Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИОГРАФИ

Агуырдтон, райгонд кӕмӕй уыдаин, ахӕм цард

Агуырдтон, райгонд кӕмӕй уыдаин, ахӕм цард

ИУХАТТ Зӕххастӕу денджызы мӕ зӕронд гыццыл науыл куы фӕцӕйцыдтӕн, уӕд дзы дон ӕмбырд кӕнын райдыдта. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй фӕхуынкъ. Стӕй тыхдымгӕ сыстад. Ӕз тынг фӕтарстӕн ӕмӕ Хуыцаумӕ кувын райдыдтон. Хуыцаумӕ рагӕй нал куывтон. Уыцы хабар мыл куыд ӕрцыд? Цӕй ӕмӕ уын мӕ царды хабӕрттӕ райдианӕй радзурон.

7 азы мыл куы цыд, уӕд цардыстӕм Бразилийы

Ӕз райгуырдтӕн Нидерландты 1948 азы. 1949 азы нӕ бинонтӕ алыгъдысты Бразилимӕ, Сан-Паулумӕ. Мӕ ныййарджытӕ арӕх цыдысты аргъуанмӕ. Ӕмӕ-иу арӕх ӕхсӕвӕры фӕстӕ иумӕ Библи кастыстӕм. 1959 азы та алыгъдыстӕм Америкӕйы Иугонд Штаттӕм ӕмӕ ӕрцардыстӕм штат Массачусетсы.

Мӕ фыды бирӕ фыдӕбон кӕнын хъуыд, цӕмӕй аст адӕймаджы фӕдардтаид. Ӕмӕ куы уӕйгӕнӕгӕй куыста, куы – фӕндӕгтӕ аразӕгӕй. Уый фӕстӕ та куыста стыр авиакомпанийы. Авиакомпанийы кусын куы райдыдта, уӕд не ’ппӕт дӕр тынг цин кодтам, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон уыдаид алы бӕстӕтӕм цӕуын.

Скъолайы ахуыр кӕнгӕйӕ-иу арӕх хъуыды кодтон, скъола куы фӕуон, уӕд цы араздзынӕн, ууыл. Ме ’мбӕлттӕй чи университетмӕ бацыд, чи та ӕфсадмӕ ацыд. Мӕн ӕфсадмӕ цӕуын нӕ фӕндыд. Уым мӕ хӕцын ахуыр кодтаиккой. Ӕз та искӕимӕ быцӕу кӕнын дӕр нӕ уарзтон. Гъемӕ мӕ цӕмӕй ӕфсадмӕ ма акодтаиккой, уый тыххӕй университетмӕ бацыдтӕн. Фӕлӕ мӕ ӕппӕты тынгдӕр фӕндыд адӕмӕн ӕххуыс кӕнын. Афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ уӕд мӕ цард дзӕгъӕлы нӕ уыдзӕн.

АХУЫР КӔНЫН УНИВЕРСИТЕТЫ

Бирӕ азты дӕргъы агуырдтон, райгонд кӕмӕй уыдаин, ахӕм цард

Университеты мӕ зӕрдӕмӕ цыди антропологи, уымӕн ӕмӕ мӕ фӕндыд базонын, цард куыд фӕзынд, уый. Амыдтой нын эволюцийы теори. Фӕлӕ мӕм уыцы теорийы цыдӕртӕ раст нӕ кастысты, стӕй сыл хъуыди куырмӕджы ӕууӕндын. Наукӕ та домы, цӕмӕй алцӕмӕн дӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ уа.

Университеты нын, хӕрзӕгъдаудзинад ӕмӕ ’фсарм цы у, уый нӕ амыдтой. Фылдӕр-иу нын дзырдтой, цыфӕндыйӕ дӕр нӕ нысӕнттӕм кӕй хъуамӕ тырнӕм. Ӕз-иу ме ’мбӕлттимӕ мӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвыстон, наркотиктӕ дӕр-иу бафӕлвӕрдтон. Ӕмӕ-иу кӕд уый фӕрцы бахъӕлдзӕг дӕн, уӕддӕр-иу уый бирӕ нӕ ахаста. Ӕмӕ-иу хъуыды кодтон: «Ахӕм цардмӕ бӕллыдтӕн?»

