Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

48 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Ут сыгъдӕг»

«Ут сыгъдӕг»

«Алы хъуыддаджы дӕр ут сыгъдӕг» (1 ПЕТ. 1:15).

34 ЗАРӔГ Цӕрын рӕстӕй

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Апостол Петр чырыстӕттӕн цавӕр уынаффӕ радта ӕмӕ кӕмӕдӕр афтӕ цӕмӕн фӕкӕсы, ӕмӕ уыцы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын зын у?

АПОСТОЛ Петр 1 ӕнусы сӕрст чырыстӕттӕн цы уынаффӕ радта, уый не ’ппӕтӕн дӕр у пайда, уӕлдай нӕу, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс нын ис ӕви зӕххыл цӕрыны ныфс. Петр ныффыста: «Чи [уӕ] ӕрхуыдта, уый Сыгъдӕг Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ сымах дӕр алы хъуыддаджы дӕр ут сыгъдӕг. Фыст дӕр афтӕ у: „Ут сыгъдӕг, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн сыгъдӕг“» (1 Пет. 1:15, 16). Ацы ныхӕстӕй базонӕн ис, нӕ бон кӕй у сыгъдӕг Хуыцау Йегъовӕйы фӕзмын. Мах хъуамӕ алы хъуыддаджы дӕр уӕм сыгъдӕг. Чи зоны, кӕмӕдӕр афтӕ кӕсы, ӕмӕ уымӕн гӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ ӕнӕххӕст стӕм. Петр дӕр-иу йӕхӕдӕг куыннӕ фӕрӕдыд. Фӕлӕ йӕ цардӕй бӕрӕг у, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн сӕ бон кӕй у, ӕмӕ сыгъдӕг уой.

2. Ацы статьяйы цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?

2 Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм ахӕм фарстатыл: сыгъдӕг уай, уый куыд ӕмбаргӕ у? Йегъовӕйы сыгъдӕгдзинады тыххӕй Библийӕ цы ис базонӕн? Цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр сыгъдӕг уӕм? Ӕмӕ нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕ нӕ Хӕлар уа?

СЫГЪДӔГ УАЙ, УЫЙ КУЫД ӔМБАРГӔ У?

3. Сыгъдӕджытӕ кӕй фӕхонынц, уыдоны арӕх куыд сныв кӕнынц, фӕлӕ нӕ бон кӕцӕй у базонын, сыгъдӕг уай, уый куыд ӕмбаргӕ у?

3 Сыгъдӕджытӕ кӕй фӕхонынц, уыдоны арӕх сныв кӕнынц ӕнкъардӕй, худгӕ дӕр нӕ фӕкӕнынц, афтӕмӕй, стӕй сыл вӕййы ӕнахуыр уӕлӕдарӕс. Фӕлӕ, Хуыцауы цӕсты сыгъдӕгыл нымад чи у, уыцы адӕймаг цин нӕ фӕкӕны ӕмӕ амондджын нӕ вӕййы? Уый афтӕ нӕу. Йегъовӕ у сыгъдӕг Хуыцау, ӕмӕ йӕ Библи хоны «амондджын Хуыцау» (1 Тим. 1:11). Ӕмӕ йын чи кувы, уыцы адӕмы дӕр хоны амондджын (Пс. 144:15). Йесойы рӕстӕджы-иу чидӕртӕ дардтой, иннӕтӕй кӕмӕй хицӕн кодтой, ахӕм уӕлӕдарӕс, стӕй адӕмы цӕстмӕ сӕхи рӕстгӕнджытӕй ӕвдыстой. Фӕлӕ Йесо адӕмӕн ӕмбарын кодта, уыдон раст кӕй нӕ кӕнынц (Матф. 6:1; Мар. 12:38). Мах Библийӕ базыдтам, Хуыцау сыгъдӕгыл цавӕр адӕмы нымайы. Мах ӕй зонӕм, нӕ уарзӕгой Хуыцау нӕ, нӕ бон цы нӕу, уый кӕй никуы домдзӕн. Уӕдӕ нын иугӕр Йегъовӕ зӕгъы, ут сыгъдӕг, зӕгъгӕ, уӕд уымӕн гӕнӕн ис. Фӕлӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ ӕмбарӕм, сыгъдӕг уай, уый куыд ӕмбаргӕ у.

