Кӕсджыты фарстатӕ
Левиты 19:16 стихы ис ахӕм фӕдзӕхст: «Иннӕйы туг ма ныккалын кӕн». Ацы ныхӕстӕ цӕмӕ амыдтой ӕмӕ махӕн цӕуыл дзурӕг сты?
Йегъовӕ израилӕгтӕн бафӕдзӕхста, ут сыгъдӕг адӕм, зӕгъгӕ. Ӕмӕ сын цы фӕдзӕхстытӕ радта, уыдонӕй иу уыд ахӕм: «Дӕ адӕмыл ма разил-базил кӕн ӕмӕ иннӕты фыдкой ма кӕн. Иннӕйы туг ма ныккалын кӕн. Ӕз дӕн Йегъовӕ» (Лев. 19:2, 16).
Дзуттаг ӕвзагӕй ацы ныхӕстӕ, «иннӕйы туг ма ныккалын кӕн», зӕгъгӕ, комкоммӕ ис афтӕ ратӕлмац кӕнӕн: «Иннӕйы туджы ныхмӕ ма рацу». Ацы ран куыд ӕмбаргӕ у, «ныхмӕ ма рацу», зӕгъгӕ? Левиты чиныг чи ’мбарын кӕны, иу ахӕм чиныджы фыст ис: «Стихӕн йӕ ацы хай зын у бамбарын, уымӕн ӕмӕ, ацы ран цы дзуттаг идиомӕ ис, уымӕн йӕ хъуыды бӕлвырд нӕу» (The JPS Torah Commentary: Leviticus).
Иуӕй-иу ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ацы ныхӕстӕ баст сты 15-ӕм стихимӕ. Уым фыст ис: «Хӕрам тӕрхон ма кӕнут. Мӕгуыр адӕймаджы ма хъулон кӕнут ӕмӕ кадджын адӕймаджы фарс ма ут. Иннӕтӕн рӕстӕй тӕрхон кӕнут» (Лев. 19:15). Кӕд уыцы хъуыды раст у, уӕд, 16-ӕм стихы цы ныхӕстӕ ис, уыдон, ома «ныхмӕ ма рацу», Хуыцауы адӕмӕн ууыл дзурӕг уыдаиккой, ӕмӕ тӕрхон кӕнгӕйӕ, куыстимӕ ӕмӕ ӕхцаимӕ баст хъуыддӕгты кӕнӕ бинонты ’хсӕн хъуамӕ ахӕмӕй мацы сарӕзтаиккой, цӕмӕй искӕмӕн зиан ӕрхастаиккой. Стӕй-иу хъуамӕ хи пайдайы тыххӕй мӕнгард митӕ ма кодтаиккой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах хъуамӕ ахӕм хъуыддӕгтӕй нӕхи хизӕм. Фӕлӕ уӕддӕр, куыд зыны, афтӕмӕй, ацы ныхӕстӕ ӕндӕр цӕмӕдӕр амонынц.
Ӕркӕсӕм-ма 16-ӕм стихы фыццаг хаймӕ. Хуыцау йӕ адӕмӕн фӕдзӕхсы, цӕмӕй адӕмыл ма разил-базил кӕной ӕмӕ иннӕты фыдкой ма кӕной. Адӕймаг ӕнӕуи искӕй кой куы фӕкӕны, уӕд уый дӕр хатт хорзӕй ницӕмӕ ’ркӕны. Фӕлӕ фыдкой ӕнӕуи кӕйдӕр кой ракӕнын нӕу (Ӕмб. 10:19; Еккл. 10:12–14; 1 Тим. 5:11–15; Иак. 3:6). Искӕй фыдкой чи фӕкӕны, уый йын барӕй йӕ номыл цъыф фӕкалы. Гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕ ныхмӕ мӕнгӕвдисӕн дӕр ныллӕууа, кӕд уый тыххӕй адӕймагӕн мӕлӕты тӕрхон рахӕсдзысты, уӕддӕр. Зӕгъӕм, афтӕ бакодтой Навуфейӕн, ӕмӕ ӕнаххос лӕджы дуртӕй фӕхостой (1 Пад. 21:8–13). Уӕдӕ-иу гӕнӕн уыд, ӕмӕ фыдкойгӕнӕг адӕймаджы туг ныккалын кодтаид, Левиты 19:16 стихы дыккаг хайы куыд фыст ис, афтӕ.
Уымӕй уӕлдай, адӕймаг хатт искӕй фыдкой фӕкӕны ӕмӕ йыл цъыф фӕкалы, йе сӕфт дзы кӕй фӕуыны, уый тыххӕй. 1 Иоанны 3:15 стихы та фыст ис: «Йе ’фсымӕрӕй йе сӕфт чи уыны, уый у лӕгмар. Сымах та йӕ зонут: лӕгмарӕн ӕнусон цардӕй хай нӕй». Ӕмӕ Хуыцау афтӕ куы загъта, «иннӕйы туг ма ныккалын кӕн», зӕгъгӕ, уӕд уый фӕстӕ йӕ ныхӕстӕм дзӕгъӕлы нӕ бафтыдта ахӕм ныхӕстӕ: «Де ’фсымӕрмӕ дӕ зӕрдӕйы фыдӕх ма хӕсс» (Лев. 19:17).
Уӕдӕ, Левиты 19:16 стихы цы фӕдзӕхст ис, уымӕ чырыстӕттӕ дӕр хъуамӕ уӕлӕнгай цӕстӕй ма кӕсой. Хъуамӕ ӕвзӕр цӕстӕй макӕмӕ кӕсӕм ӕмӕ иннӕты фыдкой ма кӕнӕм. Исчи нӕ зӕрдӕмӕ куы нӕ цӕуа кӕнӕ йӕм куы хӕлӕг кӕнӕм ӕмӕ уый тыххӕй йӕ фыдкой куы кӕнӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ дзы не сӕфт уынӕм. Фӕлӕ чырыстӕттӕ искӕмӕй се сӕфт уыной, уый кой сӕм хъуамӕ уӕвгӕ дӕр ма уа (Матф. 12:36, 37).