Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

19 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Рӕстгӕнӕгӕн нӕй цӕлхдур!

Рӕстгӕнӕгӕн нӕй цӕлхдур!

«Дӕ закъон дын чи уарзы, уыдон хайджын сты бирӕ фарнӕй, ӕмӕ сын нӕй цӕлхдур» (ПС. 119:165).

122 ЗАРӔГ Фидар, ӕнӕфӕцудгӕ ут!

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. Иу социолог цы ныффыста ӕмӕ ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

МИЛУАНГАЙ адӕм дзурынц, Йесойыл кӕй ӕууӕндынц. Фӕлӕ, цы амыдта, уыдӕттӕ не ’ххӕст кӕнынц (2 Тим. 4:3, 4). Иу социолог ныффыста: «Ныр дӕр не ’хсӕн Йесойы хуызӕн адӕймаг куы уаид ӕмӕ, Йесо цы дзырдта, уыдӕттӕ куы дзурид, уӕд цымӕ адӕм ууыл дӕр афтӕ нӕ баууӕндиккой, дыууӕ мин азы размӕ Йесойыл куыд нӕ баууӕндыдысты, афтӕ? Ӕвӕццӕгӕн ӕмӕ афтӕ уаид».

2 1 ӕнусы бирӕтӕ сӕхӕдӕг хъуыстой, Йесо цы дзырдта ӕмӕ цы амыдта, уыдӕттӕ. Стӕй уыдтой, диссӕгтӕ кӕй арӕзта. Фӕлӕ йыл уӕддӕр нӕ баууӕндыдысты. Айразмӕйы статьяйы аныхас кодтам цыппар хъуыддагыл ӕмӕ базыдтам, Йесо цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уыдӕттӕ-иу адӕмӕн цӕлхдур цӕмӕн систы, уый. Ӕмӕ ма ныр ноджыдӕр цыппар хъуыддагыл аныхас кӕндзыстӕм ӕмӕ фендзыстӕм, абон адӕм, Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ цы дзурынц, ууыл цӕуылнӕ баууӕндынц ӕмӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нын уыдӕттӕ цӕлхдур ма суой. Айразмӕйы статьяйы куыд загъд уыд, афтӕмӕй ацы статья дӕр уӕлдайдӕр баххуыс кӕндзӕн, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суа, ууыл фӕстӕ чи кӕны, уыдонӕн.

1. ЙЕСО НИКӔЙ ХЪУЛОН КОДТА

Бирӕтӕн цӕлхдур сси, Йесо йӕ рӕстӕг алыхуызон адӕмимӕ кӕй ӕрвыста. Абон дӕр бирӕтӕн ахӕм цыдӕр цӕлхдур куыд свӕййы? (кӕс 3 абзац) *

3. Иуӕй-иутӕ Йесойыл цӕуылнӕ баууӕндыдысты?

3 Йесо-иу йӕ рӕстӕг алыхуызон адӕмимӕ ӕрвыста. Хъӕздыг ӕмӕ дзырддзӕугӕ адӕмимӕ дӕр-иу бадт иу фынгыл, стӕй-иу бирӕ рӕстӕг ӕрвыста мӕгуыр ӕмӕ ӕфхӕрд адӕмимӕ дӕр. Уымӕй уӕлдай, тӕригъӕдджынтыл нымад чи уыд, уыдонмӕ уыд фӕлмӕнзӕрдӕ. Йесо ахӕм кӕй уыд, уый сӕрбӕрзонд адӕмӕн сси цӕлхдур. Йӕхи цӕсты раст чи уыд, уыдонӕй чидӕртӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загътой: «Хъалонисджытимӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтимӕ иу фынгыл цӕмӕн бадут?» Йесо сын дзуапп радта: «Дохтыр рынчынты хъӕуы, ӕнӕниз чи у, уыдоны нӕ, фӕлӕ. Ӕз фӕсмонмӕ ӕрсидынмӕ рӕстгӕнджытӕм не ’рцыдтӕн, фӕлӕ тӕригъӕдджынтӕм» (Лук. 5:29–32).

