Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

20 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Дӕ лӕггад дын алкӕддӕр циндзинад хӕссӕд

Дӕ лӕггад дын алкӕддӕр циндзинад хӕссӕд

«Байтау дӕ хуым ӕмӕ... дӕ къухтӕн ӕнцой ма дӕтт» (ЕККЛ. 11:6).

70 ЗАРӔГ Аккаг адӕймӕгты агурут

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

Йесо уӕлӕрвтӕм куы аздӕхт, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Иерусалимы ӕмӕ ӕндӕр рӕтты дӕр хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнын райдыдтой (кӕс 1 абзац)

1. Йесо йӕ лӕггадмӕ цы цӕстӕй каст? Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йӕ бафӕзмыдтой? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

ЙЕСО зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд ын хъусын кӕныны хъуыддаг алкӕддӕр циндзинад хаста (Иоан. 4:35, 36). Йесойы фӕнды, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕ дӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕной. Цалынмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ уыди, уӕдмӕ уыдон хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтой (Лук. 10:1, 5–11, 17). Фӕлӕ, Йесойы куы ’рцахстой ӕмӕ йӕ куы амардтой, уӕд иуцасдӕр афтӕ зӕрдиагӕй нал хъусын кодтой (Иоан. 16:32). Йесо куы райгас, уӕд сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕ тыхтӕ иууылдӕр уыцы хъуыддагмӕ сарӕзтаиккой. Ӕмӕ, фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕм куы аздӕхт, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ райдыдтой тынг зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнын. Се знӕгтӕ ма афтӕ дӕр загътой: «Иерусалим уӕ ахуырадӕй байдзаг кодтат» (Хъуыд. 5:28).

2. Йегъовӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕн куыд арфӕ кодта?

2 1 ӕнусы Йесо хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд лӕвӕрдта. Ӕмӕ Йегъовӕ уыцы хъуыддагӕн арфӕ кодта. Зӕгъӕм, н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны донаргъуыд райстой 3 мин адӕймаджы бӕрц (Хъуыд. 2:41). Ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой (Хъуыд. 6:7). Фӕлӕ Йесо загъта, фӕстаг бонты хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ ноджы фылдӕр адӕм кӕй айсдзысты (Иоан. 14:12; Хъуыд. 1:8).

3, 4. Иуӕй-иутӕн хъусын кӕнын зын цӕмӕн у ӕмӕ ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

3 Не ’ппӕт дӕр архайӕм, цӕмӕй нӕ лӕггадмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм ӕмӕ нын циндзинад хӕсса. Кӕцыдӕр бӕстӕты хъусынгӕнджытӕн уый ӕнцон у, уымӕн ӕмӕ бирӕты фӕфӕнды Библи ахуыр кӕнын. Кӕйдӕрты ма ӕнхъӕлмӕ кӕсын дӕр бахъӕуы, цӕмӕй Ӕвдисӕнтӕ семӕ Библи ахуыр кӕнын райдайой! Фӕлӕ кӕцыдӕр бӕстӕты уый афтӕ ӕнцон нӕу, уымӕн ӕмӕ хъусынгӕнджытӕ арӕх адӕмы хӕдзары нӕ баййафынц. Ӕмӕ, кӕй баййафынц, уыдонӕй дӕр алкӕй нӕ фӕфӕнды Библийыл ныхас кӕнын.

4 Кӕд ды дӕр, хъусын кӕнын афтӕ ӕнцон кӕм нӕу, ахӕм ран цӕрыс, уӕд дын ацы статья баххуыс кӕндзӕн. Базондзыстӕм, иуӕй-иу хъусынгӕнджытӕн куыд бантысы фылдӕр адӕмимӕ аныхас кӕнын. Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм, адӕм нӕм куы нӕ хъусой, уӕддӕр дарддӕр дӕр цӕмӕн хъуамӕ хъусын кӕнӕм.

ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ ХЪУСЫН КӔНГӔЙӔ НЫН АДӔМИМӔ АНЫХАС КӔНЫН КУЫ НЕ ’НТЫСА

5. Хъусынгӕнджытӕй бирӕтӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц?

