Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

47 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Дӕ уырнындзинад фидар разындзӕн?

Дӕ уырнындзинад фидар разындзӕн?

«Ма тыхсут. Ӕууӕндут Хуыцауыл, ӕмӕ мӕныл дӕр ӕууӕндут» (ИОАН. 14:1).

119 ЗАРӔГ Хъуамӕ нӕм уа уырнындзинад

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Фидӕны хабӕрттыл хъуыды кӕнгӕйӕ нӕм хатт цавӕр фарста фӕзыны?

МАХ зонӕм, тагъд мӕнг динтӕ сӕфт кӕй ӕрцӕудзысты, Магогы зӕххӕй Гог нӕ ныхмӕ кӕй рацӕудзӕн ӕмӕ Армагеддоны хӕст кӕй уыдзӕн. Уыдӕттыл куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд, мыййаг, фӕтыхсыс? Мыййаг дӕм ахӕм фарста фӕзыны, зӕгъгӕ, уыцы тасӕфтауӕг хабӕрттӕ куы цӕуой, уӕд мӕ бон бауыдзӕн иузӕрдионӕй баззайын? Кӕд о, уӕд дын Йесойы ныхӕстӕ баххуыс кӕндзысты. Уый йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ма тыхсут. Ӕууӕндут Хуыцауыл, ӕмӕ мӕныл дӕр ӕууӕндут» (Иоан. 14:1). Нӕ уырнындзинад фидар куы уа, уӕд фидӕны хабӕрттӕй нӕ тӕрсдзыстӕм.

2. Нӕ бон куыд у нӕ уырнындзинад сфидар кӕнын ӕмӕ ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

2 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ уырнындзинад сфидар кӕнӕм ӕмӕ нӕ бон уа фидӕны фӕлварӕнтӕ сфӕразын? Ахъуыды кӕнӕм, ныртӕккӕ нӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куы фӕцӕуы, уӕд куыд бакӕнӕм, ууыл. Уый фӕрцы бамбардзыстӕм, нӕ уырнындзинад нӕ цавӕр хъуыддӕгты хъӕуы сфидар кӕнын, уый. Кӕцыдӕр фӕлварӕны фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд алы хатт дӕр нӕ уырнындзинад фидардӕр свӕййы. Ӕмӕ уый фӕрцы та фидӕны фӕлварӕнты дӕр иузӕрдионӕй баззайдзыстӕм. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ цы цыппар уавӕры бахаудысты, уыдоныл. Уыцы уавӕрты рабӕрӕг, фылдӕр уырнындзинад сӕ кӕй хъуыди. Абон дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ бахауынц ахӕм уавӕрты, ӕмӕ ацы статьяйы ууыл дӕр аныхас кӕндзыстӕм.

ХЪУАМӔ НӔ УЫРНА, ХУЫЦАУ НЫН, ӔНӔМӔНГ НӔ ЦЫ ХЪӔУЫ, УЫДӔТТӔ КӔЙ ДӔТДЗӔН

Цардамӕлттӕ кӕнын нын зын куы уа, уӕд нын нӕ уырнындзинад баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахад фыццаг бынаты ӕвӕрӕм (кӕс 3–6 абзацтӕ)

3. Матфейы 6:30, 33 стихтӕм гӕсгӕ, Йесо уырнындзинады тыххӕй цы загъта?

3 Бинонтӕ кӕмӕн ис, уый фӕфӕнды, цӕмӕй йӕ бинойнагӕн ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕн уа хӕринаг, дзаума, кӕм цӕрой, уый. Ӕмӕ уый раст у. Фӕлӕ ацы уӕззау рӕстӕджы алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы бинонты фӕдарын. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй чидӕртӕ ӕнӕ куыстӕй баззадысты ӕмӕ сӕ бон нӕу ног куыст ссарын. Кӕйдӕрты та кӕд куыст хъӕуы, уӕддӕр не сразы сты, чырыстӕттӕн кусын кӕм не ’мбӕлы, ахӕм куыстыл. Ахӕм уавӕрты-иу нӕ хъуамӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ нын кӕй баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ бинонтӕн, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ уа. Йесо дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн йӕ зындгонд раныхасы уый кой кодта. (Бакӕс Матфейы 6:30, 33.) Йегъовӕ нӕ кӕй никуы ныууадздзӕн, ууыл куы нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ нӕ тыхтӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ саразын. Куыд нын ӕххуыс кӕны, уый куы уынӕм, уӕд-иу нӕ ноджы тынгдӕр бауырндзӕн, ӕцӕгдӕр удӕгас Хуыцау кӕй у.