4. Дзырдтӕ «сыгъдӕг» ӕмӕ «сыгъдӕгдзинад» Библийы арӕхдӕр цӕмӕ фӕамонынц?

4 Сыгъдӕг уай, уый куыд ӕмбаргӕ у? Дзырдтӕ «сыгъдӕг» ӕмӕ «сыгъдӕгдзинад» Библийы арӕхдӕр фӕамонынц, чидӕр хӕрзӕгъдау кӕй у ӕмӕ мӕнг динӕй йӕхи кӕй нӕ фӕчъизи кодта, уымӕ. Уымӕй уӕлдай ма фӕамонынц, чидӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн хибаргонд кӕй ӕрцыд, уымӕ. Уӕдӕ цӕмӕй Хуыцауы цӕсты сыгъдӕгыл нымад уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ кӕнӕм хӕрзӕгъдау цард, Хуыцауӕн кувӕм, уый куыд фӕнды, афтӕ ӕмӕ уӕм йе ’ввахс хӕлӕрттӕ. Сыгъдӕг Хуыцау Йегъовӕйы хӕлар уай, афтид уыцы хъуыдыйӕ дӕр адӕймагӕн йӕ хъуын арц слӕууы!

«СЫГЪДӔГ, СЫГЪДӔГ, СЫГЪДӔГ У... ЙЕГЪОВӔ!»

5. Иузӕрдион зӕдты ныхӕстӕй цы ис Йегъовӕйы тыххӕй базонӕн?

5 Йегъовӕ алы хъуыддаджы дӕр у сыгъдӕг ӕмӕ йӕм фау ӕрхӕссӕн ницӕмӕй ис. Уый базонӕн ис, йӕ паддзахбадӕны раз чи лӕууы, уыцы зӕдты – серафимты – ныхӕстӕй. Уыдон дзырдтой: «Сыгъдӕг, сыгъдӕг, сыгъдӕг у ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ!» (Ис. 6:3). Уыдон сыгъдӕг Хуыцаумӕ ӕввахс уый тыххӕй сты, ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр сты сыгъдӕг. Хатт-иу, зӕд кӕм фӕзынд, уыцы бынат дӕр сси сыгъдӕг. Зӕгъӕм, афтӕ уыд хабар, Моисей судзгӕ къутӕры раз куы лӕууыд, уӕд (Рац. 3:2–5; Йес. Н. 5:15).

Хистӕр сауджыны сарыхъыл цы сызгъӕрин тъӕпӕн гӕбаз уыд, ууыл фыст уыд «Йегъовӕ у сыгъдӕг» (кӕс 6, 7 абзацтӕ)

6, 7. а) Рацыд 15:1, 11 стихтӕм гӕсгӕ, Моисей Йегъовӕйы тыххӕй цы загъта? б) Йегъовӕ сыгъдӕг Хуыцау кӕй у, уый-иу израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр сӕ зӕрдыл цӕй фӕрцы дардтой? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

6 Моисей израилӕгты Сырх денджызыл куы ахизын кодта, уӕд сын уый фӕстӕ загъта, сӕ Хуыцау Йегъовӕ сыгъдӕг Хуыцау кӕй у. (Бакӕс Рацыд 15:1, 11.) Египетаг хуыцӕуттӕн чи куывта, уыдоны сыгъдӕг ӕппындӕр нӕ уыд схонӕн. Ӕмӕ ахӕмтӕ уыдысты, ханаайнаг хуыцӕуттӕн чи куывта, уыдон дӕр. Сӕ хуыцӕуттӕн-иу сӕ сывӕллӕтты нывондӕн ӕрхастой ӕмӕ кодтой алы хӕлд ӕмӕ ӕлгъаг митӕ (Лев. 18:3, 4, 21–24; Дык. з. 18:9, 10). Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ адӕмӕн ахӕм митӕ никуы аразын кодта. Уый у сыгъдӕг Хуыцау! Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй израилӕгтӕ уый сӕ зӕрдыл дардтаиккой. Ӕмӕ хистӕр сауджыны сарыхъыл бакӕнын кодта сызгъӕрин тъӕпӕн гӕбаз ахӕм ныхӕстимӕ: «Йегъовӕ у сыгъдӕг» (Рац. 28:36–38).

