Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

18 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Исты дӕ бахъыгдардзӕн Йесойы фӕдыл цӕуын?

Исты дӕ бахъыгдардзӕн Йесойы фӕдыл цӕуын?

«Амондджын у уыцы адӕймаг, мӕныл чи нӕ дызӕрдыг кӕны» (МАТФ. 11:6).

54 ЗАРӔГ «Мӕнӕ фӕндаг»

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Библийӕ цы базыдтай, уый тыххӕй иннӕтӕн фыццаг хатт куы дзырдтай, уӕд дӕм иууылдӕр хъуыстой?

ХЪУЫДЫ ма кӕныс, рӕстдзинад кӕй ссардтай, уый куы бамбӕрстай, уыцы бон? Ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодтай, Библийы цытӕ ис фыст, уыдон иууылдӕр куыд ӕнцонӕмбарӕн сты, зӕгъгӕ. Ӕмӕ дӕм, чи зоны, афтӕ каст, ӕмӕ, ды цӕуыл баууӕндыдтӕ, ууыл алчидӕр баууӕнддзӕн. Ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодтай, рӕстдзинад куы базоной, уӕд ныр дӕр кӕй уыдзысты амондджын, стӕй сын кӕй фӕзындзӕн ныфс, фидӕны сӕм диссаджы цард кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы (Пс. 119:105). Ӕмӕ-иу дӕ хиуӕттӕн ӕмӕ де ’мбӕлттӕн се ’ппӕтӕн дӕр зӕрдиагӕй дзырдтай, Библийӕ-иу цы базыдтай, уыдӕттӕ. Фӕлӕ стӕй бамбӕрстай, бирӕты зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цыд, цы сын дзырдтай, уый. Ӕмӕ дӕм уый диссаг куыннӕ фӕкастаид.

2, 3. Адӕмӕн сӕ фылдӕр Йесомӕ ӕмӕ, цы хабар хъусын кодта, уымӕ цы цӕстӕй кастысты?

2 Цы хабар хъусын кӕнӕм, уымӕ адӕм куы нӕ хъусой, уӕд-иу нӕм уый хъуамӕ диссаг ма фӕкӕса. Йесойыл дӕр йӕ рӕстӕджы адӕмӕн сӕ фылдӕр нӕ баууӕндыдысты. Ӕмӕ уый та диссӕгтӕ дӕр арӕзта, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг уыд, Хуыцау ын кӕй ӕххуыс кӕны, уый. Зӕгъӕм, Чырысти райгас кодта Лазӕры. Ӕмӕ, йӕ ныхмӕ чи цыд, суанг уыдонӕн дӕр сӕ бон нӕ уыд зӕгъын, уыцы диссаг нӕ сарӕзта, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уӕддӕр дзуттаг дины разамонджытӕ нӕ баууӕндыдысты, Йесо Мессийӕ кӕй у, ууыл. Ӕмӕ ма Йесойы ӕмӕ Лазӕры марынмӕ дӕр хъавыдысты! (Иоан. 11:47, 48, 53; 12:9–11).

3 Йесо зыдта, адӕмӕн сӕ фылдӕр кӕй нӕ баууӕнддзысты, Мессийӕ кӕй у, ууыл (Иоан. 5:39–44). Уый Аргъауӕг Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Амондджын у уыцы адӕймаг, мӕныл чи нӕ дызӕрдыг кӕны» (Матф. 11:2, 3, 6). Цымӕ йыл бирӕтӕ цӕуылнӕ баууӕндыдысты?

4. Ацы статьяйы цӕмӕ ’ркӕсдзыстӕм?

4 Ацы статьяйӕ ӕмӕ иннӕ статьяйӕ мах базондзыстӕм, 1 ӕнусы бирӕтӕ Йесойыл цӕуылнӕ баууӕндыдысты, уый. Аныхас ма кӕндзыстӕм, абон бирӕтӕн цӕлхдур цы свӕййы, ууыл. Стӕй ма базондзыстӕм, цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йесойыл фидарӕй ӕууӕндӕм ӕмӕ нын цӕлхдур мацы суа.

