пет. 2:17).

«МӔ ХУЫЦАУ, ЦӔМӔН МӔ НЫУУАГЪТАЙ?»

9. Матфейы 27:46 стихӕй нӕ бон цы у базонын?

9 Йесо цы загъта? Йесо куы мард, уӕд сдзынӕзта: «Мӕ Хуыцау, мӕ Хуыцау, цӕмӕн мӕ ныууагътай?» (Матф. 27:46). Библи не ’мбарын кӕны, Йесо афтӕ цӕмӕн загъта, уый. Фӕлӕ уыцы ныхӕстӕ махӕн цӕуыл дзурӕг сты, ууыл ахъуыды кӕнӕм. Иу уый, ӕмӕ, Йесо уыцы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд сӕххӕст кодта, Псаломы 22:1 стихы цы пехуымпарад ис, уый *. Уымӕй уӕлдай ма ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ Фырты «алырдыгӕй дӕр» кӕй нӕ хъахъхъӕдта (Иов 1:10). Йесо ӕмбӕрста, йӕ уырнындзинад кӕронмӕ фӕлвӕрд кӕй хъуамӕ ӕрцыдаид, ӕмӕ йӕ йӕ Фыд йе знӕгты къухӕй уый тыххӕй кӕй нӕ фервӕзын кодта. Афтӕ фӕлвӕрд иу адӕймаг дӕр никуы ’рцыд. Стӕй ма ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, мӕлӕты тӕрхон цӕй тыххӕй хастой, Йесо ахӕмӕй кӕй ницы сарӕзта.

10. Йесо йӕ Фыдӕн цы ныхӕстӕ загъта, уыдон нын цӕуыл дзурӕг сты?

10 Йесойы ныхӕстӕ нын цӕуыл дзурӕг сты? Иу уый, ӕмӕ хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ ӕппӕт зындзинӕдтӕй дӕр хъахъхъӕндзӕн. Зын уавӕрты нӕ уырнындзинад фӕлвӕрд ӕрцӕуы. Йесо кӕронмӕ фӕлвӕрд куыд ӕрцыд, афтӕ мах дӕр хъуамӕ цӕттӕ уӕм, кӕронмӕ фӕлвӕрд кӕй ӕрцӕудзыстӕм, уымӕ. Ӕмӕ нӕ, чи зоны, уый тыххӕй амӕлын дӕр бахъӕуа (Матф. 16:24, 25). Фӕлӕ нын Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй бахауӕм, нӕ бон бафӕразын кӕй нӕ бауа, ахӕм фӕлварӕны (1 Кор. 10:13). Иннӕ та уый, ӕмӕ, гӕнӕн ис, мах дӕр Йесойау ӕфхӕрд баййафӕм, ӕвзӕрӕй куы ницы саразӕм, уӕд дӕр (1 Пет. 2:19, 20). Бирӕтӕ нӕ ныхмӕ цӕуынц, цавӕрдӕр фыдракӕнд кӕй сарӕзтам, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ, ацы дунейӕ кӕй не стӕм ӕмӕ рӕстдзинады тыххӕй кӕй хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй (Иоан. 17:14; 1 Пет. 4:15, 16). Йесо ӕмбӕрста, Йегъовӕ цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй фӕхъизӕмар кодтаид. Фӕлӕ, Йесойӕ уӕлдай, Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ зын уавӕрты алкӕд нӕ фембарынц, Йегъовӕ цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй сыл ахӕм хабар ӕрцӕуа (Ав. 1:3). Нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ фӕразон Хуыцау ӕмбары, уый ууыл дзурӕг кӕй нӕу, ӕмӕ сӕм уырнындзинад нӕй. Уыдонӕн фӕхъӕуы, Хуыцау цы удӕнцой дӕтты, ахӕм удӕнцой раттын (2 Кор. 1:3, 4).

«ДОЙНЫ МЫН У»

11. Йесо цӕмӕн загъта Иоанны 19:28 стихы фыст ныхӕстӕ?