4. Исайы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ, дзуттӕгтӕ Мессийӕйы тыххӕй цы хъуамӕ зыдтаиккой?

4 Дзуттаг Фыстыты цы уыд фыст? Бирӕ раздӕр Мессийӕйы тыххӕй пехуымпар Исай ныффыста: «Адӕм ӕй ӕппындӕр ницӕмӕ дардтой, сӕхи дзы дард ластой... Мах-иу дзы нӕхи иннӕрдӕм азылдтам, цӕмӕй йын йӕ цӕсгом ма уыдтаиккам. Ӕппындӕр ӕй ницӕмӕ дардтой, ӕмӕ йӕ мах нымадтам ницӕйагыл» (Ис. 53:3). Ацы пехуымпарадӕй бӕрӕг уыд, адӕм Мессийӕйӕ сӕхи дард кӕй ласдзысты. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ 1 ӕнусы цӕрӕг дзуттӕгтӕ хъуамӕ зыдтаиккой, бирӕтӕ Йесойыл кӕй нӕ баууӕнддзысты.

5. Абон бирӕтӕ Йесойы фӕдылдзӕуджытӕм цы цӕстӕй кӕсынц?

5 Абон дӕр хабар афтӕ у? О. Сауджынтӕй бирӕтӕн ӕхсызгон вӕййы, сӕ аргъуантӕм дзырддзӕугӕ, кадджын, хъӕздыг ӕмӕ, ацы дунейы цӕсты зондджын чи у, ахӕм адӕймӕгтӕ цӕуын куы райдайынц, уӕд. Фӕлӕ арӕх уыцы адӕм Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ нӕ фӕцӕрынц ӕмӕ фӕкӕнынц ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ дӕр. Ӕмӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты та, хӕрзӕгъдау цард чи кӕны, уыцы адӕмы, уыцы сауджынтӕ ницӕуыл фӕнымайынц, уымӕн ӕмӕ ацы дунейы цӕсты кадджын не сты. Павел дӕр куыд загъта, афтӕмӕй Хуыцау равзӕрста, адӕм «сӕ сӕрмӕ кӕй нӕ хӕссынц», уыдоны (1 Кор. 1:26–29). Фӕлӕ Йегъовӕйӕн йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр зынаргъ сты.

6. Матфейы 11:25, 26 стихты цы фыст ис ӕмӕ нӕ бон куыд у Йесойы фӕзмын?

6 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нын цӕлхдур мацы суа? (Бакӕс Матфейы 11:25, 26.) Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕм ацы дунейы цӕстӕй ма кӕс. Рох дӕ ма уӕд, Йегъовӕ ӕрмӕстдӕр сӕрныллӕг адӕмы кӕй равзары йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн (Пс. 138:6). Ахъуыды-иу кӕн, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты уылты цас цыдӕртӕ сарӕзта, кӕд сӕ ацы дуне зондджынтыл ӕмӕ ӕмбаргӕтыл нӕ нымайы, уӕддӕр.

2. ЙЕСО ХУРМӔ ХАСТА МӔНГ АХУЫРӔДТӔ

7. Йесо фарисейты цӕстмӕхъустӕ цӕмӕн схуыдта ӕмӕ сӕм уый куыд фӕкаст?

7 Йесо дины разамонджыты хъуыддӕгтӕ хурмӕ хаста. Зӕгъӕм, фарисейты схуыдта цӕстмӕхъустӕ. Уыдон фылдӕр мӕт кодтой, сӕ къухтӕ куыд ӕхсадтой, ууыл, сӕ ныййарджыты мӕт та сӕ ӕппындӕр нӕ уыд (Матф. 15:1–11). Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕм йӕ ныхӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, диссаг фӕкастысты. Афтӕ дӕр ма йӕ бафарстой: «Зоныс ӕй, дӕ ныхӕстӕ фарисейтӕн хъыг кӕй уыдысты?» Йесо сын дзуапп радта: «Мӕ уӕларвон Фыд кӕй нӕ ныссагъта, уыцы зайӕгой ӕд уидаг срӕдувдзысты. Уадзут сӕ. Уыдон сты куырм разамонджытӕ. Ӕмӕ куырм куырмы куы кӕна, уӕд дыууӕйӕ дӕр дзыхъхъы ныххаудзысты» (Матф. 15:12–14). Кӕд-иу дины разамонджытӕ Йесомӕ йӕ ныхӕсты тыххӕй смӕсты сты, уӕддӕр-иу, ӕцӕг ӕмӕ раст цы уыд, уый ӕргом дзырдта.

