Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

44 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегъовӕйы ӕнувыд уарзтӕн аргъ кӕныс?

Йегъовӕйы ӕнувыд уарзтӕн аргъ кӕныс?

«Ӕнустӕм у йе ’нувыд уарзт!» (ПС. 136:1).

108 ЗАРӔГ Хуыцауы ӕнувыд уарзт

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Йегъовӕ нын цы фӕдзӕхсы?

ЙЕГЪОВӔЙӔН ӕхсызгон у мах йе ’нувыд уарзтӕй тавын (Мих. 7:18). Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр иннӕты ӕнувыд уарзтӕй уарзой. Фӕдзӕхсы нын, цӕмӕй ӕнувыд уарзт ма ныууадзӕм (Ӕмб. 3:3). Фӕлӕ уал нӕ фыццаг хъӕуы базонын, ӕнувыд уарзт цы у, уый.

2. Цы у ӕнувыд уарзт?

2 Цы у ӕнувыд уарзт? «Библи – Ног дунейы тӕлмац»-ы ирон ӕвзагыл ацы дзырдбаст ӕмбӕлы 240 хаттӕй фылдӕр. Искӕй ӕнувыд уарзтӕй чи фӕуарзы, уый йӕ фӕуарзы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, вӕййы йыл ӕнувыд ӕмӕ, цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр ыл йӕ зӕрдӕ нӕ сивы. Ацы дзырдбаст арӕх фембӕлы, Хуыцау адӕмы кӕй уарзы, уый кой кӕм вӕййы, уым. Фӕлӕ ахӕм уарзондзинад вӕййы адӕмы ’хсӕн дӕр. Фыццаджыдӕр нын Йегъовӕ у фӕзминаг, иннӕты ӕнувыд уарзтӕй куыд уарзы, уымӕй. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Йегъовӕ адӕмы ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы, уый куыд равдисы, ууыл. Иннӕ статьяйы та аныхас кӕндзыстӕм, махӕн, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн, нӕ бон куыд у уыйау кӕрӕдзийы ӕнувыд уарзтӕй уарзын.

«ӔГӔРОН У ЙЕ ’НУВЫД УАРЗТ»

3. Йегъовӕ Моисейӕн йӕхи тыххӕй цы раргом кодта?

3 Израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Йегъовӕ Моисейӕн йӕ номы ӕмӕ йӕ миниуджыты тыххӕй цыдӕр раргом кодта. Загъта йын: «Йегъовӕ, Йегъовӕ – фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр у раст. Йе ’нувыд уарзтӕй хай кӕны мингай фӕлтӕртӕн, хатыр кӕны рӕдыд дӕр, фыдракӕнд дӕр ӕмӕ тӕригъӕд дӕр» (Рац. 34:6, 7). Ацы зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕй Йегъовӕйы ӕнувыд уарзты тыххӕй цы ис базонӕн?

4, 5. а) Йегъовӕ йӕхи тыххӕй цы загъта? б) Цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?

4 Йегъовӕ ӕнӕуи нӕ загъта, иннӕты ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы. Фӕлӕ загъта, йе ’нувыд уарзт ӕгӕрон кӕй у. Ахӕм ныхӕстӕ ма Библийы ӕмбӕлынц ноджыдӕр 8 хатты (Ным. 14:18; Неем. 9:17; Пс. 86:15; 103:8; Ис. 63:7; Йер. хъ. 3:32; Иоил 2:13; Ионӕ 4:2). Библи ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы тыххӕй дзуры афтӕ. Ацы ныхӕстӕ адӕммӕ никуы фӕхауынц. Йегъовӕ арӕх кӕны йе ’нувыд уарзты кой. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, тынг ахсджиагыл ӕй кӕй нымайы *. Паддзах Давид дӕр дзӕгъӕлы нӕ загъта ахӕм ныхӕстӕ: «О Йегъовӕ, де ’нувыд уарзт у уӕлӕрвты онг... О Хуыцау, куыд зынаргъ у де ’нувыд уарзт! Адӕймаджы фырттӕ бамбӕхсынц дӕ базырты аууоны» (Пс. 36:5, 7). Давидау мах дӕр Хуыцауы ӕнувыд уарзтӕн аргъ кӕнӕм?