4, 5. Иу бинонтӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй ӕгӕр ма мӕт кодтаиккой, цӕмӕй цӕрдзысты, ууыл?

4 Ӕркӕсӕм, Йегъовӕ Венесуэлӕйы иу бинонтӕн куыд баххуыс кодта, уымӕ. Раздӕр Мигель Кастройы бинонтӕ цардысты, цы зӕхх сӕм уыди, уымӕй. Фӕлӕ сӕм иу бон ӕрбацыдысты гӕрзифтонг фыдгӕнджытӕ ӕмӕ сӕ сӕ хӕдзарӕй сыстын кодтой, сӕ зӕхх дӕр сын байстой. Мигель афтӕ зӕгъы: «Ныр цӕрӕм, иу гыццыл зӕххы гӕбазыл цы ныссадзӕм, уымӕй. Ӕмӕ уый дӕр нӕхи зӕхх нӕу. Ӕз алы бон дӕр райсомӕй Йегъовӕмӕ скувын, цӕмӕй нын ратта, уыцы бон нӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттӕ». Ацы бинонтӕн сӕ цард ӕнцон нӕу. Фӕлӕ сӕ фидарӕй уырны, сӕ уарзӕгой Фыд сӕ, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕй цух кӕй нӕ уадздзӕн. Уыдон ыл сӕ ныфс дарынц, ӕмӕ иу ӕмбырд дӕр нӕ цух кӕнынц, стӕй хорз хабар зӕрдиагӕй хъусын кӕнынц. Хуыцауы Паддзахад сӕ царды ӕвӕрынц фыццаг бынаты, ӕмӕ сын Йегъовӕ дӕтты, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ.

5 Мигель ӕмӕ йӕ бинойнаг Юрай фылдӕр сӕ зындзинӕдтыл нӕ фӕхъуыды кӕнынц, фӕлӕ сыл Йегъовӕ куыд тыхсы, ууыл. Хатт-иу сын Йегъовӕ баххуыс кодта сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕрты уылты. Уыдон-иу сӕм фӕкастысты, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъуыд, уыдӕттӕй кӕнӕ-иу Мигелӕн баххуыс кодтой куыст ссарынӕн. Ӕндӕр хӕттыты та сын Йегъовӕ баххуыс кодта филиалы уылты. Ӕрбарвыстой-иу сын гуманитарон ӕххуыс. Йегъовӕ сӕ никуы ныууагъта, ӕмӕ уый уынгӕйӕ ӕнӕхъӕн бинонты уырнындзинад сфидар. Сӕ хистӕр чызг Йоселин радзырдта, Йегъовӕ сын куыд баххуыс кодта, иу ахӕм хабар. Ӕмӕ уый фӕстӕ загъта: «Йегъовӕ нӕ царды куыд архайы, уый уынгӕйӕ тынг бафидар вӕййын. Уый у мӕ Хӕлар, ӕмӕ йӕ зонын, алкӕддӕр мын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн». Ӕмӕ ма загъта: «Нӕ бинонтӕ цы фӕлварӕнтыл сӕмбӕлдысты, уыдон нӕ бацӕттӕ кодтой, фидӕны цы стырдӕр фӕлварӕнтыл сӕмбӕлдзыстӕм, уыдонмӕ».

6. Цардамӕлттӕ кӕнын дын зын куы уа, уӕд дӕ бон куыд уыдзӕн дӕ уырнындзинад фидар кӕнын?