5 Фӕстаг рӕстӕг хъусынгӕнджытӕй бирӕтӕн тынг фӕзын хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын. Кӕм фӕхъусын кӕнынц, уыцы рӕтты бирӕтӕ цӕрынц, хъахъхъӕнджытӕ кӕм ис кӕнӕ йӕ кӕрт ӕхгӕд кӕмӕн у, ахӕм бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты. Ӕмӕ дӕ цӕрджытӕй исчи куы нӕ фӕхона, уӕд дӕ дуаргӕс кӕнӕ хъахъхъӕнӕг мидӕмӕ нӕ бауадздзӕн. Кӕмдӕрты та хъусынгӕнджытӕн сӕ бон вӕййы бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕм ӕнӕкъуылымпыйӕ бацӕуын, фӕлӕ хӕдзары бирӕты нӕ баййафынц. Иуӕй-иу хъусынгӕнджытӕ фӕхъусын кӕнынц хъӕуты кӕнӕ дард рӕтты, ӕмӕ дзы кӕмдӕрты цӕрджытӕ бирӕ нӕ вӕййы. Арӕх сӕ ахӕм рӕттӕм цӕуын бахъӕуы ӕрмӕст иу адӕймаджы тыххӕй, ӕмӕ уый дӕр, гӕнӕн ис, хӕдзары ма разына. Кӕд ахӕм зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уӕд-иу хъуамӕ нӕ къухтӕ ма ’руадзӕм. Нӕ бон цы у саразын, цӕмӕй нын ахӕм рӕтты лӕггад кӕнгӕйӕ дӕр фылдӕр ӕнтыса?

6. Хъусынгӕнджыты кӕсагахсджытимӕ цӕмӕн ис абарӕн?

6 Йесо хъусын кӕныны хъуыддаг абарста кӕсаг ахсынимӕ (Мар. 1:17). Вӕййы афтӕ, ӕмӕ кӕсагахсӕг цалдӕр боны дӕр ницы ’рцахсы. Фӕлӕ йӕ къухтӕ не ’руадзы. Кӕсаг ахсынмӕ ацӕуы ӕндӕр афон кӕнӕ ӕндӕр ранмӕ, йе та афӕлвары кӕсаг ӕндӕрхуызон ахсын. Махӕн дӕр нӕ бон у кӕсагахсӕджы бафӕзмын. Ӕркӕсӕм цалдӕр уынаффӕмӕ.

Адӕмы хӕдзары баййафын зын кӕм у, ахӕм территорийы куы хъусын кӕнай, уӕд-иу хъусын кӕн ӕндӕр афон, ӕндӕр рӕтты ӕмӕ алыхуызон мадзӕлтты фӕрцы (кӕс 7–10 абзацтӕ) *

7. Цӕмӕн фӕхъӕуы адӕммӕ ӕндӕр афон ӕрбацӕуын?

7 Хъусын кӕн ӕндӕр афон. Адӕм хӕдзары арӕхдӕр цафон вӕййынц, уыцы афон-иу сӕм куы ’рбацӕуӕм, уӕд нын фылдӕр адӕмимӕ бантысдзӕн аныхас кӕнын. Хӕдзары сӕ куы нӕ баййафӕм, уӕддӕр сӕ искуы хӕдзармӕ цӕуын нӕ хъӕудзӕн? Бирӕтӕ фӕхъусын кӕнынц фӕссихор кӕнӕ изӕрыгӕтты, уымӕн ӕмӕ уӕд хӕдзары фылдӕр адӕмы баййафынц. Стӕй уыцы афон адӕм никӕдӕм фӕтагъд кӕнынц, ӕмӕ хуыздӕр байхъусынц. Чи зоны дӕ бафӕнда, иу хистӕр нӕлгоймаг, Дэвид, куыд фӕкӕны, афтӕ бакӕнын. Хӕдзары искӕй куы нӕ баййафы, уӕд йе ’мбалимӕ иу кӕнӕ дыууӕ сахаты фӕстӕ уырдӕм ногӕй бацӕуы. Дэвид загъта: «Диссаг у, фӕлӕ уыцы хӕдзӕрттӕм ногӕй куы бацӕуӕм, уӕд хӕдзары бирӕты баййафӕм» *.

