13 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
Йегъовӕ дӕ куыд хъахъхъӕны?
«Йегъовӕ хъахъхъӕны, ӕнувыд ыл чи у, уыдоны» (ПС. 31:23).
124 ЗАРӔГ Алкӕд ӕнувыд, иузӕрдион уӕм
СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *
1. Йесо Йегъовӕйӕн цӕмӕн загъта, цӕмӕй йын йӕ ахуыргӕнинӕгты Фыдбылызӕй хъахъхъӕдтаид?
ЙЕСО йӕ мӕлӕты размӕ изӕр хъуыды кодта йӕ ахуыргӕнинӕгтыл. Уый зыдта, фӕлварӕнтыл кӕй ӕмбӕлдзысты. Тынг сӕ кӕй уарзта, уымӕ гӕсгӕ йӕ Фыдӕн загъта, цӕмӕй сӕ Фыдбылызӕй хъахъхъӕдтаид (Иоан. 17:14, 15). Йесо зыдта, фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕм куы аздӕха, уӕд Хӕйрӕг дарддӕр дӕр кӕй тох кӕндзӕн, Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕндзӕн, уыдонимӕ. Уӕдӕ бӕрӕг у, Йегъовӕйы адӕмы йе ’ххуыс кӕй хъӕуы.
2. Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн дзуапп кӕй дӕтдзӕн, уый нӕ фидарӕй цӕмӕн уырны?
2 Йегъовӕ Йесойы куывдӕн дзуапп радта, уымӕн ӕмӕ йӕ Фырты тынг уарзы. Мах дӕр Йегъовӕйы зӕрдӕ куы рухс кӕнӕм, уӕд мах дӕр уарздзӕн. Ӕмӕ-иу ӕм куы кувӕм, цӕмӕй нын баххуыс кӕна ӕмӕ нӕ бахъахъхъӕна, уӕд-иу нын нӕ куывдтытӕн дзуапп ратдзӕн. Йегъовӕ уарзӕгой Фыд у, ӕмӕ йӕ сывӕллӕттыл алкӕддӕр тыхсдзӕн. Афтӕ куы нӕ кӕнид, уӕд йӕ номыл цъыф бакӕлид.
3. Уӕлдайдӕр нӕ абон Йегъовӕйы ӕххуыс цӕмӕн хъӕуы?
3 Абон нӕ Йегъовӕйы ӕххуыс куыд хъӕуы, афтӕ никуы. Хӕйрӕг уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст ӕрцыд, ӕмӕ тынг мӕсты у (Рарг. 12:12). Нӕ фӕдыл чи зилы, уыдонӕн сӕ зонд сзыгъуыммӕ кодта, ӕмӕ сӕ иуӕй-иутӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ «афтӕмӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕнынц» (Иоан. 16:2). Хуыцау кӕй нӕ уырны, уыдонӕй та чидӕртӕ нӕ ныхмӕ уымӕн цӕуынц, ӕмӕ ацы дунейы адӕмӕй хицӕн кӕнӕм. Фӕлӕ мах нӕ тӕрсӕм, чи нӕ ’фхӕры, уыдонӕй. Хуыцауы Ныхасы фыст ис, Йегъовӕ нӕ Йесойы фӕрцы кӕй бафидар кӕндзӕн ӕмӕ нӕ Фыдбылызӕй кӕй бахиздзӕн (2 Фес. 3:3). Йегъовӕ нӕ куыд хъахъхъӕны? Ӕркӕсӕм дыууӕ хъуыддагмӕ.
ЙЕГЪОВӔ НЫН ДӔТТЫ ХӔСТОН ДЗАУМАТӔ
4. Ефесӕгтӕм 6:13–17 стихтӕм гӕсгӕ нын Йегъовӕ цы радта, цӕмӕй нӕ бахъахъхъӕна?
