Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

21 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегъовӕ дын тых дӕтдзӕн

Йегъовӕ дын тых дӕтдзӕн

«Лӕмӕгъ куы вӕййын, уӕд вӕййын тыхджын» (2 КОР. 12:10).

73 ЗАРӔГ Баххуыс нын кӕн, цӕмӕй ныфсджынӕй дзурӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц?

АПОСТОЛ Павел Тимофейӕн фӕдзӕхста, цӕмӕй йӕ лӕггады рохуаты мацы уагътаид (2 Тим. 4:5). Ӕмӕ уыцы фӕдзӕхст чырыстӕттӕм се ’ппӕтмӕ дӕр хауы. Махӕй алкӕй дӕр фӕнды Павелы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын. Фӕлӕ нын уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Нӕ хотӕй ӕмӕ не ’фсымӕртӕй бирӕты фӕхъӕуы хъӕбатырдзинад, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕной (2 Тим. 4:2). Зӕгъӕм, бирӕтӕ цӕрынц, бынтон сӕрибарӕй архайыны бар нын кӕм нӕй кӕнӕ нӕ хъуыддаг ӕхгӕд кӕм у, ахӕм бӕстӕты. Ӕмӕ сын тӕссаг вӕййы, хорз хабар кӕй хъусын кӕнынц, уый тыххӕй сӕ ахӕстоны кӕй сбадын кӕндзысты, уымӕй. Фӕлӕ уыдон уӕддӕр хъусын кӕнынц!

2 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ алыхуызон зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, ӕмӕ хатт сӕ ныфс дӕр асӕтты. Зӕгъӕм, бирӕты фӕхъӕуы бирӕ кусын, цӕмӕй сӕ бинонтӕн уа, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ. Бӕргӕ сӕ фӕнды Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр аразын, фӕлӕ сӕм къуырийы кӕронмӕ тыхы мур нал баззайы. Кӕмӕндӕрты сӕ бон бирӕ аразын нӕу, цавӕрдӕр низӕй рынчын кӕй сты кӕнӕ сыл азтӕ сӕ уӕз кӕй ӕруагътой, уый тыххӕй. Ӕмӕ, чи зоны, сӕ бон хӕдзарӕй ӕддӕмӕ рацӕуын дӕр нӕу. Кӕмӕдӕрты та афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ сӕ Йегъовӕйӕн ницы пайда ис. Хо Марийӕ * афтӕ зӕгъы: «Ныфссӕттӕн хъуыдытимӕ тох кӕнынӕй бафӕллайын. Ӕмӕ стӕй мӕхи фӕхӕрын, мӕ рӕстӕг ӕмӕ мӕ тыхтӕ ууыл кӕй ацӕуынц, лӕггад кӕныныл нӕ, фӕлӕ».

3. Ацы статьяйы цӕмӕ ’ркӕсдзыстӕм?

3 Цыфӕнды уавӕрты ма уӕм, уӕддӕр нын Йегъовӕ дӕтдзӕн тых, цӕмӕй, нӕ уавӕртӕ цас амонынц, уыйбӕрц ын лӕггад кӕнӕм. Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, Йегъовӕ нын куыд баххуыс кӕны, уый. Фӕлӕ уал фыццаг ӕркӕсӕм, Павел ӕмӕ Тимофейӕн куыд ӕххуыс кодта, цӕмӕй йын дарддӕр дӕр лӕггад кодтаиккой, кӕд зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты, уӕддӕр.

ЙЕГЪОВӔ НЫН ТЫХ ДӔТТЫ, ЦӔМӔЙ ХОРЗ ХАБАР ХЪУСЫН КӔНӔМ

4. Павел цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлд?

4 Павел бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлд. Йегъовӕйы ӕххуыс ӕй уӕлдай тынгдӕр хъуыд, дуртӕй йӕ куы фӕхостой, куы-иу ӕй фӕнадтой ӕмӕ-иу ӕй ахӕстоны куы бакодтой, уӕд (2 Кор. 11:23–25). Павел ӕргом дзырдта, хатт-иу ныфссӕттӕн хъуыдытимӕ кӕй тох кодта (Ром. 7:18, 19, 24). Стӕй ма йӕ тухӕнӕй мардта «буары... сындз». Ӕвӕццӕгӕн, уый уыди цавӕрдӕр низ, ӕмӕ Павелы тынг фӕндыд, цӕмӕй йӕ Хуыцау уымӕй фервӕзын кодтаид (2 Кор. 12:7, 8).