8. Йесо куыд бамбарын кодта, Хуыцауы зӕрдӕмӕ динты ахуырӕдтӕй алкӕцы кӕй нӕ цӕуы?

8 Йесо ма хурмӕ хаста мӕнг динты ахуырӕдтӕ дӕр. Уый афтӕ никуы загъта, ӕмӕ динты ахуырӕдтӕ иууылдӕр Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуынц. Йесо загъта, бирӕтӕ кӕй цӕудзысты, сӕфтмӕ чи кӕны, уыцы уӕрӕх фӕндагыл, цардмӕ чи кӕны, уыцы уынгӕг фӕндагыл та афтӕ бирӕ адӕм кӕй нӕ цӕудзӕн (Матф. 7:13, 14). Стӕй ма бамбарын кодта, чидӕртӕ сӕхи афтӕ кӕй ӕвдисдзысты, цыма Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ сты, фӕлӕ ӕцӕгӕй та афтӕ кӕй нӕ уыдзӕн. Уый йӕ ахуыргӕнинӕгты бафӕдзӕхста: «Уӕхи хизут мӕнг пехуымпартӕй – уыдон уӕм ӕрбацӕуынц фысы цармы, мидӕгӕй та сты тугдзых бирӕгътӕ. Сӕ хъуыддӕгтӕй сӕ базондзыстут» (Матф. 7:15–20).

Бирӕтӕн цӕлхдур сси, Йесо мӕнг ахуырӕдтӕ ӕмӕ дины разамонджыты хъуыддӕгтӕ хурмӕ кӕй хаста. Абон дӕр бирӕтӕн ахӕм цыдӕр цӕлхдур куыд свӕййы? (кӕс 9 абзац) *

9. Йесо хурмӕ цавӕр мӕнг ахуырӕдтӕ хаста?

9 Дзуттаг Фыстыты цы уыд фыст? Библийы пехуымпарӕдтӕй иуы загъд уыд, Мессийӕйы Хуыцауы хӕдзары мӕт кӕй хӕрдзӕн (Пс. 69:9; Иоан. 2:14–17). Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ дины разамонджыты мӕнг ахуырӕдтӕ ӕмӕ сын сӕ хъуыддӕгтӕ хурмӕ хаста. Зӕгъӕм, фарисейты уырныдта, уд ӕнӕмӕлгӕ кӕй у. Йесо та мӕлӕт абарста, адӕймаг фынӕй куыд кӕна, уыимӕ (Иоан. 11:11). Саддукейтӕ не ’ууӕндыдысты, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл. Йесо та райгас кодта йе ’мбалы, Лазӕры (Иоан. 11:43, 44; Хъуыд. 23:8). Фарисейтӕ ӕууӕндыдысты, Хуыцау адӕймагӕн йӕ хъысмӕт йӕ ныхыл кӕй ныффыссы. Хуыцау, дам, адӕймагӕн йӕ бӕсты алцыдӕр сныв кодта ӕмӕ, дам, йӕхи бон ницыуал у аскъуыддзаг кӕнын кӕнӕ равзарын. Йесо та ӕмбарын кодта, адӕймагӕн йӕхи бон кӕй у уынаффӕтӕ хӕссын ӕмӕ, Хуыцауӕн лӕггад кӕндзӕн ӕви нӕ, уый дӕр аскъуыддзаг кӕнын (Матф. 11:28).

10. Нӕ ахуырӕдтӕ бирӕтӕн цӕлхдур цӕмӕн свӕййынц?