5 Цӕмӕй хуыздӕр бамбарӕм, ӕнувыд уарзт цы у, уый, уый тыххӕй нӕ хъӕуы дыууӕ фарстайӕн дзуапп базонын: Йегъовӕ ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы? Ӕмӕ, афтӕ кӕй уарзы, уыдонӕн уый сӕ цардыл куыд фӕзыны?

ЙЕГЪОВӔ ӔНУВЫД УАРЗТӔЙ КӔЙ УАРЗЫ?

6. Йегъовӕ ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы?

6 Йегъовӕ ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы? Библийы фыст ис, кӕй ис бирӕ цыдӕртӕ уарзӕн, зӕгъӕм, «зӕххы куыст», «сӕн ӕмӕ сой», «зондамынд», «зонындзинӕдтӕ» кӕнӕ «зонд» (2 Аз. 26:10; Ӕмб. 12:1; 21:17; 29:3). Фӕлӕ ӕнӕуд цӕмӕйдӕр нӕй зӕгъӕн, ӕнувыд уарзтӕй йӕ уарзын, зӕгъгӕ. Ӕнувыд уарзтӕй ис ӕрмӕстдӕр адӕмы уарзӕн. Фӕлӕ Йегъовӕ ӕнувыд уарзтӕй алкӕй нӕ уарзы. Ахӕм уарзтӕй уарзы, уӕлдай зынаргъ ын чи у, уыдоны. Нӕ Хуыцау ӕнувыд у йӕ хӕлӕрттыл. Уыдоны тыххӕй йӕм ис диссаджы фӕнд, ӕмӕ сыл йӕ зӕрдӕ никуы сивдзӕн.

Йегъовӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр, суанг ын чи нӕ лӕггад кӕны, уыдоны дӕр, бирӕ хорздзинӕдтӕй хайджын кӕны (кӕс 7 абзац) *

7. Йегъовӕ куыд равдыста, адӕмы се ’ппӕты дӕр кӕй уарзы, уый?

7 Йегъовӕ равдыста, адӕмы се ’ппӕты дӕр кӕй уарзы. Иухатт Йесо Никодимимӕ куы ныхас кодта, уӕд ын загъта: «Хуыцау дуне [ома адӕмы] афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа» (Иоан. 3:1, 16; Матф. 5:44, 45).

Паддзах Давиды ӕмӕ пехуымпар Данелы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Йегъовӕ ӕнувыд уарзтӕй уарзы, чи йӕ зоны, чи дзы тӕрсы, чи йӕ уарзы ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдоны (кӕс 8, 9 абзацтӕ)

8, 9. а) Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ӕнувыд уарзтӕй цӕмӕн уарзы? б) Дарддӕр цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

8 Ӕрдӕбон куыд загътам, афтӕмӕй, Йегъовӕ ӕнувыд уарзтӕй уарзы, йӕ хӕлӕрттыл кӕй нымайы, ӕрмӕстдӕр уыдоны, ома йӕ лӕггадгӕнджыты. Ӕмӕ уый бӕрӕг у паддзах Давиды ӕмӕ пехуымпар Данелы ныхӕстӕй дӕр. Зӕгъӕм, Давид загъта: «Дарддӕр дӕр де ’нувыд уарзтӕй тав, чи дӕ зоны, уыдоны»; «Йегъовӕйы ӕнувыд уарзтӕй ӕнусӕй-ӕнусмӕ хайджын сты, чи дзы тӕрсы, уыдон». Данел та загъта: «О Йегъовӕ, ӕцӕг Хуыцау... Чи дӕ уарзы ӕмӕ дын дӕ фӕдзӕхстытӕ чи ’ххӕст кӕны, уыдоны тыххӕй ды ӕххӕст кӕныс дӕ бадзырд ӕмӕ сын де ’нувыд уарзтӕй хай кӕныс» (Пс. 36:10; 103:17; Дан. 9:4). Ацы ныхӕстӕй базонӕн ис, Йегъовӕ ӕнувыд уарзтӕй йӕ лӕггадгӕнджыты уый тыххӕй кӕй уарзы, ӕмӕ йӕ уыдон зонынц, тӕрсынц дзы, уарзынц ӕй ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынц. Уӕдӕ бӕрӕг у: Йегъовӕ ӕнувыд уарзтӕй уарзы ӕрмӕстдӕр йӕ адӕмы.

