Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

11 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Фыстад нын тыхтӕ куыд дӕтты?

Фыстад нын тыхтӕ куыд дӕтты?

«Раздӕр цыдӕриддӕр фыст ӕрцыд, уый... фыст ӕрцыд махӕн зонд бацамонынӕн, цӕмӕй нӕ нӕ фидардзинады фӕрцы ӕмӕ, Фыстад цы удӕнцой дӕтты, уый фӕрцы уа ныфс» (РОМ. 15:4).

94 ЗАРӔГ Бузныг стӕм Хуыцауы Ныхасы тыххӕй

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ цавӕр фӕлварӕнтыл ӕмбӕлынц?

ЧИ ЗОНЫ, цавӕрдӕр стыр фӕлварӕныл сӕмбӕлдтӕ. Гӕнӕн ис, хотӕ кӕнӕ дын ӕфсымӕртӕй чидӕр дӕ зӕрдӕ фӕриссын кодта (Иак. 3:2). Кӕнӕ дыл, чи зоны, де ’мкусджытӕй кӕнӕ дӕ къласӕгтӕй чидӕр худы, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕныс, уый тыххӕй (1 Пет. 4:3, 4). Кӕнӕ та дӕ, чи зоны, дӕ бинонтӕ хъыгдарынц ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ иннӕтӕн Хуыцауы тыххӕй дзурын (Матф. 10:35, 36). Кӕд дын фӕлварӕн сфӕразын тынг зын у, уӕд дӕм, гӕнӕн ис, афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕм тыхтӕ нал ис Йегъовӕйӕн дарддӕр лӕггад кӕнынӕн. Фӕлӕ цыфӕнды зындзинӕдтыл ӕмӕ цыфӕнды фӕлварӕнтыл ма ӕмбӕлай,– Йегъовӕ дын дӕтдзӕн зонд, цӕмӕй зонай, куыд бакӕнын хъӕуы. Стӕй дын дӕтдзӕн тыхтӕ дӕр, цӕмӕй фидар фӕлӕууай.

2. Ромӕгтӕм 15:4 стихмӕ гӕсгӕ, Хуыцауы Ныхас куы кӕсӕм, уӕд нын уый цы пайда хӕсдзӕн?

2 Йегъовӕ йӕ Ныхасы ныффыссын кодта, ӕнӕххӕст адӕм алыхуызон зындзинӕдтӕ куыд сфӕрӕзтой, уый тыххӕй, цӕмӕй абон махӕн уыцы хабӕрттӕ пайда ӕрхӕссой. Апостол Павел дӕр ныффыста, Библи мах пайдайӕн фыст кӕй ӕрцыд. (Бакӕс Ромӕгтӕм 15:4.) Уыцы хабӕрттӕ куы фӕкӕсӕм, уӕд нын уый ӕрхӕссы удӕнцой ӕмӕ нӕ ныфс бацӕуы. Фӕлӕ Библи уӕлӕнгӕйтты кӕсын фаг нӕу. Хъуамӕ ма Фыстадӕн бар дӕттӕм, цӕмӕй нын нӕ зондахаст ива ӕмӕ-иу нын нӕ зӕрдӕтӕ бацагайа. Цавӕрдӕр зын уавӕры дӕ уынаффӕ куы хъӕуа, уӕд дӕ бон цы у саразын? Ис мӕнӕ ацы цыппар хъуыддаджы саразӕн: 1) скувын; 2) хабӕрттӕ дӕ цӕстытыл ауайын кӕнын; 3) цы бакастӕ, ууыл ахъуыды кӕнын; 4) цы базыдтай, уымӕ гӕсгӕ архайын. Цӕй ӕмӕ ацы цыппар хъуыддагӕй алкӕцыйыл дӕр аныхас кӕнӕм *. Уый фӕстӕ аныхас кӕндзыстӕм, паддзах Давидыл ӕмӕ апостол Павелыл цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдоныл. Ӕмӕ бафӕлвардзыстӕм ацы мадзал.