10 Абон дӕр хабар афтӕ у? О. Бирӕтӕн цӕлхдур свӕййы, Библийы фӕрцы сын куы бамбарын кӕнӕм, динты ахуырӕдтӕй бирӕтӕ Библийӕ кӕй не сты. Сауджынтӕ адӕмӕн дзурынц, Хуыцау фыдгӕнджыты зындоны арты кӕй судзы. Уыцы мӕнг ахуырады фӕрцы адӕмы тас уадзынц, цӕмӕй сыл сӕ бар цӕуа. Мах та зонӕм, Йегъовӕ уарзӕгой Хуыцау кӕй у, ӕмӕ адӕмӕн ӕмбарын кӕнӕм, уый мӕнг ахуырад кӕй у. Сауджынтӕ ма дзурынц, уд ӕнӕмӕлгӕ кӕй у. Фӕлӕ уый афтӕ куы уаид, уӕд ма мӕрдты ӕгас кӕнын цӕмӕн хъӕуид? Ӕмӕ мах адӕмӕн ӕргом кӕнӕм, уыцы ахуырад Библийӕ кӕй нӕу. Уымӕй уӕлдай ма бирӕ динтӕ амонынц, адӕймагӕн йӕ хъысмӕт йӕ ныхыл фыст кӕй вӕййы. Фӕлӕ мах адӕмӕн ӕмбарын кӕнӕм, Хуыцау нын сӕрибардзинад кӕй радта ӕмӕ нӕхӕдӕг кӕй ӕвзарӕм, лӕггад ын кӕндзыстӕм ӕви нӕ. Дины разамонджытӕ уымӕ цы цӕстӕй ракӕсынц? Арӕх уый тыххӕй мӕстӕй рафыцынц!

11. Йесо Иоанны 8:45–47 стихты цы загъта, уымӕ гӕсгӕ, Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕй цы домы?

11 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нын цӕлхдур мацы суа? Кӕд рӕстдзинад уарзӕм, уӕд хъуамӕ Хуыцауы ныхӕстӕм хъусӕм. (Бакӕс Иоанны 8:45–47.) Хӕйрӕгӕй уӕлдай мах рӕстдзинадыл фидар хӕцӕм ӕмӕ, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый сӕрты никуы ахизӕм (Иоан. 8:44). Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕй домы, цӕмӕй Йесойау ӕвзӕрдзинадӕй се сӕфт уыной, хорз цы у, ууыл та фидар хӕцой (Ром. 12:9; Дзут. 1:9).

3. ЙЕСО ӔФХӔРД БАЙЙӔФТА

Бирӕтӕн цӕлхдур сси, Йесо хъизӕмӕртты хъӕдыл кӕй амард. Абон дӕр бирӕтӕн ахӕм цыдӕр цӕлхдур куыд свӕййы? (кӕс 12 абзац) *

12. Йесойы куыд амардтой, уый дзуттӕгтӕй бирӕтӕн цӕлхдур цӕмӕн сси?

12 Дзуттӕгтӕ ма Йесойыл цӕуылнӕ баууӕндыдысты? Павел загъта: «Мах... хъусын кӕнӕм, хъӕдыл кӕй байтыгътой, уыцы Чырыстийы тыххӕй. Уыцы хабар дзуттӕгтӕн у цӕлхдур» (1 Кор. 1:23). Цымӕ уый дзуттӕгтӕй бирӕтӕн цӕлхдур цӕмӕн сси? Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, хъӕдыл чи амард, уый уыди фыдгӕнӕг ӕмӕ тӕригъӕдджын, Мессийӕ нӕ, фӕлӕ (Дык. з. 21:22, 23).

13. Йесойыл чи нӕ баууӕндыд, уыцы дзуттӕгты цы нӕ бафӕндыд бамбарын?