1. ЙЕСО КӔМ СХЪОМЫЛ ӔМӔ ЙӔ БИНОНТӔ ЧИ УЫДЫСТЫ, УЫЙ

Бирӕтӕн цӕлхдур сси, Йесо кӕм схъомыл ӕмӕ йӕ бинонтӕ чи уыдысты, уый. Абон дӕр бирӕтӕн ахӕм цыдӕр цӕлхдур куыд свӕййы? (кӕс 5 абзац) *

5. Бирӕтӕ цӕуылнӕ ӕууӕндыдысты, Йесо зӕрдӕвӕрд Мессийӕ кӕй у, ууыл?

5 Йесо кӕм схъомыл ӕмӕ йӕ бинонтӕ чи уыдысты, уый бирӕтӕн сси цӕлхдур. Уыдон разы уыдысты, Йесо тынг хорз ахуыргӕнӕг кӕй у. Стӕй уыдтой, диссӕгтӕ кӕй аразы. Фӕлӕ сӕ цӕсты уыд ӕрмӕстдӕр хуымӕтӕг хъӕддӕсныйы фырт. Стӕй уыди горӕт Назаретӕй, ӕмӕ уыцы горӕт та, ӕвӕццӕгӕн, ахӕм кадджын горӕтыл нымад нӕ уыд. Суанг ма Нафанаил дӕр, уый фӕстӕ Йесойы ахуыргӕнинаг чи сси, уый, фыццаг афтӕ загъта: «Назаретӕй хорзӕй исты рацӕуа?» (Иоан. 1:46). Ӕвӕццӕгӕн, Нафанаилӕн Назарет йӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыди. Кӕнӕ та, чи зоны, афтӕ уымӕн загъта, ӕмӕ зыдта, Михейы 5:2 стихы цы пехуымпарад ис, уый, ома, Мессийӕ Назареты нӕ, фӕлӕ Вифлеемы кӕй райгуырдзӕн.

6. Адӕмӕн цы баххуыс кодтаид, Йесо Мессийӕ кӕй у, уый бамбарынӕн?

6 Дзуттаг Фыстыты цы уыд фыст? Пехуымпар Исай раджы загъта, Йесойы знӕгтӕ лӕмбынӕг кӕй нӕ хъуыды кӕндзысты Мессийӕйы «равзӕрды хабӕрттыл» (Ис. 53:8). Пехуымпарӕдты Мессийӕйы тыххӕй бирӕ лыстӕг хабӕрттӕ уыд загъд. Ӕмӕ уыдон алцыдӕр куы сбӕлвырд кодтаиккой, уӕд базыдтаиккой, Йесо Вифлеемы кӕй райгуырд ӕмӕ паддзах Давиды байзӕддаг кӕй уыд (Лук. 2:4–7). Уӕдӕ Йесо райгуырд, Михейы 5:2 стихы цы бынаты кой ис, уым. Фӕлӕ адӕм уайтагъд цавӕрдӕр хатдзӕгтӕ акодтой, алцы нӕ базыдтой, афтӕмӕй. Ӕмӕ сӕ уый бахъыгдардта Йесойыл баууӕндын.

7. Бирӕтӕ рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ цӕуылнӕ айсынц?

7 Абон дӕр хабар афтӕ у? О. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ фылдӕр сты хуымӕтӕг адӕм, цавӕрдӕр стыр бынӕттӕ нӕ ахсынц. Ӕмӕ сӕ уый тыххӕй бирӕтӕ нымайынц, ахуырдзинад кӕмӕ нӕй, ахӕм адӕмыл (Хъуыд. 4:13). Иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ нын бар нӕй, цӕмӕй адӕмӕн Библийы тыххӕй дзурӕм, уымӕн ӕмӕ дины скъолаты нӕ ахуыр кодтам. Чидӕртӕ та Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты дин нымайынц америкаг диныл. Афтӕмӕй та Ӕвдисӕнтӕй ӕрмӕстдӕр 14 проценты бӕрц цӕры Америкӕйы Иугонд Штатты. Иннӕтӕ фӕзӕгъынц, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, дам, Чырыстийыл не ’ууӕндынц. Стӕй нӕ цынӕуал схуыдтой, ахӕм нал баззад. Кӕм нӕ «коммунисттӕ» хонынц, кӕм – «америкаг шпионтӕ», кӕм та – «экстремисттӕ». Бирӕтӕ, хабар ӕцӕгӕй куыд у, уый нӕ фӕзонынц кӕнӕ сӕ фӕндгӕ дӕр нӕ фӕкӕны уый базонын. Ӕмӕ ахӕм мӕнг ныхӕсты тыххӕй рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ нӕ айсынц.

