Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

12 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Уарзондзинад нын ӕххуыс кӕндзӕн, адӕм нӕ се сӕфт куы уыной, уӕд

Уарзондзинад нын ӕххуыс кӕндзӕн, адӕм нӕ се сӕфт куы уыной, уӕд

«Адӕттӕ уын уый тыххӕй фӕдзӕхсын, цӕмӕй уӕ кӕрӕдзийы уарзат. Кӕд уӕ ацы дуне йе сӕфт уыны, уӕд ӕй зонут, сымахӕй раздӕр мӕнӕй кӕй федта йе сӕфт» (ИОАН. 15:17, 18).

129 ЗАРӔГ Фидар лӕудзыстӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Матфейы 24:9 стихы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ дис цӕуылнӕ хъуамӕ кӕнӕм, ацы дуне нӕ йе сӕфт кӕй уыны, ууыл?

ЙЕГЪОВӔ нӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ нӕ бон у иннӕты уарзын, стӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй мах дӕр уарзой. Ӕмӕ нӕ исчи йе сӕфт куы фӕуыны, уӕд нын тынг зын вӕййы ӕмӕ ма нӕ, чи зоны, тас дӕр бацӕуы. Хо Джорджинӕ цӕры Европӕйы, ӕмӕ уый радзырдта: «14 азы мыл куы цыди, уӕд мӕ мӕ мад йӕ удхӕссӕг федта, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын мӕ кӕй фӕндыд, уый тыххӕй. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ ӕппындӕр никӕй хъӕуын, стӕй мӕхимӕ ницӕйаг ӕркастӕн» *. Ӕфсымӕр Данилo та ныффыста: «Ӕфсӕддонтӕ мӕ куы надтой, алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ мын куы кодтой ӕмӕ мӕм куы ’ртхъирӕнтӕ кодтой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕн, уый тыххӕй, уӕд мӕ тас бацыд, стӕй мӕхимӕ зӕххӕй сисинаг дӕр нал кастӕн». Иннӕтӕ нӕ се сӕфт куы фӕуынынц, уӕд нын уый тынг зын вӕййы, фӕлӕ ууыл дис нӕ фӕкӕнӕм. Йесо дӕр загъта, афтӕ кӕй уыдзӕн. (Бакӕс Матфейы 24:9.)

2, 3. Ацы дуне Йесойы фӕдылдзӕуджытӕй йе сӕфт цӕмӕн уыны?

2 Ацы дуне нӕ йе сӕфт уыны, уымӕн ӕмӕ Йесойау мах дӕр ацы дунейӕ не стӕм (Иоан. 15:17–19). Мах хицӕутты нымайӕм, фӕлӕ политикӕйы нӕ архайӕм, тырысайӕн нӕ табу кӕнӕм ӕмӕ гимн нӕ фӕзарӕм. Мах ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы нымайӕм нӕ Хуыцауыл. Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ «байзӕддаг» разы не сты, Хуыцауӕн кӕй ис бар, цӕмӕй ӕппӕт адӕмӕн дӕр сӕ Хицау уа (Райд. 3:1–5, 15). Фӕлӕ мах Йегъовӕйы нымайӕм Дун-дунейы Хицауыл. Мах хъусын кӕнӕм, ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй скӕндзӕн кӕрон адӕмы ӕппӕт зындзинӕдтӕн дӕр ӕмӕ, уыцы Паддзахады ныхмӕ чидӕриддӕр цӕуы, уыдоны тагъд кӕй фесафдзӕн (Дан. 2:44; Рарг. 19:19–21). Уый сабыр адӕмӕн у хорз хабар, фыдгӕнджытӕн та – ӕвзӕр хабар (Пс. 37:10, 11).

3 Ацы дуне ма нӕ йе сӕфт уыны, Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ кӕй цӕрӕм, уый тыххӕй дӕр. Хуыцау ӕвзӕрыл цы нымайы, уый ацы дунейы ӕвзӕрыл нал нымайынц. Зӕгъӕм, бирӕтӕ ӕвзӕрыл нал нымайынц, Хуыцау Содом ӕмӕ Гоморрӕ цы хӕлд миты тыххӕй фесӕфта, уыдон. Ӕргом дӕр ма фӕзӕгъынц, ахӕм хъуыддӕгтӕ ӕвзӕр кӕй не сты! (Иуд. 7). Ӕмӕ мах Библимӕ гӕсгӕ кӕй цӕрӕм, уый тыххӕй ныл бирӕтӕ фӕхудынц ӕмӕ нӕ фӕхонынц фанатиктӕ (1 Пет. 4:3, 4).