13 Йесойыл чи нӕ баууӕндыд, уыцы дзуттӕгты нӕ бафӕндыд бамбарын, Йесо кӕй ницы аххосджын уыд. Йесойӕн чи тӕрхон кодта, уыдон тӕрхон хынджылӕггаг скодтой. Дзуттӕгты сӕйраг тӕрхондоны уӕнгтӕ тагъд-тагъд амбырд сты ӕмӕ тӕрхон дӕр закъӕттӕм гӕсгӕ нӕ кодтой (Лук. 22:54; Иоан. 18:24). Уыдон хъуамӕ ӕвдисӕнтӕм байхъуыстаиккой ӕмӕ, Йесойы цы хъуыддаджы аххосджын кодтой, уый хъуамӕ сбӕлвырд кодтаиккой. Фӕлӕ уыдон сӕхӕдӕг «агуырдтой мӕнгӕвдисӕнтӕ Йесойы ныхмӕ, цӕмӕй йын мӕлӕты тӕрхон рахастаиккой». Ӕмӕ сын уымӕй дӕр куы ницы рауад, уӕд та хистӕр сауджын архайын райдыдта, цӕмӕй Йесойӕн ахӕм исты зӕгъын кодтаид, ӕмӕ йӕ сӕ бон уыдаид фӕаххосджын кӕнын. Фӕлӕ закъонмӕ гӕсгӕ тӕрхонгӕнджытӕн афтӕ кӕнын не ’мбӕлд (Матф. 26:59; Мар. 14:55–64). Ӕмӕ уыцы мӕнгард тӕрхонгӕнджытӕ уый фӕстӕ дӕр не ’рсабыр сты. Йесо куы райгас, уӕд, зӕппадз чи хъахъхъӕдта, уыцы ромаг ӕфсӕддонтӕн «бирӕ ӕвзист ӕхцатӕ радтой», цӕмӕй дзырдтаиккой, зӕгъгӕ, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йӕ адавтой (Матф. 28:11–15).

14. Мессийӕйы мӕлӕты тыххӕй Фыстады цы загъд уыд?

14 Дзуттаг Фыстыты цы уыд фыст? Дзуттӕгтӕй бирӕтӕ уый ӕнхъӕл нӕ уыдысты, ӕмӕ Мессийӕйы амӕлын бахъӕудзӕн. Афтӕмӕй та пехуымпарады загъд уыд: «Уый йӕ уд радта мӕлӕтмӕ ӕмӕ йӕ банымадтой фыдгӕнӕгыл. Уый ахаста бирӕты тӕригъӕдтӕ ӕмӕ хӕцыд фыдгӕнджыты сӕрыл» (Ис. 53:12). Уӕдӕ, Йесо фыдгӕнӕджы мардӕй кӕй амард, уый дзуттӕгтӕн хъуамӕ цӕлхдур ма суыдаид.

15. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты цавӕр хъуыддӕгты фӕаххосджын кӕнынц?

15 Абон дӕр хабар афтӕ у? О. Ӕппындӕр ницы фӕивта. Йесойы аххосджын кодтой, ӕвзӕрӕй ницы сарӕзта, афтӕмӕй. Ӕмӕ абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр ӕфхӕрд ӕййафынц ницӕй тыххӕй. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ. 1930-ӕм азты ӕмӕ 1940-ӕм азты Америкӕйы Иугонд Штатты тӕрхондӕттӕм бирӕ хӕттыты хъаст балӕвӕрдтам, Хуыцауӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕныны бар нын кӕй ис, уый фӕдыл. Тӕрхонгӕнджытӕй чидӕртӕ ӕргом ӕвдыстой, сӕ зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуӕм. Квебекы (Канадӕ) католикон аргъуан ӕмӕ хицауад нӕ ныхмӕ тынг цыдысты, ӕмӕ ӕмвӕндӕй архайдтой. Хъусынгӕнджытӕй бирӕты ахӕстӕтты сбадын кодтой, адӕмимӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй кӕй дзырдтой, уый тыххӕй. Нацистон Германийы иузӕрдион ӕрыгон ӕфсымӕртӕй бирӕты амардтой. Фӕстаг азты та ӕфхӕрд ӕййафынц Уӕрӕсейы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. Бирӕты ӕрцахстой, Библийыл кӕй ныхас кодтой, уый тыххӕй. Уыцы хъуыддаг хицауад нымайы экстремизмыл. Суанг ма уырыссаг «Библи – Ног дунейы тӕлмац» дӕр банымадтой экстремистон публикацийыл, Хуыцауы ном «Йегъовӕ» дзы кӕй ис, уый тыххӕй.

