Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

25 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Ацы гыццылтӕн» цӕлхдур ма су!

«Ацы гыццылтӕн» цӕлхдур ма су!

«Уӕхимӕ кӕсут, ацы гыццылтӕй иуыл дӕр былысчъил куыд нӕ кӕнат» (МАТФ. 18:10).

113 ЗАРӔГ Фарн – нӕ хӕзна

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Йегъовӕ нӕ алкӕй дӕр кӕй уарзы, уый кӕцӕй зонӕм?

ЙЕГЪОВӔ нӕ алкӕй дӕр йӕхӕдӕг ӕрбакодта йӕхимӕ (Иоан. 6:44). Ахъуыды-ма кӕн, цалдӕр миллиард адӕймаджы ’хсӕн Йегъовӕ федта дӕу! Федта, сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймаг кӕй дӕ ӕмӕ йӕ иу бон кӕй бауарздзынӕ (1 Аз. 28:9). Йегъовӕ дӕ зоны, ӕмбары дӕ ӕмӕ дӕ уарзы. Уый дӕ ныфс куыннӕ уадзы!

2. Йесо куыд бамбарын кодта, Йегъовӕйӕн йӕ фыстӕй алчидӕр зынаргъ кӕй у, уый?

2 Йегъовӕйӕн тынг зынаргъ дӕ. Стӕй йын дӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дӕр афтӕ зынаргъ сты. Йесо Йегъовӕйы абарста фыййауимӕ. Фыййауӕн йӕ сӕдӕ фысӕй иу куы адзӕгъӕл уа, уӕд куыд бакӕндзӕн? «Нӕуӕдз фараст фысы хӕхты... ныууадздзӕн ӕмӕ уыцы фысы агурӕг... ацӕудзӕн». Ӕмӕ йӕ куы ссара, уӕд ӕм хыл нӕ кӕндзӕн, фӕлӕ тынг цин кӕндзӕн, кӕй йӕ ссардта, ууыл. Йесо бамбарын кодта, Йегъовӕйӕн йӕ фыстӕй алчидӕр тынг зынаргъ кӕй у. Уый загъта: «Мӕ уӕларвон Фыды дӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй ацы гыццылтӕй иу дӕр фесӕфа» (Матф. 18:12–14).

3. Ацы статьяйы цӕмӕ ’ркӕсдзыстӕм?

3 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй-иу мах тыххӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн сӕ ныфс асӕтта. Цы у нӕ бон саразын, цӕмӕй-иу иннӕты ма фӕхъыг кӕнӕм ӕмӕ-иу сын цӕлхдур ма суӕм? Ӕмӕ нын нӕхи исчи куы фӕхъыг кӕна, уӕд та-иу куыд хъуамӕ бакӕнӕм? Ацы фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм ацы статьяйы. Фӕлӕ уал фыццаг базонӕм, Матфейы 18-ӕм сӕры цы «гыццылты» кой ис, уыдон чи сты, уый.

«АЦЫ ГЫЦЦЫЛТӔ» ЧИ СТЫ?

4. «Ацы гыццылтӕ» чи сты?

4 «Ацы гыццылтӕ» сты Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ. Уыдон сты алы кары адӕм. Фӕлӕ цыфӕнды кары ма уой, уӕддӕр сты «гыццыл сывӕллӕтты хуызӕн», уымӕн ӕмӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй сӕ Йесо ахуыр кӕна (Матф. 18:3). Уыдон сты алы бӕстӕтӕй, алы адӕмыхӕттытӕй, стӕй удыхъӕдӕй дӕр хицӕн кӕнынц. Фӕлӕ се ’ппӕт дӕр ӕууӕндынц Чырыстийыл, ӕмӕ сӕ уый дӕр тынг уарзы (Матф. 18:6; Иоан. 1:12).

5. Йегъовӕ цы фенкъары, исчи йын йӕ лӕггадгӕнджытӕй иуӕн дӕр йӕ зӕрдӕ куы фӕриссын кӕны, уӕд?