Павелӕн цы ӕххуыс кодта Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн? (кӕс 5, 6 абзацтӕ) *

5. Павелӕн цы бантыст, кӕд зындзинӕдтыл ӕмбӕлд, уӕддӕр?

5 Йегъовӕ Павелӕн хъарутӕ лӕвӕрдта, ӕмӕ, кӕд зындзинӕдтыл ӕмбӕлд, уӕддӕр дарддӕр лӕггад кодта. Аныхас кӕнӕм, Павелӕн цы бантыст, ууыл. Зӕгъӕм, Ромы ахст куы уыд ӕмӕ иу хӕдзары куы цард, уӕд зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодта дзуттаг дины разамонджытӕн ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, стыр хицӕуттӕн дӕр (Хъуыд. 28:17; Фил. 4:21, 22). Хъусын ма кодта Ромы паддзахы хъахъхъӕнӕг ӕфсадӕй бирӕтӕн, стӕй-иу ӕм чи ’рбацыд, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр (Хъуыд. 28:30, 31; Фил. 1:13). Уыцы рӕстӕг ма Павел Хуыцауы фӕндӕй ныффыста цалдӕр фыстӕджы йе ’мчырыстӕттӕм. Ӕмӕ уыцы фыстӕджытӕ махӕн дӕр стыр ӕххуыс сты. Павелы цӕвиттон Ромы чырыстӕтты афтӕ тынг бафидар кодта, ӕмӕ Хуыцауы ныхас ноджы уӕндондӕрӕй дзырдтой – ницӕмӕй тарстысты (Фил. 1:14). Павелӕн хатт йӕ бон нӕ уыд, цас ӕй фӕндыд, уыйбӕрц аразын. Фӕлӕ-иу, йӕ уавӕрты йӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый арӕзта. Ӕмӕ-иу цы уавӕрты бахауд, «уыдон ма хорз хабар хъусын кӕнынӕн ӕххуыс дӕр... фесты» (Фил. 1:12).

6. 2 Коринфӕгтӕм 12:9, 10 стихтӕм гӕсгӕ, Павелӕн цы ӕххуыс кодта, цӕмӕй дарддӕр лӕггад кодтаид?

6 Павел зыдта, Йегъовӕйы хъуыддаджы цыдӕриддӕр аразы, уый йӕхи хъаруйы фӕрцы нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хъаруйы фӕрцы кӕй аразы. Уый ӕмбӕрста, Хуыцауы тых йӕхи «ӕххӕстӕй [кӕй] ӕвдисы» адӕймаджы лӕмӕгъдзинады. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 12:9, 10.) Павелӕн йӕ ныхмӕ цыдысты, ахӕстоны-иу ӕй сбадын кодтой ӕмӕ ӕндӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлд. Фӕлӕ йын Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы хъару лӕвӕрдта, цӕмӕй йӕ лӕггады рохуаты мацы уагътаид.

Тимофейӕн цы ӕххуыс кодта Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн? (кӕс 7 абзац) *

7. Тимофей цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлд?

7 Павелӕн уыд ӕрыгон ӕмбал – Тимофей. Уый дӕр хъуамӕ йӕ ныфс Хуыцауы хъаруйыл дардтаид, цӕмӕй дарддӕр лӕггад кодтаид. Тимофей-иу Павелимӕ ацыд уацамындон балцыты. Ӕмӕ-иу уыцы балцыты бирӕ рӕстӕг фесты. Уымӕй уӕлдай ма-иу Павел Тимофейы арвыста, цӕмӕй-иу ӕмбырдтӕ бабӕрӕг кодтаид ӕмӕ-иу сӕ бафидар кодтаид (1 Кор. 4:17). Чи зоны, Тимофеймӕ афтӕ каст, ӕмӕ йӕ бон нӕ бауыдзӕн йӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕмӕ йын Павел, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй загъта афтӕ: «Ӕрыгон кӕй дӕ, уый тыххӕй дыл ӕнӕрвӕссон макуы мачи кӕнӕд» (1 Тим. 4:12). Уымӕй уӕлдай ма уыцы рӕстӕг Тимофейы дӕр тухӕнӕй мардта «буары сындз». Арӕх-иу рынчын кодта (1 Тим. 5:23). Фӕлӕ Тимофей зыдта, Йегъовӕйы хъомысджын сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ бон кӕй уыдзӕн хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ ӕфсымӕртӕн лӕггад кӕнын (2 Тим. 1:7).

