Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

51 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Хъусут ӕм»

«Хъусут ӕм»

«Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт. Хъусут ӕм» (МАТФ. 17:5).

54 ЗАРӔГ «Мӕнӕ фӕндаг»

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. а) Йегъовӕ Йесойы апостолтӕй ӕртӕйӕн цы бафӕдзӕхста ӕмӕ уыцы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ куыд архайдтой? б) Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

НӔ ЭРӔЙЫ 32 азы Куадзӕны фӕстӕ апостолтӕ Петр, Иаков ӕмӕ Иоанн федтой диссаджы цӕстылуайӕн. Йесо сӕ йемӕ акодта бӕрзонд хохмӕ. Ӕвӕццӕгӕн, уыдысты Ермоны хохы фахсыл. Уым Йесо сӕ разы йӕ хуыз аивта. «Йӕ цӕсгом хурау ныррухс, йӕ дарӕс та рухсау цӕхӕртӕ калын райдыдта» (Матф. 17:1–4). Уый фӕстӕ апостолтӕ фехъуыстой Хуыцауы хъӕлӕс: «Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт. Хъусут ӕм» (Матф. 17:5). Уыцы ӕртӕ апостолӕн сӕ цардӕй бӕрӕг уыд, Йесомӕ кӕй хъуыстой. Ӕмӕ мах дӕр фӕнды уыдоны бафӕзмын.

2 Айразмӕйы статьяйӕ базыдтам, Йесойы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ цы хъуамӕ ма аразӕм, уый. Ацы статьяйы та аныхас кӕндзыстӕм, кӕй хъуамӕ аразӕм, уыцы хъуыддӕгтӕй дыууӕйыл.

«БАХИЗУТ НАРӔГ ДУАРЫЛ»

3. Матфейы 7:13, 14 стихтӕм гӕсгӕ нӕ цы хъӕуы саразын?

3 Бакӕс Матфейы 7:13, 14. Йесо загъта, дыууӕ фӕндаджы кӕй ис. Иу у «уӕрӕх», иннӕ та – «уынгӕг». Ӕртыккаг фӕндаг нӕй. Ӕмӕ алчидӕр хъуамӕ аскъуыддзаг кӕна, кӕцы фӕндагыл цӕудзӕн, уый. Адӕймаг цы уынаффӕтӕ фӕхӕссы, уыдонӕй уымӕй ахсджиагдӕр нӕй. Уымӕй аразгӕ у, ӕнусон цардӕй схайджын уыдзыстӕм ӕви нӕ.

4. Уӕрӕх фӕндаджы тыххӕй дӕ бон цы у зӕгъын?

4 Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, уыцы дыууӕ фӕндаджы цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый. Уӕрӕх фӕндагыл бирӕтӕ цӕуынц, уымӕн ӕмӕ йыл ӕнцон у цӕуын. Хъыгагӕн, бирӕты нӕ фӕнды уыцы фӕндаг ныууадзын, ӕмӕ цӕуынц адӕмӕн сӕ фылдӕры фӕдыл. Уыдон ӕй не ’мбарынц, уыцы фӕндагыл сӕ Хӕйрӕг кӕй цӕуын кӕны, стӕй уыцы фӕндаг сӕфтмӕ кӕй кӕны (1 Кор. 6:9, 10; 1 Иоан. 5:19).

5. Иуӕй-иутӕ цы сарӕзтой, цӕмӕй уынгӕг фӕндаг ссардтаиккой ӕмӕ йыл цӕуын райдыдтаиккой?