9 Цалынмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нӕ райдыдтам, уӕдмӕ дӕр нӕ уарзта, иннӕ адӕмы куыд уарзы, афтӕ (Пс. 104:14). Фӕлӕ ма ныр хайджын стӕм йе ’нувыд уарзтӕй дӕр. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн зӕрдӕ ӕвӕры: «Афтӕ никуы уыдзӕн, ӕмӕ ды ме ’нувыд уарзтӕй ӕнӕхай фӕуай» (Ис. 54:10). Давид дӕр загъта: «Йегъовӕ скадджын кӕндзӕн йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕджы». Ӕмӕ уый Давид йӕхиуыл бавзӕрста (Пс. 4:3). Йегъовӕ нӕ афтӕ кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ куыд хъуамӕ бакӕнӕм? Псаломзарӕггӕнӕг ныффыста: «Чи у зондджын? Уый фендзӕн уыдӕттӕ ӕмӕ йӕ хъус лӕмбынӕг дардзӕн, Йегъовӕ йе ’нувыд уарзтӕй цы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдонмӕ» (Пс. 107:43). Гъемӕ уӕдӕ нӕ хъус ӕрдарӕм, Йегъовӕйы ӕнувыд уарзт йӕ лӕггадгӕнджыты цардыл куыд фӕзыны, уымӕ.

ЙЕГЪОВӔ НӔ ӔНУВЫД УАРЗТӔЙ КӔЙ УАРЗЫ, УЫЙ НӔ ЦАРДЫЛ КУЫД ФӔЗЫНЫ?

Йегъовӕ, чи йын лӕггад кӕны, уыдоны хайджын кӕны ноджы фылдӕр арфӕдзинӕдтӕй (кӕс 10–16 абзацтӕ) *

10. Хуыцауӕн йе ’нувыд уарзт ӕнустӕм кӕй у, уый нын куыд ӕххуыс кӕны? (Псалом 31:7).

10 Хуыцауы ӕнувыд уарзт у ӕнустӕм. Уый тыххӕй псаломзарӕггӕнӕг 136-ӕм псаломы 26 хатты ныффыста. 1-аг стихы фыст ис: «Арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн, уымӕн ӕмӕ уый у хӕларзӕрдӕ. Уымӕн ӕмӕ ӕнустӕм у йе ’нувыд уарзт!» (Пс. 136:1). 1-аг стихӕй 26-ӕм стихмӕ алы стихы дӕр ис ахӕм ныхӕстӕ – «уымӕн ӕмӕ ӕнустӕм у йе ’нувыд уарзт». Ацы псалом кӕсгӕйӕ фенӕн ис, Йегъовӕ йе ’нувыд уарзт алыхуызӕтты кӕй ӕвдисы ӕмӕ нӕ ӕнувыд уарзтӕй алкӕддӕр кӕй фӕуарзы. Ӕмӕ нӕ уый дисы куыннӕ ӕфтауы! Ацы ныхӕстӕй, «ӕнустӕм у йе ’нувыд уарзт», зӕгъгӕ, бӕрӕг у, афтӕ кӕй нӕ вӕййы, ӕмӕ Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты абон уарзы, райсом та – нӕ. Ӕмӕ сыл гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр йӕ зӕрдӕ нӕ сивы. Уый нӕ стыр ныфс уадзы. Йегъовӕ ныл тынг ӕнувыд у ӕмӕ нӕ никуы ныууадзы, уӕлдайдӕр зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд. Уый нӕ цардыл куыд фӕзыны? Йегъовӕ ныл ӕнувыд кӕй у, уый нын дӕтты циндзинад ӕмӕ хъарутӕ, цӕмӕй-иу нӕ зындзинӕдты сӕрты ахизӕм ӕмӕ дарддӕр дӕр царды фӕндагыл цӕуӕм. (Бакӕс Псалом 31:7.)

