Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

14 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йӕ къахвӕдтыл цӕут

Йӕ къахвӕдтыл цӕут

«Чырысти сымах тыххӕй фӕхъизӕмар кодта ӕмӕ уын равдыста, куыд цӕрын хъӕуы, уый, цӕмӕй йӕ къахвӕдтыл цӕуат» (1 ПЕТ. 2:21).

13 ЗАРӔГ Чырысти махӕн у фӕзминаг

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

Йесо ныууагъта «фӕдтӕ», ӕмӕ нӕ бон у уыдоныл «цӕуын» (кӕс 1, 2 абзацтӕ)

1, 2. Цавӕр цӕвиттоны фӕрцы у нӕ бон 1 Петры 2:21 стих бамбарын?

ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕн, цыма цалдӕрӕй фӕцӕут, митӕй ӕмбӕрзт чи у ӕмӕ ӕдас кӕм нӕу, ахӕм быдыры. Уӕ разӕй цӕуы, фӕндаг хорз чи зоны, ахӕм адӕймаг, ӕмӕ фӕлмӕн миты йӕ фӕдтӕ зайынц. Иуафон кӕсыс, ӕмӕ уӕм уӕ фӕндагамонӕг нал зыны. Фӕлӕ нӕ фӕтарстыстут, ӕмӕ дарддӕр йӕ фӕдтыл цӕут.

2 Зӕгъӕн ис, ӕцӕг чырыстӕттӕ дӕр «цӕуынц», ӕдас кӕм нӕу, ахӕм «быдыры» – ацы фыддунейы. Фӕлӕ нын Йегъовӕ радта ӕппӕты хуыздӕр фӕндагамонӕджы, Йесо Чырыстийы (1 Пет. 2:21). Библи чи ӕмбарын кӕны, иу ахӕм чиныджы фыст ис, ацы стихы Петр дӕр Йесойы кӕй абарста фӕндагамонӕгимӕ. Ӕмӕ, фӕндагамонӕг фӕдтӕ куыд ныууадзы, афтӕ Йесо дӕр ныууагъта «фӕдтӕ», ӕмӕ нӕ бон у уыдоныл цӕуын. Ӕркӕсӕм ӕртӕ фарстамӕ: Йесойы къахвӕдтыл кӕй хъуамӕ цӕуӕм, уый куыд ӕмбаргӕ у? Йӕ къахвӕдтыл цӕмӕн хъуамӕ цӕуӕм? Ӕмӕ уый нӕ бон куыд у аразын?

ЙЕСОЙЫ КЪАХВӔДТЫЛ КӔЙ ХЪУАМӔ ЦӔУӔМ, УЫЙ КУЫД ӔМБАРГӔ У?

3. Адӕймаг искӕй «къахвӕдтыл цӕуа», уый куыд ӕмбаргӕ у?

3 Адӕймаг искӕй «къахвӕдтыл цӕуа», уый куыд ӕмбаргӕ у? Дзырдтӕ «цӕуын» ӕмӕ «къах» Библийы хатт фӕамонынц, адӕймаг куыд цӕры, уымӕ (Райд. 6:9; Ӕмб. 4:26). Уӕдӕ искӕй «къахвӕдтыл цӕуын» нысан кӕны уыцы адӕймаджы фӕзмын ӕмӕ, уый куыд цӕры, афтӕ цӕрын.

4. Йесойы къахвӕдтыл кӕй хъуамӕ цӕуӕм, уый куыд ӕмбаргӕ у?

4 Уӕдӕ, Йесойы къахвӕдтыл кӕй хъуамӕ цӕуӕм, уый афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ йӕ хъуамӕ фӕзмӕм. Статьяйы сӕйраг стихӕй куыд зыны, афтӕмӕй Петр дзырдта, Йесо хъизӕмар кӕй кодта ӕмӕ фидар кӕй фӕлӕууыд, ӕмӕ нын уымӕй у фӕзминаг. Фӕлӕ ма Йесойы нӕ бон у бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр бафӕзмын (1 Пет. 2:18–25). Раст куы зӕгъӕм, уӕд нын Йесо фӕзминаг у алцӕмӕй дӕр – цыдӕриддӕр дзырдта ӕмӕ арӕзта, уымӕй.