5 Цӕмӕй бамбарӕм, «ацы гыццылтӕ» иууылдӕр Йегъовӕйӕн куыд зынаргъ сты, уый тыххӕй-ма ахъуыды кӕнӕм, нӕхӕдӕг сывӕллӕттӕм цы зӕрдӕ дарӕм, ууыл. Уыдон нын зынаргъ сты. Ӕмӕ нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй-иу сӕ бахъахъхъӕнӕм, уымӕн ӕмӕ, стыр адӕймагмӕ цас тыхтӕ, фӕлтӕрддзинад ӕмӕ ’мбаргӕдзинад вӕййы, уыдонмӕ уыйбӕрц нӕ вӕййы. Исчи искӕмӕн йӕ зӕрдӕ куы фӕриссын кӕны, уӕд нын зын вӕййы. Фӕлӕ нын уӕлдай зындӕр вӕййы, исчи гыццыл сывӕллоны зӕрдӕ куы фӕриссын кӕны, уӕд. Суанг ма мӕсты дӕр свӕййӕм. Уӕдӕ Йегъовӕйы дӕр фӕнды, цӕмӕй нӕ бахъахъхъӕна. Ӕмӕ йын зын вӕййы, исчи йын йӕ лӕггадгӕнджытӕй иуӕн дӕр йӕ зӕрдӕ куы фӕриссын кӕны, уӕд. Суанг ма мӕсты дӕр свӕййы (Ис. 63:9; Мар. 9:42).

6. 1 Коринфӕгтӕм 1:26–29 стихтӕм гӕсгӕ, адӕм Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсынц?

6 Йесойы ахуыргӕнинӕгты ма цӕмӕн ис «гыццылтӕ» схонӕн? Ацы дунейы кадджынтыл нымад сты хъӕздгуытӕ, зындгонд адӕм ӕмӕ, бартӕ кӕмӕ ис, уыдон. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ та адӕмы цӕсты кадджын не сты. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 1:26–29.) Фӕлӕ сӕм Йегъовӕ бынтон ӕндӕр цӕстӕй кӕсы.

7. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм цы зӕрдӕ хъуамӕ дарӕм, уый тыххӕй нын Йегъовӕ цы дзуры?

7 Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр уарзы, уӕлдай нӕу, рагӕй йын лӕггад кӕнынц ӕви йын ӕрӕджы райдыдтой лӕггад кӕнын. Алкӕмӕн дӕр сӕ тынг аргъ кӕны, ӕмӕ сын мах дӕр хъуамӕ аргъ кӕнӕм. Мах фӕнды не ’фсымӕрты «се ’ппӕты дӕр уарзын», ӕрмӕст иуӕй-иуты нӕ, фӕлӕ (1 Пет. 2:17). Хъуамӕ уыной, зынаргъ нын кӕй сты, ӕмӕ хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй-иу сын сӕ зӕрдӕтӕ ма фӕриссын кӕнӕм. Куы йӕ базонӕм, кӕйдӕр кӕй фӕхъыг кодтам, уӕд хъуамӕ нӕхи афтӕ ма дарӕм, цыма ницы ’рцыд. Ӕмӕ хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, уымӕ та алцыдӕр хъыг фӕкӕсы, ӕмӕ хъуамӕ барын сахуыр уа, зӕгъгӕ. Хъуамӕ-иу бамбарӕм, адӕймаг ахӕм цӕмӕн у. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй бирӕтӕ, куыд схъомыл сты, уый тыххӕй сӕхимӕ раст цӕстӕй нӕ фӕкӕсынц, ӕмӕ сӕхи иннӕтӕй ӕвзӕрдӕрыл фӕнымайынц. Чидӕртӕ та Йегъовӕйӕн ӕрӕджы райдыдтой лӕггад кӕнын, ӕмӕ нӕма сахуыр сты иннӕтӕн сӕ рӕдыдтытӕ хатыр кӕнын. Куыдфӕнды ма уа, хъуамӕ-иу бацархайӕм, цӕмӕй-иу бафидауӕм. Фӕлӕ, иннӕтӕм арӕх чи фӕхъыг вӕййы, уый дӕр хъуамӕ ӕмбара, уыцы ӕвзӕр миниуӕгӕй йӕ фервӕзын кӕй хъӕуы. Ӕмӕ ууыл куы архайа, уӕд йӕхи зӕрдӕйы дӕр уыдзӕн фарн ӕмӕ иннӕтимӕ дӕр хӕларӕй цӕрдзӕн.