4 Йегъовӕ нын радта хӕстон дзауматӕ, цӕмӕй нӕхи Хӕйрӕгӕй Ефесӕгтӕм 6:13–17.) Уыдонӕй хуыздӕр хӕстон дзауматӕ нӕй! Фӕлӕ нӕ уыдон хъахъхъӕндзысты, алкӕцы дӕр дзы нӕ уӕлӕ куы уа ӕмӕ-иу сӕ куы нӕ раласӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд. Уыцы дзауматӕй алкӕцы дӕр цӕмӕ амоны? Цӕй ӕмӕ сыл бӕстондӕр аныхас кӕнӕм.
хъахъхъӕнӕм. (Бакӕс5. Нӕ астӕутӕ цы ронӕй хъуамӕ ӕрбалвасӕм, уый цы у ӕмӕ йӕ цӕмӕн хъуамӕ дарӕм?
5 Нӕ астӕутӕ ронау цы ӕцӕгдзинадӕй хъуамӕ ӕрбалвасӕм, уый у, Хуыцауы Ныхасы, Библийы, цы рӕстдзинад ис, уый. Уыцы рон цӕмӕн хъуамӕ дарӕм? Цӕмӕй нӕ Хӕйрӕг, «мӕнгдзинады фыд», ма асайа (Иоан. 8:44). Уыцы куыст ныр цалдӕр мин азы дӕргъы кӕны. Ӕмӕ «зӕххыл ӕппӕт адӕмы дӕр... сайы» (Рарг. 12:9). Фӕлӕ, Библийы цы рӕстдзинад ис, уый нӕ йӕ мӕнг ныхӕстӕй хъахъхъӕны. Кӕд уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ ныл уыцы рон ис? Йегъовӕйы тыххӕй Библийы цы фыст ис, уый куы базонӕм, «сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ» йын куы кувӕм ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр ӕнӕзӕрдӕхудт куы уӕм, уӕд (Иоан. 4:24; Еф. 4:25; Дзут. 13:18).
6. Рӕстдзинады згъӕрхӕдон цы у ӕмӕ йӕ цӕмӕн хъуамӕ дарӕм?
6 Рӕстдзинады згъӕрхӕдон амоны Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм. Уыцы згъӕрхӕдон цӕмӕн хъуамӕ дарӕм? Ӕнӕуи згъӕрхӕдон ӕфсӕддоны зӕрдӕ куыд фӕхъахъхъӕны, афтӕ нын ацы згъӕрхӕдон ахӕсгӕ хуызы хъахъхъӕны нӕ зӕрдӕ, цӕмӕй ныл ацы хӕлд дунейы зондахаст ма фӕзына (Ӕмб. 4:23). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ йын лӕггад кӕнӕм ӕппӕт зӕрдӕйӕ (Матф. 22:36, 37). Хӕйрӕг та архайы, цӕмӕй нын нӕ зӕрдӕ дыууӕ дихы фӕкӕна. Уый фӕнды, цӕмӕй бауарзӕм, ацы дунейы цытӕ ис ӕмӕ Йегъовӕ йе сӕфт цӕмӕй уыны, уыдӕттӕ (Иак. 4:4; 1 Иоан. 2:15, 16). Ӕмӕ йын уый куы нӕ бантысы, уӕд та фӕархайы, цӕмӕй ӕфхӕрд баййафӕм ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕйы закъӕтты сӕрты ахизӕм.
7. Кӕд уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ рӕстдзинады згъӕрхӕдон нӕ уӕлӕ скодтам?
7 Рӕстдзинады згъӕрхӕдон нӕ уӕлӕ скӕнӕм, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уымӕ Йегъовӕйы цӕстӕй куы фӕкӕсӕм ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕм ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы фӕцӕрӕм (Пс. 97:10). Чи зоны, кӕмӕдӕр афтӕ кӕсы, ӕмӕ йын Йегъовӕйы закъӕттӕ йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ бӕттынц. Фӕлӕ Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы нал цӕрӕм, уӕд уыдзыстӕм, тохы рӕстӕг йе згъӕрхӕдон уӕззау кӕмӕ фӕкаст ӕмӕ йӕ чи раласта, ахӕм ӕфсӕддоны хуызӕн. Уый тынг ӕнӕзонд ми уаид. Йегъовӕйы чи уарзы, уыдонӕн «йӕ фӕдзӕхстытӕ... зынӕххӕстгӕнӕн не сты» (1 Иоан. 5:3). Уыдон ӕмбарынц, уыцы фӕдзӕхстытӕ сын сӕ цард кӕй ирвӕзын кӕнынц.
