Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

46 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Ног къайтӕ, царды уын сӕйраг уӕд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын!

Ног къайтӕ, царды уын сӕйраг уӕд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын!

«Йегъовӕ у мӕ хъару... Мӕ зӕрдӕ уымӕй уыди ныфсджын» (ПС. 28:7).

131 ЗАРӔГ «Хуыцау цы баиу кодта, уый»

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. а) Сӕ цард ӕрӕджы чи баиу кодта, уыдон сӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл цӕмӕн хъуамӕ дарой? (Псалом 37:3, 4). б) Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

МЫЙЙАГ, уӕ цард баиу кӕнынмӕ хъавут ӕви уӕ цард ӕрӕджы баиу кодтат? Кӕд о, уӕд уӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕнды, цӕмӕй цӕрӕнбонтӕм иумӕ амондджынӕй цӕрат. Фӕлӕ бинонты цард ӕнӕ зындзинӕдтӕй нӕ вӕййы. Стӕй-иу уӕ хъӕудзӕн ахсджиаг уынаффӕтӕ рахӕссын. Зындзинӕдты сӕрты куыд ахиздзыстут ӕмӕ цавӕр уынаффӕтӕ рахӕсдзыстут, уый уӕ дарддӕры цардыл фӕзындзӕн. Уӕ ныфс Йегъовӕйыл куы дарат, уӕд хӕсдзыстут зондджын уынаффӕтӕ, кӕрӕдзийыл уыдзыстут ӕнувыддӕр, стӕй амондджындӕр. Фӕлӕ Хуыцауы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы нӕ архайат, уӕд ӕмбӕлдзыстут фылдӕр зындзинӕдтыл ӕмӕ амондджын нӕ уыдзыстут. (Бакӕс Псалом 37:3, 4.)

2 Ацы статья сӕйраджыдӕр, сӕ цард ӕрӕджы чи баиу кодта, уыдонӕн у. Фӕлӕ дзы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон пайда сты, бинонтӕ кӕмӕн ис, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Аныхас кӕндзыстӕм, Библийы цы иузӕрдион нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты кой ис, уыдонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм, ууыл. Цы хъуыдытӕм ӕркӕсдзыстӕм, уыдонмӕ гӕсгӕ архайӕн ис царды алыхуызон уавӕрты, уыимӕ бинонты царды дӕр. Аныхас ма кӕндзыстӕм, Йегъовӕйӕн абон чи лӕггад кӕны, уыцы къайтӕ нын фӕзминаг цӕмӕй сты, ууыл.

НОГ КЪАЙТӔ ЦАВӔР ЗЫНДЗИНӔДТЫЛ СӔМБӔЛЫНЦ?

Ног къайты цы фӕхъыгдары Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын? (кӕс 3, 4 абзацтӕ)

3, 4. Ног къайтӕ цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц?

3 Гӕнӕн ис, чидӕртӕ ног къайӕн дзурой, цӕмӕй уыдон дӕр цӕрой, иннӕ адӕм куыд цӕрынц, афтӕ. Зӕгъӕм, ныййарджытӕ кӕнӕ сын хиуӕттӕ, гӕнӕн ис, дзурой, сывӕллон тагъддӕр рауадзут, зӕгъгӕ. Кӕмӕндӕрты та сӕ бинонтӕ ӕмӕ се ’мбӕлттӕ сӕ хорз зӕрдӕйӕ фӕдзурынц, цӕмӕй балхӕной хӕдзар ӕмӕ, хӕдзары цыдӕриддӕр хъӕуы, уыдӕттӕ.