4. Адӕм нӕ се сӕфт куы уыной, уӕд нын цавӕр миниуджытӕ баххуыс кӕндзысты?

4 Адӕм нӕ се сӕфт куы уыной ӕмӕ нӕ куы ’фхӕрой, уӕд нын фидар фӕлӕууынӕн цы баххуыс кӕндзӕн? Хъуамӕ нӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Нӕ уырнындзинад абарӕн ис уартимӕ. Йӕ бон у «Фыдбылызы судзгӕ фаттӕ се ’ппӕт дӕр ахуыссын кӕнын» (Еф. 6:16). Фӕлӕ ма нын уырнындзинадӕй уӕлдай баххуыс кӕндзӕн уарзондзинад. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ уарзондзинад «уайтагъд нӕ рамӕсты вӕййы». Нӕ зӕрдӕ нын цы фӕриссын кӕны, уыдӕттӕн быхсы ӕмӕ «алцӕмӕн дӕр фидар лӕууы» (1 Кор. 13:4–7, 13). Ӕркӕсӕм, Йегъовӕйы, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты ӕмӕ суанг не знӕгты дӕр кӕй уарзӕм, уый нын куыд баххуыс кӕндзӕн, адӕм нӕ се сӕфт куы уыной, уӕд.

ЙЕГЪОВӔЙЫ КӔЙ УАРЗӔМ, УЫЙ НЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН ФИДАР ФӔЛӔУУЫНӔН

5. Йесо йӕ Фыды кӕй уарзта, уый фӕрцы йӕ бон цы баци?

5 Йесо йӕ мӕлӕты размӕ изӕр йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Ӕз мӕ Фыды кӕй уарзын, уый тыххӕй аразын, мӕ Фыд мын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ» (Иоан. 14:31). Йесо йӕ Фыды кӕй уарзта, уый фӕрцы йӕ бон баци уӕззау фӕлварӕнты фидар фӕлӕууын. Ӕмӕ махӕн дӕр фидар фӕлӕууынӕн баххуыс кӕндзӕн, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый.

6. Ромӕгтӕм 5:3–5 стихтӕм гӕсгӕ, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ цы цӕстӕй кӕсынц, ацы дуне сӕ йе сӕфт кӕй уыны, уымӕ?

6 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ-иу ӕфхӕрд куы ’ййӕфтой, уӕд-иу сын алкӕддӕр ӕххуыс кодта, Хуыцауы кӕй уарзтой, уый. Иухатт апостолтӕн дзуттӕгты сӕйраг тӕрхондоны дзырддзӕугӕ лӕгтӕ загътой, цӕмӕй мауал хъусын кодтаиккой. Фӕлӕ уыдон Хуыцауы кӕй уарзтой, уымӕ гӕсгӕ сын загътой: «Хуыцау у нӕ хицау, ӕмӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ уымӕ хъусӕм, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ» (Хъуыд. 5:29; 1 Иоан. 5:3). Абон дӕр не ’фсымӕртӕ Хуыцауы тынг кӕй уарзынц, уый фӕрцы сӕ бон вӕййы иузӕрдионӕй баззайын, ӕгъатыр ӕмӕ хъомысджын хицауӕдтӕ сӕ куы фефхӕрынц, уӕд. Ацы дуне нӕ йе сӕфт кӕй уыны, уый тыххӕй нӕ ныфс нӕ асӕтты, фӕлӕ, Хуыцауы тыххӕй ӕфхӕрд кӕй ӕййафӕм, уый кадыл нымайӕм (Хъуыд. 5:41; бакӕс Ромӕгтӕм 5:3–5).

