Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИОГРАФИ

«Иннӕтӕй бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр дӕн!»

«Иннӕтӕй бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр дӕн!»

НЕ ’ФСАД лӕууыд Алжиры хӕхты. Уыцы рӕстӕг Алжиры хӕст йӕ тӕмӕны бацыд. Ӕз ӕхсӕвы иунӕгӕй лӕууыдтӕн постыл, змисы голджыты фӕстӕ, мӕ къухы уыди пулемет. Ахӕм талынг уыд, ӕмӕ, къух искӕй цӕсты куы фӕтъыстаис, уӕддӕр ӕй нӕ федтаид. Ӕвиппайды мӕ хъус ацахста цыдӕр уынӕр, чидӕр ӕрбацӕйцыд. Мӕ зӕрдӕ ныллӕууыд. Нырма тынг ӕрыгон уыдтӕн, ӕмӕ мӕ никӕй марын фӕндыд, стӕй мӕхи дӕр мӕлын нӕ фӕндыд. Ӕмӕ фӕхъӕр кодтон: «О Хуыцау! Баххуыс мын кӕн!»

Уыцы ’хсӕв мыл цы хабар ӕрцыд, уый мын мӕ цард фӕивта, уымӕн ӕмӕ мӕ уӕд бафӕндыд Сфӕлдисӕджы хуыздӕр базонын. Уыцы ’хсӕв дарддӕр цы уыд, уый уын цалынмӕ радзурон, уӕдмӕ уал уын радзурдзынӕн мӕ сабибонты тыххӕй. Гыццылӕй цы уыдтон, уыдӕттӕ дӕр мын баххуыс кодтой, цӕмӕй Хуыцауы агурын райдыдтаин.

МӔ ФЫДӔЙ ЦӔУЫЛ САХУЫР ДӔН

Ӕз райгуырдтӕн 1937 азы Францийы цӕгат хайы, шахтерты горӕт Генены. Мӕ фыд уыди шахтер. Ӕмӕ, куыд фыдӕбон кӕны, уый уынгӕйӕ бамбӕрстон, ӕнӕ кусгӕйӕ цӕрӕн кӕй нӕй. Стӕй уыдтон, мӕ фыд хӕрам хъуыддӕгтӕй йе сӕфт кӕй уыны. Шахтертӕй бирӕтӕ ӕвзӕр уавӕрты куыстой, ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй сын баххуыс кодтаид. Гъемӕ-иу профсоюзтӕм бацыд ӕмӕ шахтерты бартыл тох кодта. Стӕй ма тынг мӕсты кодта сауджынтӕм, цӕстмӕ митӕ кӕй кодтой, уый тыххӕй. Бирӕтӕ сӕ хорз цардысты. Фӕлӕ сӕ уӕддӕр фӕндыд, цӕмӕй сын шахтертӕ ӕхца ӕмӕ хӕринӕгтӕ лӕвӕрдтаиккой, афтӕмӕй та шахтертӕ сӕхӕдӕг хъуаг ӕййӕфтой. Мӕ фыдӕн сауджынты митӕ афтӕ ӕнад уыдысты, ӕмӕ мын дины тыххӕй никуы ницы дзырдта. Нӕ хӕдзары Хуыцауы кой уӕвгӕ дӕр никуы уыд.

Ӕз дӕр, куыд стырдӕр кодтон, афтӕ хӕрам хъуыддӕгтӕй ме сӕфт уынын райдыдтон. Францийы бирӕтӕ фӕсарӕйнӕгты нӕ уарзтой. Ӕз та-иу уарзтон футболӕй хъазын, ӕндӕр бӕстӕтӕй Францимӕ чи ’рлыгъд, уыдоны сывӕллӕттимӕ. Стӕй мӕ мад дӕр французаг нӕ уыди, польшӕйаг уыд. Ӕмӕ мӕ тынг фӕндыд, цӕмӕй алыхуызон адӕм фӕрнӕй цардаиккой ӕмӕ мачи макӕй хъулон кодтаид.

