Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

45 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Кӕрӕдзийы алкӕддӕр ӕнувыд уарзтӕй уарзут

Кӕрӕдзийы алкӕддӕр ӕнувыд уарзтӕй уарзут

«Кӕрӕдзийы ӕнувыд уарзтӕй уарзут ӕмӕ кӕрӕдзимӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисут» (ЗАХ. 7:9).

107 ЗАРӔГ Хуыцауы уарзт – махӕн фӕзминаг

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. Кӕрӕдзийы ӕнувыд уарзтӕй цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм?

КӔРӔДЗИЙЫ ӕнувыд уарзтӕй цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм? Ацы фарстайӕн дзуапп ис Библийы, Ӕмбисӕндты чиныджы. Зӕгъӕм, фыст дзы ис: «Ма ныууадз ӕнувыд уарзт ӕмӕ иузӕрдиондзинад... ӕмӕ ссардзынӕ Хуыцауы ӕмӕ адӕмы хорзӕх ӕмӕ дӕ зондзысты ӕмбаргӕ адӕймагӕй»; «Иннӕты ӕнувыд уарзтӕй чи уарзы, уый йӕ удӕн хорз кӕны»; «Рӕстдзинадмӕ ӕмӕ ӕнувыд уарзтмӕ чи тырны, уый ссардзӕн цард» (Ӕмб. 3:3, 4; 11:17; 21:21).

2 Ацы ӕмбисӕндты федтам, кӕрӕдзийы ӕнувыд уарзтӕй цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм, уый. Фыццаг: уӕд нын Йегъовӕ аргъ кӕндзӕн. Дыккаг: уый нӕхицӕн дӕр хӕсдзӕн пайда. Зӕгъӕм, уый фӕрцы-иу нын фӕзындзӕн хорз, ӕнувыд ӕмбӕлттӕ. Ӕртыккаг: уый фӕрцы фидӕны схайджын уыдзыстӕм бирӕ арфӕдзинӕдтӕй, ӕмӕ сӕ иу у ӕнусон цард. Уынӕм ӕй, ахсджиаг кӕй у ацы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ архайын: «Кӕрӕдзийы ӕнувыд уарзтӕй уарзут ӕмӕ кӕрӕдзимӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисут» (Зах. 7:9).

3. Ацы статьяйы цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?

3 Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм цыппар фарстайыл: кӕй хъуамӕ уарзӕм ӕнувыд уарзтӕй? Ӕнувыд уарзты тыххӕй Руфы чиныгӕй цы ис базонӕн? Иннӕты ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзӕм, уый цавӕр хъуыддӕгтӕй уыдзӕн бӕрӕг? Иннӕты ӕнувыд уарзтӕй чи уарзы, уыдон цавӕр хорздзинӕдтӕй вӕййынц хайджын?

ӔНУВЫД УАРЗТӔЙ КӔЙ ХЪУАМӔ УАРЗӔМ?

4. Йегъовӕйау иннӕты ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? (Марчы 10:29, 30).

4 Айразмӕйы статьяйӕ базыдтам, Йегъовӕ ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы, чи йӕ уарзы ӕмӕ йын чи лӕггад кӕны, ӕрмӕстдӕр уыдоны (Дан. 9:4). Мах фӕнды Хуыцауы «фӕзмын, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзон хъӕбултӕ» стӕм (Еф. 5:1). Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты фӕлмӕн уарзтӕй уарзын. Хъуамӕ сыл ӕнувыд уӕм ӕмӕ сыл нӕ зӕрдӕ макуы сивӕм. (Бакӕс Марчы 10:29, 30.)

5, 6. Цавӕр цӕвиттон нын баххуыс кӕндзӕн, ӕнувыд уарзт цы у, уый хуыздӕр бамбарынӕн?

5 Ӕнувыд уарзт цы у, уый хорз куы ’мбарӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты афтӕ уарзын. Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ.

6 Чидӕр иу компанийы бирӕ азты дӕргъы кусы. У ӕнӕзӕрдӕхудт кусӕг, йӕ куыстыл ӕнувыд. Фӕлӕ уыцы компанийы, йӕ хицӕутты кӕй уарзы, уый тыххӕй нӕ кусы. Чи зоны сӕ уынгӕ дӕр нӕ фӕкӕны. Стӕй, чи зоны, компанийы уагӕвӕрдтӕй кӕцыдӕртимӕ разы нӕу. Фӕлӕ дзы уӕддӕр кусы. Уымӕн сӕйраг у, куыст ын кӕй ис ӕмӕ йын мызд кӕй фидынц, уый. Ӕмӕ йын кӕд хуыздӕр куыст нӕ фӕзына, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, уым кусдзӕн, цалынмӕ пенсийы нӕ рацӕуа, уӕдмӕ.