Адӕмы хӕдзары баййафын зын кӕм у, ахӕм территорийы куы хъусын кӕнай, уӕд-иу хъусын кӕн ӕндӕр афон (кӕс 7, 8 абзацтӕ)

8. Хъусын кӕнгӕйӕ нӕ бон куыд у Екклесиаст 11:6 стихмӕ гӕсгӕ архайын?

8 Ацы статьяйы сӕйраг стихӕй куыд зыны, афтӕмӕй-иу хъуамӕ нӕ къухтӕ ма ’руадзӕм. (Бакӕс Екклесиаст 11:6.) Ӕмӕ нӕ бон у уымӕй Дэвиды бафӕзмын. Иу хӕдзармӕ цалдӕр хатты ’рбацыд, фӕлӕ дзы иу хатт дӕр никӕй баййӕфта. Фӕлӕ та-иу уӕддӕр ногӕй ӕрбацыд. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг, чи дзы цард, уыцы нӕлгоймаджы хӕдзары баййӕфта. Уый бафӕндыд Библийыл ныхас кӕнын. Стӕй ма загъта: «Ам 8 азы бӕрц цӕрын, фӕлӕ мӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ никуы ’рбацыдысты». Дэвид загъта: «Арӕх-иу уыди афтӕ, ӕмӕ-иу ӕппынфӕстаг адӕймаджы хӕдзары куы баййӕфтон, уӕд-иу нӕм хорз байхъуыста».

Адӕмы хӕдзары баййафын зын кӕм у, ахӕм территорийы куы хъусын кӕнай, уӕд-иу хъусын кӕн ӕндӕр рӕтты (кӕс 9 абзац)

9. Бирӕтӕн куыд бантысы, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ сӕ бон аныхас кӕнын кӕимӕ нӕ вӕййы, уыцы адӕмимӕ аныхас кӕнын?

9 Хъусын кӕн ӕндӕр рӕтты. Бирӕтӕн куыд бантысы, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ сӕ бон аныхас кӕнын кӕимӕ нӕ вӕййы, уыцы адӕмимӕ аныхас кӕнын? Уыдон фӕхъусын кӕнынц ӕндӕр рӕтты, зӕгъӕм, уынджы кӕнӕ стендтимӕ, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, уым. Уый фӕрцы аныхас кӕнынц, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнӕн кӕм нӕй, ахӕм бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты чи цӕры, уыцы адӕмимӕ. Бирӕ хъусынгӕнджытӕ та фӕзӕгъынц, паркты, базарты ӕмӕ, адӕм кӕм кусынц, уыцы районты адӕм хуыздӕр кӕй байхъусынц ӕмӕ литературӕ дӕр зӕрдиагдӕрӕй кӕй айсынц. Флоран лӕггад кӕны районон цӕстдарӕгӕй Боливийы, ӕмӕ уый афтӕ зӕгъы: «Базарты ӕмӕ дуканиты фӕхъусын кӕнӕм боны 1 сахатӕй 3 сахатмӕ, уымӕн ӕмӕ уыцы афон ӕлхӕнджытӕ афтӕ бирӕ нӕ вӕййы. Ӕмӕ уӕйгӕнджытимӕ арӕх хорз аныхас кӕнӕм. Кӕимӕдӕрты ма Библи ахуыр кӕнын дӕр райдайӕм».

Адӕмы хӕдзары баййафын зын кӕм у, ахӕм территорийы куы хъусын кӕнай, уӕд-иу хъусын кӕн алыхуызон мадзӕлтты фӕрцы (кӕс 10 абзац)

10. Цы ма ис саразӕн, цӕмӕй хорз хабар нӕ участокы алкӕмӕ дӕр фӕхӕццӕ кӕнӕм?

