Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

9 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Ӕрыгон ӕфсымӕртӕ, равдисут, уӕ бар уын ахсджиаг хъуыддӕгтӕ бакӕнӕн кӕй ис

Ӕрыгон ӕфсымӕртӕ, равдисут, уӕ бар уын ахсджиаг хъуыддӕгтӕ бакӕнӕн кӕй ис

«Дӕ фӕсивӕд... сты, райсомӕй раджы чи райгуыры, уыцы ӕртӕхы хуызӕн» (ПС. 110:3).

39 ЗАРӔГ Хуыцауы раз хорз ном скӕнӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Не ’рыгон ӕфсымӕрты тыххӕй цы ис зӕгъӕн?

ӔРЫГОН ӕфсымӕртӕ, сымахӕн уӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у аразын. Бирӕтӕ уӕ сты фидар ӕмӕ хъаруджын (Ӕмб. 20:29). Ӕмбырдӕн стыр ӕххуыс стут. Ӕмӕ уӕ, чи зоны, фӕнды кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй дӕр лӕггад кӕнын. Фӕлӕ, гӕнӕн ис, хъуыды кӕнут, зӕгъгӕ мӕ иннӕтӕ нырма ӕгӕр ӕрыгоныл кӕнӕ ӕвӕлтӕрдыл нымайынц, ӕмӕ мын ӕмбырды ахсджиаг хъуыддӕгтӕ нӕма бахӕс кӕндзысты. Ӕмӕ кӕд ӕрыгон стут, уӕддӕр уӕ бон у равдисын, ӕууӕндӕн уыл кӕй ис.

2. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

2 Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм паддзах Давидыл. Стӕй ма цыбыртӕй аныхас кӕндзыстӕм, Иудӕйы паддзӕхтӕ Асӕ ӕмӕ Иосафатыл цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдоныл. Ӕркӕсдзыстӕм, цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты, сӕ сӕрты куыд ахызтысты ӕмӕ ӕрыгон ӕфсымӕртӕ сӕ цӕвиттонтӕй цӕуыл ахуыр кӕнынц, уымӕ.

ПАДДЗАХ ДАВИДӔЙ АХУЫР КӔНУТ

3. Ӕрыгӕттӕн сӕ бон куыд у ацӕргӕтӕн ӕххуыс кӕнын?

3 Давид ӕрыгонӕй цӕуылдӕрты сахуыр, ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕм кӕй арӕхст, уый тыххӕй йын иннӕтӕ аргъ кодтой. Давид Йегъовӕмӕ тынг ӕввахс уыд. Фӕлӕ йӕм хорзӕй ӕрмӕст уый нӕ уыд. Уый дӕсны уыд дыууадӕстӕнон фӕндырӕй цӕгъдынмӕ, ӕмӕ-иу Хуыцауы ӕвӕрд паддзахӕн, Саулӕн, цагъта, цӕмӕй-иу ын фенцондӕр уыдаид (1 Сам. 16:16, 23). Ӕрыгон ӕфсымӕртӕ, сымахмӕ дӕр ис цавӕрдӕр курдиӕттӕ ӕмӕ уӕ бон у ӕмбырды иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын. Зӕгъӕм, уӕ бон у ацӕргӕтӕн равдисын, Библи иртасгӕйӕ ӕмӕ ӕмбырдты куыд ис телефонӕй кӕнӕ планшетӕй архайӕн. Уыдон тынг бузныг вӕййынц, ӕрыгӕттӕ сын афтӕ кӕй баххуыс кӕнынц, уый тыххӕй.