7, 8. а) Иннӕты ӕнувыд уарзтӕй чи уарзы, уыцы адӕймаг цыдӕр цӕмӕн фӕаразы? б) Руфы чиныгмӕ цӕмӕн ӕркӕсдзыстӕм?

7 Ацы компанийы кусӕг цӕмӕй хицӕн кӕны, иннӕты ӕнувыд уарзтӕй чи уарзы, ахӕм адӕймагӕй? Цы аразы, уый цӕмӕн аразы, уымӕй. Кусӕг компанийы кусы, уымӕн ӕмӕ йын дзы ӕхца фидынц. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ та-иу ӕнувыд уарзт цӕмӕн ӕвдыстой? Уый сӕ хӕсыл кӕй нымадтой, уый тыххӕй нӕ. Уыдоны-иу зӕрдиагӕй фӕндыд сӕ уарзондзинад хъуыддагӕй равдисын. Ӕркӕсӕм Давиды хабармӕ. Уый йӕ зынаргъ ӕмбал Ионафаны уарзта ӕнувыд уарзтӕй, кӕд ӕй Ионафаны фыд марынмӕ хъавыд, уӕддӕр. Ионафаны мӕлӕтӕй бирӕ азтӕ куы рацыд, уӕд дӕр ма йӕ Давид ӕнувыд уарзтӕй уарзта. Уый бӕрӕг уыд, йӕ фырт Мемфивосфеймӕ йын ӕнувыд уарзт кӕй равдыста, уымӕй (1 Сам. 20:9, 14, 15; 2 Сам. 4:4; 8:15; 9:1, 6, 7).

8 Ӕнувыд уарзты тыххӕй фылдӕр базондзыстӕм Руфы чиныгӕй. Уыцы чиныджы кӕй кой ис, уыдон ӕнувыд уарзт куыд равдыстой? Ӕмӕ сӕ нӕ бон куыд у бафӕзмын? *

ӔНУВЫД УАРЗТЫ ТЫХХӔЙ РУФЫ ЧИНЫГӔЙ ЦЫ ИС БАЗОНӔН?

9. Ноемин афтӕ цӕмӕн хъуыды кодта, ӕмӕ Йегъовӕ йӕ ныхмӕ сси?

9 Руфы чиныджы бакӕсӕн ис Ноемины, йӕ чындз Руфы ӕмӕ Ноемины лӕджы хион Воозы тыххӕй. Израилы ӕххормаг заман куы скодта, уӕд Ноемин, йӕ сӕрыхицау ӕмӕ йӕ дыууӕ фырты Моавмӕ ацыдысты. Уым Ноеминӕн йӕ сӕрыхицау амард. Йӕ фырттӕ бинонтӕ скодтой, фӕлӕ фӕстӕдӕр йӕ фырттӕ дӕр амардысты (Руф 1:3–5; 2:1). Ноеминыл дуне баталынг. Уый тынг маст кодта. Суанг ма афтӕ дӕр хъуыды кодта, ӕмӕ йын уыдӕттӕ Йегъовӕ бавзарын кодта. Ноемин загъта: «Йегъовӕ мӕ ныхмӕ... сси»; «Ӕппӕтхъомысджын [мын] стыр мӕстытӕ бавзарын кодта»; «Йегъовӕ мӕ... фегад кодта ӕмӕ мӕ Ӕппӕтхъомысджын бӕллӕхы хай... бакодта» (Руф 1:13, 20, 21).

10. Йегъовӕ мастӕфхӕрд Ноемины ныхӕстӕм цы цӕстӕй ракаст ӕмӕ куыд бакодта?