10 Хъусын кӕн алыхуызон мадзӕлтты фӕрцы. Зӕгъӕм, дӕ участокы кӕцыдӕр хӕдзармӕ цалдӕр хатты ’рбацыдтӕ, фӕлӕ дзы никӕй баййӕфтай. Ӕрбацыдтӕ-иу ӕндӕр афон дӕр, фӕлӕ уӕддӕр никӕй баййӕфтай. Ахӕм уавӕры цы ис саразӕн? Катаринӕ зӕгъы: «Хӕдзары кӕй нӕ баййафын, уыцы адӕмӕн цы зӕгъинаг уыдтӕн, уый сын писмойы ныффыссын». Катаринӕйӕ цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Архай, цӕмӕй, дӕ участокы чи цӕры, уыдонӕй алкӕмӕ дӕр хорз хабар искуыд фӕхӕццӕ кӕнай.

АДӔМ ХОРЗ ХАБАРМӔ КУЫ НӔ ХЪУСОЙ

11. Бирӕтӕ хорз хабармӕ цӕуылнӕ фӕхъусынц?

11 Бирӕты нӕ фӕфӕнды Хуыцауы ӕмӕ Библийы тыххӕй ныхас кӕнын. Зӕгъӕм, чидӕртӕ Хуыцауыл не ’ууӕндынц, уымӕн ӕмӕ фӕхъуыды кӕнынц, кӕд, дам, Хуыцау ис, уӕд, дам, адӕм уыйбӕрц зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарынц. Стӕй сӕ Библийы тыххӕй дӕр ницы фӕфӕнды базонын, уымӕн ӕмӕ уынынц дины разамонджыты цӕстмӕ митӕ. Дины разамонджытӕ фӕдзурынц, Библимӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц, ӕцӕгӕй та кӕнынц бирӕ ’взӕр хъуыддӕгтӕ. Чидӕртӕ та ӕдзух кусгӕ кӕнынц, кӕй йӕ бинонтӕй нӕ февдӕлы, чи зындзинӕдтыл ӕмбӕлы, ӕмӕ сӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ Библи сӕ цардмӕ ницы бар дары ӕмӕ сын ницы ӕххуыс фӕуыдзӕн. Кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдон хорз хабар афтӕ ахсджиагыл куы нӕ нымайой, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ циндзинад ма ’рмынӕг уа?

12. Хъусын кӕнгӕйӕ нӕ бон куыд у Филиппӕгтӕм 2:4 стихмӕ гӕсгӕ архайын?

12 Бӕрӕг уӕд, адӕмыл зӕрдиагӕй кӕй тыхсыс. Иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ уыд афтӕ, ӕмӕ-иу адӕймаджы фыццаг нӕ фӕндыд хъусын, фӕлӕ-иу куы федта, зӕрдиагӕй йыл кӕй тыхсӕм, уӕд-иу уый фӕстӕ хорз байхъуыста. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 2:4.) Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы ӕфсымӕр, Дэвид, загъта: «Уацамынды нын исчи куы фӕзӕгъы, мӕн уый нӕ хъӕуы, зӕгъгӕ, уӕд нӕ Библитӕ ӕмӕ нӕ публикацитӕ иуварс айсӕм ӕмӕ йӕ бафӕрсӕм, афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕны, уымӕй». Адӕймаг ӕй фембары, зӕрдиагӕй йыл кӕй тыхсӕм. Ӕмӕ, цӕуыл ныхас кӕнӕм, уый дзы, чи зоны, ферох уа, фӕлӕ йӕм цы зӕрдӕ дарӕм, уый дзы нӕ ферох уыдзӕн. Библийыл аныхас кӕнын ӕй куы нӕ бафӕнда, уӕддӕр нӕ ахастӕй ӕмӕ нӕ цӕсгомӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, зӕрдиагӕй йыл кӕй тыхсӕм.

13. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу алы адӕймагимӕ дӕр, цымыдисаг ӕм цы фӕкӕсдзӕн, ууыл аныхас кӕнӕм?