8. Павелы ныхӕстӕ, «цӕттӕ ут фарны хорз хабар хъусын кӕнынмӕ – уый... уӕд уӕ къахыдарӕс», зӕгъгӕ, цы нысан кӕнынц?
8 Павел ма ныффыста, зӕгъгӕ, «цӕттӕ ут фарны хорз хабар хъусын кӕнынмӕ – уый... уӕд уӕ къахыдарӕс». Ӕндӕр ныхасӕй, хъуамӕ алкӕддӕр цӕттӕ уӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнынмӕ. Иннӕтӕн рӕстдзинады тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд нӕхи уырнындзинад дӕр бафидар вӕййы. Ӕхсызгон нын у, Йегъовӕйы адӕм хорз хабар ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр кӕй хъусын кӕнынц. Кӕмфӕнды ма уой,– алы ран дӕр уымӕн фадат ссарынц. Фӕхъусын кӕнынц се ’мкусджытӕн, сӕ къласӕгтӕн, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ кӕнӕ, адӕм кӕм кусынц, уыцы рӕтты. Фӕхъусын ма кӕнынц, исты куы фелхӕнынц, се ’нӕуырнӕг хиуӕтты куы бабӕрӕг кӕнынц кӕнӕ сӕ зонгӕтыл куы фембӕлынц, уӕд, ӕмӕ ма суанг сӕ бон хӕдзарӕй рацӕуын куы нӕ вӕййы, уӕд дӕр. Хорз хабар хъусын кӕнынмӕ нӕ ныфс куы нал хӕссӕм ӕмӕ куы нал хъусын кӕнӕм, уӕд уыдзыстӕм, тохы рӕстӕг йӕ дзабыртӕ чи раласта, ахӕм ӕфсӕддоны хуызӕн. Ӕнӕ дзабыртӕй йӕ къӕхтӕ ныллыгтӕ кӕндзӕн, ӕмӕ йын
афтӕмӕй йӕхи бахъахъхъӕнын зындӕр уыдзӕн. Стӕй йӕ бон нӕ уыдзӕн сӕ разамонӕджы бардзырдтӕ ӕххӕст кӕнын.9. Уырнындзинады стыр уарт нӕ цӕмӕн хъӕуы?
9 Уырнындзинады стыр уарт амоны, Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндӕм, уымӕ. Мах фидарӕй уырны, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Уыцы уырнындзинад нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй «Фыдбылызы судзгӕ фаттӕ се ’ппӕт дӕр ахуыссын кӕнӕм». Уыцы стыр уарт нӕ цӕмӕн хъӕуы? Уымӕн ӕмӕ нӕ уый хъахъхъӕндзӕн, раст дин чи ныууагъта, уыдоны мӕнг ахуырӕдтӕй. Стӕй-иу нӕ исчи, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый тыххӕй куы хынджылӕг кӕна, уӕд-иу нӕ ныфс нӕ асӕтдзӕн. Уырнындзинад нӕм куы нӕ уа, уӕд нӕ бон нӕ бауыдзӕн, Йегъовӕйы закъӕттӕ нын чи халын кӕны, уыдоны ныхмӕ фидар фӕлӕууын. Фӕлӕ скъолайы кӕнӕ куысты нӕ уырнындзинады сӕрыл куы фӕдзурӕм, уӕд нӕ уартау фӕхъахъхъӕны (1 Пет. 3:15). Фылдӕр нын кӕм фиддзысты, фӕлӕ нӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын чи хъыгдардзӕн, ахӕм куыстыл куы не сразы вӕййӕм, уӕд нӕ нӕ уырнындзинад уартау фӕхъахъхъӕны (Дзут. 13:5, 6). Ӕмӕ ӕфхӕрд куы феййафӕм, фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй куы фӕлӕггад кӕнӕм, уӕд дӕр нӕ нӕ уырнындзинад уартау фӕхъахъхъӕны (1 Фес. 2:2).