Уый фӕстӕ ацыдтӕн Бостонмӕ ӕмӕ мӕ ахуыр уым университеты адарддӕр кодтон. Цӕмӕй ахуырӕн мӕ бон фидын уыдаид, уый тыххӕй сӕрды куыстмӕ бацыдтӕн. Ӕмӕ уым иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕнимӕ базонгӕ дӕн. Уӕд фыццаг хатт сӕмбӕлдтӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл. Уый мын радзырдта, Данелы 4-ӕм сӕры «авд рӕстӕджы» тыххӕй цы пехуымпарад ис, уый тыххӕй. Ӕмӕ мын бамбарын кодта, кӕроны рӕстӕг кӕй цӕрӕм (Дан. 4:13–17). Ӕз ӕй уайтагъддӕр бамбӕрстон, дарддӕр Библийыл куы ныхас кӕнӕм, уӕд мӕ уыдӕттӕ кӕй бауырндзысты ӕмӕ мӕ уӕд мӕ цард цӕхгӕр фӕивын кӕй бахъӕудзӕн. Ӕмӕ дзы мӕхи рамбӕхс-бамбӕхс кодтон.

Университеты уыди курсытӕ, Хуссар Америкӕмӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнынмӕ ацӕуын кӕй фӕндыд, уыдонӕн. Ӕмӕ ӕз дӕр уыцы курсытӕм бацыдтӕн. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ уый хъӕугӕ хъуыддаг у. Фӕлӕ та фӕфыдӕнхъӕл дӕн. Ӕз ноджы тынгдӕр райдыдтон дызӕрдыг кӕнын, мӕ цардӕй искуы райгонд кӕй уыдзынӕн, ууыл. Гъемӕ мӕ ахуыр ныууагътон.

ХУЫЗДӔР ЦАРД АГУРӔГ ЦӔУЫН ДАРД БӔСТӔТӔМ

1970 азы майы ацыдтӕн Нидерландтӕм, Амстердаммӕ, ӕмӕ райдыдтон кусын, мӕ фыд кӕм куыста, уыцы авиакомпанийы. Уый фӕрцы мӕ бон уыди алы бӕстӕтӕм цӕуын: Африкӕйы, Хуссар ӕмӕ Цӕгат Америкӕйы, Европӕйы ӕмӕ Азийы бӕстӕтӕм. Фӕлӕ йӕ тагъд бамбӕрстон, алкӕм дӕр адӕм зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлынц ӕмӕ сын кӕрон куыд скӕной, уый кӕй ничи зоны. Гъемӕ та мӕ бафӕндыд, адӕмӕн пайда цы хастаид, ахӕм исты аразын. Ӕмӕ сфӕнд кодтон фӕстӕмӕ Америкӕмӕ, Бостонмӕ, аздӕхын ӕмӕ та, кӕм ахуыр кодтон, уыцы университетмӕ бацӕуын.

Фӕлӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йӕ бамбӕрстон, мӕ бон уӕддӕр кӕй нӕу мӕ фарстатӕн дзуапп ссарын. Дарддӕр куыд кӕнон, уый нӕ зыдтон. Ӕмӕ нӕ ахуыргӕнджытӕй иуы бафарстон, зӕгъын, куыд бакӕнон. Цы дзуапп мын радта, ахӕм дзуапп фехъусын ӕнхъӕл нӕ уыдтӕн. Загъта мын: «Цӕмӕн дӕ хъӕуы ацы ахуыр? Ныууадз ӕй». Уый мын дыккаг хатт дзурын нӕ бахъуыд. Ӕмӕ мӕ ахуыр бынтондӕр ныууагътон.

Фӕлӕ уӕддӕр мӕ цардӕй райгонд нӕ уыдтӕн. Ӕмӕ баиу дӕн, хиппи кӕй хуыдтой, уыцы къордимӕ. Ме ’мбӕлттимӕ сфӕнд кодтам Иугонд Штаттӕй Мексикӕмӕ ацӕуын. Фӕндагыл-иу куы иу машинӕ баурӕдтам, куы иннӕ, ӕмӕ афтӕмӕй ныххӕццӕ стӕм Акапулькомӕ. Ӕрцардыстӕм, хиппитӕ кӕм цардысты, уыцы ран. Афтӕ зынди, цыма ӕнӕмӕт цард кодтой. Фӕлӕ йӕ стӕй бамбӕрстон, ахӕм цардӕй цӕрын дӕр мӕ кӕй нӕ фӕнды. Уыдтон ӕй, бирӕтӕ сӕ мӕнгард кӕй уыдысты ӕмӕ сыл ӕууӕнк кӕй нӕ уыд.