13 Адӕмыл зӕрдиагӕй кӕй тыхсӕм, уый равдисдзыстӕм, алкӕимӕ дӕр, цы йӕ тыхсын кӕны ӕмӕ йӕм цымыдисаг цы фӕкӕсдзӕн, ууыл куы дзурӕм. Зӕгъӕм, бамбӕрстай, кӕцыдӕр хӕдзары сывӕллӕттӕ кӕй ис. Уӕд дӕ бон у уыцы хӕдзары цӕрджытимӕ аныхас кӕнын, Библийы уынаффӕтӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнынӕн куыд ӕххуыс кӕнынц кӕнӕ бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты, ууыл. Сӕ дуар цалдӕр дӕгъӕлӕй ӕхгӕд кӕмӕн у, уыдонимӕ та дӕ бон у аныхас кӕнын, фыдракӕндтӕ куыд сарӕх сты ӕмӕ уый адӕмы тас кӕй уадзы, ууыл. Ӕвӕццӕгӕн сын ӕхсызгон уыдзӕн, куы базоной, тагъд уыцы хабӕрттӕн кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн. Адӕмимӕ цӕуылфӕнды ма ныхас кӕнай,– хъӕуы сын ӕмбарын кӕнын, Библи сын куыд баххуыс кӕндзӕн, уый. Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы хо, Катаринӕ, загъта: «Ӕз арӕх фӕхъуыды кӕнын, рӕстдзинад мын мӕ цард куыд аивта, ууыл». Уый фӕрцы Катаринӕ адӕмимӕ зӕрдиагӕй фӕныхас кӕны, ӕмӕ адӕм дӕр фӕуынынц, цы дзуры, уый йӕхи дӕр кӕй уырны.

14. Ӕмбисӕндтӕ 27:17 стихмӕ гӕсгӕ, хъусынгӕнджытӕн сӕ бон куыд у кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнын?

14 Иннӕтӕй ахуыр кӕн. 1 ӕнусы Павел Тимофейӕн амыдта, хъусын кӕнӕн ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнӕн куыд ис, уый. Ӕмӕ йын дзырдта, цӕмӕй Тимофей уыдӕттӕ амыдтаид иннӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн дӕр (1 Кор. 4:17). Тимофей Павелӕй куыд ахуыр кодта, афтӕ мах дӕр ахуыр кӕнӕм фӕлтӕрдджын хъусынгӕнджытӕй. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 27:17.) Ӕркӕсӕм ӕфсымӕр Шоны цӕвиттонмӕ. Уый иуцасдӕр пионерӕй лӕггад кодта хъӕуты. Уым чи цард, уыцы адӕм сӕ динӕй разы уыдысты. Цымӕ Шонӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ циндзинад ма ’рмынӕг уыдаид? Уый зӕгъы: «Гӕнӕн уӕвгӕйӕ-иу хъусын кӕнынмӕ мемӕ искӕй акодтон. Ӕмӕ-иу цалынмӕ иу хӕдзарӕй иннӕмӕ цыдыстӕм, уӕдмӕ-иу нӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы нӕ сӕфтам. Зӕгъӕм, ахъуыды-иу кодтам, фӕстагмӕ кӕимӕ аныхас кодтам, уыцы адӕймагимӕ нӕ ныхас куыд рауад ӕмӕ иннӕ хатт ахӕм уавӕры нӕ бон куыд уаид ӕндӕрхуызон аныхас кӕнын».

15. Хъусын кӕнынмӕ куы цӕуӕм, уӕд-иу Хуыцаумӕ ӕнӕмӕнг цӕмӕн хъуамӕ скувӕм?

15 Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур. Хъусын кӕнынмӕ куы цӕуай, уӕд-иу алы хатт дӕр Йегъовӕйӕ разамынд ракур. Йӕ хъомысджын сыгъдӕг тых нын куы не ’ххуыс кӕнид, уӕд нӕ иу дӕр ӕппындӕр ницы саразид (Пс. 127:1; Лук. 11:13). Йегъовӕйӕн-иу зӕгъ, бӕлвырдӕй дӕ цавӕр ӕххуыс хъӕуы. Ис ын зӕгъӕн, цӕмӕй дын баххуыс кӕна, Хуыцауы тыххӕй базонын кӕй фӕнды, ахӕм адӕмы ссарынӕн. Ӕмӕ-иу уый фӕстӕ архай, цӕмӕй, кӕуылдӕриддӕр ӕмбӕлай, уыдонимӕ аныхас кӕнай.