10. Цы у ирвӕзындзинады згъӕрхуд ӕмӕ йӕ цӕмӕн хъуамӕ дарӕм?
1 Фес. 5:8; 1 Тим. 4:10; Тит. 1:1, 2). Ӕнӕуи згъӕрхуд ӕфсӕддонӕн йӕ сӕр куыд фӕхъахъхъӕны, афтӕ нын цы ныфс ис, уый нын хъахъхъӕны нӕ зонд. Ома куыд? Уыцы ныфс нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ ӕдзух нӕ зӕрдыл дарӕм ӕмӕ нӕ зындзинӕдтӕм раст цӕстӕй кӕсӕм. Нӕ зондахаст Хуыцауы зондахасты хуызӕн куы уа, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ уыцы згъӕрхуд нӕ сӕрыл ис. Зӕгъӕм, мах нӕ ныфс, ӕууӕнк кӕуыл нӕй, уыцы хъӕздыгдзинадыл нӕ дарӕм, фӕлӕ Хуыцауыл (Пс. 26:2; 104:34; 1 Тим. 6:17).
10 Ирвӕзындзинады згъӕрхуд у, Йегъовӕ нын цы ныфс дӕтты, уый. Йӕ фӕндон ын чи ’ххӕст кӕны, уыдонӕн ис ныфс, хӕрзиуӕгӕй сӕ кӕй схайджын кӕндзӕн ӕмӕ, мӕлгӕ дӕр куы акӕной, уӕддӕр сӕ кӕй райгас кӕндзӕн (11. Цы у Хуыцауы сыгъдӕг тыхы лӕвӕрд хъама ӕмӕ дзы архайын цӕмӕн хъуамӕ зонӕм?
11 Хуыцауы сыгъдӕг тыхы лӕвӕрд хъама у Хуыцауы Ныхас, Библи. Хуыцауы Ныхасӕн ахӕм тых ис, ӕмӕ йӕ бон у цыфӕнды мӕнгдзинад дӕр хурмӕ рахӕссын ӕмӕ адӕмы мӕнг ахуырӕдтӕй ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй ссӕрибар кӕнын (2 Кор. 10:4, 5; 2 Тим. 3:16, 17; Дзут. 4:12). Уыцы хъамайӕ арӕхстджынӕй архайын ахуыр кӕнӕм, нӕхӕдӕг Библи кӕй иртасӕм ӕмӕ нӕ Хуыцауы организаци кӕй ахуыр кӕны, уый фӕрцы (2 Тим. 2:15). Ныр та аныхас кӕнӕм, Йегъовӕ ма нӕ ноджыдӕр куыд хъахъхъӕны, ууыл.
ИУНӔГӔЙ НӔ ХӔЦӔМ
12. Кӕй ӕххуыс ма нӕ хъӕуы ӕмӕ цӕмӕн?
12 Дӕсны хӕстон фӕзоны, стыр ӕфсады ныхмӕ йӕ бон иунӕгӕй ӕрлӕууын кӕй нӕу. Уый фӕхъӕуы иннӕ хӕстонты ӕххуыс. Махӕн дӕр нӕ бон нӕу Хӕйрӕджы ныхмӕ ӕмӕ, йӕ фарс чи сты, уыдоны ныхмӕ иунӕгӕй фидар фӕлӕууын. Хъӕуы нӕ иннӕты ӕххуыс. Йегъовӕйы фӕрцы нын ӕгас зӕххыл дӕр ис хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ, ӕмӕ уыдон немӕ иумӕ хӕцынц (1 Пет. 2:17).