ИННӔТЫ ДӔХИЦӔЙ УӔЛДӔР ӔВӔР

8. Йесойы ахуыргӕнинӕгтыл цавӕр зондахаст фӕзынд?

8 Йесо «ацы гыццылты» тыххӕй цӕмӕн райдыдта дзурын? Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йӕ бафарстой: «Уӕларвон паддзахады уӕлдӕрыл нымад чи у?» (Матф. 18:1). Уыцы рӕстӕг дзуттӕгтӕй бирӕтӕн ахсджиаг уыд, цӕмӕй сын адӕмы ’хсӕн кад уыдаид ӕмӕ стыр бынӕттӕ ахстаиккой. Иу ахуыргонд загъта: «Адӕм бӕллыдысты, цӕмӕй-иу сӕ ном айхъуыстаид ӕмӕ сын иннӕтӕ кад кодтаиккой, ӕмӕ-иу уый тыххӕй сӕ цард раттынмӕ дӕр цӕттӕ уыдысты».

9. Йесойы ахуыргӕнинӕгты цы хъуыди саразын?

9 Дзуттӕгтӕй бирӕтӕ сӕхи иннӕтӕй хуыздӕрыл нымадтой. Ӕмӕ Йесо зыдта, йӕ ахуыргӕнинӕгты тынг кӕй хъуыд бацархайын, цӕмӕй сӕ зондахаст фӕивтаиккой. Йесо сын загъта: «Уе ’хсӕн уӕлдӕр чи у, уый йӕхи афтӕ дарӕд, цыма кӕстӕр у, хистӕр та – цыма лӕггадгӕнӕг у» (Лук. 22:26). Цӕмӕй кӕстӕрты хуызӕн уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ иннӕты нӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрӕм (Фил. 2:3). Ӕмӕ ууыл куы сахуыр уӕм, уӕд-иу сын сӕ зӕрдӕтӕ нӕ фӕриссын кӕндзыстӕм.

10. Павел чырыстӕттӕн цавӕр уынаффӕ радта?

10 Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй алкӕй дӕр цӕйдӕр тыххӕй ис нӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрӕн. Уый аразын нын ӕнцондӕр уыдзӕн, сӕ хорз миниуджытыл сын куы хъуыды кӕнӕм, уӕд. Хъуамӕ нӕ зӕрдӕмӕ айсӕм, апостол Павел коринфӕгтӕн цы уынаффӕ радта, уый: «Кӕй фӕрцы хицӕн кӕныс иннӕмӕй? Цыдӕриддӕр дӕм ис, уый дын Хуыцау нӕ радта? Ӕмӕ дын ӕй кӕд Хуыцау радта, уӕд та дӕхицӕй цы ӕппӕлыс, цыма дын дӕхи хъаруйы фӕрцы ис?» (1 Кор. 4:7). Хъуамӕ нӕхимӕ иннӕты ӕргом ма здахӕм ӕмӕ нӕхимӕ ахӕм хъуыдытӕ ӕмгӕрон дӕр ма уадзӕм, зӕгъгӕ, иннӕтӕй хуыздӕр дӕн. Кӕд ӕфсымӕр раныхӕстӕ дзурынмӕ хорз арӕхсы кӕнӕ хо иннӕтимӕ Библи ахуыр кӕнын ӕнцонтӕй райдайы, уӕд-иу хъуамӕ йӕхицӕй ма ныббуц уа, фӕлӕ-иу Йегъовӕйӕ бузныг уа.

ЗӔРДӔЙӔ ХАТЫР КӔН

11. Йесо паддзах ӕмӕ йӕ цагъары тыххӕй фӕсномыг ныхас цӕмӕн радзырдта?