5 Иннӕ фӕндаг та у уынгӕг. Ӕмӕ, Йесо куыд загъта, афтӕмӕй йӕ бирӕтӕ не ссарынц. Цӕуылнӕ? Матфейы 17:5 стихы Йесо скодта мӕнг пехуымпарты кой. Иуӕй-иу бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ис мингай динтӕ. Ӕмӕ сӕ фылдӕр дзурынц, адӕмӕн рӕстдзинад кӕй амонынц. Уый тыххӕй милуангай адӕм схӕццӕтӕ сты, ӕмӕ, цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндаг агургӕ дӕр нал фӕкӕнынц. Фӕлӕ уыцы фӕндаг ссарӕн ис. Йесо загъта: «Кӕд мӕ ныхасмӕ гӕсгӕ цӕрат, уӕд ӕцӕгдӕр мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыдзыстут, ӕмӕ базондзыстут рӕстдзинад, ӕмӕ уӕ рӕстдзинад ссӕрибар кӕндзӕн» (Иоан. 8:31, 32). Ды раст бакодтай: адӕмӕн сӕ фылдӕры фӕдыл нӕ ацыдтӕ ӕмӕ рӕстдзинад агуырдтай. Уый фӕстӕ Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнын райдыдтай, уымӕн ӕмӕ дӕ фӕндыд базонын, йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ цы нӕ цӕуы. Стӕй Йесойы амындтӕм гӕсгӕ архайын райдыдтай. Базыдтай ма, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй мӕнг динты ахуырӕдтыл мауал ӕууӕндай ӕмӕ мӕнг динтимӕ баст бӕрӕгбӕттӕ мауал кӕнай. Фӕлӕ ма бамбӕрстай, Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын алкӕд ӕнцон кӕй нӕ вӕййы (Матф. 10:34–36). Чи зоны дын зын вӕййы дӕ царды ивындзинӕдтӕ скӕнын. Фӕлӕ ды уӕддӕр архайыс, уымӕн ӕмӕ дӕ уӕларвон Фыды уарзыс ӕмӕ дӕ фӕнды йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын. Ӕмӕ дӕ Йегъовӕ дӕр райгонд у! (Ӕмб. 27:11).

ЦЫ НЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН УЫНГӔГ ФӔНДАГЫЛ ЦӔУЫНӔН?

Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ нын ӕххуыс кӕнынц уынгӕг фӕндагыл цӕуынӕн (кӕс 6–8 абзацтӕ) *

6. Псалом 119:9, 10, 133 стихтӕм гӕсгӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн уынгӕг фӕндагыл цӕуынӕн?

6 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр уынгӕг фӕндагыл цӕуӕм? Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Хӕххон нарӕг фӕндагыл фӕндаггӕрон вӕййы быру, цӕмӕй шофыр машинӕ былмӕ ӕгӕр хӕстӕг ма скъӕра ӕмӕ былӕй ма ахауа. Иу шофыр дӕр афтӕ нӕ зӕгъдзӕн, гъеныр цӕмӕн хъӕуы, хъыгдарыны хос йеддӕмӕ ницы у, зӕгъгӕ. Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ дӕр абарӕн ис ахӕм быруимӕ. Уыдон нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй уынгӕг фӕндагӕй ма ахизӕм. (Бакӕс Псалом 119:9, 10, 133.)

7. Ӕрыгӕттӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой уынгӕг фӕндагмӕ?

7 Ӕрыгӕттӕ, мыййаг уӕм хатт афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ уын Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ уӕ къухтӕ ӕмӕ уӕ къӕхтӕ бӕттынц? Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй афтӕ хъуыды кӕнат. Фӕнды йӕ, цӕмӕй уӕм афтӕ кӕса, ӕмӕ, уӕрӕх фӕндагыл чи цӕуы, уыцы адӕм сӕ рӕстӕг хорз фервитынц ӕмӕ сты амондджын. Уый фӕнды, цӕмӕй дӕ къласӕгтӕм ӕмӕ, интернеты кӕй феныс, уыдонмӕ хӕлӕг кӕнай ӕмӕ афтӕ хъуыды кӕнын райдайай, цыма дӕхи цӕмӕйдӕр цух кӕныс. Стӕй ма йӕ фӕнды, цӕмӕй дӕм афтӕ кӕса, ӕмӕ, Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕрай, уӕд амондджын нӕ уыдзынӕ *. Фӕлӕ дӕ рох ма уӕд: уӕрӕх фӕндагыл чи цӕуы, уыдонмӕ ӕппынфӕстаг цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый сӕ Хӕйрӕг сусӕг кӕны. Йегъовӕ та бӕлвырд дзуры, царды фӕндагыл чи цӕуы, уыдонмӕ цы диссаджы цард ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй (Пс. 37:29; Ис. 35:5, 6; 65:21–23).