ЙЕГЪОВӔ НЫН ТЫХ ДӔТТЫ ИУЗӔРДИОНӔЙ БАЗЗАЙЫНӔН

8. Йегъовӕ абон йӕ лӕггадгӕнджытӕн тых куыд дӕтты?

8 Абон Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты схайджын кӕны, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ», цӕмӕй йын дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕной (2 Кор. 4:7). Ӕркӕсӕм, Йегъовӕ нын тых куыд дӕтты ӕмӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йыл иузӕрдион уӕм. Ӕххуыс нын кӕны, кӕй йӕм кувӕм, уый фӕрцы, Библийы фӕрцы, нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уылты ӕмӕ, кӕй хъусын кӕнӕм, уый фӕрцы.

Йегъовӕ нын тых дӕтты кӕй йӕм кувӕм, уый фӕрцы (кӕс 9 абзац)

9. Йегъовӕмӕ кӕй фӕкувӕм, уый нын зындзинӕдты рӕстӕг куыд баххуыс кӕны?

9 Тых нын дӕтты, кӕй йӕм кувӕм, уый фӕрцы. Ефесӕгтӕм 6:18 стихы нын Павел фӕдзӕхсы, цӕмӕй алкӕддӕр кувӕм. Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕ фехъусдзӕн ӕмӕ нын баххуыс кӕндзӕн. Ӕркӕсӕм Джонийы хабармӕ. Уый цӕры Боливийы. Джонийӕн уыцы иу рӕстӕг йӕ бинойнаг ӕмӕ йӕ ныййарджытӕ тынг фӕрынчын сты, ӕмӕ йӕ хъуыди ӕртӕ рынчынмӕ кӕсын. Йӕ мад йӕ къахыл нал слӕууыд ӕмӕ амард. Йӕ бинойнаджы ӕмӕ йӕ фыды та бирӕ рӕстӕг бахъуыд, цӕмӕй фӕсӕрӕндӕр уыдаиккой. Джонийӕн уыцы рӕстӕг цы ӕххуыс кодта? Уый зӕгъы: «Тынг зын мын-иу куы уыди, уӕд-иу Йегъовӕмӕ куывтон ӕмӕ йын-иу дзырдтон, мӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр уыд, уыдӕттӕ». Ӕмӕ йын Йегъовӕ тых лӕвӕрдта. Рональд у хистӕр нӕлгоймаг, цӕры Боливийы. Уый дӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлд. Йӕ мад ракӕй фӕрынчын ӕмӕ иу мӕйы фӕстӕ амард. Рональдӕн цы баххуыс кодта? Уый зӕгъы: «Йегъовӕмӕ фӕкувын ӕмӕ, мӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр ис, уый йын радзурын. Зонын ӕй, Йегъовӕйӕ хуыздӕр мӕ кӕй ничи ӕмбары. Уый мӕ мӕхицӕй дӕр хуыздӕр ӕмбары». Хатт нӕ зындзинӕдтӕй афтӕ стыхсӕм, ӕмӕ нал фӕзонӕм, куыд кӕнӕм, уый. Ӕмӕ, цӕй тыххӕй кувӕм, уый дӕр хатт нӕ фӕзонӕм. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕм кувӕм, цӕуыл тыхсӕм, уый бамбарын кӕнын нын зын куы вӕййы, уӕд дӕр (Ром. 8:26, 27).

Йегъовӕ нын тых дӕтты Библийы фӕрцы (кӕс 10 абзац)

10. Дзуттӕгтӕм 4:12 стихмӕ гӕсгӕ, ахсджиаг цӕмӕн у Библи кӕсын ӕмӕ йыл хъуыды кӕнын?

10 Тых нын дӕтты Библийы фӕрцы. Павел Фыстад иртӕста, ӕмӕ йын уый лӕвӕрдта тых ӕмӕ удӕнцой. Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ Библи иртасӕм (Ром. 15:4). Хуыцауы Ныхас куы фӕкӕсӕм ӕмӕ йыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нын Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы баххуыс кӕны, цӕмӕй бамбарӕм, Библийы уынаффӕтӕ нын куыд баххуыс кӕндзысты, уый. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 4:12.) Рональд ма афтӕ загъта: «Мӕхи сахуыр кодтон алы изӕр дӕр Библи кӕсын. Бирӕ фӕхъуыды кӕнын Йегъовӕйы миниуджытыл ӕмӕ-иу йӕ лӕггадгӕнджытыл куыд тыхст, ууыл. Уый фӕрцы тынг бафидар вӕййын».