11 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты куы бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу иннӕтӕн цӕлхдур ма суой, уӕд сын уый фӕстӕ радзырдта фӕсномыг ныхас паддзах ӕмӕ йӕ цагъары тыххӕй. Паддзах цагъарӕн стыр хӕс ныххатыр кодта. Цагъар уыцы хӕс йӕхӕдӕг никуы бафыстаид. Фӕлӕ фӕстӕдӕр уыцы ӕгъатыр цагъар иннӕ цагъарӕн йӕ хӕс нӕ ныххатыр кодта. Афтӕмӕй та дзы уый къаддӕр дардта. Ӕппынфӕстаг паддзах фыдзӕрдӕ цагъары ахӕстоны бакодта. Ацы фӕсномыг ныхасӕй Йесо цы бамбарын кодта? Уый загъта: «Афтӕ бакӕндзӕн сымахӕн дӕр мӕ уӕларвон Фыд, алчидӕр уӕ йе ’фсымӕрӕн зӕрдӕйӕ куы нӕ хатыр кӕна, уӕд» (Матф. 18:21–35).

12. Искӕмӕн куы нӕ хатыр кӕнӕм, уӕд уый иннӕтыл куыд фӕзындзӕн?

12 Цагъар афтӕ кӕй бакодта, уый ӕрмӕст йӕхицӕн не ’рхаста зиан, фӕлӕ ма иннӕтӕн дӕр. Иу уый, ӕмӕ иннӕ цагъары «ахӕстоны бакӕнын кодта, цалынмӕ йын йӕ хӕс нӕ бафыстаид, уӕдмӕ». Иннӕ та уый, ӕмӕ, «иннӕ цагъартӕ [уый] куы федтой, уӕд сын тынг хъыг уыди». Афтӕ, мах дӕр цы фӕаразӕм, уый иннӕтыл фӕзыны. Зӕгъӕм, нӕ зӕрдӕ нын чи фӕриссын кодта, уымӕн куы нӕ хатыр кӕнӕм, уӕд хабар куыд рауайдзӕн? Афтӕмӕй йын зиан хӕссӕм, уымӕн ӕмӕ йын нӕ хатыр кӕнӕм, нӕхи дзы дард ласӕм ӕмӕ йӕ нӕ уарзтӕй ӕнӕхай кӕнӕм. Уымӕй уӕлдай, ӕмбырды иннӕтӕ куы уыной, кӕй нӕ фидауӕм, уӕд сын уый зын уыдзӕн.

Дӕ зӕрдӕйы маст хӕсдзынӕ ӕви зӕрдӕйӕ ныххатыр кӕндзынӕ? (кӕс 13, 14 абзацтӕ) *

13. Кристалы хабар нын цӕуыл дзурӕг у?

13 Иннӕтӕн куы хатыр кӕнӕм, уӕд нӕхӕдӕг дӕр уыдзыстӕм амондджындӕр, ӕмӕ иннӕтӕ дӕр уыдзысты амондджындӕр. Уый йӕхиуыл бавзӕрста, пионерӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хо. Схонӕм ӕй Кристал. Иу хо йын-иу арӕх смаст кодта. Кристал радзырдта: «Хатт-иу мын ахӕм цыдӕр загъта, ӕмӕ-иу мӕ цыма кардӕй барӕхуыста. Йемӕ мӕ уацамынды цӕуын дӕр нал фӕндыд. Раздӕрау зынгзӕрдӕйӕ нал лӕггад кодтон, стӕй мын мӕ лӕггад ахӕм циндзинад нал хаста». Кристалӕн йӕ бон уыд уыцы хомӕ йӕ зӕрдӕйы маст хӕссын райдайын ӕмӕ йӕхицӕн тӕригъӕдтӕ кӕнын. Фӕлӕ йӕхицӕн загъта, афтӕ кӕй нӕ кӕндзӕн. Уый 1999 азы 1 ноябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» бакасти статья «Зӕрдӕбынӕй хатыр кӕн». Ӕмӕ дзы цы уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ бацархайдта. Кристал сӕрныллӕгдзинад равдыста ӕмӕ уыцы хойӕн ныххатыр кодта. Уый зӕгъы: «Ныр ӕй ӕмбарын, алчидӕр нӕ кӕй архайы, цӕмӕй йӕ удыхъӕд ногмӕ раива. Ӕмӕ нын Йегъовӕ алы бон дӕр зӕрдӕйӕ ныххатыр кӕны. Ме ’ккойӕ цыма уӕззау уаргъ ахауд, афтӕ мын фенцон. Стӕй мын мӕ лӕггад ногӕй циндзинад хӕссын райдыдта».