8. Олаф ӕрыгӕттӕн фӕзминаг цӕмӕй у?

8 Ӕркӕсӕм ӕрыгон ӕфсымӕр Олафы хабармӕ *. Йӕ къласӕгтӕ йын ӕнӕгъдау ми кӕнын кодтой. Олаф сын бамбарын кодта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрынц ӕмӕ хӕрзӕгъдау цард кӕй кӕнынц. Фӕлӕ йӕ уый фӕстӕ иуӕй-иу чызджытӕ уӕгъд нал уагътой ӕмӕ йӕ рӕдийын кодтой. Фӕлӕ Олаф уыд фидар ӕмӕ ӕнӕгъдау ми бакӕныныл не сразы. Олаф ма сӕмбӕлд ӕндӕр фӕлварӕныл дӕр. Уый радзырдта: «Мӕ ахуыргӕнджытӕ мын дзырдтой, цӕмӕй уӕлдӕр ахуырмӕ бацыдаин. Уӕд, дам, дын адӕм кад кӕндзысты. Куы нӕ, дам, сахуыр кӕнай, уӕд та, дам, дын царды ницы бантысдзӕн». Олафӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй фидар фӕлӕууыдаид? Уый зӕгъы: «Ӕмбырды хорз ӕмбӕлттӕ ссардтон. Уыдон мын систы бинонты хуызӕн. Стӕй ма райдыдтон Библи лӕмбынӕгдӕр иртасын. Ӕмӕ йӕ цас фылдӕр иртӕстон, уыйас мӕ тынгдӕр уырныдта, Библийы рӕстдзинад кӕй ис. Ӕппынфӕстаг сфӕнд кодтон мӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын».

9. Дарддӕр уынгӕг фӕндагыл цӕуын кӕй фӕнды, уыдоны цы хъӕуы аразын?

9 Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй, цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл мауал цӕуай. Фӕнды йӕ, цӕмӕй, сӕфтмӕ чи кӕны ӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр кӕуыл цӕуынц, уыцы уӕрӕх фӕндагыл цӕуын райдайай (Матф. 7:13). Фӕлӕ цӕмӕй дарддӕр уынгӕг фӕндагыл цӕуӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Йесомӕ хъусӕм ӕмӕ ӕмбарӕм, уыцы фӕндаг нӕ хъахъхъӕнгӕ кӕй кӕны. Ныр та аныхас кӕнӕм, Йесо ма нын ноджыдӕр цы бафӕдзӕхста, ууыл.

ДЕ ’ФСЫМӔРИМӔ БАФИДАУ

10. Матфейы 5:23, 24 стихтӕм гӕсгӕ, Йесо цы бафӕдзӕхста?

10 Бакӕс Матфейы 5:23, 24. Йесо ракодта, дзуттӕгтӕн тынг ахсджиаг чи уыд, ахӕм хъуыддаджы кой. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: адӕймаг ӕрбацыд кувӕндонмӕ ӕмӕ йӕ нывондимӕ сауджынмӕ бацыд. Ӕмӕ уым йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, чидӕр ӕм цӕуылдӕр хӕрам кӕй у. Ныр хъуамӕ йӕ нывонд уым ныууадза ӕмӕ ацӕуа. Цӕмӕн? Йегъовӕйӕн нывонд ӕрхӕссынӕй ахсджиагдӕр цы хъуамӕ уа? Йесо комкоммӕ загъта: «Де ’фсымӕримӕ уал бафидау».