11 Йесо цы загъта? (Бакӕс Иоанны 19:28.) Йесо афтӕ цӕмӕн загъта, «дойны мын у», зӕгъгӕ? «Цӕмӕй Фыстад сӕххӕст уыдаид», ома Псаломы 22:15 стихы фыст пехуымпарад: «Мӕ хъару ӕлыг мигӕнӕны састау ныххус, ме ’взаг мӕ комарынгыл баныхӕст». Уымӕй уӕлдай, Йесо уыцы бон цас цыдӕртӕ бавзӕрста, ӕмӕ ма хъӕдыл ауыгъдӕй дӕр удхар кодта, ӕмӕ дойныйӕ куыннӕ мардаид. Ӕмӕ йӕ хъуыди искӕй ӕххуыс.

12. Йесойы ныхӕстӕ, «дойны мын у», зӕгъгӕ, махӕн цӕуыл дзурӕг сты?

12 Йесойы ныхӕстӕ нын цӕуыл дзурӕг сты? Йесо не ’фсӕрмы кодта, тыхст кӕй уыд, уый тыххӕй дзурын. Ӕмӕ-иу мах дӕр истӕмӕй куы тыхсӕм, уӕд-иу хъуамӕ ма ’фсӕрмы кӕнӕм уый тыххӕй искӕмӕн зӕгъын. Чи зоны, цӕрӕнбонты афтӕ ахуыр уыдыстӕм, ӕмӕ ӕххуыс никуы никӕмӕй куырдтам. Фӕлӕ ахӕм уавӕры куы бахауӕм, ӕмӕ нӕ ӕххуыс хъӕуы, уӕд-иу хъуамӕ ма ’фсӕрмы кӕнӕм иннӕтӕй ӕххуыс ракурын. Зӕгъӕм, ацӕргӕ кӕнӕ нӕфӕразгӕ чи у, ахӕм адӕймаджы, гӕнӕн ис, бахъӕуа ӕмбырдӕй искӕмӕн зӕгъын, цӕмӕй йӕ дуканимӕ кӕнӕ дохтырмӕ аласа. Ныфссаст чи у кӕнӕ йӕхимӕ чи ныхъхъуыста, уыцы чырыстоны та, чи зоны, бахъӕуа хистӕр нӕлгоймагӕн кӕнӕ ӕндӕр фӕлтӕрдджын чырыстонӕн зӕгъын, цӕмӕй йӕм байхъуса кӕнӕ йын исты «хорз ныхас» зӕгъа, ӕмӕ йӕ бафидар кӕна (Ӕмб. 12:25). Хъуамӕ нӕ рох ма уа, нӕ хотӕ ӕмӕ нӕ не ’фсымӕртӕ тынг кӕй уарзынц ӕмӕ сӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй-иу нын «зын сахат» баххуыс кӕной (Ӕмб. 17:17). Фӕлӕ сӕ бон нӕу нӕ хъуыдытӕ уынын. Ӕмӕ сын нӕхӕдӕг куы нӕ зӕгъӕм, ӕххуыс нӕ кӕй хъӕуы, уӕд ӕй зонгӕ дӕр нӕ бакӕндзысты.

«ЦЫДӔРИДДӔР МЫН БАФӔДЗӔХСТАЙ, УЫЙ СӔХХӔСТ КОДТОН!»

13. Йесо мӕлӕты онг дӕр иузӕрдионӕй кӕй баззади, уый фӕрцы цы сӕххӕст кодта?