7. Нӕ бинонтӕ нӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

7 Ӕппӕты стырдӕр фӕлварӕн нын цы вӕййы, уыдонӕй, ӕвӕццӕгӕн, иу у, нӕ бинонтӕ нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц. Адӕймаджы рӕстдзинады тыххӕй фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уый йӕ бинонтӕ куы фӕуынынц, уӕд сӕ, гӕнӕн ис, исчи ахъуыды кӕна, сайгӕ йӕ кӕй кӕнынц. Чидӕр та ахъуыды кӕны, йӕ сӕрызонд фӕцыди, зӕгъгӕ. (Абар Марчы 3:21.) Суанг ма йӕм, гӕнӕн ис, сӕ къух дӕр исой кӕнӕ йын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кӕной. Фӕлӕ нӕм уый хъуамӕ диссаг ма кӕса. Йесо загъта: «Адӕймагӕн йе знӕгтӕ уыдзысты йӕхи бинонтӕ» (Матф. 10:36). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ бинонтӕ кӕнӕ нӕм нӕ хиуӕттӕ ӕвзӕр цӕстӕй куы фӕкӕсынц, уӕддӕр сӕ мах не знӕгтыл нӕ фӕнымайӕм. Йегъовӕйы тынгдӕр куы бауарзӕм, уӕд адӕмы дӕр тынгдӕр бауарзӕм (Матф. 22:37–39). Фӕлӕ кӕйдӕр зӕрдӕ балхӕныны тыххӕй Библийы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдты сӕрты никуы ахиздзыстӕм.

Гӕнӕн ис, иуцасдӕр хъизӕмар кӕнӕм. Фӕлӕ Йегъовӕ алкӕддӕр вӕййы нӕ фарсмӕ, цӕмӕй нын удӕнцой ӕмӕ тыхтӕ дӕтта (кӕс 8–10 абзацтӕ)

8, 9. Джорджинӕйӕн цы баххуыс кодта фидар фӕлӕууынӕн, йӕ мад йӕ ныхмӕ куы цыд, уӕд?

8 Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы хо, Джорджинӕ, фидар фӕлӕууыд, кӕд йӕ мад йӕ ныхмӕ тынг цыди, уӕддӕр. Джорджинӕ радзырдта: «Мӕ мадимӕ иумӕ райдыдтам Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын. Фӕлӕ 6 мӕйы фӕстӕ ӕмбырдтӕм цӕуын куы сфӕнд кодтон, уӕд мӕ мад мӕ ныхмӕ цӕуын райдыдта. Ӕз базыдтон, раст дин чи ныууагъта, уыдоны литературӕ кӕй касти. Ӕмӕ-иу мемӕ куы ныхас кодта, уӕд-иу мын дзырдта, уыдон цы фӕдзурынц, уыдӕттӕ. Стӕй-иу мын алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кодта, мӕ сӕрыхъуынтӕ-иу мын ныттыдта, мӕ хурхыл-иу мын ныххӕцыд ӕмӕ-иу мын мӕ литературӕ аппӕрста. 15 азы мыл куы сӕххӕст, уӕд донаргъуыд райстон. Цӕмӕй Йегъовӕйӕн мауал лӕггад кодтаин, уый тыххӕй мӕ мӕ мад арвыста, зынхъомылгӕнӕн ӕрыгӕттӕн кӕм ӕххуыс кӕнынц, ахӕм ранмӕ. Уырдӕм-иу арвыстой, наркотиктӕ-иу чи кодта ӕмӕ-иу фыдракӕндтӕ чи сарӕзта, ахӕм ӕрыгӕтты дӕр. Чи дӕ хъуамӕ уарза ӕмӕ дыл чи хъуамӕ тыхса, уыцы адӕймаг дӕ ныхмӕ куы цӕуа, уӕд уый уӕлдай зын вӕййы».

9 Джорджинӕйӕн уыцы зын уавӕры цы баххуыс кодта? Уый зӕгъы: «Мӕ мад мӕ ныхмӕ цӕуын куы райдыдта, уыцы бон Библи каст фӕдӕн. Ӕмӕ ӕппындӕр нал дызӕрдыг кодтон, рӕстдзинад кӕй ссардтон, ууыл. Йегъовӕмӕ тынг баввахс дӕн. Арӕх-иу ӕм куывтон, ӕмӕ мын мӕ куывдтытӕ хъуыста. Мӕ мад мӕ кӕдӕм арвыста, уым куы цардтӕн, уӕд мӕ иу хо йӕхимӕ фӕхуыдта, ӕмӕ Библи иумӕ иртӕстам. Стӕй-иу ӕмбырдтӕм куы ацыдтӕн, уӕд-иу мӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ тынг бафидар кодтой. Раст цыма сӕ бинонтӕй уыдтӕн, ахӕм зӕрдӕ мӕм дардтой. Ӕз ӕй федтон, Йегъовӕ, нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕй тыхджындӕр кӕй у, чифӕнды ма уой, уӕддӕр».