16. 1 Иоанны 4:1 стихмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй цы мӕнг ныхӕстӕ дзурынц, уыдонмӕ цӕуылнӕ хъуамӕ хъусӕм?

16 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нын цӕлхдур мацы суа? Йесо йӕ зындгонд раныхасы загъта, йӕ фӕдыл чи цӕуа, уыдоныл алы ӕвзӕртӕ кӕй мысдзысты (Матф. 5:11). Цы мӕнг ныхӕстӕ сӕ кӕнынц, уыдон Хӕйрӕгӕй сты. Рӕстдзинад чи уарзы, уыцы адӕмы ныхмӕ чи цӕуы, уыдоны Хӕйрӕг ардауы, цӕмӕй сӕ фыдкой кӕной ӕмӕ сыл цъыф калой (Рарг. 12:9, 10). Хъуамӕ ахӕм ныхӕстӕм хъусгӕ дӕр ма кӕнӕм. Хъуамӕ ма бауадзӕм, цӕмӕй нӕ ахӕм мӕнг ныхӕсты тыххӕй тас бацӕуа ӕмӕ цӕмӕй нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ уа. (Бакӕс 1 Иоанны 4:1.)

4. ЙЕСОЙЫ ЙӔ АПОСТОЛТӔЙ ИУ АУӔЙ КОДТА, ИННӔТӔ ЙӔ НЫУУАГЪТОЙ

Бирӕтӕн цӕлхдур сси, Иудӕ Йесойы кӕй ауӕй кодта. Абон дӕр бирӕтӕн ахӕм цыдӕр цӕлхдур куыд свӕййы? (кӕс 17, 18 абзацтӕ) *

17. Йесойы мӕлӕты размӕ цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдон кӕмӕндӕрты цӕлхдур цӕмӕн суыдаиккой?

17 Йесойы йӕ мӕлӕты размӕ йӕ 12 апостолӕй иу ауӕй кодта. Иу та дзы ӕртӕ хатты загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ. Йӕ мӕлӕты размӕ изӕр ӕй апостолтӕ се ’ппӕт дӕр ныууагътой (Матф. 26:14–16, 47, 56, 75). Фӕлӕ Йесо ууыл нӕ бадис кодта. Йӕхӕдӕг дӕр дзырдта, афтӕ кӕй уыдзӕн (Иоан. 6:64; 13:21, 26, 38; 16:32). Уыцы хабӕрттӕ чи уыдта, уыдонӕй чидӕртӕ, гӕнӕн ис, ахъуыды кодтой: «Кӕд Йесойы апостолтӕ афтӕтӕ кӕнынц, уӕд мӕн нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинаг суон».

18. Йесойы мӕлӕты размӕ цавӕр пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст сты?

18 Дзуттаг Фыстыты цы уыд фыст? Йесо зӕхмӕ куы ’рцыд, уымӕй цалдӕр сӕдӕ азы размӕ Йегъовӕ йӕ Ныхасы ныффыссын кодта, Мессийӕйы «ӕртын ӕвзист ӕхцайыл» кӕй ауӕй кӕндзысты (Зах. 11:12, 13). Йӕ уӕйгӕнӕг уыдзӕн йе ’ввахс ӕмбӕлттӕй сӕ иу (Пс. 41:9). Пехуымпар Захари та ныффыста: «Фыййауы ӕрцӕв, ӕмӕ фысты дзуг алырдӕмты фӕлидза» (Зах. 13:7). Сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн уыцы хабӕрттӕ цӕлхдур не суыдаиккой. Уыдон бамбӕрстаиккой, Йесойыл уыцы пехуымпарӕдтӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, ӕмӕ сӕ уырнындзинад бафидар уыдаид.

19. Сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм цы фембарынц?