7 Уыцы тъӕпӕн гӕбазыл цы ныхӕстӕ уыд, уыдон уынгӕйӕ-иу адӕймагӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдаид, Йегъовӕ сыгъдӕг Хуыцау кӕй у. Фӕлӕ хистӕр сауджынмӕ хӕстӕг бацӕуын йӕ бон кӕмӕн нӕ уыд, уыдон та цымӕ уый нӕ зыдтаиккой? Куыннӕ! Уый тыххӕй-иу алы израилаг дӕр фехъуыста, уымӕн ӕмӕ-иу закъон кастысты нӕлгоймӕгты, сылгоймӕгты ӕмӕ сывӕллӕтты раз (Дык. з. 31:9–12). Ды дӕр се ’хсӕн куы уыдаис, уӕд фехъуыстаис ацы ныхӕстӕ: «Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау. Хъуамӕ... уат сыгъдӕг адӕм, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн сыгъдӕг»; «Мӕ разы ут сыгъдӕг адӕм, уымӕн ӕмӕ ӕз, Йегъовӕ, дӕн сыгъдӕг Хуыцау» (Лев. 11:44, 45; 20:7, 26).

8. Левит 19:2 стихӕй ӕмӕ 1 Петры 1:14–16 стихтӕй цы ис базонӕн?

8 Ӕркӕсӕм-ма, израилӕгтӕ-иу иууылдӕр кӕй фехъуыстой, уыцы ныхӕстӕй иутӕм. Фыст сты Левиты 19:2 стихы. Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Израилы фырттӕн, ӕппӕт адӕмӕн дӕр, афтӕ зӕгъ: „Ут сыгъдӕг адӕм, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн сыгъдӕг Хуыцау – ӕз, уӕ Хуыцау Йегъовӕ». Петр чырыстӕттӕн куы бафӕдзӕхста, сыгъдӕг ут, зӕгъгӕ, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, уыцы ныхӕстӕ ӕрхаста. (Бакӕс 1 Петры 1:14–16.) Абон мах Моисейы закъон ӕххӕст кӕнын нӕ хъӕуы. Фӕлӕ, Левиты 19:2 стихы цы хъуыды ис, Петр дӕр ахӕм хъуыды загъта. Уыцы стихӕй базонӕн ис, Йегъовӕ кӕй у сыгъдӕг Хуыцау ӕмӕ йӕ чи уарзы, уыдон дӕр кӕй хъуамӕ архайой, цӕмӕй сыгъдӕг уой. Ӕмӕ уӕлдай нӕу, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс сын ис ӕви зӕххыл дзӕнӕты цӕрыны ныфс (1 Пет. 1:4; 2 Пет. 3:13).

«АЛЫ ХЪУЫДДАДЖЫ ДӔР УТ СЫГЪДӔГ»

9. Левит 19-ӕм сӕрмӕ кӕй ӕркӕсдзыстӕм, уый нын куыд баххуыс кӕндзӕн?

9 Мах фӕнды нӕ сыгъдӕг Хуыцау Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын. Ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ фӕнды базонын, цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй сыгъдӕг уӕм. Йегъовӕ нын уый фӕдыл дӕтты хорз уынаффӕтӕ Левиты чиныджы 19-ӕм сӕры. Дзуттаг ахуыргонд Маркус Калиш ныффыста: «Уыцы сӕры ис диссаджы хъуыдытӕ. Левиты чиныджы ӕмӕ Моисейы фондз чиныджы цы сӕртӕ ис, уыдонӕй ай, ӕвӕццӕгӕн, се ’ппӕтӕй ахсджиагдӕр у». Ныртӕккӕ ӕркӕсдзыстӕм 19-ӕм сӕрӕй цалдӕр стихмӕ ӕмӕ аныхас кӕндзыстӕм, цы уынаффӕтӕ дзы ис, уыдонмӕ гӕсгӕ нӕ бон куыд у архайын, ууыл. Ӕмӕ-иу дӕ зӕрдыл дар, ацы сӕры райдианы кӕй ис ахӕм ныхӕстӕ: «Ут сыгъдӕг адӕм».