5. Ӕнӕххӕст адӕмӕн ӕцӕгдӕр у сӕ бон Йесойы фӕзмын? Бамбарын ӕй кӕн.

5 Махӕн, ӕнӕххӕст адӕмӕн, нӕ бон у Йесойы фӕзмын? О, нӕ бон у. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ бон нӕу нӕ къах йӕ алы къахвӕдыл дӕр ӕвӕрын. Фӕлӕ, нӕ бон цы у, уый куы аразӕм, уӕд архайдзыстӕм апостол Иоанны ныхӕстӕм гӕсгӕ ӕмӕ цӕрдзыстӕм, «Йесо куыд цард, афтӕ» (1 Иоан. 2:6).

ЙЕСОЙЫ КЪАХВӔДТЫЛ ЦӔМӔН ХЪУАМӔ ЦӔУӔМ?

6, 7. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йесойы къахвӕдтыл куы цӕуӕм, уӕд Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм?

6 Йесойы къахвӕдтыл куы цӕуӕм, уӕд Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Фыццаг: Йесо куыд цард, уымӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кодта (Иоан. 8:29). Ӕмӕ йӕ къахвӕдтыл куы цӕуӕм, уӕд мах дӕр Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм. Ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи фӕархайы, цӕмӕй йӕ хӕлар суа, уыдонмӕ ӕнӕмӕнг баввахс вӕййы (Иак. 4:8).

7 Дыккаг: Йесо алцӕмӕй дӕр йӕ Фыды фӕзмыдта. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд зӕгъын: «Мӕн чи федта, уый федта Фыды дӕр» (Иоан. 14:9). Мах дӕр хъуамӕ нӕ удыхъӕды фидар кӕнӕм, Йесомӕ цы миниуджытӕ уыд, уыдон, стӕй адӕммӕ уый цӕстӕй кӕсӕм. Зӕгъӕм, Йесо фӕтӕригъӕд кодта хъотырджын лӕгӕн ӕмӕ, удхайраг низӕй чи хъӕрзыд, уыцы сылгоймагӕн, стӕй йӕ зӕрдӕ фӕрыст, зиан кӕуыл ӕрцыд, уыдоныл (Мар. 1:40, 41; 5:25–34; Иоан. 11:33–35). Йесойы куы фӕзмӕм, уӕд фӕзмдзыстӕм Йегъовӕйы дӕр, ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм.

8. Бамбарын кӕн, Йесойы къахвӕдтыл куы цӕуӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ацы дунейыл фӕуӕлахиз уӕм.

8 Йесойы къахвӕдтыл куы цӕуӕм, уӕд нын, ацы фыддунейы цы ис, уыдӕттӕ сӕйраг не суыдзысты. Йӕ мӕлӕты размӕ изӕр Йесойӕн йӕ бон уыд зӕгъын: «Ӕз фӕуӕлахиз дӕн ацы дунейыл» (Иоан. 16:33). Уыцы ныхӕстӕй йӕ зӕгъын фӕндыд, кӕй нӕ бауагъта, цӕмӕй йыл ацы дунейы зондахаст фӕзындаид. Уый йӕ разы ӕвӕрын нӕ райдыдта, ацы дунейы адӕм сӕ разы цы нысӕнттӕ ӕвӕрынц, ахӕм нысӕнттӕ, стӕй ацы дунейы адӕмы хуызӕн не сси. Рох дзы никуы уыд, зӕхмӕ уый тыххӕй кӕй ӕрцыд ӕрвыст, цӕмӕй Йегъовӕйы ном срухс кодтаид. Мах тыххӕй та цы ис зӕгъӕн? Цӕмӕй нын, ацы дунейы цы ис, уыдӕттӕ сӕйраг ма суой, уый тыххӕй нын хъуамӕ сӕйраг уа Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын, уый Йесойӕн сӕйраг куыд уыд, афтӕ. Ӕмӕ уӕд мах дӕр ацы дунейыл фӕуӕлахиз уыдзыстӕм (1 Иоан. 5:5).

9. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй, ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл дарддӕр дӕр цӕуӕм?

9 Йесойы къахвӕдтыл куы цӕуӕм, уӕд схайджын уыдзыстӕм ӕнусон цардӕй. Иу хъӕздыг ӕрыгон нӕлгоймаг Йесойы куы бафарста, цы мӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй ӕнусон цардӕй хайджын уон, зӕгъгӕ, уӕд ын Йесо дзуапп радта: «Цу мӕ фӕдыл» (Матф. 19:16–21). Чырысти кӕй у, уый кӕй нӕ уырныдта, уыцы дзуттӕгтӕн загъта: «Мӕ фыстӕ... цӕуынц мӕ фӕдыл. Ӕз сын ратдзынӕн ӕнусон цард» (Иоан. 10:24–29). Никодимы та, Сӕйраг тӕрхондоны уӕнгтӕй иуы, фӕндыд фылдӕр базонын, Йесо адӕмӕн цы амыдта, уыдӕтты тыххӕй. Ӕмӕ йын Йесо загъта, чи йыл ӕууӕнды, уыдон «ӕнусон цардӕй» кӕй схайджын уыдзысты (Иоан. 3:16). Йесойыл кӕй ӕууӕндӕм, уый равдисдзыстӕм, цы амыдта, уымӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм, стӕй йӕ куы фӕзмӕм. Ӕмӕ афтӕ куы кӕнӕм, уӕд дарддӕр дӕр цӕудзыстӕм, ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл (Матф. 7:14).

НӔ БОН КУЫД У ЙЕСОЙЫ КЪАХВӔДТЫЛ ЦӔУЫН?

10. Цы хъӕуы, цӕмӕй Йесойы хуыздӕр базонӕм? (Иоанны 17:3).

10 Цӕмӕй Йесойы къахвӕдтыл цӕуӕм, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ базонӕм. (Бакӕс Иоанны 17:3.) Ӕмӕ Йесойы базоныныл хъуамӕ ӕдзухдӕр архайӕм. Хъуамӕ-иу фылдӕр базонӕм йӕ миниуджыты тыххӕй, стӕй, куыд хъуыды кодта ӕмӕ цӕуыл ахуыр кодта, уый тыххӕй. Уӕлдай нӕу, рӕстдзинад рагӕй зонӕм ӕви нӕ,– хъӕуы нӕ дарддӕр дӕр архайын, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ Фырты хуыздӕр базонӕм.

11. Цыппар Евангелийӕ цы ис базонӕн?

11 Йегъовӕ йӕ Ныхасы ныффыссын кодта цыппар Евангелийы, цӕмӕй йын йӕ Фырты базонӕм. Фыст дзы ис Йесойы царды ӕмӕ лӕггады тыххӕй. Евангелитӕй базонӕн ис, Йесо цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, стӕй адӕммӕ цы зӕрдӕ дардта, уый. Уыцы цыппар чиныджы фӕрцы нӕ бон у Йесойы цӕвиттоныл «лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын» (Дзут. 12:3). Фенӕн дзы ис йӕ «фӕдтӕ». Евангелитӕ куы иртасӕм, уӕд Йесойы ноджы хуыздӕр базондзыстӕм, ӕмӕ нӕ бон уыдзӕн йӕ къахвӕдтыл цӕуын.

12. Евангелитӕ куыд хъуамӕ иртасӕм?

12 Евангелитӕ ӕрмӕст кӕсын фаг нӕу. Хъуамӕ-иу рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм, цӕмӕй-иу, цы бакӕсӕм, ууыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм (Йес. Н. 1:8). Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ, цы бакӕсӕм, уымӕ гӕсгӕ архайгӕ дӕр кӕнӕм. Ӕркӕсӕм дыууӕ уынаффӕмӕ.

13. Цы ис саразӕн, цӕмӕй дын ӕнцондӕр уа Евангелиты фыст хабӕрттӕ дӕ цӕстытыл ауайын кӕнын?