ХУЫЗДӔР ЦАРД АГУРӔГ ФӔЦӔУЫН НАУЫЛ

Ме ’мбалимӕ агуырдтам дзӕнӕты хуызӕн сакъадах

Гыццыл куы уыдтӕн, уӕд мын уыдис иу бӕллиц. Фӕндыд мӕ науыл балцыты цӕуын, фӕлӕ цӕмӕй мӕхӕдӕг уыдаин капитан. Ӕмӕ та ногӕй ууыл хъуыды кӕнын райдыдтон. Фӕлӕ цӕмӕй мӕ бӕллиц сӕххӕст уыдаид, уый тыххӕй мын хъуамӕ уыдаид мӕхи нау. Уыди мын иу ӕмбал, Том, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уымӕн дӕр йӕ бӕллиц уый уыд. Гъемӕ сфӕнд кодтам иумӕ ӕнӕхъӕн дунейыл ӕрзилын. Фӕндыд мӕ дзӕнӕты хуызӕн рӕсугъд сакъадах ссарын ӕмӕ уым ӕрцӕрын, цӕмӕй мӕ ӕхсӕнады закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын ма хъуыдаид.

Томимӕ ацыдыстӕм Испанимӕ, Ареньс-де-Мармӕ. Уый Барселонӕйӕ дард нӕу. Уым балхӕдтам нау «Лигрӕ». Йӕ дӕргъ уыди 9 метрӕй фылдӕр. Райдыдтам ӕй цалцӕг кӕнын, цӕмӕй йыл нӕ бон уыдаид денджызы ӕдасӕй цӕуын. Тагъд никӕдӕм кодтам, ӕмӕ ахъуыды кодтам, ӕнӕ моторӕй дӕр кӕй бахӕццӕ уыдзыстӕм. Ӕмӕ нӕ науӕн йӕ мотор рафтыдтам, цӕмӕй дзы бынат равдӕлон уыдаид ӕмӕ нӕ бон уыдаид немӕ нуазынӕн фылдӕр дон раласын. Цӕмӕй-иу нӕ бон уыдаид гыццыл наулӕууӕнтӕм бацӕуын, уый тыххӕй нӕ науыл бакодтам, сӕ дӕргъ 5 метры кӕмӕн уыд, дыууӕ ахӕм наувыййаджы. Уый фӕстӕ нӕ ных сарӕзтам Индийы океанмӕ, Сейшелы сакъадӕхтӕм. Мах фӕнд кодтам Африкӕйы ныгуылӕн былгӕрӕтты ӕмӕ Хуссар-Африкаг Республикӕйы рӕзты ацӕуын. Цӕмӕй нӕ фӕндагӕй ма адзӕгъӕл уыдаиккам, уый тыххӕй кастыстӕм стъалытӕм, картӕтӕм, чингуытӕм ӕмӕ пайда кодтам хуымӕтӕг фӕндагамонӕн инструменттӕй. Дисӕй-иу мардтӕн, кӕм стӕм, уый-иу куыд бӕлвырд базыдтам, ууыл!

Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йӕ бамбӕрстам, нӕ зӕронд хъӕдын науыл дард кӕй нӕ ацӕудзыстӕм. Сахатмӕ-иу дзы 22 литры бӕрц дон амбырд. Ӕмӕ, райдианы куыд загътон, афтӕмӕй, тыхдымгӕ куы сыстад, уӕд тынг фӕтарстӕн. Ӕмӕ Хуыцаумӕ скуывтон, зӕгъын, куы аирвӕзӕм, уӕд бацархайдзынӕн, цӕмӕй дӕ хуыздӕр базонон. Тыхдымгӕ банцад, ӕмӕ ӕз дӕр мӕ ныхас сӕххӕст кодтон.