8. Хъуыддӕгтӕ 17:11 стихмӕ гӕсгӕ, адӕймаг цы хъуамӕ араза, цӕмӕй базона, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ чи сты, уый?

8 Адӕймагӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын цӕлхдур мацы суа? Хъуамӕ сбӕлвырд кӕна, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ чи сты ӕмӕ цы амонынц, уый. Зӕгъӕм, Евангели фыссӕг Лука дӕр бацархайдта, цӕмӕй «ӕппӕт дӕр кӕрӕй-кӕронмӕ сбӕлвырд» кодтаид. Уый фӕндыд, цӕмӕй, Йесойы царды ӕмӕ лӕггады хабӕрттӕ чи кастаид, уыдон фидарӕй зыдтаиккой, цы фехъуыстой, уыдӕттӕ раст кӕй сты (Лук. 1:1–4). Вериаг дзуттӕгтӕ дӕр афтӕ кодтой. Уыдон Йесойы тыххӕй хорз хабар фыццаг хатт куы фехъуыстой, уӕд уый абарстой, уый фӕдыл Дзуттаг Фыстыты цы ис фыст, уыимӕ. Фӕндыди сӕ алцыдӕр сбӕлвырд кӕнын. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 17:11.) Абон дӕр адӕмы афтӕ хъӕуы кӕнын. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы дзурынц, уый-иу хъуамӕ абарой, Библийы цы фыст ис, уыимӕ. Стӕй ма-иу хъуамӕ фылдӕр базоной нӕ организацийы тыххӕй. Афтӕ куы кӕной, уӕд сын кӕйдӕр мӕнг ныхӕстӕ цӕлхдур не суыдзысты.

2. ЙЕСО КӔЙДӔР ЗӔРДӔ БАЛХӔНЫНЫ ТЫХХӔЙ ДИССӔГТӔ НӔ АРӔЗТА

Бирӕтӕн цӕлхдур сси, Йесо кӕйдӕр зӕрдӕ балхӕныны тыххӕй диссӕгтӕ саразыныл кӕй не сразы. Абон дӕр бирӕтӕн ахӕм цыдӕр цӕлхдур куыд свӕййы? (кӕс 9, 10 абзацтӕ) *

9. Йесо уӕларвӕй диссаг равдисыныл кӕй не сразы, уый тыххӕй кӕмӕндӕрты сӕ хабар куыд рауад?

9 Йесо цы амыдта, уый кӕмӕндӕрты фаг нӕ уыд, цӕмӕй йыл баууӕндыдаиккой. Уыдоны фӕндыд, цӕмӕй сын «уӕларвӕй... диссаг» равдыстаид ӕмӕ афтӕмӕй сбӕлвырд кодтаид, Мессийӕ кӕй у, уый (Матф. 16:1). Чи зоны, уыдон афтӕ уымӕн дзырдтой, ӕмӕ Данелы 7:13, 14 стихты цы фыст ис, уый раст не ’мбӕрстой. Фӕлӕ уыцы пехуымпарад хъуамӕ фидӕны сӕххӕст уыдаид. Йесо цы дзырдта ӕмӕ цы амыдта, уый дӕр фаг уыд, цӕмӕй бамбӕрстаиккой, Мессийӕ кӕй у. Фӕлӕ сын диссаг кӕй нӕ равдыста, уый сын сси цӕлхдур (Матф. 16:4).

10. Йесо куыд сӕххӕст кодта, Исай Мессийӕйы тыххӕй цы ныффыста, уый?

10 Дзуттаг Фыстыты цы уыд фыст? Пехуымпар Исай Мессийӕйы тыххӕй ныффыста: «Уый хъӕрныхас нӕ кӕндзӕн, йӕ хъӕр нӕ райхъуысдзӕн ӕмӕ йын уынджы йӕ хъӕлӕс ничи фехъусдзӕн» (Ис. 42:1, 2). Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд йӕхимӕ адӕмы ’ргом не здӕхта. Уый кувӕндӕттӕ нӕ арӕзта, нӕ дардта, дины разамонджытӕ кӕй дардтой, ахӕм уӕлӕдарӕс, стӕй нӕ домдта, цӕмӕй йӕ адӕм кадджын нӕмттӕй хуыдтаиккой. Тӕрхон ын куы кодтой ӕмӕ йӕ цардӕн тӕссаг куы уыд, уӕд дӕр паддзах Ироды дисы бафтауыныл нӕ архайдта, ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ балхӕныны тыххӕй диссаг нӕ сарӕзта (Лук. 23:8–11). Йесо диссӕгтӕ дӕр куыннӕ арӕзта, фӕлӕ йын сӕйрагдӕр уыди хорз хабар хъусын кӕнын. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр загъта, уый тыххӕй кӕй ӕрцыд (Мар. 1:38).