13. Дзуттӕгтӕм 10:24, 25 стихтӕм гӕсгӕ нын не ’мбырдтӕ куыд ӕххуыс кӕнынц?
13 Не ’мбырдтӕ нын стыр ӕххуыс сты. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 10:24, 25.) Хатт махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ ныфс асӕтты, фӕлӕ ӕмбырдмӕ куы ’рбацӕуӕм, уӕд нӕ ныфсыл ныфс бафты. Нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты зӕрдиаг дзуаппытӕ нӕ тынг бафидар кӕнынц. Ӕмбырдты цы раныхӕстӕ ӕмӕ равдыстытӕ вӕййы, уыдоны фӕрцы нӕ бафӕнды Йегъовӕйӕн зӕрдиагдӕрӕй лӕггад кӕнын. Ӕмбырды размӕ ӕмӕ ӕмбырды фӕстӕ нӕ бон вӕййы нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ аныхас кӕнын, ӕмӕ нӕ уый дӕр бафидар кӕны (1 Фес. 5:14). Уымӕй уӕлдай ма нын не ’мбырдты фӕрцы фадат вӕййы, цӕмӕй иннӕтӕн баххуыс кӕнӕм, ӕмӕ нын уый циндзинад ӕрхӕссы (Хъуыд. 20:35; Ром. 1:11, 12). Ӕмбырдты ма ахуыр кӕнӕм хуыздӕр хъусын кӕнын ӕмӕ нӕм иннӕты ахуыр кӕнынӕн цы кусӕнгӕрзтӕ ис, уыдонӕй архайын. Уӕдӕ-иу ӕмбырдтӕм дӕхи хорз бацӕттӕ кӕн, лӕмбынӕг-иу хъус ӕмӕ-иу, цы базоныс, уымӕ гӕсгӕ архай. Афтӕ куы кӕнай, уӕд суыдзынӕ «Йесо Чырыстийы хъӕбатыр ӕфсӕддон» (2 Тим. 2:3).
14. Ноджыдӕр ма нын чи ’ххуыс кӕны?
14 Ноджыдӕр ма нын ӕххуыс кӕнынц милуангай хъомысджын зӕдтӕ. Ахъуыды-ма кӕн, ӕрмӕст иу зӕдӕн дӕр йӕ бон цас у саразын (Ис. 37:36). Ӕмӕ уӕд ӕнӕхъӕн зӕдты ’фсад та цас цыдӕртӕ сараздзӕн. Иу адӕймагӕн дӕр ӕмӕ иу дӕлимонӕн дӕр йӕ бон нӕ уыдзӕн Йегъовӕйы хъомысджын ӕфсады ныхмӕ фӕлӕууын. Чидӕр куыд загъта, адӕймаг, дам, иунӕг куы уа, фӕлӕ йемӕ Йегъовӕ куы уа, уӕд уыдзысты фылдӕр, иннӕтӕ цасфӕнды ма уой, уӕддӕр (Тӕрх. 6:16). Ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у. Уӕдӕ де ’мкусджытӕй, дӕ къласӕгтӕй кӕнӕ де ’нӕуырнӕг хиуӕттӕй чидӕр цы загъта кӕнӕ цы сарӕзта, уый дӕ тас куы бауадза, уӕд-иу ахъуыды кӕн, дӕ фарс чи сты, уыдоныл. Рох дӕ ма уӕд: ацы хӕсты иунӕгӕй нӕ хӕцыс. Йегъовӕ дын ӕххуыс кӕны, уымӕн ӕмӕ архайыс йӕ разамындмӕ гӕсгӕ.
ЙЕГЪОВӔ НӔ ДАРДДӔР ДӔР ХЪАХЪХЪӔНДЗӔН
15. Исай 54:15, 17 стихтӕм гӕсгӕ, знӕгтӕн сӕ бон цӕуылнӕ бауыдзӕн афтӕ бакӕнын, ӕмӕ Хуыцауы адӕм мауал хъусын кӕной?