19 Абон дӕр хабар афтӕ у? О. Бирӕтӕ кӕй зонынц, уыцы Ӕвдисӕнтӕй чидӕртӕ рӕстдзинад ныууагътой ӕмӕ раст дины ныхмӕ цӕуын райдыдтой. Уыдон архайынц, цӕмӕй иннӕты дӕр сӕ фӕдыл акӕной. Телевизоры, газетты, интернеты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй мӕнг ныхӕстӕ фӕкӕнынц, цъыф сыл фӕкалынц, цавӕрдӕр хабӕрттӕ сзыгъуыммӕ кӕнынц. Фӕлӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн уыдӕттӕ цӕлхдур не свӕййынц. Уыдон ӕй зонынц, ахӕм хабӕртты тыххӕй Библийы раджы кӕй ӕрцыд фыст (Матф. 24:24; 2 Пет. 2:18–22).

20. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нын, раст дин чи ныууагъта, уыдоны ныхӕстӕ цӕлхдур ма суой? (2 Тимофеймӕ 4:4, 5).

20 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нын цӕлхдур мацы суа? Хъуамӕ ӕдзух Библи иртасӕм, Йегъовӕмӕ арӕх кувӕм ӕмӕ нын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый зӕрдиагӕй аразӕм, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа. (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 4:4, 5.) Нӕ уырнындзинад фидар куы уа, уӕд-иу нӕ фӕтӕрсдзыстӕм, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй исчи ӕвзӕрӕй исты куы дзура, уӕд (Ис. 28:16). Мах тынг уарзӕм Йегъовӕйы, йӕ Ныхас, стӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты. Ӕмӕ нын, раст дин чи ныууагъта, уыдоны ныхӕстӕ цӕлхдур не суыдзысты.

21. Кӕд адӕмӕн сӕ фылдӕр, абон цы хабар хъусын кӕнӕм, уымӕ нӕ хъусынц, уӕддӕр фидарӕй цы зонӕм?

21 1 ӕнусы Йесойыл бирӕтӕ нӕ баууӕндыдысты. Фӕлӕ йыл чи баууӕндыд, уыдон дӕр гыццыл нӕ уыдысты. Ӕппынкъаддӕр дзы иу уыд дзуттӕгты сӕйраг тӕрхондонӕй. Стӕй ма йыл баууӕндыдысты «сауджынтӕй дӕр бирӕтӕ» (Хъуыд. 6:7; Матф. 27:57–60; Мар. 15:43). Нӕ рӕстӕджы дӕр цалдӕр милуан адӕймаджы бафӕндыд Йесойы фӕдыл цӕуын ӕмӕ сын цӕлхдур ницы сси. Уыдон зонынц, Хуыцауы Ныхасы цы рӕстдзинад ис, уый ӕмӕ йӕ уарзынц. Библийы фыст ис: «Дӕ закъон дын чи уарзы, уыдон хайджын сты бирӕ фарнӕй, ӕмӕ сын нӕй цӕлхдур» (Пс. 119:165).

124 ЗАРӔГ Алкӕд ӕнувыд, иузӕрдион уӕм

^ 5 абз. Айразмӕйы статьяйы аныхас кодтам, Йесойыл йӕ рӕстӕджы бирӕтӕ цӕуылнӕ баууӕндыдысты, стӕй абон бирӕтӕ цӕуылнӕ хъусынц, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ цы хабар хъусын кӕнынц, уымӕ. Ӕркастыстӕм цыппар хъуыддагмӕ. Ацы статьяйы ма аныхас кӕндзыстӕм ноджыдӕр цыппар хъуыддагыл. Стӕй ма базондзыстӕм, Йегъовӕйы чи уарзы, уыцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн цы ’ххуыс кӕны, цӕмӕй сын цӕлхдур мацы суа.

^ 60 абз. НЫВ. Йесо иу фынгыл бады Матфеимӕ ӕмӕ хъалонисджытимӕ.

^ 62 абз. НЫВ. Йесо кувӕндонӕй уӕйгӕнджыты тӕры.

^ 64 абз. НЫВ. Йесойӕн йӕ хъизӕмӕртты хъӕд хӕссын кӕнынц.

^ 66 абз. НЫВ. Иудӕ Йесойӕн апъа кодта ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ауӕй кодта.