АДӔЙМАГ ЦӔМӔН ЦӔРЫ, УУЫЛ ФЫЛДӔР ХЪУЫДЫ КӔНЫН РАЙДЫДТОН

Ӕфсады куы уыдтӕн, уӕд

1957 азы мӕм ӕфсадмӕ фӕсидтысты, ӕмӕ Алжирмӕ дӕр афтӕмӕй бахаудтӕн. Уӕлдӕр кӕй кой кодтон, уыцы хабар дӕр мыл гъеуӕд ӕрцыд. Фыртӕссӕй куы фӕхъӕр кодтон, о Хуыцау, баххуыс мын кӕн, зӕгъгӕ, уӕд мӕ разы знаджы ӕфсӕддоны нӕ ауыдтон, куыд ӕнхъӕл уыдтӕн, афтӕ, фӕлӕ хъӕддаг хӕрӕг! Уӕд мын тынг фенцон. Фӕлӕ уыцы хабары тыххӕй, стӕй хӕсты тыххӕй дӕр фылдӕр хъуыды кӕнын райдыдтон, адӕймаг цӕмӕн цӕры, ууыл. Хъуыды-иу кодтон: «Цымӕ ныл Хуыцау тыхсы? Искуы сабыр цард уыдзӕн?»

Фӕстӕдӕр отпусчы мӕ ныййарджытӕм куы уыдтӕн, уӕд базонгӕ дӕн иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕнимӕ. Уый мын радта Библи. Ӕмӕ, Алжирмӕ куы аздӕхтӕн, уӕд ӕй кӕсын райдыдтон. Мӕ зӕрдӕмӕ уӕлдай тынгдӕр бахъардтой Раргомад 21:3, 4 стихтӕ. Ис дзы ахӕм ныхӕстӕ: «Хуыцауы цатыр ис адӕмы ’хсӕн... Ӕмӕ сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст». Уыцы ныхӕстӕ мӕ дисы бафтыдтой. Хъуыды кодтон: «Цымӕ уымӕн ӕцӕгдӕр гӕнӕн ис?» Уыцы рӕстӕг Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ Библийы тыххӕй ӕппындӕр ницы зыдтон.

1959 азы ӕфсадӕй куы ссыдтӕн, уӕд базонгӕ дӕн Франсуаимӕ. Уый уыди Йегъовӕйы Ӕвдисӕн ӕмӕ мын Библийӕ бирӕ цыдӕртӕ бамбарын кодта. Зӕгъӕм, Библийы мын равдыста, Хуыцауӕн кӕй ис ном – Йегъовӕ (Пс. 83:18). Стӕй ма мын бамбарын кодта, Йегъовӕ хӕрам хъуыддӕгтӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн, зӕххӕй дзӕнӕт кӕй сараздзӕн ӕмӕ, Раргомады 21:3, 4 стихты цы ныхӕстӕ ис, уыдон кӕй сӕххӕст кӕндзӕн.

Библийӕ цы базыдтон, уыдӕттӕ мын мӕ зӕрдӕ бацагайдтой. Фӕлӕ сауджынтӕм тынг мӕсты кодтон, ӕмӕ мӕ фӕндыди, цӕмӕй адӕм иууылдӕр базыдтаиккой, цы амонынц, уыдӕттӕ Библимӕ гӕсгӕ раст кӕй не сты. Уӕд нырма мӕ фыды хуызӕн хъуыды кодтон ӕмӕ мӕ фӕндыди уайтагъд цыдӕртӕ фӕивын.

Франсуа ӕмӕ ма Ӕвдисӕнтӕй кӕимӕ балымӕн дӕн, уыдон мын баххуыс кодтой, цӕмӕй мӕхиуыл хӕцын сахуыр уыдаин. Бамбарын мын кодтой, чырыстӕттӕн сӕ хӕс уый кӕй нӕу, цӕмӕй иннӕтӕн тӕрхон кӕной. Сӕ хӕс у Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын, цӕмӕй адӕмӕн фӕзына ныфс. Йесо дӕр уыцы хъуыддаг арӕзта ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дӕр уыцы хъуыддаг бахӕс кодта (Матф. 24:14; Лук. 4:43). Хъуамӕ ма сахуыр уыдаин адӕмимӕ фӕлмӕнӕй ӕмӕ сабырӕй ныхас кӕнын, цӕуыл ӕууӕндынц, уыимӕ-иу разы куы нӕ уыдаин, уӕддӕр. Библийы дӕр афтӕ ис фыст: «Хицауы цагъар... хъуамӕ хыл ма кӕна, фӕлӕ хъуамӕ алкӕимӕ дӕр уа фӕлмӕн» (2 Тим. 2:24).