6 Чи зоны, дӕуӕн дӕр цардамӕлттӕ кӕнын тынг зын у. Фӕлӕ уӕддӕр ахӕм уавӕры дӕр дӕ бон у дӕ уырнындзинад фидар кӕнын. Йегъовӕмӕ скув ӕмӕ уый фӕстӕ бакӕс Матфейы 6:25–34 стихтӕ, стӕй сыл ахъуыды кӕн. Уымӕй уӕлдай ма ахъуыды кӕн, Йегъовӕ абон куыд ӕххуыс кӕны, йӕ хъуыддаджы бирӕ чи фыдӕбон кӕны, уыцы лӕггадгӕнджытӕн (1 Кор. 15:58). Уӕд нӕ дызӕрдыг кӕндзынӕ, дӕ уӕларвон Фыд дӕуӕн дӕр кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Уый зоны, цы дӕ хъӕуы, уый ӕмӕ зоны, куыд дын баххуыс кӕна, уый дӕр. Ӕмӕ, дӕ царды куыд архайы, уый-иу куы фенай, уӕд-иу дӕ уырнындзинад дӕр ноджы фидардӕр суыдзӕн. Ӕмӕ уый фӕрцы дӕ бон уыдзӕн фидӕны фӕлварӕнтӕ сфӕразын (Ав. 3:17, 18).

УЫРНЫНДЗИНАД ХЪӔУЫ, ЦӔМӔЙ «ТЫХДЫМГӔТЫ» РӔСТӔГ ФИДАР ФӔЛӔУУӔМ

Фидар уырнындзинад нын баххуыс кӕндзӕн цыфӕнды «тыхдымгӕйы» рӕстӕг дӕр фидар фӕлӕууынӕн, ӕнӕуи тыхдымгӕ уа ӕви тыхдымгӕйы хуызӕн зындзинӕдтӕ уой, уӕддӕр (кӕс 7–11 абзацтӕ)

7. Матфейы 8:23–26 стихтӕм гӕсгӕ, денджызы тыхдымгӕ куы сыстад, уӕд Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куыд ӕрцыд?

7 Иухатт Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ бӕлӕгъы денджызыл куы фӕцӕйцыд, уӕд тыхдымгӕ сыстад. Йесо уыцы хабары фӕрцы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн баххуыс кодта, фылдӕр уырнындзинад сӕ кӕй хъуыд, уый бамбарынӕн. (Бакӕс Матфейы 8:23–26.) Денджыз тынг абухын райдыдта ӕмӕ бӕлӕгъ донӕй дзаг кодта. Йесо та ӕнцад фынӕй кодта. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ тынг фӕтарстысты ӕмӕ йӕ райхъал кодтой. Ӕмӕ йын куы загътой, фервӕзын нӕ кӕн, зӕгъгӕ, уӕд сын фӕлмӕнӕй бауайдзӕф кодта: «Ахӕм тӕппуд цӕмӕн стут? Кӕм ис уӕ уырнындзинад?» Уыдон хъуамӕ ӕмбӕрстаиккой, Йегъовӕйӕн зын кӕй нӕу, Йесойы ӕмӕ, йемӕ чи уыд, уыдоны фыдбылызӕй бахъахъхъӕнын. Ацы хабарӕй нӕ бон цы у нӕхицӕн зондӕн райсын? Фидар уырнындзинад нын баххуыс кӕндзӕн цыфӕнды «тыхдымгӕйы» рӕстӕг дӕр фидар фӕлӕууынӕн, ӕцӕг тыхдымгӕ уа ӕви тыхдымгӕйы хуызӕн зындзинӕдтӕ уой, уӕддӕр.

8, 9. Анелы уырнындзинад фӕлвӕрд куыд ӕрцыд ӕмӕ йын уыцы уавӕры цы баххуыс кодта?

8 Анель цӕры Пуэрто-Рикойы. Уый сӕмбӕлд стыр фӕлварӕныл, ӕмӕ уыцы фӕлварӕны йӕ уырнындзинад сфидар. Йӕ фӕлварӕн уыд ӕцӕг тыхдымгӕ. 2017 азы тыхдымгӕ «Марийӕ» Анелы хӕдзар ныппырх кодта. Тыхдымгӕйы фӕстӕ ма ӕнӕ куыстӕй дӕр баззад. Анель зӕгъы: «Уый уӕззау рӕстӕг уыд, ӕмӕ тынг тыхст уыдтӕн. Фӕлӕ сахуыр дӕн мӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын. Куывтон-иу ӕм, ӕмӕ мын уый баххуыс кодта, цӕмӕй мын мӕт ӕмӕ сагъӕстӕ мӕ тыхтӕ ма байстаиккой».