Левиты 19:3 стихы ныййарджыты тыххӕй цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ чырыстӕтты цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын? (кӕс 10–12 абзацтӕ) *

10, 11. Левиты 19:3 стихы цавӕр фӕдзӕхст ис ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайын ахсджиаг цӕмӕн у?

10 Йегъовӕ израилӕгтӕн куы загъта, сыгъдӕг адӕм кӕй хъуамӕ уой, уӕд сын уый фӕстӕ загъта: «Алчидӕр уӕ хъуамӕ тӕрса йӕ мад ӕмӕ йӕ фыдӕй... Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау» (Лев. 19:2, 3).

11 Мах хъуамӕ ӕнӕмӕнг ӕххӕст кӕнӕм Хуыцауы фӕдзӕхст ӕмӕ нӕ ныййарджыты нымайӕм. Иухатт иу нӕлгоймаг Йесойы бафарста: «Хорзӕй мӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй ӕнусон цардӕй хайджын уон?» Йесо йын ранымадта, цавӕр фӕдзӕхстытӕ хъуамӕ ӕххӕст кӕна, уыдон. Ӕмӕ се ’хсӕн уыди фӕдзӕхст: «Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады» (Матф. 19:16–19). Йесо фарисейтӕн ӕмӕ чиныджыдӕснытӕн бауайдзӕф кодта, сӕ ныййарджыты кӕй нӕ нымадтой, уый тыххӕй. Алы ӕфсӕнттӕ-иу ссардтой, цӕмӕй сӕ ныййарджытӕн ма ӕххуыс кодтаиккой. Ӕмӕ сын загъта, афтӕмӕй, дам, сымах Хуыцауы ныхас уе ’гъдӕуттӕй баивтат (Матф. 15:3–6). Хуыцау йӕ адӕмӕн цы Дӕс фӕдзӕхсты радта, уыдонӕй фӕндзӕм уыд фыд ӕмӕ мады нымайыны тыххӕй. Ӕмӕ уый дӕр, стӕй, Левиты 19:3 стихы цы фӕдзӕхст ис, уый дӕр «Хуыцауы ныхасмӕ» хауди (Рац. 20:12). Ӕмӕ та ногӕй нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, 3-аг стихы цы фӕдзӕхст ис, уый загъд кӕй уыди мӕнӕ ацы ныхӕсты хӕдфӕстӕ: «Ут сыгъдӕг адӕм, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн сыгъдӕг Хуыцау – ӕз, уӕ Хуыцау Йегъовӕ».

12. Левиты 19:3 стихы цы фӕдзӕхст ис, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон цавӕр фарстайыл у ахъуыды кӕнын?

12 Нӕ бон у ахӕм фарстайыл ахъуыды кӕнын: «Ӕз та Йегъовӕйы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын ӕмӕ мӕ ныййарджыты нымайын?» Чи зоны, нӕ зӕрдӕ нӕхиуыл цӕйдӕрты тыххӕй худы. Ӕмӕ, раздӕр цы уыд, уый аивӕн нал ис. Фӕлӕ ныр нӕ бон у нӕхицӕн зӕгъын, амӕй фӕстӕмӕ мӕ ныййарджытӕн хуыздӕр уыдзынӕн, зӕгъгӕ. Ис бацархайӕн, цӕмӕй семӕ фылдӕр рӕстӕг ӕрвитӕм. Нӕ бон сӕм у ӕхцайӕ фӕкӕсын, дарддӕр сын Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд архайдзыстӕм Левиты 19:3 стихы фыст фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ.

13. а) Левиты 19:3 стихы ма ноджыдӕр цавӕр фӕдзӕхст ис? б) Лукайы 4:16–18 стихты Йесойы тыххӕй цы фыст ис ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у бафӕзмын?