10 Йегъовӕ мастӕфхӕрд Ноемины ныхӕстӕм цы цӕстӕй ракаст? Нӕ йӕм смӕсты. Йӕ рыст ын ӕмбӕрста. Йегъовӕ зоны, «ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ зондджын адӕймаг дӕр ӕнӕзонд ми [кӕй] бакӕны» (Еккл. 7:7). Фӕлӕ уӕддӕр Ноеминӕн хъуыд баххуыс кӕнын, цӕмӕй бамбӕрстаид, Йегъовӕ йӕ фарсмӕ кӕй ис. Йегъовӕ йын куыд баххуыс кодта? (1 Сам. 2:8). Руфы баразӕнгард кодта, цӕмӕй Ноеминмӕ ӕнувыд уарзт равдыстаид. Руф разынд фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хӕларзӕрдӕ адӕймаг. Уый йе ’фсинӕн йӕ ныфсыл ныфс ӕфтыдта ӕмӕ йын баххуыс кодта, цӕмӕй ма дызӕрдыг кодтаид, Йегъовӕ йӕ кӕй уарзы, ууыл. Руфӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

11. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты цӕмӕн фӕфӕнды, йӕ ныфс кӕмӕн асаст, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын?

11 Ӕнувыд уарзт нӕм куы уа, уӕд, ныфссаст чи у, уыдонӕн ӕххуыс кӕндзыстӕм. Руф Ноемины нӕ ныууагъта. Ӕмӕ абон дӕр нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ нӕ ныууадзынц, йӕ ныфс кӕмӕн асаст, уыдоны ӕмӕ сын баххуыс кӕнынц. Уыдон сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕрты уарзынц ӕмӕ сӕ тынг фӕфӕнды, сӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр у, уымӕй сын баххуыс кӕнын (Ӕмб. 12:25; 24:10). Уыдон фӕархайынц апостол Павелы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ: «Ныфссаст чи у, уыдоны ныхасӕй рӕвдаут, лӕмӕгъты фидар кӕнут, алкӕимӕ дӕр ут бирӕфӕразон» (1 Фес. 5:14).

Ныфссаст чи у, уыцы хомӕ кӕнӕ ’фсымӕрмӕ куы байхъусӕм, уӕд ын уый стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн (кӕс 12 абзац)

12. Ныфссаст хо кӕнӕ ’фсымӕрӕн арӕх стыр ӕххуыс цы фӕвӕййы?

12 Ныфссаст хо кӕнӕ ’фсымӕрӕн арӕх стыр ӕххуыс фӕвӕййы, исчи йӕм куы байхъусы ӕмӕ йын куы фӕзӕгъы, кӕй йӕ уарзы, уый. Йегъовӕ ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фӕуыдзӕн, йӕ зынаргъ фыстыл ын кӕй тыхсыс, уый (Пс. 41:1). Ӕмбисӕндты 19:17 стихы фыст ис: «Мӕгуырӕн чи ӕххуыс кӕны, уыцы адӕймаг ӕфстау дӕтты Йегъовӕйӕн, ӕмӕ йын уый бафиддзӕн йӕ хорздзинад».

Руф йе ’фсин Ноеминимӕ баззад, Орфӕ та Моавмӕ аздӕхт. Руф Ноеминӕн дзуры: «Ды кӕдӕм ацӕуай, ӕз дӕр уырдӕм ацӕудзынӕн» (кӕс 13 абзац)

13. Руф Орфӕйӕ цӕмӕй хицӕн кодта ӕмӕ ӕнувыд уарзт куыд равдыста? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

13 Ноеминӕн йӕ сӕрыхицау ӕмӕ йӕ фырттӕ куы амардысты, уый фӕстӕ цы ’рцыд, уымӕй ӕнувыд уарзты тыххӕй ноджыдӕр цыдӕр ис базонӕн. Ноемин куы базыдта, «Йегъовӕ йӕ адӕммӕ кӕй ӕркаст ӕмӕ сын хойраг кӕй радта», уӕд сфӕнд кодта фӕстӕмӕ хӕдзармӕ аздӕхын (Руф 1:6). Йӕ дыууӕ чындзы дӕр йемӕ рацыдысты. Ноемин сын ӕртӕ хатты загъта, цӕмӕй фӕстӕмӕ Моавмӕ аздӕхтаиккой. Цымӕ дарддӕр цы ’рцыд? «Орфӕ йе ’фсинӕн апъа кодта ӕмӕ ацыд. Руф та йемӕ баззад» (Руф 1:7–14). Орфӕ бакодта, йе ’фсин ын куыд загъта, афтӕ. Фӕлӕ Руф афтӕ нӕ бакодта. Уымӕн дӕр йӕ бон уыд йе ’фсинмӕ байхъусын ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхын. Фӕлӕ уый аскъуыддзаг кодта, йемӕ кӕй баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕнувыд уарзтӕй уарзта ӕмӕ ӕмбӕрста, ӕххуыс ӕй кӕй хъӕуы (Руф 1:16, 17). Руф афтӕ уый тыххӕй бакодта, ӕмӕ йӕхи фӕндыд, Ноеминӕй хӕсджын кӕй уыд, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ. Уый уыд ӕцӕг ӕнувыд уарзт. Ацы хабар махӕн цӕуыл дзурӕг у?

