Зыдтай йӕ?
Йесойы рӕстӕджы адӕмы цавӕр хъалонтӕ хъуыди фидын?
ИЗРАИЛӔГТӔ раст динӕн ӕхцайӕ рагӕй фӕстӕмӕ дӕр ӕххуыс кодтой. Фӕлӕ Йесойы рӕстӕджы дзуттӕгты хъуыди бирӕ хъалонтӕ фидын, ӕмӕ сын уый сси уӕззау уаргъ.
Алы аз дӕр-иу дзуттаг нӕлгоймӕгтӕй алчидӕр хъуамӕ лӕвӕрдтаид сиклы ’рдӕг (дыууӕ драхмӕйы) ӕмбырды цатырӕн, уый фӕстӕ та кувӕндонӕн. 1 ӕнусы-иу уыцы хъалон хардз цыди, Ирод кӕй сарӕзта, уыцы кувӕндоны-иу цы хъуыддӕгтӕ цыд арӕзт, уыдоныл. Иухатт дзуттӕгтӕй чидӕртӕ Петры бафарстой, Йесо, дам, кувӕндонӕн хъалон фиды. Йесо афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ уыцы хъалон фидын нӕ хъӕуы. Уый нӕ, фӕлӕ ма Петрӕн загъта, хъалон бафидынӕн йӕ бон ӕхца ссарын кӕм у, уый (Матф. 17:24–27).
Хуыцауы адӕм ма-иу хъуамӕ лӕвӕрдтаиккой дӕсӕм хай сӕ хуымты тыллӕгӕй ӕмӕ ма сӕм цы ӕфтыд, уымӕй дӕр (Лев. 27:30–32; Ным. 18:26–28). Дины разамонджытӕ домдтой, цӕмӕй-иу адӕм алцӕмӕй дӕр лӕвӕрдтаиккой дӕсӕм хай, суанг «битъынайӕ, хъонтхорайӕ ӕмӕ зирӕйӕ» дӕр. Йесо афтӕ нӕ дзырдта, ӕмӕ дӕсӕм хай нӕ хъӕуы дӕттын. Фӕлӕ-иу цӕстмӕхъус чиныджыдӕснытӕн ӕмӕ фарисейтӕн бауайдзӕф кодта, «Закъоны сӕйрагдӕр хъуыддӕгтӕ» кӕй нӕ арӕзтой, уый тыххӕй (Матф. 23:23).
Фӕлӕ ма уыцы рӕстӕг дзуттӕгтӕ хъуамӕ бирӕ хъалонтӕ фыстаиккой ромӕгтӕн дӕр, уымӕн ӕмӕ уыдысты Ромы дӕлбар. Зӕгъӕм, зӕхх-иу кӕмӕн уыд, уыдон-иу хъуамӕ сӕ тыллӕгӕй раттаиккой 20–25 проценты кӕнӕ та-иу хъуамӕ уыцы проценттӕ ӕхцайӕ бафыстаиккой. Уымӕй уӕлдай ма алы адӕймаг дӕр хъуамӕ йӕхи тыххӕй дӕр фыстаид хъалон. Ӕмӕ фарисейтӕ Йесойы уыцы хъалон фидыны тыххӕй куы фарстой, уӕд сын загъта: «Паддзахы цы у, уый паддзахӕн дӕттут, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн» (Матф. 22:15–22).
Хъалон фидын ма хъуыди уӕйгӕнджыты дӕр, искӕдӕм кӕнӕ-иу искӕцӕй уӕйгӕнинӕгтӕ куы ластой, уӕд. Уыцы хъалон-иу фыстой наулӕууӕнты, хидтыл, фӕндӕгтыл, горӕтмӕ бахизӕны кӕнӕ базарты.
Дзуттӕгтӕ Ромы дӕлбар куы уыдысты, уӕд сын хъалонтӕ фидын тынг зын уыд. Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд Ромы паддзах уыд Тиберий. Ӕмӕ ромаг историк Тациты ныхӕстӕм гӕсгӕ, «Сирийы ӕмӕ Иудейӕйы адӕм хъалонтӕ фидынӕй тынг бафӕлладысты, ӕмӕ паддзахӕн лӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй сын сӕ хъалонтӕ фӕкъаддӕр кодтаид».
Хъалонисджытӕ-иу хъалон куыд ӕмбырд кодтой, уый та адӕмӕн сӕ уавӕр ноджы фыддӕр кодта. Хъалонтӕ исыны бар-иу лӕвӕрд ӕрцыд, уыцы куыст кӕныны тыххӕй-иу фылдӕр ӕхца чи бафыста, уыдонӕн. Уый фӕстӕ-иу сӕхӕдӕг кӕйдӕрты баххуырстой, цӕмӕй-иу хъалонтӕ ӕмбырд кодтаиккой. Афтӕмӕй адӕмы стыгътой, ӕмӕ-иу уый фӕрцы схъӕздыг сты. Ӕвӕццӕгӕн, Закхеймӕ дӕр уыд ахӕм хъалонӕмбырдгӕнджытӕ (Лук. 19:1, 2). Уӕдӕ диссаг нӕу, адӕмы-иу хъалонтӕ фидын кӕй нӕ фӕндыд ӕмӕ хъалонисджытӕй се сӕфт кӕй уыдтой.