16. Нӕхӕдӕг Библи куы иртасӕм, уӕд нын уый уацамынды куыд баххуыс кӕндзӕн?

16 Библи иртасынӕн-иу рӕстӕг рахицӕн кӕн. Библи нын фӕдзӕхсы, «цӕмӕй-иу бамбарӕм, цы у Хуыцауы фӕндон: цы йӕм кӕсы хорз, цы йын у ӕхсызгон ӕмӕ цы у йӕ цӕсты ӕххӕст» (Ром. 12:2). Нӕхи фидарӕй куы уырна, Хуыцауы тыххӕй цы базыдтам, уый рӕстдзинад кӕй у, уӕд нӕ бон уыдзӕн уыцы рӕстдзинад иннӕтӕн дӕр зӕрдиагӕй дзурын. Катаринӕ ма загъта: «Ӕрӕджы йӕ бамбӕрстон, кӕй мӕ хъӕуы Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕй кӕцыдӕртӕ бӕстондӕр раиртасын. Гъемӕ раиртӕстон, Сфӕлдисӕг кӕй ис, Библи ӕцӕгдӕр Хуыцауы Ныхас кӕй у ӕмӕ Хуыцауӕн абон зӕххыл организаци кӕй ис, уымӕн цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уыдон». Уый фӕрцы йӕ уырнындзинад бафидар ӕмӕ йын йӕ лӕггад дӕр фылдӕр циндзинад хӕссын райдыдта.

ДАРДДӔР ДӔР ХОРЗ ХАБАР ЦӔМӔН ХЪУСЫН КӔНӔМ?

17. Йесо дарддӕр дӕр хорз хабар цӕмӕн хъусын кодта?

17 Кӕд бирӕтӕ Йесомӕ нӕ хъуыстой, уӕддӕр йӕ ныфс нӕ саст ӕмӕ дарддӕр дӕр хорз хабар хъусын кодта. Цымӕ цӕмӕн? Уый зыдта, адӕмы рӕстдзинад зонын ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы. Ӕмӕ йӕ фӕндыд, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы тыххӕй хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ айстаиккой. Стӕй ма зыдта, чи йӕм нӕ хъуыста, уыдонӕй чидӕртӕ ӕппынфӕстаг рӕстдзинады фӕндагыл кӕй ӕрлӕудзысты. Йӕхи бинонты хабар дӕр афтӕ рауад. Зӕххыл ӕртӕ азы ӕмӕ ’рдӕг лӕггад кодта, фӕлӕ уыцы рӕстӕг йе ’фсымӕртӕй иу дӕр йӕ ахуыргӕнинаг не сси (Иоан. 7:5). Фӕлӕ куы райгас, уӕд уый фӕстӕ уыдон систы чырыстӕттӕ (Хъуыд. 1:14).

18. Дарддӕр дӕр хорз хабар цӕмӕн хъусын кӕнӕм?

18 Мах ӕй нӕ зонӕм, адӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын чи райдайдзӕн, уый. Иуӕй-иуты фылдӕр рӕстӕг бахъӕуы, цӕмӕй рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ айсой. Ӕмӕ нӕм чи нӕ фӕхъусы, уыдон нын нӕ хорз ӕгъдау ӕмӕ сӕм хорз зӕрдӕ кӕй дарӕм, уый куы уыной, уӕд сӕ, чи зоны, бафӕнда, цӕмӕй Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ суой (1 Пет. 2:12).