9 Анель загъта, ноджыдӕр ма йын кӕй баххуыс кодта коммӕгӕсдзинад. Афтӕ загъта: «Йегъовӕйы организацийы разамындмӕ гӕсгӕ кӕй архайдтон, уый фӕрцы мӕ зӕрдӕ уыд сабыр. Йегъовӕ ма мын баххуыс кодта хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уылты дӕр. Уыдон мын мӕ ныфсыл ныфс ӕфтыдтой, фидар мӕ кодтой. Стӕй мӕм фӕкастысты, цӕрынӕн мӕ цы хъуыди, уыдӕттӕй дӕр». Анель ма загъта: «Йегъовӕ мын радта, цы дзы куырдтон, уымӕй бирӕ фылдӕр, ӕмӕ мӕ уырнындзинад тынг бафидар».

10. Кӕд тыхдымгӕйы хуызӕн зындзинӕдтыл сӕмбӕлдтӕ, уӕд дӕ бон цы у саразын?

10 Ды дӕр «тыхдымгӕйы» бахаудтӕ? Чи зоны, цавӕрдӕр ӕрдзон бӕллӕхы тыххӕй сӕмбӕлдтӕ зындзинӕдтыл. Кӕнӕ та, чи зоны, цавӕрдӕр низӕй фӕрынчын дӕ ӕмӕ уый тыххӕй дӕ ныфс асаст. Кӕд цӕуылдӕрты тыхсыс, уӕд дӕ уый ма бахъыгдарӕд дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарын. Зӕрдиагӕй йӕм кув. Ахъуыды-иу кӕн, нырмӕ дӕр дын куыд ӕххуыс кодта, ууыл ӕмӕ афтӕмӕй дӕ уырнындзинад фидар кӕн (Пс. 77:11, 12). Зон ӕй: уый дӕ никуы ныууадздзӕн!

11. Цӕмӕн нӕ хъуамӕ фӕнда, разамынд нын чи дӕтты, уыдоны коммӕ кӕсын?

11 Ноджыдӕр ма дын цы баххуыс кӕндзӕн фӕлварӕнты фидар фӕлӕууынӕн? Анель куыд загъта, афтӕмӕй коммӕгӕсдзинад. Йегъовӕ ӕмӕ Йесо кӕуыл ӕууӕндынц, уыдоныл ды дӕр ӕууӕнд. Разамынд нын чи дӕтты, уыцы ’фсымӕрты разамынд нӕм, гӕнӕн ис, ӕнахуыр фӕкӕса. Фӕлӕ Йегъовӕ арфӕ кӕны коммӕгӕсдзинадӕн. Йӕ Ныхасӕй, стӕй иузӕрдион лӕггадгӕнджыты хабӕрттӕй зонӕм, коммӕгӕсдзинады фӕрцы аирвӕзӕн кӕй ис (Рац. 14:1–4; 2 Аз. 20:17). Уыцы хабӕрттыл-иу ахъуыды кӕн. Ӕмӕ дӕ уӕд ноджы тынгдӕр фӕнддзӕн, Йегъовӕйы организаци цы разамынд дӕтты, уымӕ гӕсгӕ ныр дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр архайын (Дзут. 13:17). Ӕмӕ дӕ уӕд нӕ хъӕудзӕн тӕрсын, тагъд чи райдайдзӕн, уыцы стыр бӕллӕхӕй (Ӕмб. 3:25).

УЫРНЫНДЗИНАД ХЪӔУДЗӔН, ӔНАХХОСӔЙ ӔФХӔРД КУЫ ӔЙЙАФӔМ, УӔД

Йегъовӕмӕ ӕдзух куы кувӕм, уӕд-иу нӕ уырнындзинад сфидар уыдзӕн (кӕс 12 абзац)

12. Лукайы 18:1–8 стихтӕм гӕсгӕ, уырнындзинад цӕмӕн хъӕуы, ӕнаххосӕй ӕфхӕрд куы ӕййафӕм, уӕд?