13 Левит 19:3 стихӕй ма ноджыдӕр цыдӕр ис базонӕн. Ис дзы сабатбоны кой. Чырыстӕтты Моисейы закъон ӕххӕст кӕнын кӕй нӕ хъӕуы, уымӕ гӕсгӕ сӕ нӕ хъӕуы сабатбоны закъон дӕр ӕххӕст кӕнын. Фӕлӕ-иу израилӕгтӕ алы къуыри дӕр уыцы закъон кӕй ӕххӕст кодтой ӕмӕ сын уый цы пайда хаста, уымӕй бирӕ цыдӕртӕ ис базонӕн. Сабаты-иу хъуамӕ мацы куыст кодтаиккой. Уый сын уыди рӕстӕг Хуыцауы хъуыддӕгтӕн *. Уымӕ гӕсгӕ-иу Йесо дӕр уыцы бон йӕ райгуырӕн горӕты ӕмбырдгӕнӕнмӕ ацыд ӕмӕ-иу адӕмы раз Хуыцауы Ныхас каст (Рац. 31:12–15; бакӕс Лукайы 4:16–18). Сабатбоны закъон махӕн цӕуыл дзурӕг у? Алы бон дӕр нӕ фӕхъӕуы цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ аразын, фӕлӕ-иу хъуамӕ Хуыцауы хъуыддӕгтӕн ӕнӕмӕнг рӕстӕг ссарӕм. Мыййаг дӕ уыцы хъуыддаджы исты фӕивын хъӕуы? Алы бон дӕр-иу Хуыцауы хъуыддӕгтӕн рӕстӕг куы ссарай, уӕд Йегъовӕмӕ тынг баввахс уыдзынӕ. Ӕмӕ уый та ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй йӕ цӕсты сыгъдӕг уай.

ЙЕГЪОВӔМӔ ӔВВАХСДӔР КӔН

14. Левиты 19-ӕм сӕры ноджыдӕр цавӕр ахсджиаг хъуыды ис?

14 Левиты 19-ӕм сӕры ма ноджыдӕр ис иу ахсджиаг хъуыды. 4-ӕм стихы кӕрон ис ахӕм ныхӕстӕ: «Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау». Ацы сӕры 16 хатты ӕмбӕлынц ахӕм ныхӕстӕ кӕнӕ ахӕм хъуыды. Уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны фыццаг фӕдзӕхст: «Ӕз дӕн дӕ Хуыцау Йегъовӕ. [...] Мӕн йеддӕмӕ дын ӕндӕр хуыцӕуттӕ ма уӕд» (Рац. 20:2, 3). Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг уӕм, уӕд хъуамӕ хъахъхъӕнӕм, йемӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый. Уымӕй ахсджиагдӕр нын мацы кӕнӕ мачи хъуамӕ суа. Мах хӕссӕм ном «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ», ӕмӕ нӕ фидар фӕнд у, Хуыцауы сыгъдӕг ном чи фӕчъизи кӕндзӕн, ахӕм хъуыддӕгтӕй нӕхи хизын (Лев. 19:12; Ис. 57:15).

15. Левиты 19-ӕм сӕры нывӕндты тыххӕй цы фыст ис, уый махӕн цӕуыл дзурӕг у?

15 Израилӕгтӕ Йегъовӕйы закъӕттӕ кӕй ӕххӕст кодтой, уымӕй-иу равдыстой, сӕ Хуыцауыл ӕй кӕй нымайынц. Левиты 18:4 стихы фыст ис: «Ӕххӕст кӕнут мӕ тӕрхӕттӕ ӕмӕ мын мӕ закъӕттӕм хъусут, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрут. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау». Уыцы закъӕттӕй кӕцыдӕртӕ фыст сты 19-ӕм сӕры. Зӕгъӕм, 5–8, 21, 22 стихты дзырд цӕуы фосы нывӕндты тыххӕй. Нывӕндтӕ-иу хъуамӕ, куыд ӕмбӕлд, афтӕ ӕрхастаиккой, цӕмӕй-иу ма фӕчъизи кодтаиккой, Йегъовӕ табуйагыл цы нымадта, уый. Ацы стихты цы бакастыстӕм, уый махӕн цӕуыл дзурӕг у? Хъуамӕ нӕ фӕнда Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын ӕмӕ йын кады нывӕндтӕ хӕссын, ома йӕ нӕ дзыхыныхасӕй кадджын кӕнын, Дзуттӕгтӕм 13:15 стихы куыд фыст ис, афтӕ.

16. Левит 19-ӕм сӕрӕй куыд зыны, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ йын чи нӕ лӕггад кӕны, уыдон кӕрӕдзийӕ кӕй хицӕн кӕнынц, уый?