11. Йӕ сӕрыхицау кӕмӕн фӕзиан, уыцы хойӕн Библи куыд баххуыс кодта?

11 Хуыцауы Ныхасыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд сахуыр уыдзыстӕм нӕ уавӕртӕм раст цӕстӕй кӕсын. Иу хойӕн йӕ сӕрыхицау фӕзиан. Ӕмӕ йын уыцы рӕстӕг хистӕр нӕлгоймаг загъта, хорз кӕй уаид, Иовы чиныг куы бакӕсид. Хо дӕр уыцы чиныг кӕсын райдыдта, ӕмӕ фыццаг ныккомкоммӕ, Иов раст кӕй нӕ уыд, уымӕ. Йӕхинымӕр ӕм загъд кодта: «Иов, раст нӕ дӕ. Дӕ зындзинӕдтӕ йеддӕмӕ куы ницыуал уыныс». Фӕлӕ йӕм уӕд бахъардта, уый йӕхимӕ дӕр кӕй хауы. Уый йын баххуыс кодта, цӕмӕй, цы зиан ыл ӕрцыд, ууыл ӕгӕр ма хъуыды кодтаид, фӕлӕ фылдӕр хъуыды кодтаид Йегъовӕйыл ӕмӕ, Йегъовӕ цы ныфс дӕтты, ууыл. Уый фӕрцы-иу дзы тыхтӕ бацыд ӕмӕ йын ӕнцондӕр уыд йӕ зындзинӕдтӕн быхсын.

Йегъовӕ нын тых дӕтты нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уылты (кӕс 12 абзац)

12. Йегъовӕ нын хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уылты тых куыд дӕтты?

12 Тых нын дӕтты нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уылты. Павел хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм ныффыста, зӕгъгӕ, дам, тынг бӕллын, цӕмӕй «кӕрӕдзийы уырнындзинадӕй бафидар уӕм» (Ром. 1:11, 12). Статьяйы райдианы кӕй кой кодтам, уыцы хо, Марийӕ, тынг уарзы йӕ рӕстӕг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ ӕрвитын. Уый зӕгъы: «Йегъовӕ-иу мын баххуыс кодта, ныфссӕттӕн хъуыдытимӕ кӕй тох кӕнын, уый тыххӕй зонгӕ дӕр чи нӕ кодта, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уылты. Ныфссаст-иу куы уыдтӕн, растдӕр-иу мын уӕд загътой зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ кӕнӕ-иу мын открыткӕйы истытӕ ныффыстой. Стыр ӕххуыс ма мын у, ахӕм хъуыдытимӕ чи тох кӕны, уыцы хотимӕ кӕй аныхас кӕнын, уый дӕр. Уыдон мын радзурынц, цы сын ӕххуыс кӕны, ӕмӕ ӕз дӕр афтӕ фӕархайын. Стӕй мын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр бамбарын кӕнынц, ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн зынаргъ кӕй дӕн».

13. Ӕмбырдты нӕ бон куыд у кӕрӕдзийы фидар кӕнын?

13 Кӕрӕдзийы ма тынг бафидар кӕнӕм ӕмбырдты дӕр. Дӕуӕн дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты бафидар кӕнай? Зӕгъӕм, дӕ бон сын у дзурын, кӕй сӕ уарзыс ӕмӕ, цы аразынц, уый тыххӕй сӕ бузныг кӕй дӕ. Иу хистӕр нӕлгоймаг, Питер, зӕгъгӕ, йӕ сӕрыхицау Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕмӕн нӕу, уыцы хойӕн ӕмбырды размӕ загъта: «Ды алкӕддӕр ӕмбырдтӕм ӕрбацӕуыс. Ӕмӕ йӕ куы зонис, куыд тынг нӕ бафидар кӕныс! Де ’хсӕз сывӕллоны алы хатт дӕр вӕййынц аив конд, ӕмбырдмӕ вӕййынц цӕттӕ ӕмӕ дзуаппытӕ дӕр фӕдӕттынц». Уыцы хо Питерӕй тынг фӕбузныг. Йӕ зӕрдӕ дӕр ма суынгӕг ӕмӕ йын загъта: «Куыд тынг мӕ хъуыд, цӕмӕй мын абон исчи ахӕм ныхӕстӕ загътаид!»

Йегъовӕ нын тых дӕтты кӕй хъусын кӕнӕм, уый фӕрцы (кӕс 14 абзац)

14. Хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уый фӕрцы куыд бафидар вӕййӕм?