11. Бирӕтӕ динты тыххӕй цы хъуыды кӕнынц?

11 Абон дӕр хабар афтӕ у? О. Абон бирӕты дисы ӕфтауынц стыр аргъуантӕ ӕмӕ дзы цы рӕсугъд, зынаргъ нывтӕ ӕмӕ дзауматӕ вӕййы, уыдон. Сӕ цӕсты кадджын сты, алыхуызон кадджын нӕмттӕй кӕй хонынц, уыцы дины разамонджытӕ. Дисы ма сӕ ӕфтауы, дины бӕрӕгбӕттӕ куыд фӕкӕнынц, уый дӕр. Афтӕмӕй та сын сӕ равзӕрд ӕмӕ сӕ цӕмӕн бӕрӕг кӕнынц, уый зонгӕ дӕр нӕ кӕнынц. Фӕлӕ, аргъуантӕм чи цӕуы, уыдон уым Хуыцауы ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй исты базонынц? Не ’мбырдтӕм чи ’рбацӕуы, уыдон та базонынц Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ, стӕй сӕ бон уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрын куыд у, уый. Нӕ Паддзахады залтӕ сты хуымӕтӕг ӕмӕ дзы ӕмбисонды зынаргъ дзауматӕ нӕ вӕййы. Фӕлӕ сты сыгъдӕг ӕмӕ райдзаст агъуыстытӕ. Разамынд нын чи дӕтты, уыдон, иннӕтӕй кӕмӕй хицӕн кӕной, ахӕм уӕлӕдарӕс нӕ дарынц, стӕй сӕ кадджын нӕмттӕй ничи хоны. Мах ӕууӕндӕм, Библийы цы фыст ис, ууыл ӕмӕ адӕмӕн дӕр уыдӕттӕ амонӕм. Фӕлӕ уӕддӕр, Хуыцауӕн куыд кувӕм, уый бирӕтӕм ӕгӕр хуымӕтӕг кӕсы, ӕмӕ сын уый цӕлхдур свӕййы. Стӕй сын Библийӕ цы фӕамонӕм, уый сӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕуы, уымӕн ӕмӕ сӕ ӕндӕр цыдӕртӕ фӕфӕнды фехъусын.

12. Дзуттӕгтӕм 11:1, 6 стихтӕм гӕсгӕ, нӕ уырнындзинадӕн йӕ бындур цы хъуамӕ уа?

12 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нын цӕлхдур мацы суа? Апостол Павел Ромы цӕрӕг чырыстӕттӕм ныффыста: «Адӕймагмӕ уырнындзинад уӕд фӕзыны, ӕмӕ уыцы хабар куы фехъусы. Ӕмӕ йӕ хъусгӕ та фӕкӕны, исчи Чырыстийы тыххӕй куы фӕдзуры, уӕд» (Ром. 10:17). Уӕдӕ адӕймагмӕ уырнындзинад фӕзыны, Фыстад кӕй фӕиртасы, уый фӕрцы. Библимӕ гӕсгӕ раст чи не сты, ахӕм дины бӕрӕгбӕтты кӕй фӕархайы, уый йӕ уырнындзинадӕн ницы пайда у, уыцы бӕрӕгбӕттӕ йӕм цыфӕнды рӕсугъд ма кӕсой, уӕддӕр. Хъуамӕ нӕм уа, йӕ бындур бӕлвырд зонындзинӕдтӕ кӕмӕн сты, ахӕм фидар уырнындзинад, уымӕн ӕмӕ «ӕнӕ уырнындзинадӕй... Хуыцауы зӕрдӕ барухс кӕнӕн нӕй». (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:1, 6.) Уӕдӕ цӕмӕй бамбарӕм, рӕстдзинад кӕй ссардтам, уый тыххӕй нӕ уӕларвӕй диссаг фенын нӕ хъӕуы. Библийы ахуырӕдтӕ лӕмбынӕг куы иртасӕм, уӕд уый дӕр фаг уыдзӕн, цӕмӕй нӕ бауырна, Библийы цы фыст ис, уый рӕстдзинад кӕй у, стӕй цӕмӕй дызӕрдыг хъуыдытӕй фервӕзӕм.