19. 1 Коринфӕгтӕм 3:6, 7 стихтӕм гӕсгӕ, нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

19 Рӕстдзинады мыггаг куы байтауӕм ӕмӕ йыл дон куы фӕкӕнӕм, уӕд-иу хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, рӕзын ӕй Хуыцау кӕй кӕны. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 3:6, 7.) Иу ефиопаг ӕфсымӕр радзырдта: «Дыууын азӕй фылдӕр нӕ территорийы мӕн йеддӕмӕ Ӕвдисӕн нӕ уыди. Ныр та дзы ис 14 хъусынгӕнӕджы. Уыдонӕй 13 сты донаргъуыд хъусынгӕнджытӕ, уыимӕ мӕ бинойнаг ӕмӕ ме ’ртӕ сывӕллоны. Ӕмбырдты та нӕм вӕййы 32 адӕймаджы бӕрц». Уыцы ӕфсымӕр ӕнхъӕлмӕ касти, Йегъовӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы йӕ организацимӕ кӕй ӕрбакӕндзӕн, уымӕ (Иоан. 6:44). Уый тынг цин кӕны, дарддӕр дӕр хорз хабар кӕй хъусын кодта, ууыл.

20. Цӕмӕй стӕм ирвӕзынгӕнджыты хуызӕн?

20 Йегъовӕйӕн алы адӕймаг дӕр зынаргъ у. Ӕмӕ нӕ ахӕм кады аккаг скодта, цӕмӕй йӕ Фыртимӕ иумӕ алы адӕмтӕй адӕмы ӕмбырд кӕнӕм, цалынмӕ ацы дунейӕн йӕ кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ (Аг. 2:7). Хъусынгӕнджыты абарӕн ис, шахтӕ кӕуыл ныккалд, уыцы адӕмы агурынмӕ чи ацыд, уыцы ирвӕзынгӕнджытимӕ. Уыдонӕй алкӕй фыдӕбон дӕр тынг ахсджиаг у. Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис хорз хабар хъусынгӕнджытӕй дӕр. Мах ӕй нӕ зонӕм, Хӕйрӕджы дунейӕ нырма цал адӕймаджы фервӕзын кӕндзыстӕм, уый. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн йӕ бон у уыцы адӕмӕн махӕй кӕйфӕнды уылты дӕр баххуыс кӕнын. Андреас цӕры Боливийы. Уый афтӕ загъта: «Исчи рӕстдзинад куы базоны ӕмӕ донаргъуыд куы райсы, уӕд уый вӕййы не ’ппӕты фыдӕбон дӕр». Цӕй уӕдӕ мах дӕр нӕ лӕггадмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм. Ӕмӕ нын уӕд Йегъовӕ арфӕ кӕндзӕн ӕмӕ нын нӕ лӕггад стыр циндзинад хӕсдзӕн!

66 ЗАРӔГ Хъусын кӕнӕм хорз хабар

^ 5 абз. Кӕм хъусын кӕнӕм, уыцы территорийы-иу бирӕты хӕдзары куы нӕ баййафӕм кӕнӕ бирӕтӕ хорз хабармӕ куы нӕ хъусой, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нын уӕддӕр нӕ лӕггад циндзинад хӕсса? Ацы статьяйы ссардзыстӕм хорз уынаффӕтӕ.

^ 7 абз. Ацы статьяйы цы уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ архайгӕйӕ хъусынгӕнджытӕ хъуамӕ сӕ зӕрдыл дарой, сӕ бӕстӕйы адӕймаджы тыххӕй информаци хъахъхъӕныны фӕдыл цы закъӕттӕ ис, уыдон.

^ 60 абз. НЫВТӔ (уӕлейӕ бынмӕ). Лӕг ӕмӕ ус хъусын кӕнынц, адӕмы хӕдзары баййафын зын кӕм у, ахӕм участокы. Фыццаг хӕдзары чи цӕры, уыцы нӕлгоймаг куысты ис. Дыккаг хӕдзары чи цӕры, уыцы сылгоймаг ис поликлиникӕйы. Ӕртыккаг хӕдзары чи цӕры, уыцы сылгоймаг та ис дуканийы. Фыццаг хӕдзары чи цӕры, уый хӕдзары баййӕфтой уыцы бон изӕрӕй. Дыккаг хӕдзары чи цӕры, ууыл фембӕлдысты, поликлиникӕйы раз стендтимӕ куы хъусын кодтой, уӕд. Ӕртыккаг хӕдзары чи цӕры, уымӕ та телефонӕй бадзырдтой.