10. Фидарӕй нӕ цы хъуамӕ уырна?

10 Апостол Павел ныффыста, зӕгъгӕ нӕ «ницы фӕхицӕн кӕндзӕн, Хуыцау нӕм нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы цы уарзондзинад равдыста, уымӕй» (Ром. 8:38, 39). Гӕнӕн ис, иуцасдӕр хъизӕмар кӕнӕм. Фӕлӕ Йегъовӕ алкӕддӕр вӕййы нӕ фарсмӕ, цӕмӕй нын удӕнцой ӕмӕ тыхтӕ дӕтта. Ӕмӕ, Джорджинӕйы хабарӕй куыд зыны, афтӕмӕй ма нын Йегъовӕ баххуыс кӕны нӕ зынаргъ чырыстон бинонты уылты дӕр.

ХОТӔ ӔМӔ ’ФСЫМӔРТЫ КӔЙ УАРЗӔМ, УЫЙ НЫН ӔХХУЫС КӔНЫ ФИДАР ФӔЛӔУУЫНӔН

11. Иоанны 15:12, 13 стихты цы уарзондзинады кой ис, уый Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн куыд ӕххуыс кодтаид? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

11 Йесо йӕ мӕлӕты размӕ изӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, цӕмӕй кӕрӕдзи уарзтаиккой. (Бакӕс Иоанны 15:12, 13.) Уый зыдта, удуӕлдай уарзондзинад сын кӕй баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй се ’хсӕн иудзинад уа, стӕй цӕмӕй Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕной, кӕд сӕ ацы дуне йе сӕфт уындзӕн, уӕддӕр. Ахъуыды-ма кӕнӕм Фессалоникӕйы ӕмбырдыл. Уыцы ӕмбырд куы фӕзынд, уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕфхӕрд ӕййӕфта. Фӕлӕ уӕддӕр хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Хуыцауыл иузӕрдион уыдысты ӕмӕ кӕрӕдзи уарзтой (1 Фес. 1:3, 6, 7). Павел сын загъта, цӕмӕй кӕрӕдзи ноджы тынгдӕр уарзтаиккой (1 Фес. 4:9, 10). Ӕмӕ уӕд сӕ бон уыдаид, ныфссаст чи уыд, уыдоны ныфс уадзын ӕмӕ лӕмӕгъты фидар кӕнын (1 Фес. 5:14). Бӕрӕг у, Павелы уынаффӕтӕм гӕсгӕ кӕй архайдтой, уымӕн ӕмӕ сӕм иу азы фӕстӕ дыккаг фыстӕджы ныффыста ахӕм ныхӕстӕ: «Уе ’ппӕт дӕр кӕрӕдзийы цы уарзтӕй уарзут, уый кӕны тыхджынӕй-тыхджындӕр» (2 Фес. 1:3–5). Уарзондзинад сын баххуыс кодта фӕлварӕнты рӕстӕг фидар фӕлӕууынӕн.

Чырыстон уарзондзинад нын ӕххуыс кӕны Йегъовӕйӕн дарддӕр лӕггад кӕнынӕн, кӕд нӕ ацы дуне йе сӕфт уыны, уӕддӕр (кӕс 12 абзац) *

12. Иу бӕстӕйы хӕст куы цыди, уӕд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ куыд равдыстой, кӕрӕдзи кӕй уарзынц, уый?