12 Йесо зыдта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ-иу ӕнаххосӕй ӕфхӕрд кӕй баййафдзысты ӕмӕ афтӕмӕй сӕ уырнындзинад фӕлвӕрд кӕй цӕудзӕн. Ӕмӕ радзырдта фӕсномыг ныхас иу идӕдз усы тыххӕй, фыст ис Лукайы чиныджы. Уыцы идӕдз ус, рӕстӕй чи нӕ тӕрхон кодта, уыцы тӕрхонгӕнӕгӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын йӕ хъуыддаг рӕстӕй равзӕрстаид. Сылгоймаг зыдта, ӕдзух ӕм куы цӕуа, уӕд ын иу бон уӕддӕр йӕ хъуыддаг кӕй равзардзӕн. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг ӕцӕгдӕр афтӕ рауад. Ацы хабарӕй нӕ бон цы у зондӕн райсын? Йегъовӕ уыцы тӕрхонгӕнӕджы хуызӕн нӕу, уый уарзы рӕстдзинад. Ӕмӕ Йесо загъта: «Ау, уӕдӕ уӕд Хуыцау йе ’взӕрстыты тыххӕй, ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕм чи дзыназы, уыдоны тыххӕй, раст ӕмӕ зылын чи у, уый нӕ равзардзӕн?» (Бакӕс Лукайы 18:1–8.) Уый фӕстӕ ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уӕд зӕххыл уырнындзинад ссардзӕн?» Ӕнаххосӕй ӕфхӕрд куы ӕййафӕм, уӕд нӕ фӕразондзинадӕй ӕмӕ нӕ фидардзинадӕй равдисдзыстӕм, нӕ уырнындзинад уыцы идӕдз усы уырнындзинады хуызӕн фидар кӕй у. Ӕмӕ уӕд ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм, абон уа, райсом уа, уӕддӕр Йегъовӕ нӕ сӕрыл кӕй рахӕцдзӕн. Стӕй ма нӕ хъуамӕ фидарӕй уырна, куывдӕн стыр тых кӕй ис. Нӕ куывдтыты фӕрцы хатт, ӕнхъӕл кӕмӕн нӕ вӕййӕм, ахӕм хабӕрттӕ ӕрцӕуы.

13. Иу бинонтӕн куыд баххуыс кодта, сӕ чызг Хуыцаумӕ кӕй скуывта, уый?

13 Хо Веро цӕры Демократон Республикӕ Конгойы. Сӕ бӕстӕйы змӕстытӕ куы уыд, уӕд ӕй йӕ лӕгимӕ (Ӕвдисӕн нӕу) ӕмӕ сӕ 15-аздзыд чызгимӕ бахъуыд сӕ хъӕуӕй алидзын. Иуафон постмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд сӕ уым ӕфсӕддонтӕ баурӕдтой ӕмӕ сӕм бартхъирӕн кодтой, зӕгъгӕ уӕ амардзыстӕм. Веро кӕуын райдыдта. Уӕд сӕ чызг райдыдта хъӕрӕй кувын, ӕмӕ цалдӕр хатты Йегъовӕйы ном загъта. Уӕд дын ӕй ӕфсӕддонты хистӕр куы бафӕрсид: «Мӕнӕ чызг, чи дӕ сахуыр кодта кувын?» Уый йын дзуапп радта: «Мӕ мад. Ахуыр мӕ кодта, Матфейы 6:9–13 стихты цы ныхӕстӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ». Уӕд ын уыцы ӕфсӕддон загъта: «Ма тӕрс. Уӕ бон у ацӕуын. Уӕ Хуыцау Йегъовӕ уӕ бахъахъхъӕнӕд».

14. Нӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куыд ӕрцӕуы ӕмӕ нын фидар фӕлӕууынӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

14 Ахӕм хабӕрттӕ хорз ӕвдисынц, кувын куыд ахсджиаг у, уый. Уый нӕ хъуамӕ рох макуы уа. Фӕлӕ-иу дын Йегъовӕ дӕ куывдтытӕн уайтагъд кӕнӕ цавӕрдӕр диссаджы хуызы куы нӕ ратта дзуапп, уӕд та? Йесо цы идӕдз усы кой ракодта, уый-иу бафӕзм. Дарддӕр дӕр кув ӕмӕ дӕ уырнӕд, Йегъовӕ дӕ кӕй нӕ ныууадздзӕн ӕмӕ дын иу бон дзуапп ӕнӕмӕнг кӕй ратдзӕн. Йӕ сыгъдӕг тых дзы кур (Фил. 4:13). Дӕ зӕрдыл дар, Йегъовӕ дӕ тагъд бирӕ арфӕдзинӕдтӕй кӕй схайджын кӕндзӕн ӕмӕ дӕ дӕ раздӕры мӕстытӕ иууылдӕр кӕй ферох уыдзысты. Йегъовӕйы фӕрцы-иу фӕлварӕнты фидар куы фӕлӕууай, уӕд та дӕм ноджы фылдӕр тыхтӕ фӕзындзӕн, ӕмӕ дӕ бон уыдзӕн фидӕны фӕлварӕнты дӕр иузӕрдионӕй баззайын (1 Пет. 1:6, 7).