14 Тых нын дӕтты, кӕй хъусын кӕнӕм, уый фӕрцы. Иннӕтӕн Библийы рӕстдзинад куы фӕдзурӕм, уӕд нӕ тых бацӕуы ӕмӕ нӕ ныфсыл ныфс бафты, куы нӕ нӕм фӕхъусынц, уӕд дӕр (Ӕмб. 11:25). Хо Стейси уый йӕхицӕй зоны. Йӕ бинонтӕй йын кӕйдӕр ӕмбырдӕй куы ацух кодтой, уӕд тынг мӕт кодта ӕмӕ хъуыды кодта, ӕвӕццӕгӕн мӕ фылдӕр хъуыди бацархайын, цӕмӕй йын баххуыс кодтаин, зӕгъгӕ. Уыцы хъуыдытӕ йын ӕнцой нӕ лӕвӕрдтой. Цымӕ йын цы баххуыс кодта? Хъусын кӕнынмӕ кӕй цыди, уый. Уацамынды-иу куы уыди, уӕд-иу фылдӕр хъуыды кодта, кӕмӕн хъусын кодта, уыцы адӕмыл, уымӕн ӕмӕ ӕмбӕрста, ӕххуыс сӕ кӕй хъӕуы. Стейси зӕгъы: «Йегъовӕ мын замманай Библийы ахуыр ссардта. Уыцы сылгоймаг-иу цы базыдта, уымӕ гӕсгӕ-иу уайтагъд архайын райдыдта. Ӕмӕ-иу тынг бафидар дӕн. Мӕ хуыздӕр хос у уацамынды цӕуын».

15. Марийӕйы ныхӕстӕ дын цӕуыл дзурӕг сты?

15 Кӕмӕдӕрты афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ сӕ уавӕртӕ нӕ амонынц, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаджы бирӕ аразой. Чи зоны, дӕумӕ дӕр афтӕ кӕсы. Фӕлӕ кӕд, дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразыс, уӕд ӕй зон, Йегъовӕ дын дӕ лӕггадӕй райгонд кӕй у. Зӕгъӕм, Марийӕ, ӕндӕр ӕвзагыл кӕм дзурынц, ахӕм ранмӕ лӕггад кӕнынмӕ куы ацыд, уӕд ӕм афтӕ каст, ӕмӕ тынг гыццыл аразы. Марийӕ зӕгъы: «Иуцасдӕр мӕ хабар афтӕ уыд, ӕмӕ мӕ бон уыд ӕрмӕстдӕр хуымӕтӕг дзуапп раттын кӕнӕ Библийӕ стих бакӕсын, уацамынды та буклет раттын». Марийӕ-иу йӕхи барста, уыцы ӕвзагыл хорз чи дзырдта, уыцы хъусынгӕнджытимӕ. Ӕмӕ-иу хъуыды кодта, гъеныр ӕз та ницы зонын ӕмӕ ницы ӕмбарын, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уый фӕстӕ йӕ хъуыды аивта. Марийӕ бамбӕрста, ӕмӕ кӕд ӕвзагмӕ афтӕ хорз нӕ арӕхст, уӕддӕр Йегъовӕ уый уылты дӕр адӕмӕн кӕй ӕххуыс кодта. Уый загъта: «Библийы цы рӕстдзинад ис, уый тынг хуымӕтӕг у. Фӕлӕ адӕмы цард растдӕр уыцы рӕстдзинад аивы».

16. Йӕ бон хӕдзарӕй ӕддӕмӕ рацӕуын кӕмӕн нӕу, уыдонӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

16 Йӕ бон хӕдзарӕй ӕддӕмӕ рацӕуын кӕмӕн нӕу, уыдоны фӕнды хъусын кӕнын, ӕмӕ Йегъовӕ уый уыны. Ӕмӕ сын йӕ бон у баххуыс кӕнын, цӕмӕй-иу аныхас кӕной, чи сӕм фӕкӕсы, уыдонимӕ кӕнӕ дохтыртимӕ ӕмӕ медицинон хотимӕ. Ныртӕккӕ цы аразӕм, уый, раздӕр цы арӕзтам, уыимӕ куы барӕм, уӕд нӕ ныфс асӕтдзӕн. Фӕлӕ йӕ куы уынӕм, Йегъовӕ нын ныртӕккӕ куыд ӕххуыс кӕны, уӕд-иу нӕ тыхтӕ бацӕудзӕн, ӕмӕ-иу цыфӕнды фӕлварӕн дӕр сфӕраздзыстӕм. Стӕй нӕ зӕрдӕты циндзинад дӕр уыдзӕн.