1. ЙЕГЪОВӔМӔ СКУВ

Библи куы кӕсай, уӕд уал-иу фыццаг Йегъовӕмӕ скув. Зӕгъ ын, цӕмӕй дын баххуыс кӕна, цы кӕсыс, уымӕй дӕ бон зондӕн райсын цы у, уый бамбарынӕн (кӕс 3 абзац)

3. Библи куы фӕкӕсыс, уӕд уал дӕ фыццаг цы фӕхъӕуы саразын ӕмӕ цӕмӕн?

3 1) Йегъовӕмӕ скув. Библи куы кӕсай, уӕд уал-иу фыццаг Йегъовӕмӕ скув. Зӕгъ ын, цӕмӕй дын баххуыс кӕна, цы бакӕсдзынӕ, уый дын цы пайда ӕрхӕсдзӕн, уый бамбарынӕн. Зӕгъӕм, цавӕрдӕр уавӕры бакӕнӕн куыд ис, уый фӕдыл дӕ кӕд уынаффӕ хъӕуы, уӕд ын зӕгъ, цӕмӕй дын баххуыс кӕна йӕ Ныхасы хъӕугӕ уагӕвӕрдтӕ ссарынӕн (Фил. 4:6, 7; Иак. 1:5).

2. ХАБӔРТТӔ ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ АУАЙЫН КӔН

Дӕхи сӕвӕр сӕйраг архайӕджы бынаты (кӕс 4 абзац)

4. Йегъовӕ нӕ цавӕр курдиатӕй схайджын кодта ӕмӕ нын уый Библи кӕсгӕйӕ куыд баххуыс кӕндзӕн?

4 2) Хабӕрттӕ-иу дӕ цӕстытыл ауайын кӕн. Йегъовӕ нӕ схайджын кодта диссаджы курдиатӕй – нӕ бон вӕййы нӕ цӕстытыл цыдӕртӕ ауайын кӕнын. Ӕмӕ Библи кӕсгӕйӕ дӕр дӕ бон у афтӕ кӕнын. Дӕхи-иу сӕвӕр сӕйраг архайӕджы бынаты, цӕмӕй-иу бамбарай, йӕ зӕрдӕйы цавӕр ӕнкъарӕнтӕ уыд, стӕй-иу хабӕрттӕм уый цӕстӕй ракӕсай.

3. ЦЫ БАКАСТӔ, УУЫЛ АХЪУЫДЫ КӔН

Цы кӕсыс, ууыл арф ахъуыды кӕн. Стӕй ахъуыды кӕн, дӕумӕ куыд хауы, ууыл (кӕс 5 абзац)

5. Библи кӕсгӕйӕ цӕуыл фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын ӕмӕ дын цавӕр фарстатӕ баххуыс кӕндзысты?

5 3) Цы бакастӕ, ууыл-иу ахъуыды кӕн. Библийы цы бакастӕ, ууыл-иу арф ахъуыды кӕн, стӕй-иу ахъуыды кӕн, дӕумӕ куыд хауы, ууыл. Уый фӕрцы дӕ бон уыдзӕн хъуыдытӕ кӕрӕдзийыл сбӕттын, стӕй сӕ хуыздӕр бамбарын. Цы бакӕсӕм, ууыл-иу куы нӕ ахъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ бон нӕ уыдзӕн ныв ӕнӕхъӕнӕй фенын. Уый абарӕн ис, пазл – ӕрӕмбырд кӕнын кӕй фӕхъӕуы, ахӕм ныв – куыд ӕмбырд кӕнай, уыимӕ. Цы бакастӕ, ууыл ахъуыды кӕнынӕн дын баххуыс кӕндзысты ахӕм фарстатӕ: «Кӕй тыххӕй кӕсын, уыцы адӕймаг йӕхӕдӕг цы сарӕзта, цӕмӕй фӕлварӕнты фидар фӕлӕууыдаид? Йегъовӕ йын куыд баххуыс кодта? Цы базыдтон, уый мын куыд баххуыс кӕндзӕн фӕлварӕнты фидар фӕлӕууынӕн?»