13 Йесо цы загъта? 14 нисаны боны 3 сахатмӕ ’ввахс Йесо хъӕрӕй загъта: «Цыдӕриддӕр мын бафӕдзӕхстай, уый сӕххӕст кодтон!» (Иоан. 19:30). Суанг мӕлӕты онг дӕр иузӕрдионӕй кӕй баззад, уый фӕрцы сарӕзта цалдӕр хъуыддаджы. Фыццаг: уый сбӕлвырд кодта, Хӕйрӕг мӕнгард кӕй у ӕмӕ сайгӕ кӕй кӕны. Йесо равдыста, ӕххӕст адӕймагӕн йӕ бон кӕй у алы хъуыддаджы дӕр иузӕрдионӕй баззайын, Хӕйрӕг цыфӕнды ма араза, уӕддӕр. Дыккаг: Йесо йӕ цард нывондӕн ӕрхаста. Ӕмӕ уый фӕрцы гӕнӕн ис, цӕмӕй Хуыцау ӕнӕххӕст адӕмы рӕстгӕнджытыл банымайа. Стӕй сын уый фӕрцы фӕзынд ӕнустӕм цӕрыны ныфс. Ӕртыккаг: Йесо сбӕлвырд кодта, Йегъовӕйӕн кӕй ис бар, цӕмӕй Дун-дунейы Хицау уа, ӕмӕ хорз Хицау кӕй у. Стӕй йӕ Фыды ном, цы цъыф ыл фӕкалдтой, уымӕй ссыгъдӕг кодта.

14. Алы бон дӕр куыд хъуамӕ цӕрӕм? Бамбарын ӕй кӕн.

14 Йесойы ныхӕстӕ нын цӕуыл дзурӕг сты? Алы бон дӕр нӕ фидар фӕнд хъуамӕ уа, абон Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайдзынӕн, зӕгъгӕ. Ахъуыды-ма кӕнӕм ӕфсымӕр Максвелл Френды ныхӕстыл. Уый уыд Галаады скъолайы ахуыргӕнджытӕй сӕ иу. Иухатт ын ӕхсӕнадӕмон конгрессы уыди раныхас иузӕрдиондзинады тыххӕй. Ӕмӕ афтӕ загъта: «Абон дӕ бон цы у саразын кӕнӕ зӕгъын, уый-иу райсоммӕ ма аиргъӕв. Райсом дыл хур кӕй скӕсдзӕн, уый зоныс? Алы бон дӕр афтӕ цӕр, цыма дын фӕстаг хатт ис фадат, ӕнустӕм цӕрыны аккаг кӕй дӕ, уый равдисынӕн». Уӕдӕ хъуамӕ алы бон дӕр афтӕ цӕрӕм, цыма нын фӕстаг хатт ис фадат иузӕрдионӕй баззайынӕн. Ӕмӕ уӕд, мӕлӕты цӕстытӕм куы кӕсӕм, уӕд дӕр нӕ бон уыдзӕн зӕгъын: «Йегъовӕ, мӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый сарӕзтон, цӕмӕй иузӕрдионӕй баззайон, Хӕйрӕг сайгӕ кӕй кӕны, уый равдисон, дӕ ном дын срухс кӕнон ӕмӕ дӕ хицаудзинады фарс уон».

«ДӔ КЪУХТӔМ ДӔТТЫН МӔ УД»

15. Лукайы 23:46 стихы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ, Йесойы фидарӕй цы уырныдта?

15 Йесо цы загъта? (Бакӕс Лукайы 23:46.) Йесо загъта: «Мӕ Фыд, дӕ къухтӕм дӕттын мӕ уд». Уый зыдта, йӕ фидӕн йӕ Фыдӕй аразгӕ кӕй у, ӕмӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, кӕй йӕ ӕрхъуыды кӕндзӕн.

16. Иу ӕрыгон Йегъовӕйы Ӕвдисӕны хабарӕй нӕ бон цы у базонын?