Давидӕн йӕ бар уыди ахсджиаг хъуыддӕгтӕ бакӕнӕн. Уый зыдта, йӕ хӕс кӕй уыд йӕ фыды фысты хъахъхъӕнын, ӕмӕ-иу сӕ арсы дзӕмбытӕй дӕр байста (кӕс 4 абзац)

4. Давидау ӕрыгон ӕфсымӕртӕ сӕ удыхъӕды цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ фидар кӕной? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

4 Давид ӕрыгон куы уыд, уӕд дӕр уыд ӕууӕнкджын, ӕмӕ йын йӕ бар уыди ахсджиаг хъуыддӕгтӕ бакӕнӕн. Зӕгъӕм, йӕ фыды фыстӕ хызта, ӕмӕ-иу тӕссаг уавӕры дӕр бахауд. Фӕстӕдӕр паддзах Саулӕн загъта: «Дӕ цагъар йӕ фыды фыстӕ хызта, ӕмӕ-иу куы домбай ӕрбацыд, куы арс, ӕмӕ-иу фыстӕй ахаста. Ӕз-иу ӕй фӕстейӕ асырдтон, мӕхи-иу ыл ныццавтон ӕмӕ-иу ын фысы йӕ дзыхӕй ратыдтон» (1 Сам. 17:34, 35). Давид зыдта, йӕ хӕс кӕй уыд фысты хъахъхъӕнын, ӕмӕ-иу сӕ сырдты дзӕмбытӕй дӕр байста. Ӕрыгон ӕфсымӕртӕн дӕр Давидау сӕ бон у, цы сын бахӕс кӕнынц, уый зӕрдиагӕй аразын.

5. Псалом 25:14 стихмӕ гӕсгӕ, ӕрыгон ӕфсымӕртӕн ӕппӕты сӕйраг цы хъуамӕ уа?

5 Кӕд ӕрыгон Давид хъӕбатыр уыд, стӕй дыууадӕстӕнон фӕндырӕй цӕгъдынмӕ хорз арӕхст, уӕддӕр ӕппӕты ахсджиагдӕр уыд, Йегъовӕмӕ тынг ӕввахс кӕй уыд, уый. Йегъовӕ ӕрмӕст йӕ Хуыцау нӕ уыд, фӕлӕ йе ’ввахс Хӕлар. (Бакӕс Псалом 25:14.) Ӕрыгон ӕфсымӕртӕ, сымах дӕр уӕ уӕларвон Фыдмӕ ӕввахсдӕр кӕнут. Уый уын уӕд ӕппӕты сӕйраг. Ӕмӕ уын уӕд уӕ бӕрны фылдӕр хӕстӕ бакӕндзысты.

6. Иуӕй-иутӕ Давидмӕ цы цӕстӕй кастысты?

6 Иуӕй-иутӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ Давид ӕгӕр ӕрыгон у, ӕмӕ йын нырма ницы ис бахӕс кӕнӕн. Зӕгъӕм, Голиафы ныхмӕ рацӕуынмӕ куы хъавыд, уӕд ын паддзах Саул загъта: «Ды нырма сывӕллон дӕ» (1 Сам. 17:31–33). Уымӕй размӕ та йын йе ’фсымӕр загъта, йӕ хӕстӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕй не ’ххӕст кӕны (1 Сам. 17:26–30). Фӕлӕ Йегъовӕ Давидмӕ ахӕм цӕстӕй нӕ каст. Уый йӕ хорз зыдта. Ӕмӕ Давид йӕ Хӕларыл, Йегъовӕйыл, йӕ ныфс кӕй дардта, уый фӕрцы Голиафыл фӕуӕлахиз (1 Сам. 17:45, 48–51).

7. Давиды хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?

7 Давиды хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕныс? Хъуамӕ зонай ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Дӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ дӕ чи зоны, уыцы адӕмы хъӕуы рӕстӕг, цӕмӕй бамбарой, сывӕллон кӕй нал дӕ. Фӕлӕ Йегъовӕ нӕ кӕсы, ӕрыгон кӕй дӕ, уымӕ. Уый зоны, цавӕр адӕймаг дӕ ӕмӕ дӕ бон цы у, уый (1 Сам. 16:7). Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕн. Давид-иу хъуыды кодта, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттыл. Уый фӕрцы Йегъовӕйы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ базыдта, ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр кодта (Пс. 8:3, 4; 139:14; Ром. 1:20). Дӕ бон ма у Йегъовӕйӕ тыхтӕ курын. Зӕгъӕм, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕ, уый тыххӕй дыл кӕд дӕ къласӕгтӕ худынц, уӕд Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур, цӕмӕй дын фидар фӕлӕууынӕн баххуыс кӕна. Стӕй Библийы, нӕ публикациты ӕмӕ нӕ видеороликты цы хорз уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ архай. Йегъовӕ дын куыд баххуыс кӕны, уый-иу куы фенай, уӕд ыл тынгдӕр ӕууӕнддзынӕ. Уымӕй уӕлдай ма иннӕтӕ куы уыной, дӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дарыс, уӕд бамбардзысты, дӕ бар дын ахсджиаг хъуыддӕгтӕ бакӕнӕн кӕй ис.