4. ЦЫ БАЗЫДТАЙ, УЫМӔ ГӔСГӔ АРХАЙ

Цы базыдтай, уымӕ гӕсгӕ архай, цӕмӕй дӕ бон уа хуыздӕр уынаффӕтӕ хӕссын, цӕмӕй дӕ зӕрдӕйы фылдӕр фарн уа ӕмӕ дӕ уырнындзинад фидардӕр кӕна (кӕс 6 абзац)

6. Цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ цӕмӕн хъуамӕ архайӕм?

6 4) Цы базыдтай, уымӕ гӕсгӕ архай. Йесо куыд загъта, афтӕмӕй, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ куы нӕ архайӕм, уӕд уыдзыстӕм, йӕ хӕдзар змисыл чи сарӕзта, ахӕм адӕймаджы хуызӕн. Уый уӕззау фыдӕбон кӕны, фӕлӕ йын йӕ фыдӕбон дон хиды бынты аласдзӕн. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ тыхдымгӕ куы сыста ӕмӕ дон куы раивыла, уӕд йӕ хӕдзар ныппырх уыдзӕн (Матф. 7:24–27). Раст афтӕ, куы кувӕм, хабӕрттӕ-иу нӕ цӕстытыл куы ауайын кӕнӕм ӕмӕ-иу, цы бакастыстӕм, ууыл куы ахъуыды кӕнӕм, фӕлӕ-иу, цы базыдтам, уымӕ гӕсгӕ куы нӕ архайӕм, уӕд махӕн дӕр нӕ фыдӕбон дон хиды бынты аласдзӕн. Фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлӕм ӕмӕ ӕфхӕрд куы ’ййафӕм, уӕд нӕ уырнындзинад фидар нӕ разындзӕн. Фӕлӕ, Библи иртасгӕйӕ цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн хуыздӕр уынаффӕтӕ хӕссын, нӕ зӕрдӕйы уыдзӕн фылдӕр фарн, стӕй нӕ уырнындзинад дӕр кӕндзӕн фидардӕр (Ис. 48:17, 18). Ныртӕккӕ аныхас кӕндзыстӕм, паддзах Давидыл цы хабар ӕрцыд, уымӕй нӕ бон зондӕн райсын цы у, ууыл.

ПАДДЗАХ ДАВИДӔЙ ЦӔУЫЛ АХУЫР КӔНЫС?

7. Библийӕ цавӕр хабармӕ ӕркӕсдзыстӕм?

7 Мыййаг дын де ’мбӕлттӕй кӕнӕ дӕ бинонтӕй исчи де ’ууӕнк фӕсайдта? Ӕркӕсӕм, паддзах Давидыл йӕ фырт Авессалом гадзрахатӕй куы рацыд ӕмӕ паддзахы бынат бацахсынмӕ куы хъавыд, уӕд Давид куыд бакодта, уымӕ (2 Сам. 15:5–14, 31; 18:6–14). Уыцы хабӕрттӕ дын баххуыс кӕндзысты дӕ уавӕрмӕ раст цӕстӕй ракӕсынӕн.

8. Дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй дын Йегъовӕ баххуыс кӕна?

8 1) Йегъовӕмӕ скув. Цалынмӕ Библийы уыцы скъуыддзаг бакӕсай, уӕдмӕ Йегъовӕйӕн радзур, дӕ зӕрдӕ дын куыд фӕриссын кодтой, уый тыххӕй (Пс. 6:6–9). Цыдӕриддӕр дӕ тыхсын кӕны, уый йын радзур. Зӕгъ ын, цӕмӕй дын баххуыс кӕна, Давид ӕмӕ Авессаломы хабарӕй дӕ бон зондӕн райсын цы у, уый бамбарынӕн.