11. Псалом 86:5 стихмӕ гӕсгӕ нын Йегъовӕ нӕ тӕригъӕдтӕ цӕмӕн ныххатыр кӕны?

11 Хуыцау нӕ ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны. Йегъовӕ куы фӕуыны, адӕймаг кӕй ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ тӕригъӕд кӕй нал аразы, уӕд ын ныххатыр кӕны, ӕнувыд уарзтӕй йӕ кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ. Давид Йегъовӕйы тыххӕй загъта: «Нӕ тӕригъӕдтӕм гӕсгӕ нын цы хъӕуы, уый нын нӕ бакӕны, ӕмӕ нын нӕ рӕдыдтытӕм гӕсгӕ цы ’мбӕлы, уый нын нӕ бафиды» (Пс. 103:8–11). Давид йӕхицӕй зыдта, адӕймаджы йӕ цӕсгом куы фӕхӕры, уӕд ын куыд зын вӕййы, уый. Фӕлӕ ма бамбӕрста, Йегъовӕ кӕй у «цӕттӕ хатыр кӕнынмӕ». Цымӕ нын Йегъовӕ нӕ тӕригъӕдтӕ цӕмӕн ныххатыр кӕны? Ацы фарстайӕн дзуапп ис Псаломы 86:5 стихы. (Бакӕс ӕй.) Давид йӕ куывды куыд загъта, афтӕмӕй, Йегъовӕмӕ чи сиды, ома дзы хатыр чи фӕкуры, уыдоны се ’ппӕты дӕр уарзы ӕнувыд уарзтӕй, ӕмӕ сын хатыр дӕр уый тыххӕй ныккӕны.

12, 13. Кӕд нӕ раздӕры рӕдыдтыты тыххӕй нӕхи ӕгӕр хӕрӕм, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн?

12 Адӕймаг тӕригъӕд куы саразы, уый фӕстӕ йӕ йӕ цӕсгом куы фӕхӕры, уӕд уый хорз вӕййы. Уый фӕрцы, чи зоны, ӕрфӕсмон кӕна ӕмӕ ахӕм тӕригъӕд мауал сараза. Фӕлӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй иуӕй-иутӕ сӕхи ӕгӕр фӕхӕрынц сӕ раздӕры рӕдыдтыты тыххӕй. Кӕд зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кӕнынц ӕмӕ тӕригъӕд нал фӕаразынц, уӕддӕр сӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ сын Йегъовӕ никуы ныххатыр кӕндзӕн. Кӕд ды дӕр афтӕ хъуыды кӕныс, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн? Арӕх-иу хъуыды кӕн, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы, ууыл.

13 Уый нӕ цардыл куыд фӕзыны? Кӕд арӕх фӕрӕдийӕм, уӕддӕр нӕ бон у Йегъовӕйӕн сыгъдӕг цӕсгомӕй ӕмӕ цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнын. Уымӕн гӕнӕн ис, уымӕн ӕмӕ нӕ «йӕ Фырт Йесойы туг сыгъдӕг кӕны ӕппӕт тӕригъӕдтӕй дӕр» (1 Иоан. 1:7). Кӕд дӕ рӕдыдтыты тыххӕй дӕ ныфс асӕтты, уӕд-иу ахъуыды кӕн, Йегъовӕйы зӕрдиагӕй кӕй фӕфӕнды махӕн нӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕнын. Давид бамбарын кодта, Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ кӕй хатыр кӕны, уый куыд баст у, ӕнувыд уарзтӕй нӕ кӕй уарзы, уыимӕ. Уый ныффыста: «Арв зӕххӕй уӕлдӕр куыд у, афтӕ стыр у йе ’нувыд уарзт, чи дзы тӕрсы, уыдонмӕ. Хурыскӕсӕн хурныгуылӕнӕй куыд дард у, афтӕ адард кодта махӕй нӕ тӕригъӕдтӕ» (Пс. 103:11, 12). Йегъовӕ нын нӕ рӕдыдтытӕ зӕрдиагӕй ныххатыр кӕны (Ис. 55:7).

14. Давид цы загъта, Хуыцауы ӕнувыд уарзт нӕ куыд хъахъхъӕны, уый тыххӕй?