Ӕз райдыдтон Библи кӕсын. Уӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕнут: Зӕххастӕу денджызы астӕу науыл бадыс, дӕ алыварс кӕсӕгтӕ цъыллинджытӕ кӕнынц, дельфинтӕ хъазынц, ӕмӕ денджызӕн йӕ кӕрон нӕ зыны. Ӕхсӕвыгон та-иу Ӕрфӕны фӕдмӕ кӕсынӕй не ’фсӕстӕн. Ӕмӕ мӕ тынгӕй-тынгдӕр уырныдта, Хуыцау кӕй ис ӕмӕ адӕмыл кӕй тыхсы.

Цалдӕр къуырийы фӕстӕ ӕрцыдыстӕм испайнаг наулӕууӕн горӕт Аликантемӕ. Фӕндыди нӕ нӕ нау ауӕй кӕнын ӕмӕ хуыздӕр нау балхӕнын. Фӕлӕ, мотор кӕуыл нӕ уыд, ахӕм зӕронд хуынкъ нау ауӕй кӕнын ӕнцон нӕ уыди. Ӕмӕ уым афӕстиат стӕм. Фӕлӕ мын Библи кӕсынӕн фылдӕр рӕстӕг фӕзынд.

Библи кӕсгӕйӕ бамбӕрстон, цы уынаффӕтӕ дзы ис, адӕймаг уыдонмӕ гӕсгӕ куы цӕра, уӕд амондджын кӕй уыдзӕн. Ӕз федтон, Библи комкоммӕ ӕмӕ бӕлвырд кӕй дзуры, хӕрзӕгъдау цард кӕй хъуамӕ кӕнӕм. Ӕмӕ мӕм диссаг фӕкаст, йӕхи чырыстон чи хоны, уыдонӕй бирӕтӕ, Библийы цы фыст ис, уый кӕй ницӕмӕ дарынц. Ӕмӕ мӕхӕдӕг дӕр ахӕм уыдтӕн.

Ӕз сфӕнд кодтон мӕ цард аивын, ӕмӕ наркотиктӕ нал кодтон. Ахъуыды кодтон, зӕгъын, кӕмдӕр хъуамӕ уа, Библийы закъӕттӕм гӕсгӕ чи цӕры, ахӕм адӕм. Ӕмӕ Хуыцаумӕ дыккаг хатт скуывтон, баххуыс мын кӕн уыцы адӕмы ссарынӕн, зӕгъгӕ.

АГУРЫН РАСТ ДИН

Мӕн фӕндыд раст дин ссарын. Ӕмӕ сфӕнд кодтон алы дины тыххӕй дӕр фылдӕр базонын. Афтӕмӕй мӕ бон уыдаид, раст дин сӕ кӕцы у, уый бамбарын. Аликантейы уынгты-иу куы фӕцӕйцыдтӕн, уӕд-иу федтон бирӕ аргъуантӕ. Фӕлӕ дзы сӕ фылдӕры уыд нывтӕ ӕмӕ гуымирытӕ. Уымӕ гӕсгӕ-иу уайтагъд бамбӕрстон, уыцы аргъуанты раст дин кӕй нӕй ссарӕн.

Иу хуыцаубоны фӕссихор къуыбырыл бадтӕн. Наулӕууӕн уырдыгӕй хорз зынди. Ӕмӕ кастӕн Иаковы 2:1–5 стихтӕ. Уым фыст ис, хъӕздгуытӕн хъулон митӕ кӕй хъуамӕ ма кӕнӕм. Фӕстӕмӕ нӕ наумӕ куы здӕхтӕн, уӕд ауыдтон иу агъуыст. Кувӕн бынаты хуызӕн мӕм фӕкаст. Бахизӕны сӕрмӕ фыст уыди: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Паддзахады зал».

Ӕз мӕхинымӕр ахъуыды кодтон: «Хъуамӕ ацы адӕмы бафӕлварон. Гъа-ма, кӕддӕра мӕм цы цӕстӕй ракӕсдзысты». Гъемӕ Паддзахады залмӕ бацыдтӕн бӕгъӕввадӕй, боцъотимӕ ӕмӕ скъуыдтӕ джинсыты. Уагдар мӕ сбадын кодта иу хӕларзӕрдӕ ацӕргӕ сылгоймаджы раз. Уый мын ӕххуыс кодта, раныхас кӕмӕн уыди, уый-иу цы стихтӕ дзырдта, уыдон Библийы ссарынӕн. Тынг диссаг мӕм фӕкаст, ӕмбырды фӕстӕ мӕм бирӕтӕ кӕй ӕрбацыдысты, цӕмӕй мемӕ базонгӕ уыдаиккой. Иу нӕлгоймаг мӕ сӕхимӕ фӕхуыдта, цӕмӕй Библийыл аныхас кодтаиккам. Фӕлӕ йӕ каст кӕй нӕма фӕдӕн, уымӕ гӕсгӕ йын загътон: «Цӕттӕ куы уон, уӕд дын зӕгъдзынӕн». Фӕлӕ ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдтон.