9. Радзур Давид ӕмӕ Авессаломы хабар.

9 2) Хабӕрттӕ дӕ цӕстытыл ауайын кӕн. Ахъуыды кӕн, ацы скъуыддзаджы цы хабӕртты кой цӕуы, уыдоныл, стӕй, паддзах Давидыл куыд фӕзындысты, ууыл. Давиды фырт Авессалом бирӕ азты дӕргъы архайдта, цӕмӕй йӕхи адӕмӕн бауарзын кодтаид (2 Сам. 15:7). Авессалом бирӕты йӕхирдӕм куы фӕкодта, уӕд Израилы алы рӕттӕм сусӕгӕй йӕ адӕмы арвыста, цӕмӕй фехъусын кодтаиккой, Авессалом паддзах сси, зӕгъгӕ. Суанг ма Ахитофелы дӕр, Давиды ӕввахсдӕр ӕмбӕлттӕй ӕмӕ уынаффӕгӕнджытӕй сӕ иуы, йӕхирдӕм фӕкодта. Уый фӕстӕ хъавыд Давиды марынмӕ, Давид та уыцы рӕстӕг, ӕвӕццӕгӕн, уыд рынчын (Пс. 41:1–9). Давид Авессаломы фӕндты тыххӕй куы базыдта, уӕд Иерусалимӕй алыгъд. Ӕппынфӕстаг Авессаломы ӕфсад ӕмӕ Давиды ӕфсад схӕцыдысты. Авессаломы ӕфсад састы бынаты баззад, ӕмӕ Авессалом фӕмард.

10. Давидӕн уыцы уавӕры йӕ бон куыд уыд бакӕнын ӕмӕ афтӕ бакодта?

10 Ныр та нӕ цӕстытыл ауайын кӕнӕм, Давид цы уавӕры уыдаид, уый. Авессаломы тынг уарзта, стӕй Ахитофелыл дӕр тынг ӕууӕндыд. Фӕлӕ йыл уыцы дыууӕ адӕймаджы гадзрахатӕй рацыдысты. Йӕ зӕрдӕ йын тынг скъахтой, суанг ма йӕ марынмӕ дӕр хъавыдысты. Мыййаг, Давид йӕ иннӕ ’мбӕлттыл дӕр ӕнӕууӕнк кӕнын райдыдта ӕмӕ йӕм афтӕ касти, уыдон дӕр Авессаломы фарс фесты, зӕгъгӕ? Кӕнӕ, мыййаг, ӕрмӕст йӕхиуыл хъуыды кодта ӕмӕ бӕстӕйӕ иунӕгӕй алидзынмӕ хъавыд? Науӕд йӕхимӕ ныхъхъуыста? Давид афтӕ нӕ бакодта. Уый уыцы уӕззау фӕлварӕны фидар фӕлӕууыд. Цымӕ йын цы баххуыс кодта?

11. Давид зын уавӕры куыд бакодта?

11 3) Цы бакастӕ, ууыл ахъуыды кӕн. Ацы хабарӕй дӕ бон зондӕн райсын цы у? Дзуапп ратт ахӕм фарстайӕн: «Давид цы сарӕзта, цӕмӕй фӕлварӕны фидар фӕлӕууыдаид?» Давид не стыхст ӕмӕ ӕнӕ ахъуыды кӕнгӕйӕ уынаффӕ нӕ рахаста. Стӕй дзы ахӕм тас нӕ бацыд, цӕмӕй, цы бакӕна, уый мауал зыдтаид. Уый Йегъовӕмӕ скуывта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид. Стӕй ма йе ’мбӕлттӕй дӕр ӕххуыс ракуырдта. Ӕмӕ, цы уынаффӕтӕ рахаста, уыдонмӕ гӕсгӕ ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ архайдта. Кӕд стыр маст бавзӕрста, уӕддӕр йӕ зӕрдӕйы маст хӕссын никӕмӕ райдыдта ӕмӕ иннӕтыл ӕнӕууӕнк кӕнын нӕ райдыдта. Уый уӕддӕр ӕууӕндыди Йегъовӕйыл дӕр ӕмӕ йе ’мбӕлттыл дӕр.