Мӕ царды мӕ фӕивын цы хъуыд, уыдӕттӕ фӕивтон ӕмӕ 1959 азы районон конгрессы донаргъуыд райстон. Уым базонгӕ дӕн иу ӕрыгон хоимӕ, Анжелимӕ. Мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд. Анжель цы ӕмбырдмӕ цыди, ӕз дӕр уырдӕм цӕуын райдыдтон. Ӕмӕ 1960 азы нӕ цард баиу кодтам. Анжель у диссаджы бинойнаг. Уый мын у Йегъовӕйы зынаргъ лӕвар (Ӕмб. 19:14).

Нӕ чындзӕхсӕвы бон

БИРӔ ЦӔУЫЛДӔРТЫ САХУЫР ДӔН ФӔЛТӔРДДЖЫН ӔФСЫМӔРТӔЙ

Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ ӕмбаргӕ ӕмӕ фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртӕй бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр дӕн. Зӕгъӕм, бамбӕрстон уый, ӕмӕ дын Йегъовӕйы организаци цыфӕнды зын хъуыддаг ма бахӕс кӕна,– цӕмӕй ӕнтыстджын уай, уый тыххӕй хъуамӕ уай сӕрныллӕг ӕмӕ архайай Ӕмбисӕндтӕ 15:22 стихы ныхӕстӕм гӕсгӕ. Уым фыст ис: «Бирӕ уынаффӕгӕнджытӕ кӕм уа, уым... алцыдӕр рауайдзӕн».

Францийы районон цӕстдарӕгӕй куы лӕггад кодтон, уӕд, 1965 аз

1964 азы райдыдтон районон цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнын, ӕмӕ мын уыцы уынаффӕ гъеуӕд стыр ӕххуыс фӕци. Ӕз-иу бӕрӕг кодтон ӕмбырдтӕ, ӕмӕ мӕ хӕс уыд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уырнындзинад фидар кӕнын. Фӕлӕ мыл уӕд 27 азы йеддӕмӕ нӕ цыди, ӕмӕ афтӕ фӕлтӕрдджын нӕ уыдтӕн, ӕмӕ-иу рӕдигӕ дӕр фӕкодтон. Ӕз архайдтон, цӕмӕй-иу мӕ рӕдыдтытӕй истӕуыл сахуыр уыдаин. Фӕлӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр дӕн фӕлтӕрдджын уынаффӕгӕнджыты фӕрцы.

Иу хабар уын радзурдзынӕн. Уӕд нырма ног районон цӕстдарӕг уыдтӕн. Парижы иу ӕмбырд куы бӕрӕг кодтон, уӕд мӕм къуырийы кӕрон иу фӕлтӕрдджын ӕфсымӕр ӕрбацыд ӕмӕ мын загъта, иу гыццыл, дам, дӕ ӕвдӕлы, цыдӕр зӕгъинаг, дам, дын дӕн. Уый мӕ бафарста: «Луи, дохтырмӕ куы фӕдзурынц, уӕд кӕмӕ ӕрбацӕуы?» Ӕз ын дзуапп радтон: «Рынчынмӕ». Уӕд мын уый загъта: «О, раст зӕгъыс. Фӕлӕ йӕ ӕз бафиппайдтон, фылдӕр рӕстӕг кӕй ӕрвитыс, йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн у, уыдонимӕ, зӕгъӕм, ӕмбырды цӕстдарӕгимӕ. Фӕлӕ не ’мбырды ис, ӕххуыс кӕй хъӕуы, бирӕ ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. Чи дзы ныфссаст у, чи дзы Йегъовӕйӕн ӕрӕджы райдыдта лӕггад кӕнын, чи та ӕфсӕрмыгӕнаг у. Уыдон дӕ тынг бузныг уыдаиккой, семӕ дӕр рӕстӕг куы арвыстаис кӕнӕ сӕм уазӕгуаты куы бауадаис, уӕд».

Уыцы ӕфсымӕрӕй тынг фӕбузныг дӕн йӕ уынаффӕйы тыххӕй, уымӕн ӕмӕ мын раст загъта. Йегъовӕйы «фысты» куыд тынг уарзы, уый мын мӕ зӕрдӕ тынг бацагайдта. Кӕд мын кӕмдӕр хъыг уыди, чидӕр мын уынаффӕ кӕй радта, уӕддӕр уайтагъд уыцы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын райдыдтон. Йегъовӕйӕ тынг бузныг дӕн ахӕм ӕфсымӕрты тыххӕй.