16 Цӕмӕй Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг уӕм, уый тыххӕй нӕ хъуамӕ фӕнда, чи йын нӕ лӕггад кӕны, уыцы адӕмӕй хицӕн кӕнын. Уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Хатт нын скъолайы, куысты кӕнӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕу, уыцы хиуӕттӕ фӕаразын кӕнынц, Хуыцауӕн лӕггад кӕнын нӕ чи хъыгдардзӕн, ахӕм хъуыддӕгтӕ. Ӕмӕ нӕ уӕд фӕхъӕуы аскъуыддзаг кӕнын, куыд бакӕндзыстӕм, уый. Цы нын баххуыс кӕндзӕн раст уынаффӕ рахӕссынӕн? Цымыдисаг хъуыды ис Левиты 19:19 стихы. Ис дзы ахӕм ныхӕстӕ: «Дӕ уӕлӕ дыууӕ хуызы ӕндахӕй конд дарӕс ма скӕн». Уыцы закъон израилӕгтӕн ӕххуыс кодта, цӕмӕй сӕ алыварс адӕмтӕй хицӕн кодтаиккой. Абон чырыстӕттӕн сӕ бон у, алыхуызон ӕндӕхтӕй конд чи у, ахӕм хъуымӕцтӕй хуыд дзаумӕттӕ дарын. Зӕгъӕм, ис фӕсмын ӕндахӕй ӕмӕ синтетикӕйӕ конд хъуымӕцтӕ. Фӕлӕ мах нӕ фӕнды, цӕмӕй, Библимӕ гӕсгӕ чи нӕ цӕры ӕмӕ мӕнг хъуыдытыл хӕст чи у, уыцы адӕмы хуызӕн уӕм, фӕнды нӕ къласӕгтӕ уой, не ’мкусджытӕ ӕви нӕ хиуӕттӕ. Нӕ бинонты ӕмӕ нӕ хиуӕтты куыннӕ уарзӕм, стӕй иннӕ адӕмы дӕр уарзӕм. Фӕлӕ нӕ уынаффӕтӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, Йегъовӕйы коммӕ кӕй кӕсӕм ӕмӕ нӕ кӕй фӕнды иннӕ адӕмӕй хицӕн кӕнын. Уый тынг ахсджиаг у. Куыд загътам, афтӕмӕй хъуамӕ хибаргонд уӕм, цӕмӕй Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг уӕм (2 Кор. 6:14–16; 1 Пет. 4:3, 4).

Левиты 19:23–25 стихты цы фыст ис, уый израилӕгтӕн цӕуыл дзурӕг уыд? Ды уыцы стихтӕй дӕхицӕн зондӕн цы райстай? (кӕс 17, 18 абзацтӕ) *

17, 18. Левит 19:23–25 стихтӕй нӕ бон цы у нӕхицӕн зондӕн райсын?

17 Йегъовӕ израилӕгтӕн загъта, «ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау», зӕгъгӕ. Уый-иу сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, царды сын сӕйраг кӕй хъуамӕ уыдаид сӕ хӕлардзинад Йегъовӕимӕ. Уый бӕрӕг у Левит 19:23–25 стихтӕй. (Бакӕс сӕ.) Ацы ныхӕстӕ израилӕгтӕн цӕуыл дзурӕг уыдысты, Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы бацыдысты, уӕд? Исчи-иу дыргъбӕлӕстӕ куы ныссагътаид, уӕд ӕртӕ азы дӕргъы йӕ бон нӕ уыд сӕ дыргътӕй хӕрын. Цыппӕрӕм аз та-иу сӕ хъуамӕ ӕрбахастаид Хуыцауы кувӕндонмӕ. Ӕмӕ ӕрмӕстдӕр фӕндзӕм аз уыд йӕ бон сӕ дыргътӕй хӕрын. Ацы закъоны фӕрцы израилӕгтӕ ӕмбӕрстой, фыццаджыдӕр сӕхи мӕт кӕй хъуамӕ ма кодтаиккой. Хъуамӕ сӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрдтаиккой Хуыцауы хъуыддӕгтӕ ӕмӕ йыл сӕ зӕрдӕ дардтаиккой. Уый сӕ ӕнӕ хӕринагӕй нӕ ныууагътаид. Стӕй Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй йын йӕ кувӕндонӕн мацы ӕвгъау кодтаиккой.