14. а) Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Руфы куыд фӕзмынц? б) Дзуттӕгтӕм 13:16 стихмӕ гӕсгӕ, Хуыцауӕн цавӕр нывӕндтӕ вӕййынц ӕхсызгон?

14 Ӕнувыд уарзт нӕм куы уа, уӕд араздзыстӕм, цы хъӕуы, уымӕй фылдӕр. Абон дӕр чырыстӕттӕй бирӕтӕ равдисынц, сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕрты ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзынц, суанг, зонгӕ кӕимӕ не сты, уыдоны дӕр. Зӕгъӕм, куы базонынц, кӕмдӕр ӕрдзон бӕллӕх кӕй ӕрцыд, уӕд сӕ уайтагъд бафӕнды сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕн баххуыс кӕнын. Йе та ӕмбырды исчи ӕхцайӕ куы фӕтыхсы, уӕд ын уайтагъд баххуыс кӕнынц. 1 ӕнусы Македонийы цӕрӕг чырыстӕттӕ куыд бакодтой, афтӕ уыдон дӕр саразынц, сӕ бон цы у, «уымӕй дӕр фылдӕр» (2 Кор. 8:3). Йегъовӕ куы фӕуыны, йӕ адӕм кӕрӕдзийы ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзынц, уӕд ын куыд ӕхсызгон вӕййы! (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:16.)

ӔНУВЫД УАРЗТ ЦАВӔР ХЪУЫДДӔГТӔЙ ВӔЙЙЫ БӔРӔГ?

15, 16. Руф куыд равдыста, ӕцӕгдӕр ӕй кӕй фӕндыд Ноеминӕн баххуыс кӕнын?

15 Руф Ноеминӕн куыд баххуыс кодта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Ӕркӕсӕм цалдӕр хъуыддагмӕ.

16 Адӕймаг куы зӕгъа, ӕххуыс мӕ нӕ хъӕуы, зӕгъгӕ, уӕддӕр-иу ӕй ма ныууадз. Руф куы сфӕнд кодта Ноеминимӕ Иудӕмӕ ацӕуын, уӕд ӕй фыццаг Ноемин нӕ уагъта. Фӕлӕ Руф загъта, нӕ, уӕддӕр ацӕудзынӕн, зӕгъгӕ. «Ноемин уый куы федта, ӕмӕ Руф йемӕ цӕуын фидарӕй сфӕнд кодта, уӕд ын ницыуал загъта» (Руф 1:15–18).

17. Цы хъӕуы, цӕмӕй нӕ бон уа хо кӕнӕ ’фсымӕрӕн баххуыс кӕнын?

17 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Цӕмӕй ныфссаст адӕймагӕн баххуыс кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ уӕм фӕразон. Ӕххуысхъуаг чи у, ахӕм хо, гӕнӕн ис, дзура, ӕххуыс мӕ нӕ хъӕуы, зӕгъгӕ *. Фӕлӕ нӕм ӕнувыд уарзт куы уа, уӕд ӕй нӕ ныууадздзыстӕм (Гал. 6:2). Чи зоны нӕ ӕппынфӕстаг бауадза, цӕмӕй йын баххуыс кӕнӕм ӕмӕ йын йӕ уаргъ фӕрог кӕнӕм.

18. Руфӕн хъыг цы уыдаид?

18 Ма-иу фӕхъыг у. Ноемин ӕмӕ Руф Вифлееммӕ куы ’рцыдысты, уӕд Ноемин йӕ сыхӕгтӕн загъта: «Ардыгӕй дзагхӕдзарӕй ацыдтӕн, фӕлӕ мын Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ фӕстӕмӕ афтидкъухӕй ӕрыздӕхтӕн» (Руф 1:21). Руф Ноеминӕн ӕххуыс кодта, йӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр уыд, уымӕй. Ныфсытӕ йын ӕвӕрдта, йемӕ кӕугӕ дӕр кодта ӕмӕ уыцы дард фӕндагыл дӕр йемӕ ацыд. Ноемин та загъта, Йегъовӕ, дам, афтӕ бакодта, ӕмӕ фӕстӕмӕ афтидкъухӕй ӕрыздӕхтӕн, раст цыма, Руф цы арӕзта, уыдӕттӕ ницы уыдысты. Руф уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд ын хъыг куыннӕ уыдаид. Фӕлӕ уӕддӕр Ноемины нӕ ныууагъта.

19. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ныфссаст хойӕн кӕнӕ ’фсымӕрӕн дарддӕр дӕр ӕххуыс кӕнӕм?

19 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Гӕнӕн ис, дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразыс, цӕмӕй хойӕн баххуыс кӕнай. Фӕлӕ дын уый фыртыхстӕй зӕрдӕриссӕн ныхас загъта. Уӕд-иу ӕм ма фӕхъыг у. Уый ӕххуысхъуаг у, ӕмӕ-иу ӕй ма ныууадз. Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын баххуыс кӕна, дӕ бон дзы ныфс бауадзын куыд у, уый бамбарынӕн (Ӕмб. 17:17).

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у Воозы бафӕзмын? (кӕс 20, 21 абзацтӕ)

20. Руфӕн йӕ хъарутыл хъарутӕ цӕй фӕрцы бафтыд?

20 Ныфссаст чи у, уымӕн-иу йӕ ныфсыл ныфс бафтау. Руф Ноеминмӕ равдыста ӕнувыд уарзт. Фӕлӕ йын ныр та йӕхицӕн хъуыд йӕ ныфсыл ныфс бафтауын. Ӕмӕ йӕ Йегъовӕ Воозы уылты бафидар кодта. Вооз Руфӕн загъта: «Йегъовӕ дын раарфӕ кӕнӕд, афтӕ кӕй бакодтай, уый тыххӕй. Ӕмӕ, дӕхи кӕй базыры бын бакӕнынмӕ ӕрцыдтӕ, уыцы Хуыцау, Израилы Хуыцау Йегъовӕ дын дӕ хорздзинад ӕххӕстӕй бафидӕд». Уыцы ныхӕстӕ Руфӕн удӕнцойы хос фесты. Ӕмӕ Воозӕн загъта: «Ды мӕ ӕрсабыр кодтай ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ фӕлмӕн ныхасӕй барӕвдыдтай» (Руф 2:12, 13). Воозы ныхӕстӕ йӕ афоныл загъд уыдысты, ӕмӕ Руфӕн йӕ хъарутыл хъарутӕ бафтыд.

21. Исай 32:1, 2 стихтӕм гӕсгӕ, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куыд архайынц?

21 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Иннӕтӕм ӕнувыд уарзт чи равдисы, уыдоны хатт сӕхи дӕр фӕхъӕуы бафидар кӕнын. Вооз Руфӕй раппӕлыд, загъта йын, йе ’фсинӕн цы хӕрзты бацыд, уыдоны кой кӕй фехъуыста. Абон дӕр ӕрхъуыдыджын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фӕвӕййынц, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ иннӕтӕн куыд ӕххуыс кӕнынц, уый. Ӕмӕ сӕ уый тыххӕй раппӕлынц. Ахӕм ныхӕстӕ сӕ ныфс бауадзынц ӕмӕ сын сӕ хъарутыл хъарутӕ бафтауынц. (Бакӕс Исайы 32:1, 2.)

ИННӔТЫ ӔНУВЫД УАРЗТӔЙ ЧИ УАРЗЫ, УЫДОН ЦАВӔР ХОРЗДЗИНӔДТӔЙ ВӔЙЙЫНЦ ХАЙДЖЫН?

22, 23. Ноемин куыд райдыдта хъуыды кӕнын ӕмӕ цӕмӕн? (Псалом 136:23, 26).