Дӕ бон у Иаковау сӕрныллӕгдзинад равдисын ӕмӕ де ’фсымӕримӕ бафидауын? (кӕс 11, 12 абзацтӕ) *

11. Радзур, Иаков цы сарӕзта, цӕмӕй Исавимӕ бафидыдтаиккой.

11 Адӕймагимӕ бафидауӕн куыд ис, уымӕй нын Иаков у фӕзминаг. 20 азы бӕрц ӕцӕгӕлон бӕстӕйы куы фӕцард, уӕд ын Йегъовӕ зӕды уылты загъта, цӕмӕй фӕстӕмӕ йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ аздӕхтаид (Райд. 31:11, 13, 38). Фӕлӕ йӕ йӕ хистӕр ӕфсымӕр Исав кӕддӕр марынмӕ хъавыд (Райд. 27:41). Ӕмӕ Иаков афтӕ ӕнхъӕлдта, ӕмӕ йӕм ныр дӕр ма йӕ зӕрдӕйы маст хӕссы, ӕмӕ дзы тынг тарст (Райд. 32:7). Цымӕ цы сарӕзта, цӕмӕй йе ’фсымӕримӕ бафидыдтаиккой? Фыццаг уал Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй скуывта. Уый фӕстӕ йе ’фсымӕрӕн арвыста рӕдау лӕвӕрттӕ (Райд. 32:9–15). Ӕмӕ куы фембӕлдысты, уӕд Иаков равдыста, йе ’фсымӕрӕн кӕй кад кӕны. Йӕ сӕрӕй йын зӕххы онг акуывта, ӕмӕ иу хатт нӕ, дыууӕ хатты нӕ, фӕлӕ авд хатты! Иаков ахӕм сӕрныллӕгдзинад кӕй равдыста ӕмӕ йе ’фсымӕрӕн кӕй скад кодта, уый фӕрцы бафидыдтой (Райд. 33:3, 4).

12. Иаковы хабарӕй нӕ бон цы у нӕхицӕн зондӕн райсын?

12 Иаков Исавимӕ фембӕлыны размӕ цы сарӕзта ӕмӕ, куы фембӕлдысты, уӕд йӕхи куыд дардта, уымӕй нӕ бон у цыдӕр нӕхицӕн зондӕн райсын. Иаков Йегъовӕйӕ сӕрныллӕгӕй ӕххуыс куырдта. Уый фӕстӕ йӕ куывдмӕ гӕсгӕ архайдта ӕмӕ, йӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый сарӕзта, цӕмӕй йе ’фсымӕримӕ бафидыдтаид. Ӕмӕ, Исавимӕ куы фембӕлдысты, уӕд йемӕ быцӕу кӕнын нӕ райдыдта, ды раст нӕ уыдтӕ, дӕхи аххос уыд, зӕгъгӕ. Йӕ нысан уыди йе ’фсымӕримӕ бафидауын. Нӕ бон куыд у Иаковы бафӕзмын?

ЦЫ ИС САРАЗӔН, ЦӔМӔЙ ӔФСЫМӔРИМӔ БАФИДАУӔМ?

13, 14. Искӕй куы фӕхъыг кӕнӕм, уӕд нӕ цы хъӕудзӕн саразын?

13 Цӕмӕй, цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл дарддӕр дӕр цӕуӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ фӕрнӕй цӕрӕм (Ром. 12:18). Фӕлӕ, искӕй куы фӕхъыг кӕнӕм, уӕд та цы ис саразӕн? Хъуамӕ Иаковау Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй кувӕм ӕмӕ дзы курӕм, цӕмӕй нын баххуыс кӕна не ’фсымӕримӕ бафидауынӕн.