12. Йегъовӕ Давидӕн куыд баххуыс кодта?

12 Йегъовӕ Давидӕн куыд баххуыс кодта? Ацы хабӕрттӕ лӕмбынӕгдӕр куы раиртасай, уӕд ӕй базондзынӕ, Йегъовӕ Давидӕн тыхтӕ кӕй радта, цӕмӕй уыцы фӕлварӕн сфӕрӕзтаид (Пс. 3:1–8; разныхас). Йегъовӕ раарфӕ кодта, цы уынаффӕтӕ рахаста, уыдонӕн. Ӕмӕ Давиды ӕнувыд ӕмбӕлттӕ сӕ паддзахы бахъахъхъӕныныл куы тох кодтой, уӕд сын Йегъовӕ ӕххуыс кодта.

13. Исчи дын дӕ зӕрдӕ тынг куы фӕриссын кӕна, уӕд дӕ бон куыд уыдзӕн Давиды бафӕзмын? (Матфейы 18:15–17).

13 4) Цы базыдтай, уымӕ гӕсгӕ архай. Ахъуыды кӕн ахӕм фарстайыл: «Мӕ бон куыд у Давиды бафӕзмын?» Хъӕуы дӕ уайтагъд бацархайын, цӕмӕй хъуыддаг банывыл кӕнай. Дӕ бон у, Йесо Матфейы 18-ӕм сӕры цы уынаффӕ радта, уымӕ гӕсгӕ архайын. Уавӕртӕм гӕсгӕ дӕ бон у, куыддӕриддӕр дзы фыст ис, афтӕ бакӕнын кӕнӕ та дзы цы уагӕвӕрд ис, уымӕ гӕсгӕ бацархайын. (Бакӕс Матфейы 18:15–17.) Фӕлӕ хъуамӕ уынаффӕтӕ мӕстыйӕ ма хӕссай. Йегъовӕмӕ-иу скув, цӕмӕй дын дӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кӕна ӕмӕ дын ратта зонд, цӕмӕй зонай, уыцы уавӕры саразӕн цы ис, уый. Де ’мбӕлттыл ӕнӕууӕнк ма кӕн. Баххуыс кӕнын сӕ куы фӕнда, уӕд-иу сын, уе ’ххуыс мӕ нӕ хъӕуы, зӕгъгӕ, ма зӕгъ (Ӕмб. 17:17). Ӕппӕты ахсджиагдӕр та у, Йегъовӕ йӕ Ныхасы цы уынаффӕтӕ дӕтты, уыдонмӕ гӕсгӕ архайын (Ӕмб. 3:5, 6).

ПАВЕЛӔЙ ЦӔУЫЛ АХУЫР КӔНЫС?

14. 2 Тимофеймӕ 1:12–16; 4:6–11, 17–22 стихтӕ дын ныфсы хос цавӕр уавӕрты уыдзысты?

14 Мыййаг, дӕ бинонтӕ дӕ ныхмӕ цӕуынц? Кӕнӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъуыддаг ӕхгӕд кӕм у кӕнӕ сын сӕрибарӕй архайыны бар кӕм нӕй, ахӕм бӕстӕйы цӕрыс? Кӕд о, уӕд дын 2 Тимофеймӕ 1:12–16; 4:6–11, 17–22 стихтӕ уыдзысты ныфсы хос *. Павел сӕ ныффыста, ахст куы уыд, уӕд.