22 Иуцасдӕр куы рацыд, уӕд Вооз Руф ӕмӕ Ноеминмӕ хорӕй фӕкаст (Руф 2:14–18). Ноемин дзы йӕ рӕдаудзинады тыххӕй тынг бузныг уыд. Ӕмӕ загъта: «Йегъовӕ йын раарфӕ кӕнӕд, удӕгӕсты дӕр ӕмӕ мӕрдты дӕр йе ’нувыд уарзтӕй ӕнӕхай кӕй нӕ фӕкодта, уый тыххӕй» (Руф 2:20а). Дзуттаг тексты ацы ныхӕстӕ, «удӕгӕсты дӕр ӕмӕ мӕрдты дӕр йе ’нувыд уарзтӕй ӕнӕхай нӕ фӕкодта», зӕгъгӕ, амонынц Йегъовӕмӕ. Ноемин ӕндӕрхуызон райдыдта хъуыды кӕнын. Раздӕр цӕссыгкалгӕйӕ загъта: «Йегъовӕ мӕ... фегад кодта». Ныр та цингӕнгӕйӕ загъта, Йегъовӕ нӕ «йе ’нувыд уарзтӕй ӕнӕхай... нӕ фӕкодта», зӕгъгӕ. Цы йын баххуыс кодта йӕ уавӕрмӕ ӕндӕр цӕстӕй ракӕсынӕн?

23 Кӕдӕй-уӕдӕй Ноемин федта Йегъовӕйы къух. Моавӕй Иудӕмӕ куы здӕхт, уӕд ын Йегъовӕ ӕххуыс кодта Руфы уылты (Руф 1:16). Стӕй ма, Йегъовӕ йӕ царды кӕй архайдта, уый федта, Вооз сын куы баххуыс кодта, уӕд дӕр (Руф 2:19, 20б) *. Чи зоны, Ноемин хъуыды кодта: «Ныр ӕй уынын, Йегъовӕ мӕ кӕй никуы ныууагъта. Ӕдзухдӕр мӕ фарсмӕ уыди». (Бакӕс Псалом 136:23, 26.) Руф ӕмӕ Воозӕй бузныг уыд, иунӕгӕй йӕ кӕй нӕ ныууагътой, уый тыххӕй. Се ’ххуысы фӕрцы Ноемин фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууыд. Хӕрзаг, ӕртӕйӕ дӕр куыд цин кодтаиккой!

24. Цӕмӕн нӕ фӕнды дарддӕр дӕр кӕрӕдзийы ӕнувыд уарзтӕй уарзын?

24 Руфы чиныгӕй ӕнувыд уарзты тыххӕй цы базыдтам? Ӕнувыд уарзт нӕм куы уа, уӕд-иу, тыхст уавӕры чи ис, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты нӕ ныууадздзыстӕм, афтӕ нын куы дзурой, ӕххуыс мӕ нӕ хъӕуы, зӕгъгӕ, уӕддӕр. Стӕй-иу, цы хъӕуы, уымӕй дӕр фылдӕр сараздзыстӕм, цӕмӕй-иу сын баххуыс кӕнӕм. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ-иу хъуамӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй раппӕлой, се ’мчырыстӕтты ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзынц, уый тыххӕй. Ныфссаст чи у, уыдоны ныфс куы бацӕуы ӕмӕ та сӕм Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн тыхтӕ куы фӕзыны, уӕд мах тынг фӕцин кӕнӕм (Хъуыд. 20:35). Фӕлӕ нӕ ӕппӕты тынгдӕр цӕмӕн фӕнды кӕрӕдзийы ӕнувыд уарзтӕй уарзын? Уымӕн ӕмӕ нӕ фӕнды, йе ’нувыд уарзт ӕгӕрон кӕмӕн у, уыцы Хуыцау Йегъовӕйы фӕзмын ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын (Рац. 34:6; Пс. 33:22).

130 ЗАРӔГ Кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнӕм

^ 5 абз. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты ӕнувыд уарзтӕй уарзӕм. Ӕнувыд уарзт цы у, уый хуыздӕр бамбардзыстӕм, Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджытӕ уыцы миниуӕг куыд ӕвдыстой, уымӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Руф, Ноемин ӕмӕ Воозы хабӕрттӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм, ууыл.

^ 8 абз. Цӕмӕй, ацы статьяйы цы хъуыдытӕ ис, уыдон хуыздӕр бамбарай, уый тыххӕй бакӕс Руфы чиныг, 1 ӕмӕ 2 сӕртӕ.

^ 17 абз. Статьяйы Ноемины кой кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ цӕвиттонӕн ӕрхастам хойы. Фӕлӕ ацы хъуыдытӕ хауынц ӕфсымӕртӕм дӕр.

^ 23 абз. Воозӕн уыди бар, цӕмӕй Ноемин ӕмӕ Руфы балхӕдтаид. Уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут», 5-ӕм сӕрӕй.