12 Ӕркӕсӕм, статьяйы райдианы кӕй кой кодтам, уыцы ’фсымӕрыл, Данилойыл, ӕмӕ йӕ бинойнагыл цы хабар ӕрцыд, уымӕ. Хӕст сӕ горӕтмӕ куы бахӕццӕ, уӕд уыдон уӕддӕр ӕмбырдтӕм цыдысты, сӕ бон куыд уыд, афтӕ хъусын кодтой ӕмӕ сӕм цы хӕринаг уыд, уымӕй-иу сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕн дӕр фӕхай кодтой. Иу бон сӕм хӕдзармӕ ӕрбацыдысты гӕрзифтонг ӕфсӕддонтӕ. Данило радзырдта: «Загътой мын, дӕ дин, дам, ныууадз. Ӕмӕ сын куы загътон, афтӕ кӕй нӕ бакӕндзынӕн, уӕд мӕ нӕмын райдыдтой. Ӕмӕ мӕ цыма фехсынмӕ хъавынц, афтӕ мӕм хӕцӕнгарз ныддардтой, фӕлӕ мӕ сӕрты фехстой. Куы цыдысты, уӕд ма мӕм бартхъирӕн кодтой, фӕстӕмӕ, дам, ӕрбаздӕхдзыстӕм ӕмӕ, дам, дын дӕ усӕн тыхми бакӕндзыстӕм. Фӕлӕ нӕ ӕфсымӕртӕ уайтагъд поездыл ӕндӕр горӕтмӕ арвыстой. Уыцы зынаргъ ӕфсымӕртӕ цы уарзондзинад равдыстой, уый ӕз никуы ферох кӕндзынӕн. Иннӕ горӕтмӕ куы ’рцыдыстӕм, уӕд нын бынӕттон ӕфсымӕртӕ баххуыс кодтой. Уыдоны фӕрцы нын уыд, цы бахордтаиккам, уый. Стӕй мын баххуыс кодтой куыст ӕмӕ хӕдзар ссарынӕн. Ӕмӕ уый фӕстӕ нӕхи бон дӕр уыд, хӕст кӕм цыди, уырдыгӕй ма ноджыдӕр чи ралыгъд, уыцы Ӕвдисӕнты суазӕг кӕнын». Ахӕм хабӕрттӕй бӕрӕг у, чырыстон уарзондзинад нын кӕй ӕххуыс кӕны Йегъовӕйӕн дарддӕр лӕггад кӕнынӕн, кӕд нӕ ацы дуне йе сӕфт уыны, уӕддӕр.

НЕ ЗНӔГТЫ КӔЙ УАРЗӔМ, УЫЙ НЫН ӔХХУЫС КӔНЫ ФИДАР ФӔЛӔУУЫНӔН

13. Адӕм нӕ се сӕфт куы уыной, уӕд нын сыгъдӕг тых куыд ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм?

13 Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста, уе знӕгты уарзут, зӕгъгӕ (Матф. 5:44, 45). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы уымӕн гӕнӕн ис. Сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уымӕ хауынц уарзондзинад, фӕразондзинад, хӕларзӕрдӕдзинад, фӕлмӕн удыхъӕд ӕмӕ хиуыл хӕцын (Гал. 5:22, 23). Ӕмӕ нын ацы миниуджытӕ баххуыс кӕндзысты фидар фӕлӕууынӕн. Нӕ ныхмӕ чи цыди, уыдонӕй нӕм бирӕтӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтой, кӕмӕндӕр дзы йӕ лӕг, кӕмӕндӕр йӕ ус, кӕмӕндӕр йӕ сывӕллон, кӕмӕндӕр та йӕ сыхаг ацы миниуджытӕ кӕй ӕвдыста, уый фӕрцы. Бирӕтӕ ма нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ дӕр систы. Уӕдӕ, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕныс, уый тыххӕй дӕ йе сӕфт чи уыны, уыдоны уарзын дын зын куы уа, уӕд-иу Хуыцауӕй йӕ сыгъдӕг тых кур (Лук. 11:13). Ӕмӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн, Хуыцау куыд зӕгъы, афтӕ бакӕнын алкӕддӕр хуыздӕр кӕй вӕййы (Ӕмб. 3:5–7).

14, 15. Ромӕгтӕм 12:17–21 стихтӕ Ясминӕн куыд баххуыс кодтой, цӕмӕй йӕ лӕджы уарзтаид, кӕд йӕ ныхмӕ тынг цыди, уӕддӕр?