Цалдӕр къуырийы фӕстӕ уыцы нӕлгоймагмӕ уазӕгуаты ацыдтӕн. Ӕмӕ мӕм Библи кӕсгӕйӕ цы фарстатӕ фӕзынд, уыдонӕн мын дзуапп радта. Иннӕ къуыри йӕм куы ’рбацыдтӕн, уӕд мын радта бирӕ дзӕбӕх дзаумӕттӕ. Загъта мын, кӕй дзаумӕттӕ сты, уыцы ӕфсымӕры, дам, ахӕстоны сбадын кодтой. Сбадын ӕй кодтой, хӕцын ахуыр кӕнын ӕй кӕй нӕ фӕндыд, уый тыххӕй. Уый архайдта Библийы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ ӕмӕ иннӕты уарзта (Ис. 2:4; Иоан. 13:34, 35). Уӕд ӕй бамбӕрстон, кӕй агуырдтон, уыдоны кӕй ссардтон! Ӕз ссардтон, Библийы хӕрзӕгъдау цард кӕныны тыххӕй бӕлвырдӕй цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ чи цард, уыцы адӕмы! Ныр мӕ нысан уый нал уыди, цӕмӕй дзӕнӕты хуызӕн сакъадах ссардтаин, фӕлӕ цӕмӕй Библи лӕмбынӕгдӕр ахуыр кӕнын райдыдтаин. Гъемӕ фӕстӕмӕ Нидерландтӕм аздӕхтӕн.

КУЫСТ АГУРЫН

Нидерландтӕм, горӕт Гронингеммӕ, ныххӕццӕ дӕн цыппар бонмӕ. Куы-иу кӕимӕ абадтӕн машинӕйы, куы – кӕимӕ. Уым мӕ хъуыди куыст ссарын. Куыст агурӕг бацыдтӕн, хъӕддӕсныйы куыст кӕм кодтой, уырдӕм. Анкетӕйы хъуыд ныффыссын, цы диныл хӕст уыдтӕн, уый. Ӕз дзы ныффыстон: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕн». Куысты хицау уый куы бакаст, уӕд йӕ хуыз аивта. Ӕмӕ мын загъта: «Фӕстӕдӕр дӕм бадзурдзынӕн». Фӕлӕ мӕм афтӕ дӕр не ’рбадзырдта.

Уӕд бацыдтӕн, хъӕддӕсныйы куыст кӕм кодтой, ӕндӕр ахӕм ранмӕ. Хицау мӕ бафарста, диплом кӕнӕ дӕм дӕ раздӕры куыстӕй рекомендаци ис, зӕгъгӕ. Ӕз ын загътон, иухатт хъӕдын нау кӕй цалцӕг кодтон. Ӕз тынг бадис кодтон, афтӕ мын куы загъта, фӕссихор, дам-иу куыстмӕ рацу. Фӕлӕ ма мын загъта: «Ӕз Йегъовӕйы Ӕвдисӕн дӕн ӕмӕ цӕрын Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Ӕмӕ ам кусгӕйӕ ды дӕр хъуамӕ дӕхи, куыд ӕмбӕлы, афтӕ дарай». Ӕз ӕм джихӕй кӕсгӕйӕ баззадтӕн ӕмӕ йын загътон: «Ӕз дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕн дӕн!» Уый мын мӕ даргъ сӕрыхъуынтӕ ӕмӕ мӕ боцъотӕ уынгӕйӕ загъта: «Омӕ хорз, уӕд ӕз демӕ Библи ахуыр кӕндзынӕн». Ӕмӕ ӕз дӕр цингӕнгӕйӕ сразы дӕн. Уӕд бамбӕрстон, иннӕ ран мӕ куыстмӕ цӕуылнӕ айстой, уый. Йегъовӕ мын мӕ зӕрдӕйы фӕнд сӕххӕст кодта (Пс. 37:4). Уыцы ’фсымӕрмӕ куыстон иу аз. Уыцы рӕстӕг уый мемӕ Библи ахуыр кодта. Ӕмӕ 1974 азы донаргъуыд райстон.