УЫРНЫНДЗИНАД ХЪӔУЫ, ЦӔМӔЙ ЦӔЛХДУРТЫ СӔРТЫ ХИЗӔМ

15. Матфейы 17:19, 20 стихтӕм гӕсгӕ, Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ цавӕр цӕлхдурыл сӕмбӕлдысты?

15 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, уырнындзинад сын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн цӕлхдурты сӕрты хизынӕн. (Бакӕс Матфейы 17:19, 20.) Иухатт сӕ бон нӕ баци иу адӕймагӕй дӕлимоны расурын. Афтӕмӕй та сын уый размӕ уый бирӕ хӕттыты бантыст. Ӕмӕ уӕд ацы хатт цы ’рцыд? Йесо сын бамбарын кодта, фылдӕр уырнындзинад сӕ кӕй хъуыди. Загъта сын, фидар уырнындзинад сӕм куы уа, уӕд сӕ бон кӕй бауыдзӕн хохы йас цӕлхдурты сӕрты дӕр ахизын. Абон махмӕ дӕр кӕцыдӕр зындзинӕдтӕ хохы йас фӕкӕсынц.

Зиан ныл куы ’рцӕуа, уӕд нын уырнындзинад баххуыс кӕндзӕн дарддӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн (кӕс 16 абзац)

16. Хейдийӕн йӕ уырнындзинад куыд ӕххуыс кӕны стыр маст сфӕразынӕн?

16 Хо Хейди цӕры Гватемалӕйы. Иухатт йӕ лӕгимӕ, Эдиимӕ, ӕмбырдӕй хӕдзармӕ куы цыдысты, уӕд Эдийы амардтой. Хейдийӕн йӕ уырнындзинад куыд ӕххуыс кӕны уыцы стыр маст сфӕразынӕн? Афтӕ зӕгъы: «Йегъовӕмӕ фӕкувын ӕмӕ йыл афтӕмӕй мӕ уаргъ сӕвӕрын. Уый фӕрцы мӕ зӕрдӕ ӕрсабыр вӕййы. Ӕз ӕй уынын, Йегъовӕ мын куыд ӕххуыс кӕны мӕ бинонты уылты ӕмӕ мын ӕмбырды цы ’мбӕлттӕ ис, уыдоны уылты. Стӕй архайын, цӕмӕй фылдӕр лӕггад кӕнон. Уый фӕрцы дӕр мӕ зӕрдӕйы рыст фӕкъаддӕр вӕййы ӕмӕ, райсом цы уыдзӕн, ууыл ӕгӕр нӕ фӕмӕт кӕнын. Ӕз ӕй бамбӕрстон: фидӕны цыфӕнды фӕлварӕнты ма бахауон, уӕддӕр мӕ бон уыдзӕн Йегъовӕйы, Йесойы ӕмӕ нӕ организацийы фӕрцы фидар фӕлӕууын».

17. Нӕ бон цы у аразын, хохы йас нӕм чи кӕсы, ахӕм цӕлхдурыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд?

17 Кӕд дӕуыл дӕр зиан ӕрцыд, уӕд-иу Библийы бакӕс, чи райгас, уыдоны тыххӕй. Уый фӕрцы дӕ тынгдӕр уырндзӕн, Йегъовӕ, чи дын амард, уый дӕр кӕй райгас кӕндзӕн. Кӕд дын дӕ бинонтӕй искӕй ӕмбырдӕй ацух кодтой, уӕд-иу фылдӕр ӕрмӕг раиртас, цӕмӕй дӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ алкӕддӕр, хуыздӕр куыд у, афтӕ кӕй бакӕны. Цыфӕнды зындзинадыл ма сӕмбӕлай, нымай йӕ дӕ уырнындзинад сфидар кӕныны фадатыл. Дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый-иу Йегъовӕйӕн радзур. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртыл дӕхи бӕтт, дӕхи сӕ дард ма лас (Ӕмб. 18:1). Дӕ маст сфӕразынӕн дын чи баххуыс кӕндзӕн, уыцы хъуыддӕгты архай, уый цӕссыгкалгӕйӕ куы кӕнай, уӕддӕр (Пс. 126:5, 6). Ӕмбырдтӕм ӕмӕ уацамынды цу, Библи кӕс. Ӕмӕ дӕ зӕрдыл дар, Йегъовӕ дын цы хорздзинӕдтӕ ӕрцӕттӕ кодта, уыдон. Куыд дын ӕххуыс кӕны, уый куы уынай, уӕд ыл ноджы тынгдӕр ӕууӕнддзынӕ.