14 Хъуамӕ ма-иу нӕ зӕрдӕмӕ дӕр ныккӕсӕм. Ис ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнӕн: «Цӕттӕ дӕн сӕрныллӕгдзинад равдисынмӕ ӕмӕ адӕймагӕй хатыр ракурынмӕ, цӕмӕй бафидауӕм? Ме ’фсымӕримӕ (кӕнӕ мӕ хоимӕ) бафидауыныл куы бацархайон, уӕд уый Йегъовӕйӕн ӕмӕ Йесойӕн ӕхсызгон нӕ уыдзӕн?» Ацы фарстатыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ бафӕнддзӕн Йесомӕ байхъусын ӕмӕ, кӕй фӕхъыг кодтам, уыимӕ бафидауын. Афтӕмӕй бафӕзмдзыстӕм Иаковы.

15. Ефесӕгтӕм 4:2, 3 стихты цы фыст ис, уый нын куыд баххуыс кӕндзӕн не ’фсымӕримӕ бафидауынӕн?

15 Иаков йе ’фсымӕримӕ куы фембӕлд, уӕд сӕрбӕрзонддзинад куы равдыстаид, уӕд хабар бынтон ӕндӕрхуызон рауадаид. Мах дӕр-иу искӕимӕ бафидауыныл куы архайӕм, уӕд-иу хъуамӕ сӕрныллӕгдзинад равдисӕм. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 4:2, 3.) Ӕмбисӕндты 18:19 стихы фыст ис: «Йӕ зӕрдӕ кӕмӕн скъахынц, уыцы ’фсымӕр фидар горӕтӕй зындӕр басӕттӕн вӕййы, ӕмӕ быцӕутӕ хатт вӕййынц мӕсыджы дуарӕхгӕнӕн хъӕды хуызӕн». Адӕймагӕй-иу сӕрныллӕгӕй хатыр куы ракурӕм, уӕд нын уый дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нын уыцы «мӕсыджы» дуар байгом уа.

16. Цӕуыл фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын ӕмӕ цӕмӕн?

16 Хъӕуы ма лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын, адӕймагӕн цы зӕгъдзыстӕм ӕмӕ йемӕ куыд аныхас кӕндзыстӕм, ууыл дӕр. Ӕмӕ уый фӕстӕ нӕ бон у йемӕ аныхас кӕнын. Хъуамӕ нӕ нысан уа афтӕ бакӕнын, цӕмӕй йӕ зӕрдӕйы маст мауал уа. Гӕнӕн ис, зӕгъа, нӕ зӕрдӕмӕ цы нӕ фӕцӕуа, ахӕм цыдӕр. Фӕлӕ куы смӕсты уӕм ӕмӕ нӕхи рӕстытӕ кӕнын куы райдайӕм, уӕд цымӕ бафидаудзыстӕм? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Сӕйрагдӕр у бафидауын, раст чи у ӕмӕ чи нӕу, уый сбӕлвырд кӕнын нӕ, фӕлӕ (1 Кор. 6:7).

17. Жильберы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

17 Ӕфсымӕр Жильбер тынг архайдта, цӕмӕй йӕ чызгимӕ бафидыдтаид. Уый радзырдта: «Мӕ чызгимӕ кӕрӕдзи нал ӕмбӕрстам. Дыууӕ азӕй фылдӕр архайдтон, цӕмӕй-иу йемӕ сабырӕй ӕмӕ ӕргом аныхас кодтаин ӕмӕ бафидыдтаиккам». Жильбер ма ноджыдӕр цы арӕзта? Уый зӕгъы: «Цалынмӕ-иу йемӕ нӕ аныхас кодтон, уӕдмӕ-иу Йегъовӕмӕ скуывтон. Стӕй ӕмбӕрстон, гӕнӕн кӕй уыд, ӕмӕ мын зӕгъа, хъыг мӕм цы фӕкӕсдзӕн, ахӕм исты. Ӕмӕ хъуамӕ цӕттӕ уыдаин хатыр кӕнынмӕ. Бамбӕрстон ма, раст кӕй дӕн, уый равдисын сӕйраг кӕй нӕ уыд. Мӕ сӕйраг хӕс уыд архайын, цӕмӕй нӕ бинонты ’хсӕн фарн уыдаид». Цымӕ дарддӕр хабар куыд рауад? Жильбер загъта: «Ныр мӕ зӕрдӕйы ис фарн, уымӕн ӕмӕ мӕ бинонтӕй алкӕимӕ дӕр кӕрӕдзи хорз ӕмбарӕм».