КӔДӔЙ-УӔДӔЙ ССАРДТОН, ЦЫ АГУЫРДТОН, УЫЙ!

Иу мӕйы фӕстӕ райдыдтон пионерӕй лӕггад кӕнын, ӕмӕ уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди. Иннӕ мӕй та ацыдтӕн Амстердаммӕ испайнаг къордӕн ӕххуыс кӕнынмӕ. Уыцы къорд дзы ӕрӕджы фӕзынд. Мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд Библийы ахуыртӕ испайнаг ӕмӕ португайлаг ӕвзӕгтыл уадзын. 1975 азы мӕ майы снысан кодтой сӕрмагонд пионерӕй.

Иухатт не ’мбырдмӕ ӕрбацыд иу хо, Инеке. Уыди сӕрмагонд пионер. Йемӕ ’рбакодта, Библи кӕимӕ ахуыр кодта, уыцы боливиаг чызджы, цӕмӕй базонгӕ уыдаид испайнаг ӕвзагыл дзурӕг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ. Инекеимӕ нӕ бафӕндыд кӕрӕдзи хуыздӕр базонын, ӕмӕ кӕрӕдзимӕ писмотӕ фыссын райдыдтам. Мах бамбӕрстам, иухуызон нысӕнттӕ нын кӕй ис. 1976 азы нӕ цард баиу кодтам. Ӕмӕ дарддӕр сӕрмагонд пионертӕй лӕггад кодтам 1982 азмӕ. Стӕй нӕ уыцы аз фӕхуыдтой Галаады скъоламӕ, 73-ӕм къласмӕ. Скъолайы фӕстӕ нӕ снысан кодтой Скӕсӕн Африкӕмӕ, Кенимӕ. Уый ӕнхъӕл нӕ уыдыстӕм, фӕлӕ тынг цин кодтам. Горӕт Момбасӕйы фӕлӕггад кодтам 5 азы. 1987 азы та нӕ снысан кодтой Танзанимӕ. Уӕд дзы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн радтой хъусын кӕныны бар. Фӕлӕггад дзы кодтам 26 азы. Уый фӕстӕ та аздӕхтыстӕм Кенимӕ.

Скӕсӕн Африкӕйы адӕмӕн рӕстдзинад базонынӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый нын хӕссы стыр циндзинад

Мах сӕрныллӕг адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм рӕстдзинад базонынӕн ӕмӕ нӕ цардӕй стӕм райгонд. Ракӕнон уын, Момбасӕйы Библи фыццаг кӕимӕ райдыдтон ахуыр кӕнын, уыцы нӕлгоймаджы кой. Сӕмбӕлдтӕн ыл хъусын кӕнгӕйӕ. Ӕз ын радтон дыууӕ журналы. Ӕмӕ мӕ уый бафарста: «Куы сӕ бакӕсон, уӕд дарддӕр цы хъуамӕ саразон?» Иннӕ къуыри йемӕ райдыдтон Библи ахуыр кӕнын. Ахуыр ӕй кодтам чиныджы фӕрцы «Дӕ бон у ӕнустӕм дзӕнӕты зӕххыл цӕрын». Ӕвзаг суахилийыл гъеуӕд рацыди. Уыцы нӕлгоймаг иу азы фӕстӕ донаргъуыд райста ӕмӕ пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта. Уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ бинойнагимӕ иу-100 адӕймагӕн баххуыс кодтой, цӕмӕй сӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодтаиккой ӕмӕ донаргъуыд райстаиккой.

Инекеимӕ нӕ бон у зӕгъын, адӕймаг ӕцӕг амондджын Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ кӕй вӕййы

Адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый фыццаг хатт куы бамбӕрстон, уӕд мӕхимӕ фӕкастӕн, зынаргъ налхъуыт чи ссардта, уыцы сӕудӕджеры хуызӕн (Матф. 13:45, 46). Ӕмӕ мӕ бафӕндыд иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй уыдон дӕр базыдтаиккой, адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый. Ӕмӕ Инекеимӕ нӕ бон у зӕгъын, адӕймаг ӕцӕг амондджын Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ кӕй вӕййы.