Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бахъуыды кодтай?

Бахъуыды кодтай?

2021 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» номыртӕ лӕмбынӕг бакастӕ? Дӕ бон бауыдзӕн ацы фарстатӕн дзуапп раттын?

Иаковы 5:11 стихы фыст ис, «Йегъовӕ фӕлмӕн уарзтӕй кӕй уарзы ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у». Уый нын цӕуыл дзурӕг у?

Мах ӕй зонӕм, Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, ӕмӕ нын уымӕ гӕсгӕ нӕ тӕригъӕдтӕ кӕй ныххатыр кӕны. Иаковы 5:11 стихӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы ма кӕй фӕфӕнды махӕн баххуыс кӕнын дӕр. Ӕмӕ йӕ мах дӕр хъуамӕ фӕзмӕм (w21.01, 21 ф.).

Йегъовӕ кӕмӕндӕрты бартӕ цӕмӕн радта?

Йегъовӕ афтӕ уымӕн бакодта, ӕмӕ нӕ уарзы. Уый фӕрцы йӕ бинонты ’хсӕн алцыдӕр у уаг ӕмӕ ӕгъдауыл ӕмӕ се ’хсӕн ис фарн. Йегъовӕ цы ӕгъдау сфидар кодта, уымӕ гӕсгӕ бинонтӕй алчидӕр куы архайа, уӕд зондзысты, цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл уынаффӕ чи хъуамӕ рахӕсса ӕмӕ уыцы хъуыддаг кӕронмӕ чи хъуамӕ ахӕццӕ кӕна, уый (w21.02, 3 ф.).

Мессенджертӕй пайда кӕнгӕйӕ чырыстӕттӕ ӕмбаргӕ цӕмӕн хъуамӕ уой?

Адӕймаг мессенджертӕй куы пайда кӕна, уӕд хъуамӕ лӕмбынӕг хъуыды кӕна, кӕмӕ фысдзӕн, ууыл, уӕлдайдӕр, мессенджерты цы стыр къордтӕ скӕнынц, уым куы уа, уӕд (1 Тим. 5:13). Стӕй дзы хъуамӕ, бӕлвырд кӕй нӕ зоны, ахӕм хабӕртты тыххӕй ма фысса ӕмӕ йӕхицӕн хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты фӕрцы ӕхца ма куса (w21.03, 31 ф.).

Йегъовӕ цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй Йесо фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ амардаид?

Фыццаг: Йесо хъуамӕ хъӕдыл амардаид, цӕмӕй дзуттӕгты ссӕрибар кодтаид ӕлгъыстӕй (Гал. 3:10, 13). Дыккаг: Йегъовӕ Йесойы цӕттӕ кодта Хистӕр сауджыны хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ. Ӕртыккаг: Йесо ахӕм хъизӕмӕрттӕ кӕй бавзӕрста, уымӕй рабӕрӕг, адӕмӕн сӕ бон кӕй у уӕззау фӕлварӕнты дӕр Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайын (Иов 1:911) (w21.04, 16, 17 фф.).

Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ дын адӕмимӕ аныхас кӕнын куы не ’нтыса, уӕд дӕ бон цы у саразын?

Бацархай, цӕмӕй-иу адӕммӕ ’рбацӕуай, хӕдзары арӕхдӕр цафон вӕййынц, уыцы афон. Дӕ бон ма у ӕндӕр рӕтты хъусын кӕнын дӕр. Стӕй ма дӕ бон у алыхуызон мадзӕлтты фӕрцы хъусын кӕнын, зӕгъӕм, ис писмотӕ фыссӕн (w21.05, 15, 16 фф.).

Апостол Павел ныффыста: «Закъон йӕхӕдӕг цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ ӕз закъонӕн амардтӕн» (Гал. 2:19). Уымӕй йӕ цы зӕгъын фӕндыд?

Моисейы закъон раргом кодта, тӕригъӕдджын адӕмӕн сӕ бон кӕй нӕ уыд Закъон афтӕ ӕххӕст кӕнын, цӕмӕй мацӕмӕй рӕдыдаиккой. Закъон адӕмы кодта Чырыстимӕ (Гал. 3:19, 24). Павел баууӕндыд Чырыстийыл. Афтӕмӕй «Закъонӕн амард», ома Закъоны дӕлбар нал уыд (w21.06, 31 ф.).

Йегъовӕ цӕмӕнты быхсы?

Йӕ номыл ын цъыф калынц, йӕ хицаудзинады ныхмӕ цӕуынц, йӕ сывӕллӕттӕй чидӕртӕ йӕ ныхмӕ рацыдысты, Хӕйрӕг мӕнг ныхӕстӕ кӕны, йӕ лӕггадгӕнджытӕ зындзинӕдтӕ ӕвзарынц, йӕ хӕлӕрттӕй чи амард, уыдоны мысы, фыдгӕнджытӕ адӕмы ӕфхӕрынц, адӕм зӕхх сафынц (w21.07, 9–12 фф.).

Иосиф фӕразон кӕй уыд, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг?

Йе ’фсымӕртӕ йын стыр мӕстытӕ бавзарын кодтой. Уый фӕстӕ Египеты аххосджыныл нымад ӕрцыд, кӕй нӕ сарӕзта, уыцы хъуыддаджы ӕмӕ бирӕ азтӕ ахӕстоны фӕбадт (w21.08, 12 ф.).

Аггейы 2:6–9, 20–22 стихты фыст ис, Йегъовӕ адӕмты кӕй базмӕлын кӕндзӕн. Уый куыд ӕмбаргӕ у?

Адӕмӕн сӕ фылдӕры нӕ фӕнды Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабармӕ хъусын. Фӕлӕ уӕддӕр бирӕтӕ рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ айсынц. Тагъд Хуыцау адӕмты фӕстаг хатт базмӕлын кӕндзӕн, ома сӕ фесафдзӕн (w21.09, 15–19 фф.).

Хъусын кӕнгӕйӕ нӕ ныфс цӕуылнӕ хъуамӕ асӕтта?

Йегъовӕ уыны, куыд зӕрдиагӕй архайӕм, уый ӕмӕ нӕ райгонд у. Нӕ ныфс куы нӕ асӕтта ӕмӕ дарддӕр дӕр куы хъусын кӕнӕм, уӕд ӕнусон цардӕй схайджын уыдзыстӕм (w21.10, 25, 26 фф.).

Левит 19-ӕм сӕр нын куыд ӕххуыс кӕны ацы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ архайынӕн: «Алы хъуыддаджы дӕр ут сыгъдӕг»? (1 Пет. 1:15).

Ацы стихы Петр, ӕвӕццӕгӕн, ӕрхаста Левит 19:2 стих. 19-ӕм сӕрӕй базонӕн ис, нӕ бон куыд у 1 Петры 1:15 стихмӕ гӕсгӕ архайын (w21.12, 3, 4 фф.).