15. Дӕ бон Йегъовӕмӕ цӕй тыххӕй у скувын?

15 1) Йегъовӕмӕ скув. Цалынмӕ ацы стихтӕ бакӕсай, уӕдмӕ уал-иу Йегъовӕмӕ скув ӕмӕ йын зӕгъ, цы дӕ тыхсын кӕны. Дӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр ис, уый йын радзур. Уый фӕстӕ йын зӕгъ, цӕмӕй дын баххуыс кӕна, Павелы хабӕрттӕй дӕ бон зондӕн райсын цы у, уый бамбарынӕн. Уый фӕрцы дӕ бон уыдзӕн, дӕ уавӕры бакӕнӕн куыд ис, уый бамбарын.

16. Павел цы уавӕры уыд, уый тыххӕй цыбыртӕй радзур.

16 2) Хабӕрттӕ дӕ цӕстытыл ауайын кӕн. Дӕхи Павелы бынаты сӕвӕр. Уый ис Ромы ӕмӕ у ахст. Уый размӕ дӕр ахст уыд, фӕлӕ ацы хатт зоны, мӕлӕты тӕрхон ын хаст кӕй ӕрцыд ӕмӕ кӕй амӕлдзӕн. Йе ’мбӕлттӕй йӕ иуӕй-иутӕ ныууагътой. Стӕй цас цыдӕртӕ бавзӕрста, ӕмӕ куыннӕ сфӕлмӕцыдаид (2 Тим. 1:15).

17. Павелӕн йӕ бон куыд уыд бакӕнын ӕмӕ афтӕ бакодта?

17 Цымӕ Павел афтӕ хъуыды кодта, царды ӕндӕр фӕндаг куы равзӕрстаин, уӕд ныртӕккӕ ахст дӕр нӕ уыдаин, зӕгъгӕ? Кӕнӕ йӕ Азийы чи ныууагъта, уыцы ’фсымӕртӕм смӕсты ӕмӕ йӕ иннӕ ӕмбӕлттыл дӕр ӕнӕууӕнк кӕнын райдыдта? Павел афтӕ нӕ бакодта. Цымӕ йын цы баххуыс кодта, цӕмӕй йе ’мбӕлттыл ӕууӕндыдаид ӕмӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кодтаид, Йегъовӕ йын хӕрзиуӕг кӕй ратдзӕн?

18. Павел уыцы зын уавӕры куыд бакодта?

18 3) Цы бакастӕ, ууыл ахъуыды кӕн. Ахъуыды кӕн ахӕм фарстайыл: «Павел цы сарӕзта, цӕмӕй фидар фӕлӕууыдаид?» Кӕд ӕм мӕлӕты тӕрхон ӕнхъӕлмӕ каст, уӕддӕр дзы рох нӕ уыд, ӕппӕты ахсджиагдӕр кӕй уыд Йегъовӕйы кадджын кӕнын. Стӕй дарддӕр дӕр хъуыды кодта, йӕ бон иннӕты бафидар кӕнын куыд у, ууыл. Уый йӕ ныфс дардта Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕм ӕдзух куывта (2 Тим. 1:3). Чи йӕ ныууагъта, уыдоныл нӕ хъуыды кодта. Фӕлӕ уый тынг бузныг уыд, йе ’нувыд ӕмбӕлттӕ йын кӕй ӕххуыс кодтой, уый тыххӕй. Уымӕй уӕлдай ма Павел ӕдзух иртӕста Хуыцауы Ныхас (2 Тим. 3:16, 17; 4:13). Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый уыди, ӕмӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Йесо кӕй уарзтой, ууыл. Уыдон ӕй нӕ ныууагътой, ӕмӕ йын йӕ иузӕрдион лӕггады тыххӕй ӕрцӕттӕ кодтой хӕрзиуӕг.

19. Йегъовӕ Павелӕн куыд ӕххуыс кодта?