15 Хӕйрӕджы дӕлбар чи ис, уыцы дуне нӕ йе сӕфт дзӕгъӕлы нӕ уыны. Мах политикӕйы нӕ архайӕм ӕмӕ нӕ къухмӕ хӕцӕнгарз нӕ исӕм. Мах адӕмӕн дзурӕм, Хуыцауы ном Йегъовӕ кӕй у. Хъусын кӕнӕм, зӕххыл сабыр цард ӕрмӕстдӕр йӕ Паддзахад кӕй скӕндзӕн. Уымӕй уӕлдай ма цӕрӕм Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ. Мах адӕмӕн ӕргом кӕнӕм, ацы дунейы хицау сӕ сайгӕ кӕй кӕны ӕмӕ лӕгмар кӕй у (Иоан. 8:44). Ӕмӕ хъусын кӕнӕм, тагъд Хӕйрӕджы дунейӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн. Фӕлӕ кӕд Хӕйрӕг ӕмӕ, йӕ фарс чи сты, уыдон нӕ ныхмӕ цӕуынц, уӕддӕр сӕ бон никуы бауыдзӕн афтӕ бакӕнын, цӕмӕй хорз хабар мауал хъусын кӕнӕм. Мах дарддӕр дӕр Йегъовӕйы кадджын кӕндзыстӕм, нӕ бон куыд у, афтӕ. Кӕд Хӕйрӕг тынг тыхджын у ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕн цӕлхдуртӕ ӕвӕры, уӕддӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъуыстгонд цӕуы ӕгас зӕххыл дӕр. Ӕмӕ уымӕн гӕнӕн ис, Йегъовӕ нӕ кӕй хъахъхъӕны, ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы. (Бакӕс Исайы 54:15, 17.)
16. Стыр бӕллӕхы рӕстӕг Йегъовӕ йӕ адӕмы куыд бахъахъхъӕндзӕн?
16 Фидӕны стыр бӕллӕхы рӕстӕг Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты бахъахъхъӕндзӕн. Фыццаг уал сӕ бахъахъхъӕндзӕн, Стыр Вавилон, ома мӕнг динтӕ иууылдӕр, зӕххон паддзӕхтӕн куы фесафын кӕна, уӕд (Рарг. 17:16–18; 18:2, 4). Уый фӕстӕ сӕ бахъахъхъӕндзӕн, Хӕйрӕджы дунейӕн йӕ иннӕ хӕйттӕ Армагеддоны куы фесафа, уӕд (Рарг. 7:9, 10; 16:14, 16).
17. Йегъовӕйы ӕввахс хӕлӕрттӕ куы уӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн?
17 Йегъовӕйы ӕввахс хӕлӕрттӕ куы уӕм, уӕд нын Хӕйрӕг ахӕмӕй ницы сараздзӕн, ӕмӕ сраст кӕнӕн мацыуал уа. Мӕгуыры бон йӕхиуыл акӕндзӕн! (Ром. 16:20). Уӕдӕ, Хуыцау цы хӕстон дзауматӕ дӕтты, уыдон алкӕддӕр дӕ уӕлӕ уӕнт ӕмӕ сӕ макуы ралас! Хӕйрӕгимӕ ӕмӕ йӕ дунеимӕ иунӕгӕй ма тох кӕн. Дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕн ӕмӕ Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ архай. Афтӕ куы кӕнай, уӕд дӕ нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд алкӕддӕр фидар кӕндзӕн ӕмӕ дӕ хъахъхъӕндзӕн (Ис. 41:10).
149 ЗАРӔГ Уӕлахизы зарӕг
^ 5 абз. Библи нын зӕрдӕ ӕвӕры, Йегъовӕ нӕ кӕй фидар кӕндзӕн ӕмӕ нӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм ахӕм фарстатыл: цӕмӕн нӕ хъӕуы хъахъхъӕнын? Йегъовӕ нӕ куыд хъахъхъӕны? Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нын Йегъовӕ ӕххуыс кӕна?