3. ЙЕСО ДЗУТТАГ ӔГЪДӔУТТӔЙ БИРӔТӔ НЕ ’ХХӔСТ КОДТА

Бирӕтӕн цӕлхдур сси, Йесо дзуттаг ӕгъдӕуттӕй кӕцыдӕртӕ кӕй не ’ххӕст кодта. Абон дӕр бирӕтӕн ахӕм цыдӕр цӕлхдур куыд свӕййы? (кӕс 13 абзац) *

13. Бирӕтӕ Йесомӕ фаутӕ цӕмӕн хастой?

13 Аргъауӕг Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕм диссаг фӕкаст, Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ ком кӕй нӕ дардтой, уый. Йесо сын бамбарын кодта, йӕ ахуыргӕнинӕгты ком дарын кӕй нӕ хъуыд, уымӕн ӕмӕ нырма ӕгас уыд (Матф. 9:14–17). Фӕлӕ йӕм уӕддӕр фарисейтӕ ӕмӕ ма йӕ ныхмӕ ноджыдӕр чи цыд, уыдон фаутӕ хастой, се ’гъдӕуттӕ сын кӕй не ’ххӕст кодта, уый тыххӕй. Мӕсты йӕм кодтой, сабаты-иу рынчынты кӕй сдзӕбӕх кодта, уый тыххӕй (Мар. 3:1–6; Иоан. 9:16). Уыдон сӕхицӕй ӕппӕлыдысты, сабатбоны закъон ӕххӕст кӕнӕм, зӕгъгӕ. Сӕхӕдӕг та адӕмӕн бар лӕвӕрдтой, цӕмӕй кувӕндоны цыдӕртӕ уӕй кодтаиккой. Ӕмӕ сын Йесо куы бауайдзӕф кодта, уӕд ӕм тынг смӕсты сты (Матф. 21:12, 13, 15). Назареты ӕмбырдгӕнӕны та адӕмӕн ракодта, раджы заманты чи цард, уыдонӕй кӕйдӕрты кой. Ӕмӕ сын афтӕмӕй бамбарын кодта, хиуарзон кӕй уыдысты ӕмӕ сӕм уырнындзинад кӕй нӕ уыд. Ӕмӕ йӕм уыдон дӕр мӕстӕй рафыхтысты (Лук. 4:16, 25–30). Бирӕтӕм ӕнахуыр фӕкаст, Йесо цы дзырдта ӕмӕ куыд кодта, уый, ӕмӕ йыл уый тыххӕй нӕ баууӕндыдысты (Матф. 11:16–19).

14. Йесо адӕмы ӕрымысгӕ ӕгъдӕутты ныхмӕ цӕмӕн дзырдта?

14 Дзуттаг Фыстыты цы уыд фыст? Йегъовӕ пехуымпар Исайы уылты загъта: «Ацы адӕм мӕм ӕрмӕст дзыхӕй хӕстӕг кӕнынц ӕмӕ мӕ ӕрмӕст дзыхӕй кадджын кӕнынц, сӕ зӕрдӕтӕ та мӕнӕй адард кодтой. Уыдон адӕмы ӕрымысгӕ фӕдзӕхстытӕ базыдтой, ӕмӕ сӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ уый у Хуыцауӕй тӕрсын» (Ис. 29:13). Йесо дзырдта, Фыстадмӕ гӕсгӕ раст чи нӕ уыд, уыцы ӕгъдӕутты ныхмӕ. Адӕмы ӕрымысгӕ закъӕттӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ Фыстадӕй ахсджиагдӕр кӕмӕн уыдысты, уыдон Йегъовӕйыл ӕмӕ Мессийӕйыл сӕ къух систой.

15. Абон бирӕтӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты цӕуылнӕ уарзынц?