19 Йегъовӕ Павелы бафӕдзӕхста, чырыстон кӕй у, уый тыххӕй ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзӕн (Хъуыд. 21:11–13). Фӕлӕ йын Йегъовӕ ӕххуыс кодта. Йӕ куывдтытӕн ын дзуапп радта ӕмӕ йын хъару лӕвӕрдта (2 Тим. 4:17). Йегъовӕ йын загъта, ӕнӕмӕнг кӕй райсдзӕн, ӕппӕт хъарутӕй кӕмӕ тырныдта, уыцы хӕрзиуӕг. Стӕй ма йын йӕ иузӕрдион ӕмбӕлтты дӕр разӕнгард кодта, цӕмӕй йын ӕххуыс кодтаиккой.

20. Ромӕгтӕм 8:38, 39 стихтӕм гӕсгӕ, Павелӕн цы баххуыс кодта фӕлварӕнты фидар фӕлӕууынӕн? Дӕ бон куыд у Павелы бафӕзмын?

20 4) Цы базыдтай, уымӕ гӕсгӕ архай. Ахъуыды кӕн ахӕм фарстайыл: «Мӕ бон куыд у Павелы бафӕзмын?» Павелау мах дӕр зонӕм, нӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзыстӕм (Мар. 10:29, 30). Ӕмӕ цӕмӕй фӕлварӕнты иузӕрдионӕй баззайӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕдзух Йегъовӕмӕ кувӕм, стӕй ӕдзух Библи ахуыр кӕнӕм ӕмӕ йӕ иртасӕм. Ӕмӕ нӕ хъуамӕ рох макуы уа, сӕйраг кӕй у Йегъовӕйы кадджын кӕнын. Йегъовӕ нӕ никуы ныууадздзӕн. Ӕмӕ никӕй бон у афтӕ бакӕнын, цӕмӕй нӕ мауал уарза. (Бакӕс Ромӕгтӕм 8:38, 39; Дзут. 13:5, 6.)

НОДЖЫДӔР МА БИБЛИЙЫ КӔЙ КОЙ ИС, УЫДОНӔЙ АХУЫР КӔНӔМ

21. Айӕ ӕмӕ Гекторӕн зын уавӕрты цы баххуыс кодта?

21 Цыфӕнды зындзинӕдтыл ма ’мбӕлӕм, Библийы кӕй кой ис, уыдоны цӕвиттонтыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд-иу нӕ тыхтӕ бацӕудзӕн. Айӕ цӕры Японийы ӕмӕ лӕггад кӕны пионерӕй. Ӕмӕ уый зӕгъы, Ионӕйы хабар ын кӕй баххуыс кодта, цӕмӕй мауал тарстаид, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты хъусын кӕнын. Гектор та цӕры Индонезийы. Йӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ не сты. Ӕмӕ ацы ӕрыгон лӕппу зӕгъы, Руфыл куы фӕхъуыды кӕны, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр кӕй бафӕнды Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базонын ӕмӕ йын лӕггад кӕнын.

22. Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дын нӕ кинонывтӕ ӕмӕ аудиодрамӕтӕ, стӕй нӕ сайты, «Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут», зӕгъгӕ, чи хуыйны, уыцы хайы цы статьятӕ ис, уыдон стырдӕр ӕххуыс фӕуой?

