Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Йесо куы марди, уӕд Псалом 22:1 стихы ныхӕстӕ цӕмӕн загъта?

Йесойы фӕстаг ныхӕстӕй иутӕ фыст сты Матфейы 27:46 стихы ӕмӕ Марчы 15:34 стихы. Уым фыст ис: «Мӕ Хуыцау, мӕ Хуыцау, цӕмӕн мӕ ныууагътай?» Йесо уыцы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд сӕххӕст кодта Псаломы 22:1 стихы фыст ныхӕстӕ. Уыцы ныхӕстӕ ныффыста псаломзарӕггӕнӕг Давид. Раст нӕ уаид афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ Йесо Йегъовӕйӕ фӕфыдӕнхъӕл кӕнӕ йыл нал ӕууӕндыд. Йесо хорз ӕмбӕрста, цӕмӕн хъуамӕ амӕла, стӕй уыцы хъуыддаг барвӕндонӕй сарӕзта (Матф. 16:21; 20:28). Стӕй ма зыдта, куы мӕла, уӕд ӕй Йегъовӕ кӕй нал хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ йын кӕй нал ӕххуыс кӕндзӕн (Иов 1:10). Афтӕмӕй Йесойӕн йӕ бон уыд сбӕлвырд кӕнын, кӕронмӕ дӕр иузӕрдионӕй кӕй баззайдзӕн, кӕд тухӕнтӕгӕнгӕ амард, уӕддӕр (Мар. 14:35, 36).

Уӕдӕ цымӕ Йесо уыцы псаломы ныхӕстӕ цӕмӕн загъта? Уый нӕ бон бӕлвырдӕй зӕгъын нӕу, фӕлӕ ӕркӕсӕм, афтӕ цӕмӕн загътаид, уымӕ *.

Уыцы ныхӕстӕй Йесойы, чи зоны, бамбарын кӕнын фӕндыд, Йегъовӕ йӕ мӕлӕтӕй кӕй нӕ бахиздзӕн. Йесо хъуамӕ адӕмы тыххӕй ахӕсты аргъ бафыстаид. Ӕмӕ уыцы хъуыддаг йӕхӕдӕг хъуамӕ сарӕзтаид. Йегъовӕ йын не ’ххуыс кодтаид. Уый хъуамӕ ӕнӕмӕнг амардаид, цӕмӕй «мӕлӕт бавзӕрстаид алкӕй тыххӕй дӕр» (Дзут. 2:9).

Йесо уыцы псаломӕй иу стихы ныхӕстӕ кӕй загъта, уымӕй йӕ, чи зоны, фӕндыд адӕмы зӕрдыл ӕнӕхъӕн псалом ӕрлӕууын кӕнын. Уыцы рӕстӕг дзуттӕгтӕ бирӕ псаломтӕ зыдтой, уымӕн ӕмӕ-иу сӕ сахуыр кодтой. Ӕмӕ-иу кӕцыдӕр псаломӕй иу стих куы фехъуыстаиккой, уӕд-иу ӕнӕхъӕн псалом сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдаид. Ӕмӕ кӕд Йесойы дӕр фӕндыд, цӕмӕй ӕнӕхъӕн псалом сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдаид, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, дзуттӕгтӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕ чи сси, уыдон ӕрхъуыды кодтаиккой, уыцы псаломы йӕ мӕлӕтимӕ баст цы пехуымпарӕдтӕ уыд, уыдон (Пс. 22:7, 8, 15, 16, 18, 24). Стӕй ма сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдаиккой уыцы псаломы фӕстаг стихтӕ дӕр. Уым фыст ис, Йегъовӕ ӕгас зӕххӕн дӕр Паддзах кӕй у (Пс. 22:27–31).

Уыцы ныхӕстӕ зӕгъгӕйӕ Йесойы, чи зоны, фӕндыд равдисын, аххосджын кӕй нӕ уыд. Дзуттӕгты сӕйраг тӕрхондоны чи уыд, уыдон Йесойы фӕаххосджын кодтой, Хуыцауы фауы, зӕгъгӕ (Матф. 26:65, 66). Фӕлӕ йын куыд тӕрхон кодтой, уымӕй закъон фехӕлдтой. Уыдон ӕхсӕвы тагъд-тагъд амбырд сты, ӕмӕ йын йӕ хъуыддаг закъонмӕ гӕсгӕ нӕ равзӕрстой, фӕлӕ, сӕхи куыд фӕндыд, афтӕ (Матф. 26:59; Мар. 14:56–59). Ӕмӕ Йесо Псалом 22:1 стихы ныхӕстӕ кӕй загъта, уымӕй йӕ зӕгъын фӕндыд: «Мӕ Хуыцау, цӕмӕн мӕ ныууагътай, ӕвзӕрӕй куы ницы сарӕзтон, уӕд?» Ӕвӕццӕгӕн, Йесойы фӕндыд равдисын, ӕнаххос кӕй уыд.