«БАФТАУ НЫН НӔ УЫРНЫНДЗИНАДЫЛ»

18. Кӕд бамбӕрстай, дӕ уырнындзинад кӕмдӕр лӕмӕгъ кӕй у, уӕд дӕ бон цы у саразын?

18 Кӕд, раздӕр цы фӕлварӕнтыл сӕмбӕлдтӕ кӕнӕ ныртӕккӕ цы фӕлварӕнтыл ӕмбӕлыс, уыдонӕй рабӕрӕг, дӕ уырнындзинад кӕмдӕр лӕмӕгъ кӕй у, уӕд дӕ ныфс ма асӕттӕд. Нымай уый дӕ уырнындзинад сфидар кӕныны фадатыл. Апостолтӕ Йесойӕн загътой: «Бафтау нын нӕ уырнындзинадыл». Ӕмӕ ды дӕр Йегъовӕйӕ фылдӕр уырнындзинад кур (Лук. 17:5). Уымӕй уӕлдай-иу ахъуыды кӕн, ацы статьяйы кӕй кой уыд, уыдоны цӕвиттонтыл. Мигель ӕмӕ Юрай-иу ӕрхъуыды кодтой, Йегъовӕ-иу сын куыд баххуыс кодта, уый. Ӕмӕ-иу ды дӕр афтӕ бакӕн. Веройы чызг, стӕй Анель Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй куывтой. Ӕмӕ-иу ӕм ды дӕр зӕрдиагӕй кув, уӕлдайдӕр зын уавӕры куы уай, уӕд. Хейди бамбӕрста, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у бинонты кӕнӕ ӕмбӕлтты уылты баххуыс кӕнын. Ды дӕр-иу Йегъовӕйы бауадз, цӕмӕй дын фӕлварӕнты сӕрты ахизынӕн баххуыс кӕна. Уый фӕрцы дӕ ноджы тынгдӕр уырндзӕн, фидӕны цыфӕнды фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлай, уӕддӕр дын кӕй баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иузӕрдионӕй баззайай.

19. Йесо цы зыдта ӕмӕ дӕу дӕр фидарӕй цы хъуамӕ уырна?

19 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кодта, уырнындзинад сын кӕм нӕ фаг кодта, уый. Фӕлӕ нӕ дызӕрдыг кодта, фидӕны цы фӕлварӕнтыл ӕмбӕлдзысты, уыдоны сӕрты-иу Йегъовӕйы фӕрцы кӕй ахиздзысты (Иоан. 14:1; 16:33). Уый зыдта, фидар уырнындзинады фӕрцы тынг бирӕ адӕм стыр бӕллӕхы кӕй аирвӕздзысты (Рарг. 7:9, 14). Ды дӕр се ’хсӕн уыдзынӕ? Ныртӕккӕ алы фадатӕй дӕр куы пайда кӕнай, цӕмӕй дӕ уырнындзинад фидар кӕнай, уӕд уыдзынӕ! Йегъовӕ дын баххуыс кӕндзӕн! (Дзут. 10:39).

118 ЗАРӔГ «Бафтау нын нӕ уырнындзинадыл»

^ 5 абз. Не ’ппӕты дӕр тынг фӕнды, цӕмӕй ацы дунейӕн йӕ кӕрон тагъддӕр ӕрцӕуа. Фӕлӕ, чи зоны, хатт фӕхъуыды кӕнӕм, цымӕ нӕм уыцы рӕстӕг фидар фӕлӕууынӕн фаг уырнындзинад разындзӕн, зӕгъгӕ. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты хабӕрттыл ӕмӕ сӕ нӕ бон зондӕн райсын цы у, ууыл. Уый нын баххуыс кӕндзӕн нӕ уырнындзинад бафидар кӕнынӕн.