22 Библийы кӕй кой ис, уыцы адӕмы тыххӕй дӕ бон фылдӕр базонын куыд у? Нӕ видеороликты, кинонывты, аудиодрамӕты фӕрцы, стӕй, нӕ сайты цы статьятӕ ис, уыдоны фӕрцы нӕ бон вӕййы Библийы хабӕрттӕ нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын *. Уыцы ӕрмӕг куы цӕттӕ кодтой, уӕд хабӕрттӕ бӕстон раиртӕстой. Ӕмӕ дӕ куы фӕнда уыцы кинонывтӕм кӕнӕ уыцы статьятӕ бакӕсын кӕнӕ аудиодрамӕтӕм байхъусын, уӕд уал-иу фыццаг Йегъовӕмӕ скув ӕмӕ йын зӕгъ, цӕмӕй дын баххуыс кӕна, дӕ бон дзы зондӕн райсын цы у, уый фенынӕн. Дӕхи-иу сӕвӕр сӕйраг архайӕджы бынаты. Ахъуыды-иу кӕн, уыцы лӕггадгӕнджытӕ цы арӕзтой ӕмӕ сын Йегъовӕ куыд ӕххуыс кодта зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн. Уый фӕстӕ-иу ахъуыды кӕн, цы базыдтай, уымӕ гӕсгӕ дӕ бон архайын куыд у, ууыл. Йегъовӕйӕн бузныг зӕгъ, алкӕддӕр дын кӕй баххуыс кӕны, уый тыххӕй. Йе ’ххуысӕн кӕй аргъ кӕныс, уый-иу равдис, иннӕтӕн кӕй ӕххуыс кӕныс ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс кӕй ӕфтауыс, уымӕй.

23. Исайы 41:10, 13 стихты куыд фыст ис, афтӕмӕй нын Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта?

23 Ацы дуне ис Хӕйрӕджы къухы, ӕмӕ уый тыххӕй цард уӕззау у. Хатт нын афтӕ зын вӕййы, ӕмӕ, куыд кӕнӕм, уый нал фӕзонӕм (2 Тим. 3:1). Фӕлӕ-иу хъуамӕ ӕгӕр ма стыхсӕм ӕмӕ мацӕмӕй тӕрсӕм. Йегъовӕ зоны, зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлӕм. Ӕмӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, ӕххуыс нӕ куы хъӕуа, уӕд ныл йӕ фидар рахиз къухӕй кӕй хӕцдзӕн. (Бакӕс Исайы 41:10, 13.) Хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, кӕй нын баххуыс кӕндзӕн. Ӕмӕ нын уӕд, Фыстады цы бакӕсӕм, уый дӕтдзӕн тыхтӕ ӕмӕ нӕ бон уыдзӕн цыфӕнды фӕлварӕн дӕр сфӕразын.

96 ЗАРӔГ Хуыцауы чиныг – стыр хӕзна

^ 5 абз. Библийы цы хабӕрттӕ ис фыст, уыдонӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты кӕй уарзы ӕмӕ сын цыфӕнды зындзинӕдтӕ ӕмӕ фӕлварӕнтӕ сфӕразынӕн дӕр кӕй баххуыс кӕндзӕн. Ацы статьяйӕ базондзынӕ, дӕ бон куыд у Библи афтӕ ахуыр кӕнын ӕмӕ иртасын, цӕмӕй дын, цы бакӕсыс, уый фылдӕр пайда хӕсса.

^ 2 абз. Библи иртасӕн куыд ис, уый фӕдыл дын фылдӕр уынаффӕтӕ ссарынӕн баххуыс кӕндзӕн «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс». Кӕс сӕргонд «Библи», дӕлсӕргонд «Библи кӕсын ӕмӕ йӕ ӕмбарын». Стӕй ма хорз уынаффӕтӕ ис 2018 азы мартъийы «Кусӕн тетрад»-ы, статьяйы «Хуыцауы ӕмӕ адӕмы тынгдӕр цӕй фӕрцы уарздзыстӕм?» ӕмӕ 2017 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» 1-аг номыры, 3–7 фӕрстӕ.

^ 14 абз. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыры рӕстӕг ацы стихтӕ кӕсын нӕ хъӕуы.

^ 22 абз. Сайты jw.org кӕс «Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут. Библийы кӕй кой цӕуы, уыцы нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ». (Кӕс БИБЛИЙЫ АХУЫРӔДТӔ > ХУЫЦАУЫЛ ӔУУӔНДЫН.)