13 Фыццаг: Евангелиты цы бакӕсыс, уый-иу дӕ цӕстытыл ауайын кӕн. Дӕ цӕстытыл-иу ауайын кӕн, цыма ды дӕр уым дӕ, алцыдӕр хъусыс ӕмӕ уыныс. Цӕмӕй дын уый ӕнцондӕр уа, уый тыххӕй дӕ бон у, Йегъовӕйы организаци цы публикацитӕ рауагъта, уыдон иртасын. Ӕркӕс контекстмӕ дӕр, ома, цы скъуыддзаг кӕсыс, уый размӕ ӕмӕ уый фӕстӕ цӕй кой ис, уымӕ. Цы скъуыддзаг кӕсыс, уым цы адӕмы ӕмӕ цы бынӕтты кой ис, уыдоны тыххӕй фылдӕр ӕрмӕг бацагур. Стӕй ма уыцы хабары тыххӕй иннӕ Евангелиты цы фыст ис, уымӕ дӕр ӕркӕс. Гӕнӕн ис, уым уа, кӕй кӕсыс, уыцы Евангелийы чи нӕй, ахӕм цымыдисаг хъуыды.

14, 15. Нӕ бон куыд у, Евангелиты цы бакӕсӕм, уымӕ гӕсгӕ архайын?

14 Дыккаг: ахъуыды-иу кӕн, Евангелиты цы бакастӕ, уый дӕумӕ куыд хауы, ууыл (Иоан. 13:17). Исты скъуыддзаг-иу куы раиртасай, уӕд-иу ахъуыды кӕн: «Цы базыдтон, уымӕ гӕсгӕ архайын мӕ бон куыд у? Цы бакастӕн, уый фӕрцы мӕ бон куыд у искӕмӕн баххуыс кӕнын?» Ахъуыды кӕн, дӕ бон кӕмӕн уаид баххуыс кӕнын. Уый фӕстӕ, хорз афон куы уа, уӕд-иу ын радзур, уыцы хабарӕй цы бамбӕрстай, уый.

15 Ныр та ӕркӕсӕм, Йесо кувӕндоны кӕй федта, уыцы мӕгуыр идӕдз усы хабармӕ ӕмӕ аныхас кӕнӕм, нӕ бон куыд у ацы дыууӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын.

КУВӔНДОНЫ ЧИ УЫД, УЫЦЫ МӔГУЫР ИДӔДЗ УС

16. Марчы 12:41 стихы цы хабары кой ис, уый радзур.

16 Хабӕрттӕ дӕ цӕстытыл ауайын кӕн. (Бакӕс Марчы 12:41.) Уыди н. э. 33 аз 11 нисан. Йесойы мӕлӕтмӕ ма цалдӕр боны хъуыд. Уыцы бон Йесо кувӕндоны адӕмы ахуыр кодта. Дины разамонджытӕ йӕ ныхмӕ цыдӕртӕ дзырдтой. Уый размӕ та йӕ фарстой, кӕцӕй, дам, дӕм ис ацы хъуыддӕгтӕ кӕныны бар. Иннӕтӕ та йӕм барӕй зын фарстатӕ лӕвӕрдтой. Ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ сын дзуапп нӕ ратдзӕн (Мар. 11:27–33; 12:13–34). Уый фӕстӕ Йесо ацыд кувӕндоны иннӕ хаймӕ, ӕвӕццӕгӕн, сылгоймӕгты кӕрт кӕй хуыдтой, уыцы ранмӕ. Уым лӕууыдысты ӕхцавӕрӕнтӕ. Йесо сбадти ӕмӕ каст, адӕм ӕхцавӕрӕнты сӕ мысайнӕгтӕ куыд ӕппӕрстой, уымӕ. Уыдта йӕ, хъӕздгуытӕ бирӕ ӕхцатӕ кӕй ӕппӕрстой, ӕмӕ йӕм, ӕвӕццӕгӕн, ӕхцаты дзыгъал-мыгъул дӕр хъуыст.

17. Марчы 12:42 стихы кӕй кой ис, уыцы мӕгуыр идӕдз ус цы сарӕзта?