Ӕрыгон ӕфсымӕртӕн сӕ бон бирӕ хъуыддӕгты у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын (кӕс 8, 9 абзацтӕ)

8, 9. Давидӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кастаид, паддзах кӕд суыдзӕн, уымӕ? Ӕрыгон ӕфсымӕртӕн фӕзминаг цӕмӕй у?

8 Давид ма цавӕр зындзинадыл сӕмбӕлд? Паддзахӕй ӕвзӕрст куы ’рцыд, уӕд ӕй уый фӕстӕ бирӕ азтӕ бахъуыд ӕнхъӕлмӕ кӕсын, цӕмӕй Иудӕйы паддзах суыдаид (1 Сам. 16:13; 2 Сам. 2:3, 4). Уыцы рӕстӕг ын цы ӕххуыс кодта, цӕмӕй фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кастаид? Давид йӕ къухтӕ не ’руагъта ӕмӕ фылдӕр хъуыды кодта, йӕ бон саразын цы уыд, ууыл. Зӕгъӕм, филистимӕгты зӕхмӕ куы алыгъд, уӕд ӕнцад нӕ бадти. Уый израилӕгты знӕгтимӕ тох кодта ӕмӕ афтӕмӕй Иудӕйы зӕххытӕ хъахъхъӕдта (1 Сам. 27:1–12).

9 Давид ӕрыгон ӕфсымӕртӕн фӕзминаг цӕмӕй у? Уӕ бон цы у, уый аразут, цӕмӕй Йегъовӕйӕн ӕмӕ уе ’фсымӕртӕн лӕггад кӕнат. Ӕркӕсӕм ӕфсымӕр Рикардойы хабармӕ *. Бынтон ӕрыгон куы уыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ бӕллиц уыд пионерӕй лӕггад кӕнын. Фӕлӕ йын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ загътой, гыццыл ӕй банхъӕлмӕ кӕсын кӕй хъӕуы. Рикардо не смӕсты ӕмӕ йӕ ныфс нӕ асаст, фӕлӕ райдыдта фылдӕр хъусын кӕнын. Уый зӕгъы: «Ныр ӕй ӕмбарын, цӕуылдӕрты мӕ бакусын кӕй хъуыд. Фылдӕр базонын кӕй фӕндыд, уыцы адӕмы-иу ногӕй бабӕрӕг кодтон. Суанг ма кӕимӕдӕр Библи ахуыр кӕнын дӕр райдыдтон. Цас фылдӕр хъусын кодтон, уыйас ныфсджындӕр кодтон». Абон Рикардо лӕггад кӕны пионерӕй, стӕй ма у кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр дӕр.

10. Давид ахсджиаг уынаффӕ рахӕссыны размӕ цы сарӕзта?

10 Ӕркӕсӕм-ма ноджыдӕр иу хабармӕ. Давид ӕмӕ йӕ адӕм филистимӕгты зӕххыл куы цардысты, уӕд иуафон хӕцынмӕ ацыдысты. Уыцы рӕстӕг знӕгтӕ ӕрбабырстой ӕмӕ сын сӕ бинонты уацары акодтой. Давидӕн йӕ бон уыд ахъуыды кӕнын, зӕгъгӕ, ӕз фӕлтӕрдджын хӕстон дӕн, ӕмӕ йӕ зонын, куыд ис нӕ бинонты фервӕзын кӕнӕн. Фӕлӕ уый Йегъовӕйӕ разамынд ракуырдта. Сауджын Авиафарӕн ефод ӕрбахӕссын кодта ӕмӕ Йегъовӕйы бафарста: «Уыцы абырджыты фӕстейӕ асурон?» Йегъовӕ Давидӕн дзуапп радта, асур сӕ, фӕуӕлахиз сыл уыдзынӕ, зӕгъгӕ (1 Сам. 30:7–10). Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?