Йесо, Давид кӕй ныффыста, уыцы ныхӕстӕ кӕй загъта, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ дзы Йегъовӕ райгонд нал уыд. Давид зындзинӕдтӕ кӕй ӕвзӕрста, уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ дзы Йегъовӕ райгонд нал уыд. Стӕй, Псаломы 22:1 стихы цы загъта, уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ йӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ. Дарддӕр цы ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй бӕрӕг у, фидарӕй йӕ кӕй уырныдта, Йегъовӕ йӕ адӕмы кӕй ирвӕзын кӕны. Ӕмӕ йын Йегъовӕ дарддӕр дӕр арфӕ кодта (Пс. 22:23, 24, 27). Афтӕ Йесо дӕр, «Давиды Фырт», хъизӕмӕртты хъӕдыл кӕй тухӕн кодта, уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ дзы Йегъовӕ райгонд нал уыд (Матф. 21:9).

Йегъовӕ Йесойы иуцасдӕр хъуамӕ ныууагътаид, ома йӕ хъуамӕ мауал хъахъхъӕдтаид, цӕмӕй сбӕлвырд уыдаид, кӕронмӕ йыл иузӕрдионӕй баззайдзӕн ӕви нӕ. Ӕмӕ, гӕнӕн ис, Йесо уыцы ныхӕстӕ фырадӕргӕй загъта. Йегъовӕйӕн ӕппӕты райдианы йӕ фӕнд нӕ уыд, цӕмӕй Йесо фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ амардаид. Адам ӕмӕ Евӕ йӕ ныхмӕ куы рацыдысты, ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ бахъуыд Чырыстийы нывонд. Йесо ӕвзӕрӕй ницы сарӕзта. Фӕлӕ хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ амардаид, цӕмӕй, Хӕйрӕг цы фарстатӕ сдзырддаг кодта, уыдонӕн дзуапп лӕвӕрд ӕрцыдаид ӕмӕ, адӕм ӕнӕхай цӕмӕй фесты, уый фӕстӕмӕ балхӕдтаид (Мар. 8:31; 1 Пет. 2:21–24). Ӕмӕ уымӕн гӕнӕн уыд, Йегъовӕ йӕ Фырты иуцасдӕр куы нал хъахъхъӕдтаид ӕмӕ йын куы не ’ххуыс кодтаид, ӕрмӕстдӕр уӕд. Ахӕм хабар Йесойы царды фыццаг хатт ӕрцыд.

Чи зоны, Йесойы фӕндыд, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕ ахъуыды кодтаиккой, Йегъовӕ цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй йӕ Фырт ахӕм мардӕй амардаид *. Йесо зыдта, бирӕтӕн цӕлхдур кӕй суыдзӕн, фыдгӕнӕгыл ӕй кӕй банымайдзысты ӕмӕ йӕ хъизӕмӕртты хъӕдыл кӕй ӕрцауындздзысты, уый (1 Кор. 1:23). Фӕлӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ хъуамӕ фылдӕр хъуыды кодтаиккой, Йесо цӕмӕн амард, ууыл. Уӕд ӕй фыдгӕнӕгыл нӕ нымадтаиккой, фӕлӕ Ирвӕзынгӕнӕгыл (Гал. 3:13, 14).

Йесо ацы стихы ныхӕстӕ цӕмӕн загъта, уый кӕд бӕлвырдӕй нӕ зонӕм, уӕддӕр ӕй фидарӕй зонӕм, кӕй ӕмбӕрста, цытӕ бавзӕрста, уыдон Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй уыдысты. Уыцы ныхӕстӕ куы загъта, уый фӕстӕ та загъта: «Цыдӕриддӕр мын бафӕдзӕхстай, уый сӕххӕст кодтон!» (Иоан. 19:30; Лук. 22:37). Йегъовӕ цыбыр рӕстӕгмӕ Йесойы кӕй ныууагъта, ома йӕ кӕй нал хъахъхъӕдта, уый фӕрцы Йесойӕн йӕ бон уыд, зӕхмӕ цӕмӕн ӕрцыд, уыдӕттӕ иууылдӕр саразын. Стӕй ма уый фӕрцы йӕ бон уыд, «Моисейы закъоны, Пехуымпарты чингуыты ӕмӕ Псаломты» уый тыххӕй фыст цы уыд, уыдон иууылдӕр сӕххӕст кӕнын (Лук. 24:44).

^ 2 абз. Ноджыдӕр кӕс ацы номыры статья «Йесойы фӕстаг ныхӕстӕ нын цӕуыл дзурӕг сты?», 9 ӕмӕ 10 абзацтӕ.

^ 4 абз. Йесойы ныхӕстӕ кӕнӕ йӕ фарстатӕ алкӕд ууыл дзурӕг нӕ уыдысты, ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр афтӕ хъуыды кодта. Иуӕй-иу хатт-иу цыдӕр загъта кӕнӕ кӕмӕдӕр цавӕрдӕр фарста радта, цӕмӕй-иу йӕ фӕдылдзӕуджытӕ загътаиккой, цы хъуыды кӕнынц, уый (Мар. 7:24–27; Иоан. 6:1–5; кӕс 2010 азы 15 октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 4, 5 фӕрстӕ).