17 Бакӕс Марчы 12:42. Иуафон Йесойы цӕст ӕрхӕцыд иу сылгоймагыл. Уый уыди «мӕгуыр идӕдз ус» (Лук. 21:2). Зын цӕрдтытӕ кодта. Ӕвӕццӕгӕн ӕм къӕбӕры фаг дӕр алы хатт нӕ уыд ӕхца. Сылгоймаг ӕхцавӕрӕнмӕ бацыд ӕмӕ дзы ӕфсӕрмыгӕнгӕ дыууӕ лыстӕг ӕхцайы ныппӕрста. Ӕвӕццӕгӕн, сӕ дзыгъал-мыгъул дӕр не ссыд. Йесо зыдта, дыууӕ лыстӕг ӕрхуы ӕхцайы дзы кӕй ныппӕрста. Уыдон уыдысты дыууӕ лептӕйы – уӕды рӕстӕг ӕппӕты лыстӕгдӕр ӕхцатӕ. Уыцы ӕхцатӕй иу сырддонцъиу дӕр нӕ уыд балхӕнӕн. Сырддонцъиутӕ та уыдысты, хӕрынӕн-иу кӕй балхӕдтой, уыцы мӕргътӕй ӕппӕты асламдӕртӕ.

18. Марчы 12:43, 44 стихтӕм гӕсгӕ, Йесо идӕдз усы мысайнаджы тыххӕй цы загъта?

18 Бакӕс Марчы 12:43, 44. Уыцы сылгоймаг цы сарӕзта, уый Йесойы дисы бафтыдта. Ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Уӕртӕ уыцы мӕгуыр идӕдз ус ӕхцавӕрӕны се ’ппӕтӕй фылдӕр ныппӕрста. Уыдон дзы [уӕлдайдӕр хъӕздгуытӕ] уый тыххӕй ӕппӕрстой, ӕмӕ сӕм фагӕй фылдӕр ис. Уыцы идӕдз ус та, кӕд мӕгуыр у, уӕддӕр ныппӕрста, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уый, йӕ фӕстаг ӕхцатӕ». Уыцы иузӕрдион сылгоймаг йӕ фӕстаг ӕхцатӕ куы радта, уӕд афтӕмӕй равдыста, йӕхи Йегъовӕйы бар кӕй бакодта (Пс. 26:3).

Йесойау иннӕтӕй ӕппӕл, Йегъовӕйӕн, хуыздӕрӕй сӕм цы ис, уый кӕй дӕттынц, уый тыххӕй (кӕс 19, 20 абзацтӕ) *

19. Йесо идӕдз усы тыххӕй цы загъта, уымӕй нӕ бон цы у нӕхицӕн зондӕн райсын?

19 Цы базыдтай, уымӕ гӕсгӕ архай. Ахъуыды кӕн ахӕм фарстайыл: «Йесо мӕгуыр идӕдз усы тыххӕй цы загъта, уымӕй мӕ бон цы у зондӕн райсын?» Уыцы сылгоймаджы куыннӕ фӕндыдаид Йегъовӕйӕн фылдӕр раттын. Фӕлӕ уый, йӕ бон цы уыд, уый сарӕзта. Йегъовӕйӕн радта, хуыздӕрӕй йӕм цы уыд, уый. Йесо зыдта, уыцы сылгоймаджы мысайнаг Йегъовӕйы цӕсты зынаргъ кӕй уыд. Ацы хабарӕй цы ис зондӕн райсӕн? Йегъовӕйӕн, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый куы фӕдӕттӕм, ома йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт удӕй куы фӕлӕггад кӕнӕм, уӕд йӕ зӕрдӕ барухс вӕййы (Матф. 22:37; Кол. 3:23). Йегъовӕ фӕцин кӕны, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы фӕаразӕм, уӕд. Зӕгъӕм, уый уыны, ӕмбырдтӕн ӕмӕ хъусын кӕнынӕн, нӕ бон цас у, уыйбӕрц рӕстӕг ӕмӕ тыхтӕ кӕй дӕттӕм.