1969 азы, стӕй та 1973 азы дӕр Коломбы, Парижмӕ ’ввахс, уыд ӕхсӕнадӕмон конгресс. Ӕмӕ дыууӕ конгрессы дӕр мӕ хӕс уыди хӕринаджы кой бакӕнын. 1973 азы конгресмӕ хъуамӕ ӕрцыдаид 60 мин адӕймаджы бӕрц, ӕмӕ сын 5 боны дӕргъы хъуыди хӕринаг кӕнын. Алцыдӕр куыд хъуамӕ спълан кодтаин, уый мӕ сӕр нӕ ахста. Ӕмӕ та Ӕмбисӕндтӕ 15:22 стихы ныхӕстӕ мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты. Ахӕм хъуыддӕгты фӕлтӕрддзинад кӕмӕ уыд, уыцы ӕфсымӕртӕй ӕххуыс бацагуырдтон. Чи сӕ дзидза уӕй кодта, чи сӕ халсарты куыст кодта, чи хӕринаггӕнӕг уыд, чидӕртӕ та хорз зыдтой, кӕм цы ис балхӕнӕн, уый. Ӕмӕ иумӕ уыцы зын хъуыддаг бакодтам.

1973 азы нӕ фӕхуыдтой Францийы Вефилмӕ. Ӕмӕ мын фыццаг цы бахӕс кодтой, уый дӕр та ӕнцон хъуыддаг нӕ уыд. Хъуамӕ-иу ӕфсымӕртӕм Камерунмӕ (Африкӕмӕ) литературӕ фӕхӕццӕ кодтаин. Ӕмӕ уым та 1970 азӕй 1993 азмӕ нӕ хъуыддаг ӕхгӕд уыд. Ӕмӕ та фӕтыхстӕн. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уый бамбӕрста, уыцы рӕстӕг Францийы филиалы цӕстдарӕг чи уыд, уыцы ’фсымӕр. Ӕмӕ цӕмӕй фӕныфсджындӕр уыдаин, уый тыххӕй мын загъта: «Камеруны не ’фсымӕрты тынг хъӕуы уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг. Ӕххормагӕй сӕ уадзӕн нӕй». Ӕмӕ сӕ мах дӕр нӕ ныууагътам.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Камерунӕй Нигеримӕ сӕрмагонд фембӕлдмӕ куы ’рцыдысты, уӕд, 1973 аз

Цалдӕр хатты ацыдтӕн Камеруны сыхаг бӕстӕтӕм, цӕмӕй-иу Камеруны хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ фембӕлдаин. Уыцы хъӕбатыр ӕмӕ ӕмбаргӕ ӕфсымӕртимӕ иумӕ ӕрхъуыды кодтам, Камерунмӕ литературӕ куыд ис ӕрвитӕн, уый. Ӕмӕ нын Йегъовӕ раарфӕ кодта. Ахъуыды-ма кӕнут, 20 азмӕ иу хатт дӕр афтӕ нӕ уыд, ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг» ма райсой!

1977 азы Анжелимӕ ӕрцыдыстӕм Нигеримӕ, цӕмӕй фембӕлдаиккам, Камерунӕй чи ’рцыд, уыцы районон цӕстдарджытимӕ ӕмӕ сӕ устытимӕ

БИРӔ ЦӔУЫЛДӔРТЫ САХУЫР ДӔН МӔ БИНОЙНАГӔЙ

Анжелимӕ ӕмбӕлын куы райдыдтам, уӕд уайтагъддӕр бамбӕрстон, Йегъовӕйы куыд тынг уарзы, уый. Ӕмӕ, нӕ цард куы баиу кодтам, уӕд уый ноджы хуыздӕр бамбӕрстон. Нӕ чындзӕхсӕвы бон мын изӕрӕй Анжель загъта, цӕмӕй Йегъовӕмӕ скуывтаин ӕмӕ йын загътаин, кӕй нӕ фӕнды иумӕ Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕнын. Ӕмӕ нын Йегъовӕ нӕ куывд фехъуыста.