Ӕрыгон ӕфсымӕртӕ хъуамӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй уынаффӕ агурой (кӕс 11 абзац)

11. Уынаффӕ рахӕссыны размӕ дӕ бон цы у саразын?

11 Исты дӕ аскъуыддзаг кӕнын куы хъӕуа, уӕд-иу дӕ ныййарджытимӕ аныхас кӕн. Дӕ бон ма у фӕлтӕрдджын хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ дӕр аныхас кӕнын. Кӕд сыл Йегъовӕ ӕууӕнды, уӕд дӕуӕн дӕр дӕ бон у, ӕмӕ сыл ӕууӕндай. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сты, Йегъовӕ ӕмбырдӕн кӕй радта, уыцы «лӕвӕрттӕ» (Еф. 4:8). Сӕ уырнындзинад сын куы фӕзмай ӕмӕ дын цы хорз уынаффӕтӕ раттынц, уыдонмӕ куы хъусай, уӕд ды дӕр раст уынаффӕтӕ хӕсдзынӕ. Ныр та ӕркӕсӕм, паддзах Асӕйы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм, уымӕ.

ПАДДЗАХ АСӔЙӔ АХУЫР КӔНУТ

12. Асӕ паддзах куы сси, уӕд ӕм цавӕр миниуджытӕ уыд?

12 Паддзах Асӕ ӕрыгон куы уыд, уӕд уыди сӕрныллӕг ӕмӕ хъӕбатыр. Зӕгъӕм, йӕ фыд Авийы фӕстӕ паддзах куы сси, уӕд райдыдта мӕнг хуыцӕутты сафын. Стӕй ма Иудӕйы адӕмӕн загъта: «Уӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйы агурут ӕмӕ йын йӕ закъон ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнут» (2 Аз. 14:1–7). Иухатт ефиопаг Зара иу милуан хӕстонимӕ Иудӕйы зӕхмӕ куы ’рбабырста, уӕд Асӕ Йегъовӕмӕ скуывта: «О Йегъовӕ, дӕуӕн дӕ бон баххуыс кӕнын у, бирӕ чи сты, уыдонӕн дӕр ӕмӕ, гыццыл ӕмӕ лӕмӕгъ чи сты, уыдонӕн дӕр. Баххуыс нын кӕн, о Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, уымӕн ӕмӕ дӕуыл дарӕм нӕ зӕрдӕ». Ацы зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕй бӕрӕг у, Асӕйы кӕй уырныдта, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у Асӕйы дӕр ӕмӕ йын йӕ адӕмы дӕр фервӕзын кӕнын. Асӕ йӕ уӕларвон Фыдыл йӕ ныфс дардта, ӕмӕ сын Йегъовӕ «баххуыс кодта ефиопӕгты ныддӕрӕн кӕнынӕн» (2 Аз. 14:8–12).

13. Фӕстӕдӕр Асӕйыл цы ’рцыд ӕмӕ цӕмӕн?

13 Кӕд Асӕйы ныхмӕ ахӕм стыр ӕфсад рацыд, уӕддӕр уый фӕуӕлахиз, уымӕн ӕмӕ йӕ ныфс Йегъовӕйыл дардта. Фӕлӕ ӕндӕр хатт та, Израилы паддзах Ваасӕ Асӕмӕ куы ’ртхъирӕн кодта, уӕд, Асӕ Йегъовӕйӕ разамынд нӕ ракуырдта. Уый ӕххуыс бацагуырдта Сирийы паддзахӕй, ӕмӕ йӕ уый ӕркодта стыр бӕллӕхмӕ. Йегъовӕ йын пехуымпар Ананийы уылты загъта: «Дӕ ныфс дӕ Хуыцау Йегъовӕйыл нӕ, фӕлӕ Сирийы паддзахыл кӕй сӕвӕрдтай, уый тыххӕй Сирийы паддзахы ӕфсад дӕ къухӕй аирвӕзт». Уӕдӕй фӕстӕмӕ Асӕимӕ ӕдзух хӕцыдысты (2 Аз. 16:7, 9; 1 Пад. 15:32). Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?

14. Дӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дарыс, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? Афтӕ куы кӕнай, уӕд дын, 1 Тимофеймӕ 4:12 стихмӕ гӕсгӕ, цы бантысдзӕн?

14 Сӕрныллӕг у ӕмӕ дарддӕр дӕр дӕ ныфс Йегъовӕйыл дар. Донаргъуыд куы райстай, уӕд равдыстай, дӕ уырнындзинад фидар кӕй у ӕмӕ дӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дарыс. Йегъовӕйӕн дӕр ӕхсызгон уыд, йӕ бинонтӕм кӕй ӕрбаиу дӕ. Фӕлӕ дӕ рох макуы уӕд, алкӕддӕр дӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй хъуамӕ дарай. Чи зоны дын уый ӕнцон вӕййы, ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын дӕ куы фӕхъӕуы, уӕд. Фӕлӕ иннӕ уынаффӕтӕ хӕссыны тыххӕй та цы ис зӕгъӕн? Ирхӕфсӕнты фӕдыл, куысты фӕдыл ӕмӕ, дӕ разы цавӕр нысӕнттӕ ӕвӕрыс, уый фӕдыл уынаффӕтӕ куы хӕссай, уӕд тынг ахсджиаг у, цӕмӕй дӕ ныфс Йегъовӕйыл дарай. Дӕхи зондӕй ныфсджын ма у. Библийы-иу ссар, дӕ уавӕрмӕ чи хауы, ахӕм уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ-иу уыдонмӕ гӕсгӕ архай (Ӕмб. 3:5, 6). Афтӕ куы кӕнай, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзынӕ ӕмӕ дӕ ӕмбырды дӕр нымайдзысты. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 4:12.)

ПАДДЗАХ ИОСАФАТӔЙ АХУЫР КӔНУТ

15. 2 Азфыстыты 18:1–3; 19:2 стихтӕй куыд зыны, афтӕмӕй паддзах Иосафат цавӕр рӕдыдтытӕ ӕруагъта?

15 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хатт-иу рӕдигӕ дӕр фӕкӕндзыстут, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр ӕнӕххӕст стӕм ӕмӕ рӕдийӕм. Фӕлӕ уӕ уый хъуамӕ ма хъыгдара Йегъовӕйы хъуыддаджы, уӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразын. Ахъуыды кӕнӕм паддзах Иосафатыл. Уымӕ уыди бирӕ хорз миниуджытӕ. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй, паддзах куы сси, уӕд «агуырдта йӕ фыды Хуыцауы ӕмӕ цард йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ». Уымӕй уӕлдай ма йӕ кънйӕзты арвыста, цӕмӕй Иудӕйы горӕтты адӕмы ахуыр кодтаиккой (2 Аз. 17:4, 7). Фӕлӕ-иу алкӕд раст уынаффӕ нӕ рахаста. Ӕмӕ йын уый тыххӕй иухатт Йегъовӕйы минӕвар бауайдзӕф кодта. (Бакӕс 2 Азфыстыты 18:1–3; 19:2.) Ацы хабарӕй дӕ бон цы у зондӕн райсын?

Куыстуарзаг ӕмӕ ӕууӕнкджын ӕрыгон ӕфсымӕртӕн иннӕты раз вӕййы хорз ном (кӕс 16 абзац)

16. Радживы хабарӕй дӕ бон цы у зондӕн райсын?