14. Матфейы 18:21, 22 стихтӕм гӕсгӕ, Петрӕн зын цы уыди? Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу иннӕтӕн ныххатыр кӕнӕм?

14 Мах ӕй зонӕм, иннӕтӕн-иу кӕй хъуамӕ ныххатыр кӕнӕм. Фӕлӕ алы хатт, раст куыд у, афтӕ бакӕнын ӕнцон нӕ вӕййы. Апостол Петрӕн дӕр-иу, ӕвӕццӕгӕн, хатт ӕнцон нӕ уыди иннӕтӕн хатыр кӕнын. (Бакӕс Матфейы 18:21, 22.) Цы нын баххуыс кӕндзӕн? Фыццаг: Йегъовӕ дын цас ныххатыр кӕны, ууыл хъуыды кӕн (Матф. 18:32, 33). Кӕд хӕсджын нӕу, уӕддӕр нын зӕрдӕйӕ ныххатыр кӕны (Пс. 103:8–10). Уымӕй уӕлдай, мах «хӕсджын стӕм, цӕмӕй нӕ кӕрӕдзийы уарзӕм». Уӕдӕ, ныххатыр кӕндзыстӕм ӕви нӕ, уый фӕндонӕй нӕу. Уый нӕ хӕс у (1 Иоан. 4:11). Дыккаг: ахъуыды кӕн, искӕмӕн куы ныххатыр кӕнай, уӕд уый хорз цӕмӕн уыдзӕн. Афтӕмӕй уыцы адӕймагӕн баххуыс кӕндзыстӕм, ӕмбырд ӕнгомдӕр суыдзӕн, Йегъовӕ дарддӕр нӕ Хӕлар уыдзӕн ӕмӕ нӕ уаргъӕй фервӕздзыстӕм (2 Кор. 2:7; Кол. 3:14). Ӕртыккаг: иннӕтӕн хатыр кӕнын нӕ чи ахуыр кӕны, уыцы Хуыцауӕй ӕххуыс кур. Хӕйрӕгӕн уый бар ма дӕтт, цӕмӕй дӕ дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕрты ныхмӕ скӕна (Еф. 4:26, 27). Цӕмӕй Хӕйрӕджы къӕппӕджы ма бахауӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы Йегъовӕйы ӕххуыс.

ДӔ ЗӔРДӔЙЫ МАСТ МАКӔМӔ ХӔСС

15. Колоссӕгтӕм 3:13 стихмӕ гӕсгӕ, нӕ бон цы у аразын, исчи нӕ куы фӕхъыг кӕна ӕмӕ йӕ нӕ бон ферох кӕнын куы нӕ уа, уӕд?

15 Зӕгъӕм дӕ чырыстӕттӕй чидӕр цӕмӕйдӕр фӕхъыг кодта, ӕмӕ йӕ дӕ бон ферох кӕнын нӕу. Уӕд куыд хъуамӕ бакӕнай? Ӕппӕт тыхтӕй бацархай фарн бахъахъхъӕныныл. Йегъовӕйӕн радзур, дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Уыцы адӕймаджы тыххӕй дӕр ӕм кув. Стӕй дзы ӕххуыс кур, цӕмӕй, кӕй тыххӕй йӕ уарзы, уыцы хорз миниуджытӕ ды дӕр фенай (Лук. 6:28). Фӕлӕ уӕддӕр уыцы хабар дӕ бон ферох кӕнын куы нӕ уа, уӕд та ахъуыды кӕн, хуыздӕр куыд уыдзӕн уыцы адӕймагимӕ аныхас кӕнын. Алкӕддӕр хуыздӕр вӕййы афтӕ хъуыды кӕнын, барӕй нӕ уыди, зӕгъгӕ (Матф. 5:23, 24; 1 Кор. 13:7). Йемӕ куы ныхас кӕнай, уӕд-иу ӕй ма аххосджын кӕн. Фӕлӕ йӕ бафидауын куы нӕ фӕнда, уӕд та? Уӕддӕр ын хъӕуы дарддӕр дӕр барын. Дӕ къух ыл ма ауигъ. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 3:13.) Ӕппӕты ахсджиагдӕр та у, цӕмӕй йӕм дӕ зӕрдӕйы маст ма хӕссай. Науӕд Йегъовӕйӕ адард уыдзынӕ. Цӕлхдур дын мацы суӕд. Афтӕмӕй равдисдзынӕ, Йегъовӕйы тынг кӕй уарзыс ӕмӕ дын уымӕй зынаргъдӕр кӕй ницы ис (Пс. 119:165).