15 Абон дӕр хабар афтӕ у? О. Бирӕты зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, Библимӕ гӕсгӕ раст чи не сты, уыцы бӕрӕгбӕттӕ кӕй нӕ бӕрӕг кӕнӕм, уый, зӕгъӕм, Ног аз кӕнӕ гуырӕнбонтӕ. Иуӕй-иутӕ та нӕм мӕсты кӕнынц, патриотизмимӕ баст бӕрӕгбӕттӕ кӕй нӕ бӕрӕг кӕнӕм кӕнӕ марды кӕндтӕ кӕй нӕ кӕнӕм, уый тыххӕй. Уыдӕттӕ цӕлхдур кӕмӕн свӕййынц, уыдонмӕ, гӕнӕн ис, афтӕ кӕса, ӕмӕ, Хуыцауы куыд фӕнды, афтӕ йын кувынц ӕмӕ сӕ райгонд у. Фӕлӕ сын кӕд адӕмы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттӕ Библийы бӕлвырд ахуырӕдтӕй ахсджиагдӕр сты, уӕд сӕ бон нӕу Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын (Мар. 7:7–9).

16. Псалом 119:97, 113, 163–165 стихтӕм гӕсгӕ, цы хъуамӕ аразӕм ӕмӕ нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм?

16 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нын цӕлхдур мацы суа? Хъуамӕ Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ тынг бауарзӕм. (Бакӕс Псалом 119:97, 113, 163–165.) Йегъовӕйы куы уарзӕм, уӕд, йӕ зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, уыцы ’гъдӕуттӕ не ’ххӕст кӕндзыстӕм. Стӕй уый бар никӕмӕн ӕмӕ ницӕмӕн ратдзыстӕм, цӕмӕй нӕ Йегъовӕйӕ адард кӕна.

4. ЙЕСО НОГ ХИЦАУАД НӔ СӔВӔРДТА

Бирӕтӕн цӕлхдур сси, Йесо политикӕйы кӕй нӕ архайдта, уый. Абон дӕр бирӕтӕн ахӕм цыдӕр цӕлхдур куыд свӕййы? (кӕс 17 абзац) *

17. Йесойы рӕстӕджы бирӕтӕ цӕмӕ ’нхъӕлмӕ кастысты?

17 Йесойы рӕстӕджы бирӕты фӕндыд, цӕмӕй ног хицауад ӕвӕрд ӕрцыдаид. Ныфс сӕ уыди, Мессийӕ сӕ ромӕгты ӕфсондзӕй кӕй ссӕрибар кӕндзӕн. Фӕлӕ Йесойы паддзахӕй сӕвӕрынмӕ куы хъавыдысты, уӕд не сразы (Иоан. 6:14, 15). Иннӕтӕ та, уыимӕ сауджынтӕ дӕр, тарстысты, Йесо ног хицауад куы сӕвӕра, уымӕй. Уӕд ромӕгтӕ смӕсты уыдаиккой ӕмӕ, сауджынтӕн цы бартӕ радтой, уыдон сын байстаиккой. Уыдӕтты тыххӕй дзуттӕгтӕй бирӕтӕ Йесойыл нӕ баууӕндыдысты.

18. Цӕмӕн рауад афтӕ, ӕмӕ бирӕтӕ Мессийӕйы тыххӕй кӕцыдӕр пехуымпарӕдтӕ ницӕмӕ ’рдардтой?

18 Дзуттаг Фыстыты цы уыд фыст? Мессийӕйы тыххӕй бирӕ пехуымпарӕдты загъд уыд, паддзах кӕй суыдзӕн ӕмӕ уӕлахиздзау кӕй уыдзӕн. Фӕлӕ ӕндӕр пехуымпарӕдтӕй базонӕн уыд, Йесо уал раздӕр адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй кӕй хъуамӕ амардаид (Ис. 53:9, 12). Уӕдӕ дзуттӕгтӕ цавӕрдӕр хабӕрттӕ раст цӕуылнӕ ’мбӕрстой? Уыдоны фӕндыд, цӕмӕй сӕ зындзинӕдтӕй уайтагъд фервӕзтаиккой. Ӕмӕ сын Мессийӕ сӕ зындзинӕдтӕн уайтагъд кӕрон кӕй скӕндзӕн, уый кой кӕм нӕ уыд, уыцы пехуымпарӕдтӕ ницӕмӕ ’рдардтой (Иоан. 6:26, 27).