17. Екклесиаст 11:6 стихмӕ гӕсгӕ, цӕмӕн хъуамӕ хъусын кӕнӕм, афтӕ нӕм куы кӕса, ӕмӕ уый дзӕгъӕлы у, уӕддӕр?

17 Мах ӕй нӕ зонӕм, рӕстдзинады мыггӕгтӕй кӕцы сзайдзӕн. (Бакӕс Екклесиаст 11:6.) 80 азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы, иу ахӕм хо, Барбарӕ, зӕгъгӕ, фӕхъусын кӕны телефонӕй ӕмӕ писмоты фӕрцы. Ӕмӕ иухатт иу писмойы нывӕрдта 2014 азы 1 мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг». Уыди дзы статья «Хуыцау дӕу тыххӕй цы сарӕзта?». Барбарӕ уыцы писмо арвыста, ӕмбырдӕй цух чи уыд, ахӕм къаймӕ, ӕмӕ йӕ кӕмӕ ӕрвиты, уый йӕхӕдӕг дӕр нӕ зыдта. Уыцы лӕг ӕмӕ ус журнал цалдӕр хатты бакастысты. Лӕгмӕ афтӕ каст, цыма Йегъовӕ йӕхӕдӕг ныхас кӕны йемӕ. Уыдон райдыдтой ӕмбырдтӕм цӕуын. Ӕмӕ та Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын райдыдтой. Ӕмбырдӕй сӕ куы ацух кодтой, уымӕй рацыд 27 азӕй фылдӕр! Ахъуыды-ма кӕн, Барбарӕ куыд цин кодтаид, йӕ писмо цы тыллӕг ӕрхаста, уый фенгӕйӕ!

Йегъовӕ нын тых дӕтты: 1) кӕй йӕм кувӕм, уый фӕрцы, 2) Библийы фӕрцы, 3) нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уылты ӕмӕ 4) кӕй хъусын кӕнӕм, уый фӕрцы (кӕс 9, 10, 12, 14 абзацтӕ)

18. Цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй нын Хуыцау тых дӕтта?

18 Йегъовӕ нын тых алыхуызӕтты дӕтты. Бафидар нӕ кӕны, кӕй йӕм фӕкувӕм, уый фӕрцы, Библийы фӕрцы, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уылты ӕмӕ, хъусын кӕнынмӕ кӕй фӕцӕуӕм, уый фӕрцы. Уыцы фадӕттӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд равдисдзыстӕм, кӕй нӕ уырны, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у махӕн баххуыс кӕнын ӕмӕ йӕ уый фӕндгӕ дӕр кӕй кӕны. Цӕй уӕдӕ алкӕддӕр нӕ зӕрдӕ нӕ уӕларвон Фыдыл дарӕм, уымӕн ӕмӕ уый фӕнды, «йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ кӕмӕн у, уыдоны тыххӕй йӕ хъару равдисын» (2 Аз. 16:9).

61 ЗАРӔГ Размӕ, Ӕвдисӕнтӕ!

^ 5 абз. Мах тынг уӕззау рӕстӕджы цӕрӕм, фӕлӕ нын Йегъовӕ ӕххуыс кӕны. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Йегъовӕ апостол Павелӕн ӕмӕ Тимофейӕн куыд ӕххуыс кодта, цӕмӕй йын дарддӕр лӕггад кодтаиккой, кӕд зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты, уӕддӕр. Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм, Йегъовӕ абон махӕн куыд ӕххуыс кӕны, ууыл. Ӕххуыс нын кӕны, кӕй йӕм кувӕм, уый фӕрцы, Библийы фӕрцы, нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уылты ӕмӕ, кӕй хъусын кӕнӕм, уый фӕрцы.

^ 2 абз. Ном ивд у.

^ 53 абз. НЫВ. Павел ис Ромы иу хӕдзары, у ахст. Цалдӕр ӕмбырдмӕ фыстӕджытӕ фыссы, стӕй йӕм чи ’рбацыд, уыдонӕн хорз хабар хъусын кӕны. Тимофей ӕмбырдтӕ бӕрӕг кӕны ӕмӕ ’фсымӕрты фидар кӕны.

^ 55 абз. НЫВ. Тимофей ӕмбырдтӕ бӕрӕг кӕны ӕмӕ ’фсымӕрты фидар кӕны.