14 Ӕркӕсӕм Ясмины хабармӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы сси, уӕд йӕ лӕг афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йӕ сайгӕ кӕнынц, ӕмӕ йӕ хъыгдардта Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ-иу ын кодта. Уымӕй уӕлдай ма йыл сӕ хиуӕтты, стӕй сауджыны ӕмӕ кӕлӕнгӕнӕджы сардыдта, цӕмӕй йӕ стӕрсын кодтаиккой ӕмӕ йӕ фӕаххосджын кодтаиккой, бинонты цард халыс, зӕгъгӕ. Йӕ лӕг ма суанг ӕмбырдмӕ дӕр балӕбурдта ӕмӕ ӕфсымӕртӕн алывыдтӕ фӕкалдта. Ясмин-иу арӕх куыдта, йӕ лӕг ын афтӕ кӕй уыди, уый тыххӕй.

15 Ӕмбырды-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Ясминӕн ныфсытӕ бавӕрдтой ӕмӕ-иу ӕй бафидар кодтой. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ та йын загътой, цӕмӕй архайа Ромӕгтӕм 12:17–21 стихтӕм гӕсгӕ. (Бакӕс сӕ.) Ясмин зӕгъы: «Уый мын ӕнцон нӕ уыди. Фӕлӕ Йегъовӕйӕ куырдтон, цӕмӕй мын баххуыс кодтаид. Ӕмӕ мӕ бон куыд уыд, афтӕ архайдтон, Библийы куыд фыст ис, афтӕ кӕныныл. Мӕ лӕг-иу барӕй къухнийы пъол куы счъизи кодта, уӕд-иу бафснайдтон. Ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ-иу мын куы кодта, уӕд-иу ын фӕлмӕнӕй дзуапп лӕвӕрдтон. Ӕмӕ рынчын куы уыд, уӕд ӕм кастӕн».

Нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдон куы уыной, кӕй сӕ уарзӕм, уӕд, гӕнӕн ис, сӕ зӕрдӕтӕ ӕрфӕлмӕн уой (кӕс 16, 17 абзацтӕ) *

16, 17. Ясмины хабарӕй цы ис базонӕн?

16 Ясминӕн йӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ фӕци. Уый дзуры: «Мӕ сӕрыхицау мыл тынгдӕр ӕууӕндын райдыдта, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, сайгӕ кӕй нӕ кӕнын. Дины тыххӕй-иу куы ныхас кодтам, уӕд-иу хыл нал кодта, фӕлӕ-иу мӕм сабырӕй байхъуыста. Ӕмӕ загъта, кӕй архайдзӕн, цӕмӕй нӕ хӕдзары фарн уа. Ныр мӕ ӕмбырдтӕм йӕхӕдӕг фервиты. Нӕ бинонты цард тынг фӕивта. Ныр кӕрӕдзи хуыздӕр ӕмбарӕм. Ӕмӕ нӕ хӕдзары ис фарн. Ныфс мӕ ис, уый дӕр иу бон рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ кӕй айсдзӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн иумӕ кӕй лӕггад кӕндзыстӕм».

17 Ясмины хабарӕй бӕрӕг у, уарзондзинад «алцӕмӕн дӕр [кӕй] быхсы... алцӕуыл дӕр йӕ ныфс [кӕй] дары, алцӕмӕн дӕр фидар [кӕй] лӕууы» (1 Кор. 13:4, 7). Исчи дӕ йе сӕфт куы уына, уӕд уый тынг зын у. Фӕлӕ уарзондзинад тыхджындӕр у. Уарзондзинадӕй ис зӕрдӕ ссарӕн. Стӕй уый циндзинад хӕссы Йегъовӕйы зӕрдӕйӕн. Фӕлӕ нӕ адӕм се сӕфт куы уыной ӕмӕ нӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕддӕр нӕ бон у, ӕмӕ амондджын уӕм. Уымӕн цӕй фӕрцы ис гӕнӕн?

КӔД НӔ АЦЫ ДУНЕ ЙЕ СӔФТ УЫНЫ, УӔДДӔР СТӔМ АМОНДДЖЫН

18. Кӕд нӕ ацы дуне йе сӕфт уыны, уӕддӕр амондджын цӕмӕн стӕм?