16. Алкӕуыл дӕр нӕ цавӕр хӕс ис?

16 Мах тынг аргъ кӕнӕм, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ Йегъовӕйӕн иумӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кӕй лӕггад кӕнӕм, уымӕн. Мах стӕм «иу дзуг» ӕмӕ нын ис «иу фыййау» (Иоан. 10:16). Чиныджы «Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци», 165, 166 фӕрстыл фыст ис: «Донаргъуыд куы райстай ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы сдӕ, уӕд уыцы иудзинад дӕхиуыл бавзӕрстай. Ӕмӕ ныр дӕуӕн дӕр дӕ хӕс у, цӕмӕй уыцы иудзинад хъахъхъӕнай». Хъуамӕ «нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕм... кӕсӕм... Йегъовӕйы цӕстӕй». Йегъовӕйӕн не ’ппӕт дӕр стӕм «гыццылтӕ» ӕмӕ нӕ бирӕ уарзы. Ды дӕр дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртӕм ахӕм цӕстӕй кӕсыс? Йегъовӕ уыны, уыдоны тыххӕй цы аразыс ӕмӕ сын куыд ӕххуыс кӕныс, уый. Ӕмӕ уымӕн тынг аргъ кӕны (Матф. 10:42).

17. Цы нӕ фӕнды аразын?

17 Мах нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты тынг уарзӕм. Ӕмӕ архайдзыстӕм, цӕмӕй-иу сын сӕ зӕрдӕтӕ ма скъахӕм ӕмӕ-иу сын цӕлхдуртӕ ма ӕвӕрӕм (Ром. 14:13). Мах сӕ нӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрӕм. Ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй-иу сын зӕрдӕйӕ ныххатыр кӕнӕм. Нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы искӕмӕ маст хӕссӕм. Мах «тырнӕм, фарн цы хӕссы ӕмӕ кӕрӕдзийы цӕй фӕрцы ис бафидар кӕнӕн, уымӕ» (Ром. 14:19).

130 ЗАРӔГ Кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнӕм

^ 5 абз. Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хатт хотӕ кӕнӕ ’фсымӕртӕй кӕйдӕр цӕмӕйдӕр фӕхъыг кӕнӕм. Афтӕ куы рауайы, уӕд куыд бакӕнӕм? Фӕархайӕм, цӕмӕй йемӕ бафидауӕм? Уайтагъд дзы хатыр ракурӕм? Ӕви афтӕ фӕхъуыды кӕнӕм, мӕ аххос нӕу, йӕхӕдӕг тӕргайгӕнаг у, зӕгъгӕ? Кӕнӕ та, чи зоны, нӕхӕдӕг арӕх иннӕтӕм фӕхъыг вӕййӕм. Уӕд нӕхи фӕрӕстытӕ кӕнӕм, ахӕм адӕймаг дӕн, ӕмӕ цы бакӕнон, зӕгъгӕ? Ӕви фембарӕм, уый нӕ лӕмӕгъдзинад кӕй у ӕмӕ кӕй хъуамӕ аивӕм?

^ 53 абз. НЫВ. Иу хо иннӕ хомӕ фӕхъыг. Фӕлӕ куы аныхас кодтой, уӕд бафидыдтой, ӕмӕ иумӕ цингӕнгӕйӕ хъусын кӕнынц.