16 Йесойы ныхӕстӕ нын цӕуыл дзурӕг сты? Хъуамӕ цӕттӕ уӕм нӕ цард Йегъовӕйы къухтӕм раттынмӕ. Ӕмӕ йыл уый тыххӕй та хъуамӕ нӕ «зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр» дарӕм (Ӕмб. 3:5). Ӕркӕсӕм Джошуайы хабармӕ. 15-аздзыдӕй мӕлӕтдзаг рынчын фӕци. Уый не сразы, Хуыцауы закъон кӕй тыххӕй фехӕлдтаид, ахӕм мадзӕлттӕй хос кӕныныл. Йӕ мӕлӕты размӕ йӕ мадӕн загъта: «Ма, мӕ цард Йегъовӕйы бар ис. [...] Мӕ бон дын у фидарӕй зӕгъын: ӕз ӕй зонын, Йегъовӕ мӕ кӕй райгас кӕндзӕн. Уый уыны, мӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Уыны йӕ, тынг ӕй кӕй уарзын» *. Хорз уыдзӕн, алчидӕр нӕ куы ахъуыды кӕна ахӕм фарстайыл: «Мӕ цардӕн тӕссаг куы уа, уӕд мӕхи Йегъовӕйы бар бакӕндзынӕн ӕмӕ йыл иузӕрдионӕй баззайдзынӕн? Фидарӕй мӕ уырны, кӕй мӕ ’рхъуыды кӕндзӕн?»

17, 18. Йесо йӕ мӕлӕты размӕ цы ныхӕстӕ загъта, уыдон нын цӕуыл дзурӕг сты? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ « Йесойы фӕстаг ныхӕстӕ нын цӕуыл дзурӕг сты?».)

17 Йесо йӕ мӕлӕты размӕ цы ныхӕстӕ загъта, уыдон нын цӕуыл дзурӕг сты? Йесо йӕ мӕлӕты размӕ ахсджиаг ныхӕстӕ загъта. Йӕ ныхӕстӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, иннӕтӕн кӕй хъуамӕ хатыр кӕнӕм, стӕй нын Йегъовӕ кӕй ныххатыр кӕны, уый нӕ фидарӕй кӕй хъуамӕ уырна. Ис нын диссаджы бинонтӕ – нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. Уыдон цӕттӕ вӕййынц махӕн баххуыс кӕнынмӕ, ӕрмӕст-иу сын хъуамӕ нӕхӕдӕг зӕгъӕм, ӕххуыс нӕ кӕй хъӕуы. Мах ӕй зонӕм, Йегъовӕ нын цыфӕнды фӕлварӕн сфӕразынӕн дӕр кӕй баххуыс кӕндзӕн. Алы бон дӕр хъуамӕ афтӕ цӕрӕм, цыма нын фӕстаг хатт ис фадат, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй стӕм, уый равдисынӕн. Ӕмӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, куы амӕлӕм, уӕддӕр нӕ Йегъовӕ кӕй райгас кӕндзӕн.

18 Йесо хъизӕмӕртты хъӕдыл ауыгъд куы уыд ӕмӕ куы мард, уӕд цы ныхӕстӕ загъта, уыдоны тынг арф хъуыдытӕ ис. Ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕй цы базыдтам, уымӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд ӕм хъусдзыстӕм, Йегъовӕ нын йӕхӕдӕг куыд бафӕдзӕхста, афтӕ (Матф. 17:5).

126 ЗАРӔГ Ут цӕттӕ, хъӕбатыр ӕмӕ фидар

^ 5 абз. Матфейы 17:5 стихӕй базонӕн ис, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй йын йӕ Фыртмӕ хъусӕм. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Йесо хъизӕмӕртты хъӕдыл ауыгъд куы уыд, уӕд цы ныхӕстӕ загъта, уыдон нын цӕуыл дзурӕг сты, ууыл.

^ 5 абз. Йесо уыцы фыдгӕнӕгӕн афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ уӕлӕрвтӕм ацӕудзӕн. Уый райгас уыдзӕн ӕмӕ цӕрдзӕн зӕххыл дзӕнӕты.

^ 9 абз. Йесо Псалом 22:1 стихы ныхӕстӕ цӕмӕн загъта, уый тыххӕй фылдӕр кӕс ацы номыры, рубрикӕйы «Кӕсджыты фарстатӕ».

^ 16 абз. Кӕс 1995 азы 22 январы «Райхъал ут!», 11–15 фӕрстӕ (англ.).