18, 19. Искӕй куы фӕхъыг кӕнӕм, уӕд-иу кӕй фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ хъуамӕ архайӕм ӕмӕ цӕмӕн?

18 Уӕдӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй искӕй куы фӕхъыг кӕнай, уӕд куыд бакӕндзынӕ? Йесойы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ-иу архай ӕмӕ-иу де ’фсымӕримӕ бафидау. Йегъовӕмӕ-иу скув ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕн, йӕ сыгъдӕг тых дын кӕй ратдзӕн, цӕмӕй дӕ бон уа иннӕтимӕ фӕрнӕй цӕрын. Уӕд уыдзынӕ амондджын, стӕй равдисдзынӕ, Йесомӕ кӕй хъусыс (Матф. 5:9).

19 Мах Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, ӕмбырды «сӕр» Йесо Чырыстийы уылты нын разамынд кӕй дӕтты, уый тыххӕй (Еф. 5:23). Цӕй уӕдӕ мах дӕр Йесомӕ хъусӕм, апостолтӕ Петр, Иаков ӕмӕ йӕм Иоанн куыд хъуыстой, афтӕ (Матф. 17:5). Мах аныхас кодтам, ӕмбырды искӕй куы фӕхъыг кӕнӕм, уӕд нӕ бон цы у саразын, цӕмӕй йемӕ бафидауӕм. Афтӕ-иу куы кӕнӕм ӕмӕ дарддӕр дӕр, цардмӕ чи кӕны, уыцы уынгӕг фӕндагыл куы цӕуӕм, уӕд ныр дӕр хайджын уыдзыстӕм бирӕ арфӕдзинӕдтӕй. Фидӕны та ӕнустӕм амондджынӕй цӕрдзыстӕм!

130 ЗАРӔГ Кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнӕм

^ 5 абз. Йесо нын бафӕдзӕхста, цӕмӕй нарӕг дуарыл бахизӕм ӕмӕ цӕуӕм, цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл. Стӕй ма нын фӕдзӕхсы, цӕмӕй-иу, хо кӕнӕ ’фсымӕримӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм, уӕд бафидауӕм. Уыцы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ архайын нын зын цӕмӕн вӕййы ӕмӕ нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Йесойы коммӕ кӕсӕм?

^ 7 абз. Кӕс брошюрӕйы «Ӕрыгӕтты 10 фарстайӕн дзуаппытӕ» 6-ӕм фарста «Ме ’мгӕртты зонды ныхмӕ фидар куыд фӕлӕууон?» ӕмӕ фломастерӕй ныв анимаци «Де ’мгӕртты зондыл ма цу!» сайты jw.org. (Кӕс БИБЛИЙЫ АХУЫРӔДТӔ > ӔРЫГӔТТӔ.)

^ 8 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

^ 56 абз. НЫВТӔ. Уынгӕг фӕндагыл куы цӕуӕм, уӕд нӕ Хуыцауы закъӕттӕ быруйау хъахъхъӕндзысты, тӕссаг нын цӕмӕй у, уыдӕттӕй. Зӕгъӕм, уӕд нӕ кӕсдзыстӕм порнографимӕ, ӕнӕгъдау ми нӕ бакӕндзыстӕм, стӕй нӕ иннӕтӕ ахӕм зондыл нӕ сараздзысты, ӕмӕ уӕлдӕр ахуыр ӕнӕмӕнг хъуамӕ райсӕм.

^ 58 абз. НЫВТӔ. Цӕмӕй Иаков йе ’фсымӕр Исавимӕ бафидыдтаид, уый тыххӕй йын йӕ сӕрӕй зӕххы онг цалдӕр хатты акуывта.