Анжелы фӕрцы ма сахуыр дӕн мӕ ныфс Йегъовӕйыл ноджы тынгдӕр дарын. Иу цӕвиттон уын ӕрхӕсдзынӕн. 1973 азы нӕ Вефилмӕ куы фӕхуыдтой, уӕд мӕ нӕ фӕндыд уырдӕм цӕуын, уымӕн ӕмӕ мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд районон цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнын. Фӕлӕ мын Анжель мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, нӕ цард Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтам. Ӕмӕ, дам, уӕд хъуамӕ, йӕ организаци нын цыфӕнды ма бахӕс кӕна, уый ма саразӕм? (Дзут. 13:17). Ӕмӕ ма ӕз дӕр цы хъуамӕ загътаин. Гъемӕ Вефилмӕ ацыдыстӕм. Анжель у ӕмбаргӕ, уӕззаузонд адӕймаг ӕмӕ Йегъовӕйы дӕр тынг уарзы. Ӕмӕ уый фӕрцы дӕр уал азы «а» ӕмӕ «о»-йӕ фӕцардыстӕм ӕмӕ-иу рахастам раст уынаффӕтӕ.

Анжелимӕ Францийы Вефилы кӕрты

Анжель ныр дӕр у мӕ хорз ӕмбал, ме ’ххуысгӕнӕг. Нӕ организацийы скъолатӕй кӕцыдӕртӕ фӕцӕуынц англисаг ӕвзагыл. Ӕмӕ цӕмӕй нӕ бон уыдаид уыцы скъолатӕй искӕцыйы ахуыр кӕнын, уый тыххӕй сфӕнд кодтам англисаг ӕвзаг хуыздӕр базонын. Мах рахызтыстӕм англисаг ӕмбырдмӕ. Уӕд мӕныл дӕр ӕмӕ Анжелыл дӕр 70 азӕй фылдӕр цыди. Францийы филиалы комитеты кӕй уыдтӕн ӕмӕ мыл бирӕ хӕстӕ кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ мын англисаг ӕвзаг ахуыр кӕнынӕн фаг рӕстӕг нӕ уыд. Фӕлӕ Анжелимӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кодтам. Ныр мӕныл дӕр ӕмӕ Анжелыл дӕр 80 азӕй фылдӕр цӕуы. Фӕлӕ уӕддӕр ӕмбырдтӕм фӕцӕттӕ кӕнӕм англисаг ӕвзагыл дӕр ӕмӕ французаг ӕвзагыл дӕр. Стӕй ма фӕархайӕм, цӕмӕй не ’мбырдимӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, арӕхдӕр хъусын кӕнӕм ӕмӕ фембӕлдты дӕр, нӕ бон цы у, уый аразӕм. Ӕмӕ нын Йегъовӕ дӕр ӕххуыс кӕны англисаг ӕвзаг ахуыр кӕнынӕн.

2017 азы схайджын стӕм стыр арфӕдзинадӕй. Анжелимӕ нӕ фӕхуыдтой, филиалты комитетты уӕнгтӕ ӕмӕ сӕ устытӕ кӕм фӕахуыр кӕнынц, уыцы скъоламӕ. Уыцы скъола фӕцӕуы Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ахуырадон центры Паттерсоны (штат Нью-Йорк).

Йегъовӕ у ӕппӕты хуыздӕр Зондамонӕг! (Ис. 30:20). Уый йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕй дӕр ахуыр кӕны – зӕрӕдты дӕр, ӕрыгӕтты дӕр, сывӕллӕтты дӕр, ӕмӕ уымӕй хуыздӕр ахуырад райсӕн нӕй (Дык. з. 4:5–8). Йегъовӕмӕ ӕмӕ фӕлтӕрдджын хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм чи фӕхъусы, уыцы ӕрыгӕттӕ свӕййынц Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ сахуыр вӕййынц раст уынаффӕтӕ хӕссын. Ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр вӕййынц ӕнтыстджын. Ӕмбисӕндты 9:9 стихы фыст ис: «Зондджынӕн зонд бацамон, ӕмӕ ноджы зондджындӕр суыдзӕн. Рӕстгӕнӕгӕн зонындзинӕдтӕй бахай кӕн, ӕмӕ ноджы фылдӕр базондзӕн».

Иуӕй-иу хатт мӕ зӕрдыл ӕрлӕууы, 60 азы размӕ мыл Алжиры хӕхты уыцы тар ӕхсӕв цы ’рцыд, уый. Уӕд уый ӕнхъӕл чи уыд, ӕмӕ мын ахӕм арфӕйаг цард уыдзӕн! Иннӕтӕй бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр дӕн! Йегъовӕ мӕн дӕр ӕмӕ Анжелы дӕр бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кодта. Ӕмӕ мах дарддӕр дӕр фӕнды нӕ уӕларвон Фыдӕй ӕмӕ йӕ чи уарзы, уыцы фӕлтӕрдджын хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй ахуыр кӕнын.