14 Хуыцауы ӕнувыд уарзт нӕ хъахъхъӕны, цӕмӕй дзы ма адард уӕм. Давид Йегъовӕмӕ куы куывта, уӕд загъта: «Ды дӕ ме ’мбӕхсӕн бынат, ды мӕ бахъахъхъӕндзынӕ бӕллӕхӕй. Фервӕзын мӕ кӕндзынӕ ӕмӕ мӕ алыварс хъуысдзӕн цины хъӕртӕ... Йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл чи дары, уый... рӕвдыд у ӕнувыд уарзтӕй» (Пс. 32:7, 10). Раджы заманты-иу горӕты алыварс цы къултӕ уыд, уыдон-иу горӕты цӕрджыты знӕгтӕй хъахъхъӕдтой. Ӕмӕ нӕ Йегъовӕйы ӕнувыд уарзт дӕр ахӕм къултау хъахъхъӕны, Йегъовӕйӕ нӕ цы адард кӕндзӕн, уыдӕттӕй. Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕйы ӕнувыд уарзты фӕрцы стӕм йе ’ввахс хӕлӕрттӕ (Йер. 31:3).

15. Давид Йегъовӕйы ӕнувыд уарзты кой кӕнгӕйӕ Йегъовӕйы «фидар мӕсыг» ӕмӕ «бӕрзонд хох» цӕмӕн схуыдта?

15 Хуыцау йӕ адӕмы куыд хъахъхъӕны, уый тыххӕй ма Давид ныффыста: «Хуыцау у мӕ бӕрзонд хох, ӕнувыд уарзтӕй мӕ чи уарзы, уыцы Хуыцау». Стӕй ма ныффыста: «Уый мӕ уарзы ӕнувыд уарзтӕй, уый у мӕ фидар мӕсыг, мӕ бӕрзонд хох, мӕ Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ мӕ уарт. Йе уазӕг бакодтон мӕхи» (Пс. 59:17; 144:2). Цымӕ Давид Йегъовӕйы ӕнувыд уарзты кой кӕнгӕйӕ Йегъовӕйы «фидар мӕсыг» ӕмӕ «бӕрзонд хох» цӕмӕн схуыдта? Кӕмфӕнды ма цӕрӕм, уӕддӕр нӕ Йегъовӕ хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, йемӕ нын цы хӕлардзинад ис, уымӕн зиан мацы ӕрхӕсса. Уый тыххӕй фыст ис 91-ӕм псаломы дӕр (ӕвӕццӕгӕн ӕй ныффыста Моисей): «Ӕз зӕгъдзынӕн Йегъовӕйӕн: „Ды дӕ ме ’мбӕхсӕн ӕмӕ мӕ фидар мӕсыг“» (Пс. 91:1–3, 9, 14). Моисей 90-ӕм псаломы дӕр Йегъовӕйы абарста фидар мӕсыгимӕ (Пс. 90:1). Стӕй, йӕ мӕлӕтмӕ бирӕ куы нал хъуыд, уӕд загъта: «Раджы замантӕй фӕстӕмӕ чи ис, уыцы Хуыцау у де ’мбӕхсӕн, уый дыл хӕцы йе ’нусон къухтӕй» (Дык. з. 33:27). Ацы ныхӕстӕ – «уый дыл хӕцы йе ’нусон къухтӕй» – цӕуыл дзурӕг сты?

16. Хуыцауы ӕнувыд уарзт нӕ кӕй хъахъхъӕны, уый нӕ цардыл куыд фӕзыны? (Псалом 136:23).

16 Йегъовӕ «нӕ фидар мӕсыг» ӕмӕ «не ’мбӕхсӕн» куы уа, уӕд ницӕмӕй тӕрсдзыстӕм. Фӕлӕ вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ нӕ ныфс асӕтты ӕмӕ нӕм тыхы мур нал баззайы. Уӕд Йегъовӕ цы саразы? (Бакӕс Псалом 136:23.) Йӕ къухтӕ нӕм ӕрбадары, схӕцы ныл ӕмӕ нӕ нӕ къахыл слӕууын кӕны (Пс. 28:9; 94:18). Хуыцауы ӕнувыд уарзт нӕ кӕй хъахъхъӕны, уый нӕ цардыл куыд фӕзыны? Мах ӕй зонӕм: 1) кӕмфӕнды ма цӕрӕм,– Йегъовӕ уыдзӕн «не ’мбӕхсӕн» ӕмӕ-иу нын алкӕддӕр баххуыс кӕндзӕн; 2) нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд ныл зӕрдиагӕй тыхсы.