20. Мӕгуыр идӕдз усы хабарӕй цы базыдтай, уый фӕрцы дӕ бон куыд у искӕмӕн баххуыс кӕнын? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

20 Мӕгуыр идӕдз усы хабарӕй цы базыдтай, уый фӕрцы дӕ бон куыд у искӕмӕн баххуыс кӕнын? Ахъуыды кӕн, бафидар кӕнын кӕй хъӕуы, ахӕм хо кӕнӕ ’фсымӕрыл. Чи зоны, ацӕргӕ хотӕй чидӕр мӕт кӕны, йӕ бон раздӕрау лӕггад кӕнын кӕй нал у, уый тыххӕй. Ӕмӕ йӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дзы ӕмбырды ницыуал пайда ис. Кӕнӕ та, чи зоны, ӕфсымӕртӕй чидӕр уӕззау низӕй рынчын у, ӕмӕ, йӕ бон алы ӕмбырдмӕ цӕуын кӕй нӕу, уый тыххӕй йӕ ныфс асаст. Ахӕм хо кӕнӕ ’фсымӕрӕн дӕ бон зӕгъын у, чи йӕ «бафидар кӕндзӕн... ахӕм хорз ныхӕстӕ» (Еф. 4:29). Йӕ зӕрдыл ын ӕрлӕууын кӕн мӕгуыр идӕдз усы хабар. Дӕ бон ын у зӕгъын, Йегъовӕ нӕ тынг райгонд кӕй вӕййы, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый йын куы фӕдӕттӕм, уӕд. Афтӕмӕй дзы ныфс бауадздзынӕ (Ӕмб. 15:23; 1 Фес. 5:11). Иннӕтӕй куы раппӕлыс, Йегъовӕйӕн, хуыздӕрӕй сӕм цы ис, уый кӕй дӕттынц, уый тыххӕй,– кӕд сӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ бирӕ нӕ дӕттынц, уӕддӕр,– уӕд зӕгъӕн вӕййы, ӕмӕ Йесойы къахвӕдтыл цӕуыс.

21. Цы дӕ фӕнды дарддӕр дӕр аразын?

21 Куыд хорз у, Евангелиты Йесойы царды тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ кӕй ӕрцыд фыст! Уый фӕрцы нӕ бон у йӕ къахвӕдтыл цӕуын. Нӕхӕдӕг Библи куы иртасӕм, уӕд кӕнӕ бинонты ахуыры рӕстӕг нӕ бон у Евангелитӕм лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсын. Цӕмӕй нын уый фылдӕр пайда хӕсса, уый тыххӕй-иу хъуамӕ, цы бакӕсӕм, уый нӕ цӕстытыл ауайын кӕнӕм, стӕй-иу, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ архайӕм. Куыд базыдтам, афтӕмӕй хъуамӕ Йесойы фӕзмӕм. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай хъуамӕ хъусӕм, цы дзырдта, уымӕ. Иннӕ статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Йесо йӕ мӕлӕты размӕ цы ныхӕстӕ загъта, уыдон нын цӕуыл дзурӕг сты, уымӕ.

15 ЗАРӔГ Скад кӕнут Йегъовӕйы фыццаг Фыртӕн!

^ 5 абз. Мах, ӕцӕг чырыстӕттӕ, хъуамӕ Йесойы «къахвӕдтыл цӕуӕм». Йӕ къахвӕдтыл кӕй хъуамӕ цӕуӕм, уый куыд ӕмбаргӕ у? Ацы фарстайӕн дзуапп базондзыстӕм ацы статьяйы. Стӕй ма дзы дзырд цӕудзӕн, йӕ къахвӕдтыл цӕмӕн хъуамӕ цӕуӕм ӕмӕ уый нӕ бон куыд у аразын, ууыл.

^ 60 абз. НЫВ. Хо хъуыды кӕны, Йесо мӕгуыр идӕдз усы тыххӕй цы загъта, ууыл. Уый фӕстӕ ацӕргӕ хойӕ ӕппӕлы, ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй лӕггад кӕны, уый тыххӕй.