18 Левиты 19:23–25 стихты цы закъон ис, уый кӕсгӕйӕ, гӕнӕн ис, нӕ зӕрдыл ӕрбалӕууой, Йесо йӕ зындгонд раныхасы кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ: «Мауал мӕт кӕнут, цы хӕрат ӕмӕ цы нуазат». Стӕй ма загъта: «Уӕ уӕларвон Фыд зоны, уыдон уӕ иууылдӕр кӕй хъӕуынц». Хуыцау нын дӕтдзӕн, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ. Мӕргътӕн дӕр ма куы дӕтты хӕринаг (Матф. 6:25, 26, 32). Мах нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарӕм. Стӕй, ӕххуысхъуаг чи вӕййы, уыдонӕн баххуыс кӕнӕм. Фӕлӕ цы саразӕм, уый адӕмыл нӕ ныхъхъӕр кӕнӕм. Уымӕй уӕлдай ма фӕдӕттӕм мысайнӕгтӕ ӕмбырды хӕрдзтӕн. Йегъовӕ ахӕм рӕдаудзинад ӕнӕфенгӕ нӕ уыдзӕн ӕмӕ нын нӕ хорздзинад бафиддзӕн (Матф. 6:2–4). Рӕдау куы уӕм, уӕд равдисдзыстӕм, Левиты 19:23–25 стихты цы ахсджиаг хъуыдытӕ ис, уыдон хорз кӕй ӕмбарӕм.

19. Ацы статьяйы Левиты чиныгӕй цы стихтӕм ӕркастыстӕм, уыдонӕй дӕхицӕн зондӕн цы райстай?

19 Мах ӕркастыстӕм цалдӕр стихмӕ Левиты чиныджы 19-ӕм сӕрӕй ӕмӕ федтам, нӕ сыгъдӕг Хуыцауы бафӕзмын нӕ бон цавӕр хъуыддӕгты у, уый. Хъуамӕ «алы хъуыддаджы дӕр» сыгъдӕг уӕм (1 Пет. 1:15). Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдонӕй бирӕтӕ фенынц нӕ уаг ӕмӕ не ’гъдау, ӕмӕ Йегъовӕйы скадджын кӕнынц (1 Пет. 2:12). Фӕлӕ ма Левит 19-ӕм сӕрӕй ноджыдӕр цыдӕртӕ ис базонӕн. Иннӕ статьяйы аныхас кӕндзыстӕм ӕндӕр стихтыл. Ӕмӕ фендзыстӕм, цавӕр хъуыддӕгты ма у нӕ бон 1 Петры 1:15 стихмӕ гӕсгӕ архайын.

80 ЗАРӔГ «Бафӕлвар ӕмӕ базон, Йегъовӕ куыд хорз у, уый»

^ 5 абз. Мах Йегъовӕйы тынг уарзӕм ӕмӕ нӕ фӕнды йӕ зӕрдӕ йын рухс кӕнын. Йегъовӕ у сыгъдӕг Хуыцау ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр сыгъдӕг уой. Цымӕ ӕнӕххӕст адӕмӕй ӕгӕр бирӕ нӕ домы? Мах лӕмбынӕг аныхас кӕндзыстӕм, апостол Петр чырыстӕттӕн цы уынаффӕ радта, ууыл, стӕй Йегъовӕ рагон израилӕгтӕн цы амындтӕ радта, уыдоныл. Уый фӕрцы базондзыстӕм, цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр сыгъдӕг уӕм.

^ 13 абз. Cабатбоны закъоны тыххӕй ӕмӕ, уыцы закъонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм, уый тыххӕй фылдӕр бакӕсӕн ис статьяйы «„Ис йӕхи афон“ кусынӕн ӕмӕ улӕфынӕн» 2019 азы декабры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы».

^ 57 абз. НЫВТӔ. Ӕфсымӕр йӕ ныййарджытимӕ рӕстӕг ӕрвиты. Уый фӕстӕ сӕм ӕрбацыд йӕ бинойнагимӕ ӕмӕ йӕ сывӕллонимӕ, стӕй сӕм арӕх бадзуры.

^ 59 абз. НЫВТӔ. Израилаг кӕсы, йӕ бӕлӕстыл цы дыргътӕ ис, уыдонмӕ.