16 Исчи дын уынаффӕ куы ратта, уӕд-иу ӕм байхъус. Чи зоны, бирӕ ӕрыгӕттау дӕуӕн дӕр зын у Йегъовӕйы хъуыддаг дӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрын. Фӕлӕ дӕ ныфс ма асӕттӕд. Ӕркӕсӕм ӕрыгон ӕфсымӕр Радживы цӕвиттонмӕ. Рӕзгӕ кары куы уыд, уыцы рӕстӕджы тыххӕй мӕнӕ цы зӕгъы: «Нӕ йӕ зыдтон, цы равзарон ӕмӕ мӕ разы цавӕр нысӕнттӕ сӕвӕрон. Иннӕ ӕрыгӕттау мӕнӕн дӕр мӕ зӕрдӕмӕ цыди спорт ӕмӕ уарзтон мӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвитын. Ӕмбырдтӕм ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ цӕуын та афтӕ тынг нӕ уарзтон». Цымӕ йын цы баххуыс кодта? Иу хистӕр нӕлгоймаг ын хорз уынаффӕ радта. Загъта йын, цӕмӕй ахъуыды кодтаид, 1 Тимофеймӕ 4:8 стихы цы уагӕвӕрд ис, ууыл. Раджив равдыста сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ йын йӕ уынаффӕмӕ байхъуыста. Уый ахъуыды кодта, царды йын ӕппӕты сӕйраг цы хъуамӕ уа, ууыл. Уый зӕгъы: «Ӕз аскъуыддзаг кодтон, царды мын ӕппӕты сӕйраг Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй уыдзӕн». Радживӕн уыцы уынаффӕ куы радтой, уымӕй цалдӕр азы фӕстӕ сси кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр.

УӔ УӔЛАРВОН ФЫДЫ ЗӔРДӔ РУХС КӔНУТ

17. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ӕрыгон ӕфсымӕртӕм цы зӕрдӕ дарынц?

17 Ӕрыгон ӕфсымӕртӕ, сымах хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ «уӕхски-уӕхск» лӕггад кӕнут, ӕмӕ уын уыдон тынг аргъ кӕнынц! (Соф. 3:9). Сымах уӕ хӕстӕ зӕрдиагӕй феххӕст кӕнут ӕмӕ уӕ удтӕй арт цӕгъдут, ӕмӕ уӕ уый тыххӕй тынг уарзынц. Сӕ зӕрдӕтӕ уӕ тынг барухс вӕййынц (1 Иоан. 2:14).

18. Ӕмбисӕндтӕ 27:11 стихмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ ӕрыгон ӕфсымӕртӕм цы цӕстӕй кӕсы?

18 Ӕрыгон ӕфсымӕртӕ, уӕ зӕрдыл дарут, Йегъовӕ уӕ тынг кӕй уарзы ӕмӕ уыл кӕй ӕууӕнды. Уый загъта, фӕстаг бонты йын тынг бирӕ фӕсивӕд зӕрдиагӕй кӕй лӕггад кӕндзысты (Пс. 110:1–3). Йегъовӕ зоны, кӕй йӕ уарзут ӕмӕ уӕ кӕй фӕнды, хуыздӕрӕй уӕм цы ис, уый йын дӕттын. Уӕдӕ уӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй уын уӕ бар ахсджиаг хъуыддӕгтӕ бакӕной, уӕд ӕнхъӕлмӕ кӕсын зонут. Куы фӕрӕдийат, уӕд-иу уынаффӕмӕ ӕмӕ зондамындмӕ байхъусут. Уӕ зӕрдыл дарут, уый уын Йегъовӕ кӕй амоны зонд (Дзут. 12:6). Ӕмбырды уын цыфӕнды хъуыддаг ма бахӕс кӕной, зӕрдиагӕй-иу ӕй саразут. Ӕппӕты сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ, цыфӕнды ма аразат,– уӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕ-иу рухс кӕнут. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 27:11.)

135 ЗАРӔГ Йегъовӕ фӕлмӕнӕй дзуры: «Зондджын у, мӕ хъӕбул»

^ 5 абз. Ӕрыгон ӕфсымӕртӕ Йегъовӕмӕ цас ӕввахсдӕр фӕкӕнынц, уыйас сӕ тынгдӕр фӕфӕнды Йегъовӕйы хъуыддаджы фылдӕр аразын. Цӕмӕй сӕ бон уа кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй лӕггад кӕнын, уый тыххӕй хъуамӕ бацархайой, цӕмӕй ӕмбырды иннӕтӕ дӕр бамбарой, ӕууӕндӕн сыл кӕй ис. Сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй сын уый бантыса?

^ 9 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.