Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Мессенджертӕй пайда кӕнгӕйӕ чырыстӕттӕ ӕмбаргӕ цӕмӕн хъуамӕ уой?

▪ Чырыстӕттӕй бирӕтӕ пайда кӕнынц нырыккон технологитӕй, цӕмӕй сӕ бинонтӕм кӕнӕ се ’мчырыстӕттӕм фыссой ӕмӕ семӕ ныхас кӕной. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕлтӕрдджын чырыстон йӕ зӕрдыл дардзӕн ацы уынаффӕ: «Ӕмбаргӕ адӕймаг фыдбылыз куы фены, уӕд дзы йӕхи бахизы, ӕвӕлтӕрдтӕ та размӕ ацӕуынц ӕмӕ бӕллӕхы бахауынц» (Ӕмб. 27:12).

Мах ӕй ӕмбарӕм, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй нӕ бахъахъхъӕна. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ лымӕн кӕнӕм, иуты иннӕты ныхмӕ чи кӕны, ӕмбырдӕй цух чи у кӕнӕ рӕстдзинад чи зыгъуыммӕ кӕны, ахӕм адӕмимӕ (Ром. 16:17; 1 Кор. 5:11; 2 Иоан. 10, 11). Кӕд адӕймаг ӕмбырдтӕм цӕуы кӕнӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй кӕмӕндӕр йӕ зонгӕ у, уӕд уый ӕнӕмӕнг ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Библийы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕры (2 Тим. 2:20, 21). Ӕмӕ нӕхицӕн ӕмбӕлттӕ ӕвзаргӕйӕ хъуамӕ уый нӕ зӕрдыл дарӕм. Фӕлӕ искӕмӕ мессенджертӕй фысгӕйӕ афтӕ ӕнцон базонӕн нӕу, хорз адӕймаг у ӕви нӕ.

Иуӕй-иу хатт мессенджерты скӕнынц стыр къордтӕ, ӕмӕ ахӕм уавӕры уӕлдай къӕрцхъус хъуамӕ уӕм. Чырыстӕттӕй кӕйдӕрты ахӕм къордтӕм бафтыдтой, ӕмӕ сӕ уый хорзӕй ницӕмӕ ӕркодта. Ӕмӕ уӕвгӕ, куыд ис гӕнӕн, ӕмӕ къӕрцхъус уай, иу къорды цалдӕр сӕдӕ кӕнӕ цалдӕр мин адӕймаджы куы уа, уӕд? Уымӕн гӕнӕн нӕй, ӕмӕ алкӕй тыххӕй дӕр базонай, ӕцӕгӕй чи у, цавӕр адӕймаг у, стӕй йӕ уырнындзинад фидар у ӕви нӕ. Псаломы 26:4 стихы фыст ис: «Ӕз никуы бадтӕн мӕнгард адӕмимӕ ӕмӕ, йе ’цӕг цӕсгом чи ӕмбӕхсы, уыдонимӕ нӕ лымӕн кӕнын». Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, хорз кӕй уаид, дӕхӕдӕг кӕй зоныс, ӕрмӕстдӕр уыдонмӕ куы фыссис мессенджертӕй.

Мессенджеры гыццыл къорд куы скӕной, уӕддӕр чырыстон хъуамӕ йӕ хъус дара, цӕй тыххӕй дзы фыссынц, уымӕ, стӕй йын чаты цыдӕртӕ фыссыныл цас рӕстӕг ацӕуы, уымӕ дӕр. Иннӕтӕ истытӕ куы фыссой, уӕд хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ дзы цӕйфӕнды кой ма кӕной ӕмӕ ууыл цасфӕнды рӕстӕг ма цӕуа, уӕддӕр сын хъуамӕ дзуапп дӕттӕм. Павел Тимофеймӕ фыста, иннӕты кой чи кодта ӕмӕ йӕхи адӕмы хъуыддӕгты чи тъыста, уыдоны тыххӕй (1 Тим. 5:13). Ӕмӕ абон дӕр, гӕнӕн ис, афтӕ рауайа, мессенджерты истытӕ куы фыссӕм, уӕд.

Фӕлтӕрдджын чырыстон мессенджерты йе ’мчырыстӕтты фыдкой нӕ кӕндзӕн, стӕй уыдоны тыххӕй, иннӕтӕн дзурӕн кӕй нӕй, ахӕм хабӕрттӕ нӕ фысдзӕн (Пс. 15:3; Ӕмб. 20:19). Ӕмӕ иннӕтӕ афтӕ куы кӕной, уӕд сӕ нӕ фӕзмдзӕн. Стӕй-иу цавӕрдӕр хабӕрттӕ нӕ ныддиссаг кӕндзӕн ӕмӕ, бӕлвырд кӕй нӕ зоны, ахӕм хабӕртты тыххӕй дӕр нӕ фысдзӕн (Еф. 4:25). Кӕд нӕ фӕнды, ӕууӕнк кӕуыл ис, ахӕм хабӕрттыл дзурын, уӕд уыдон ссарӕн ис сайты jw.org ӕмӕ «JW Broadcasting®»-ы ӕрвылмӕйон программӕты.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй иуӕй-иутӕ мессенджерты фӕрцы цыдӕртӕ фелхӕнынц, фӕуӕй кӕнынц, цӕмӕндӕр фӕкӕнынц рекламӕ кӕнӕ ныффыссынц, цавӕрдӕр куыстмӕ бацӕуӕн кӕй ис. Фӕлӕ уыцы хъуыддӕгтӕ нӕ хъӕуы нӕ лӕггадимӕ хӕццӕ кӕнын. Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй ӕхцауарзаг уӕм, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕхицӕн нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты фӕрцы ӕхца нӕ кусдзыстӕм (Дзут. 13:5).

Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй исчи ӕххуысхъуаг куы уа кӕнӕ, ӕрдзон бӕллӕх зиан кӕмӕн ӕрхаста, уыдонӕн баххуыс кӕнын куы хъӕуа, уӕд та раст уыдзӕн ӕхца ӕмбырд кӕныны тыххӕй мессенджерты фыссын? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах кӕрӕдзи уарзӕм ӕмӕ кӕрӕдзийӕн феххуыс кӕнӕм (Иак. 2:15, 16). Фӕлӕ кӕйдӕр ӕххуыс кӕй хъӕуы, уый тыххӕй, мессенджерты цы стыр къордтӕ скӕнынц, уыдоны куы фыссӕм, уӕд филиалӕн кӕнӕ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн зындӕр уыдзӕн, ӕххуыс кӕй хъӕуы, уыцы чырыстӕттӕн баххуыс кӕнын (1 Тим. 5:3, 4, 9, 10, 16). Стӕй нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй иннӕтӕ афтӕ хъуыды кӕной, ӕмӕ нын чидӕр Хуыцауы дзуг нӕ бар бакодта.

Мах фӕнды алцыдӕр Хуыцауы кадӕн аразын (1 Кор. 10:31). Уӕдӕ мессенджертӕй кӕнӕ ӕндӕр ахӕм мадзӕлттӕй куы пайда кӕнай, уӕд-иу ахъуыды кӕн, дӕхи дӕ хизын цӕмӕй хъӕуы, ууыл ӕмӕ къӕрцхъус у.