19. Абон бирӕтӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм цӕмӕ ’нхъӕлмӕ кӕсынц?

19 Абон дӕр хабар афтӕ у? О. Бирӕтӕн цӕлхдур у, политикӕимӕ баст хъуыддӕгты кӕй нӕ архайӕм, уый. Уыдоны фӕнды, цӕмӕй-иу ӕвзӕрстыты рӕстӕг искӕуыл схъӕлӕс кӕнӕм. Фӕлӕ нӕхицӕн хицауӕй адӕймаджы куы равзарӕм, уӕд уый Йегъовӕ афтӕ нымайдзӕн, ӕмӕ йыл нӕ къух систам (1 Сам. 8:4–7). Чидӕртӕ та афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ нӕ организаци хъуамӕ араза скъолатӕ ӕмӕ рынчындӕттӕ, стӕй ӕххуысхъуаг адӕмӕн ӕххуыс кӕна. Адӕмы зындзинӕдтӕн кӕрон скӕныныл кӕй нӕ архайӕм, фӕлӕ нӕ тыхтӕ иууылдӕр хъусын кӕнынмӕ кӕй сарӕзтам, уый сын у цӕлхдур.

20. Матфейы 7:21–23 стихтӕм гӕсгӕ нын сӕйраг цы хъуамӕ уа?

20 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нын цӕлхдур мацы суа? (Бакӕс Матфейы 7:21–23.) Махӕн ӕппӕты сӕйраг хъуамӕ уа, Йесо нын кӕй бафӕдзӕхста, уыцы хъуыддаг аразын (Матф. 28:19, 20). Адӕмы зындзинӕдтӕн кӕрон скӕнын нӕ хӕс нӕу. Мах адӕмы уарзӕм ӕмӕ, зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлынц, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсӕм. Фӕлӕ мах зонӕм, ӕппӕты стырдӕр ӕххуыс сын кӕй фӕуыдзӕн, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй сын куы дзурӕм ӕмӕ сын куы ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕ сӕ Хӕлар суа.

21. Нӕ фидар фӕнд цы хъуамӕ уа?

21 Ацы статьяйы аныхас кодтам, 1 ӕнусы бирӕтӕ Йесойыл цӕуылнӕ баууӕндыдысты ӕмӕ абон дӕр йӕ фӕдылдзӕуджытӕ цы хабар хъусын кӕнынц, ууыл цӕуылнӕ ӕууӕндынц. Ӕмӕ ӕркастыстӕм цыппар хъуыддагмӕ. Иннӕ статьяйы ма аныхас кӕндзыстӕм иннӕ цыппар хъуыддагыл. Цӕй уӕдӕ нын цӕлхдур мацы суӕд ӕмӕ дарддӕр дӕр Йесойыл фидарӕй ӕууӕндӕм!

56 ЗАРӔГ Рӕстдзинад тынг бауарз

^ 5 абз. Зӕххыл Йесойӕ хуыздӕр Ахуыргӕнӕг нӕ уыди. Фӕлӕ йыл йӕ рӕстӕджы адӕмӕн сӕ фылдӕр нӕ баууӕндыдысты. Цӕуылнӕ? Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм цыппар хъуыддагыл. Аныхас ма кӕндзыстӕм, Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ цы дзурынц ӕмӕ куыд цӕрынц, уый абон бирӕтӕн цӕлхдур цӕмӕн свӕййы. Стӕй ма базондзыстӕм, цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йесойыл фидарӕй ӕууӕндӕм ӕмӕ нын цӕлхдур мацы суа. Ацы статья ӕмӕ иннӕ статья уӕлдайдӕр баххуыс кӕндзысты, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суа, ууыл фӕстӕ чи кӕны, уыдонӕн.

^ 60 абз. НЫВ. Филипп Нафанаилӕн дзуры, цӕмӕй Йесомӕ бацӕуа.

^ 62 абз. НЫВ. Йесо хорз хабар хъусын кӕны.

^ 64 абз. НЫВ. Йесо, йӕ къух хуыскъ кӕмӕн у, уыцы нӕлгоймаджы дзӕбӕх кӕнынмӕ хъавы. Йӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдон та йӕм ӕдзынӕг кӕсынц.

^ 66 абз. НЫВ. Йесо иунӕгӕй хохмӕ фӕцӕуы.