18 Йесо загъта: «Амондджын уыдзыстут, адӕм уӕ се сӕфт куы уыной» (Лук. 6:22). Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ адӕм се сӕфт уыной. Стӕй, нӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд ӕййафӕм, уымӕ дӕр нӕ былыцъӕрттӕ нӕ фӕхӕрӕм. Уӕдӕ уӕд ахӕм уавӕрты амондджын цӕмӕн вӕййӕм? Фыццаг: фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд нӕ Хуыцауы зӕрдӕ барухс вӕййы (1 Пет. 4:13, 14). Дыккаг: нӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куы ’рцӕуы, уӕд свӕййы фидардӕр (1 Пет. 1:7). Ӕмӕ ӕртыккаг: мах схайджын уыдзыстӕм, аргъ кӕмӕн нӕй, ахӕм лӕварӕй – ӕнусон цардӕй (Ром. 2:6, 7).

19. Апостолты куы фӕнадтой, уӕд цӕмӕн цин кодтой?

19 Йесо куы райгас, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ апостолтӕ бамбӕрстой, адӕймаг ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ амондджын цӕмӕн вӕййы, уый. Куы сӕ фӕнадтой ӕмӕ сын карзӕй куы бафӕдзӕхстой, цӕмӕй мауал хъусын кодтаиккой, уӕд уыдон цин кодтой. Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ «Йесойы номы тыххӕй ӕфхӕрд баййафыны аккаг... разындысты» (Хъуыд. 5:40–42). Се знӕгтӕй дӕр куыннӕ тарстаиккой. Фӕлӕ сӕ Хицауы тынг уарзтой, ӕмӕ уыцы уарзондзинад тыхджындӕр уыди. Ӕмӕ йӕ кӕй уарзтой, уый равдыстой, «ӕппынӕдзух» хорз хабар кӕй хъусын кодтой, уымӕй. Абон дӕр не ’фсымӕртӕй бирӕтӕ зындзинӕдтӕ ӕвзарынц, фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйӕн дарддӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц. Уыдон ӕй зонынц, Йегъовӕ сын сӕ фыдӕбон ӕмӕ йын йӕ номмӕ цы уарзондзинад равдыстой, уый кӕй нӕ ферох кӕндзӕн (Дзут. 6:10).

20. Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

20 Цалынмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ нӕ ацы дуне йе сӕфт уындзӕн (Иоан. 15:19). Фӕлӕ хъуамӕ мацӕмӕй тӕрсӕм. Иннӕ статьяйӕ базондзыстӕм, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты кӕй бафидар кӕны ӕмӕ сӕ кӕй хъахъхъӕны (2 Фес. 3:3). Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр уарзӕм Йегъовӕйы, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты ӕмӕ суанг не знӕгты дӕр. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд не ’хсӕн алкӕддӕр уыдзӕн иудзинад ӕмӕ нӕ уырнындзинад уыдзӕн фидар, Йегъовӕйы кадджын кӕндзыстӕм, стӕй уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, уарзондзинад тыхджындӕр кӕй у.

106 ЗАРӔГ Уарзондзинад рӕзын кӕнӕм

^ 5 абз. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Йегъовӕйы, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты ӕмӕ ма суанг не знӕгты кӕй уарзӕм, уый нын куыд ӕххуыс кӕны Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр лӕггад кӕнынӕн, кӕд нӕ дуне йе сӕфт уыны, уӕддӕр. Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм, Йесо афтӕ цӕмӕн загъта, дуне нӕ йе сӕфт куы уына, уӕд амондджын кӕй уыдзыстӕм.

^ 1 абз. Нӕмттӕ ивд сты.

^ 58 абз. НЫВ. Ӕфсӕддонтӕ Даниломӕ куы бартхъирӕн кодтой, уӕд ӕфсымӕртӕ Данилойӕн ӕмӕ йӕ бинойнагӕн баххуыс кодтой ӕндӕр ранмӕ ацӕуынӕн. Ӕмӕ сӕ уым ӕфсымӕртӕ зӕрдиагӕй суазӕг кодтой.

^ 60 абз. НЫВ. Ясминӕн йӕ лӕг йӕ ныхмӕ цыди, фӕлӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хойӕн радтой хорз уынаффӕ. Ясмин равдыста, хорз бинойнаг кӕй у, ӕмӕ йӕ лӕг рынчын куы уыд, уӕд ӕм касти.