ЙЕГЪОВӔ НӔ АЛКӔДДӔР ӔНУВЫД УАРЗТӔЙ УАРЗДЗӔН

17. Цӕуыл хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм? (Псалом 33:18–22).

17 Ацы статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй, цыфӕнды зындзинӕдтыл ма сӕмбӕлӕм, уӕддӕр нын Йегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йыл иузӕрдионӕй баззайӕм (2 Кор. 4:7–9). Пехуымпар Йереми загъта: «Мах нӕ фесӕфтыстӕм Йегъовӕйы ӕнувыд уарзты фӕрцы, уымӕн ӕмӕ ӕгӕрон у йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад» (Йер. хъ. 3:22). Хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нӕ алкӕддӕр ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарздзӕн, ууыл. Библийы фыст ис: «Йегъовӕйы цӕст кӕсы, чи дзы тӕрсы, уыдонмӕ, йе ’нувыд уарзтмӕ йын чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонмӕ». (Бакӕс Псалом 33:18–22.)

18, 19. а) Нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм? б) Иннӕ статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

18 Нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм? Цалынмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нӕ райдыдтам, уӕдмӕ нӕ уарзта, адӕмы се ’ппӕты дӕр куыд уарзы, афтӕ. Фӕлӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ куы систӕм, уӕд ма схайджын стӕм йе ’нувыд уарзтӕй дӕр. Уый нӕ йӕ хъӕбысы ’рбакодта ӕмӕ нӕ хъахъхъӕны. Йегъовӕ нӕ никуы ныууадздзӕн ӕмӕ йӕм мах тыххӕй цы фӕнд ис, уый сӕххӕст кӕндзӕн. Уый фӕнды, цӕмӕй ӕнустӕм уӕм йӕ хӕлӕрттӕ (Пс. 46:1, 2, 7). Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, цыфӕнды зындзинадыл ма сӕмбӕлӕм, Йегъовӕ нын тыхтӕ ратдзӕн, цӕмӕй йыл иузӕрдионӕй баззайӕм.

19 Мах аныхас кодтам, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы, уый бӕрӕг цӕмӕй у, ууыл. Фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй кӕрӕдзийы дӕр ӕнувыд уарзтӕй уарзӕм. Уый цавӕр хъуыддӕгтӕй вӕййы бӕрӕг? Ууыл аныхас кӕндзыстӕм иннӕ статьяйы.

136 ЗАРӔГ Йегъовӕ дын дӕ хорздзинад «ӕххӕстӕй бафидӕд»

^ 5 абз. Цы у ӕнувыд уарзт? Йегъовӕ ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы ӕмӕ уый сӕ цардыл куыд фӕзыны? Ацы фарстатыл дзырд цӕудзӕн фыццаг дыууӕ статьяйы.

^ 4 абз. Хуыцауы ӕнувыд уарзт ӕгӕрон кӕй у, уыцы хъуыды ма ис ӕндӕр стихты дӕр. (Кӕс Нееми 13:22 ӕмӕ Псалом 69:13; 106:7.)

^ 54 абз. НЫВТӔ. Йегъовӕ уарзы ӕппӕт адӕмы дӕр, уыимӕ йӕ лӕггадгӕнджыты дӕр. Зӕгъӕм, дӕтты нын хуры рухс, къӕвда, бӕлӕстӕ, зайӕгойтӕ ӕмӕ дидинджытӕ. Фӕлӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр у, йӕ уарзон Фырты, Йесойы, нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый.

^ 62 абз. НЫВТӔ. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын чи райдыдта ӕмӕ Чырыстийы нывондыл чи баууӕндыд, уыдоны ма Йегъовӕ уарзы ӕнувыд уарзтӕй дӕр. Уыцы уарзондзинад у ӕнустӕм, уый фӕрцы нын нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны, стӕй нӕ хъахъхъӕны.