4 Лӕг ӕмӕ ус-иу алцӕуыл дӕр дзӕбӕх куы нӕ ахъуыды кӕной ӕмӕ уынаффӕтӕ афтӕмӕй куы хӕссой, уӕд, гӕнӕн ис, стыр хӕстӕ скӕной. Ӕмӕ уӕд сӕ дыууӕйы дӕр бахъӕудзӕн ӕхсӕвӕй-бонӕй кусын, цӕмӕй сӕ хӕстӕ бафидой. Уый тыххӕй та сын нал уыдзӕн рӕстӕг Библи иртасынӕн, бинонты ахуырӕн ӕмӕ уацамындӕн. Гӕнӕн ис, ӕмбырдтӕ дӕр райдайой цух кӕнын, уымӕн ӕмӕ сӕ хъӕудзӕн бирӕ кусын, цӕмӕй фылдӕр ӕхца бакусой кӕнӕ цӕмӕй ӕнӕ куыстӕй ма баззайой. Уый тыххӕй сын нал уыдзӕн фадат Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнынӕн. Ӕмӕ циндзинадӕй дӕр сӕхи ӕнӕхай фӕкӕндзысты.

5. Клаус ӕмӕ Марисӕйы хабарӕй цы ис базонӕн?

5 Цард куыд ӕвдисы, афтӕмӕй, адӕймагӕн сӕйраг ӕхца ӕмӕ мулк куы свӕййынц, уӕд амондджындӕр нӕ фӕвӕййы. Ӕркӕсӕм, иу къай, Клаус ӕмӕ Марисӕ, цы бамбӕрстой, уымӕ *. Сӕ цард куы баиу кодтой, уӕд сӕ дыууӕ дӕр бирӕ куыстой, цӕмӕй сын алцыдӕр уыдаид ӕмӕ хъуаг ӕппындӕр мацӕмӕй ӕййӕфтаиккой. Фӕлӕ уӕддӕр тынг амондджын нӕ уыдысты. Клаус зӕгъы: «Фагӕй дӕр нын фылдӕр уыди, фӕлӕ нын Хуыцауы хъуыддаджы та ницы нысӕнттӕ уыд. Ӕргом куы зӕгъон, уӕд нӕ цард ӕнцон нӕ уыд ӕмӕ ӕдзухдӕр тыхст уыдыстӕм». Чи зоны, сымах дӕр уый уӕхиуыл бавзӕрстат. Ӕмӕ уӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй уӕ бинонты цардӕй райгонд уат, уӕд уын баххуыс кӕндзысты иннӕты цӕвиттонтӕ. Фыццаг аныхас кӕндзыстӕм, лӕгтӕн паддзах Иосафат фӕзминаг цӕмӕй у, ууыл.

ПАДДЗАХ ИОСАФАТАУ УӔ ЗӔРДӔ ЙЕГЪОВӔЙЫЛ ДАРУТ

6. Иосафат Ӕмбисӕндты 3:5, 6 стихты уынаффӕмӕ гӕсгӕ куыд архайдта, йӕ ныхмӕ стыр ӕфсад куы рацыд, уӕд?

6 Лӕгтӕ, мыййаг уӕм уӕ хӕстӕ хатт уӕззау уаргъы хуызӕн фӕкӕсынц? Кӕд о, уӕд уын баххуыс кӕндзӕн паддзах Иосафаты цӕвиттон. Иосафат паддзах кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ дзуапп лӕвӕрдта ӕнӕхъӕн адӕмӕн. Цымӕ уыцы стыр хӕс куыд ӕххӕст кодта? Йӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый арӕзта, цӕмӕй, йӕ дӕлбар чи уыд, уыцы адӕмы бахъахъхъӕдтаид. Иудӕйы сарӕзта фидаргонд горӕттӕ ӕмӕ скодта стыр ӕфсад. Йе ’фсады уыд 1 160 000 ӕфсӕддонӕй фылдӕр (2 Аз. 17:12–19). Цасдӕры фӕстӕ йӕ ныхмӕ рацыдысты аммонӕгтӕ, моавӕгтӕ ӕмӕ Сеиры хӕхбӕсты цӕрджытӕ. Ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр, йӕ бинонтӕ дӕр ӕмӕ йӕ адӕм иууылдӕр бахаудысты тӕссаг уавӕры (2 Аз. 20:1, 2). Уӕд Иосафат куыд бакодта? Уый Йегъовӕмӕ скуывта ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй сын баххуыс кодтаид ӕмӕ сын тых радтаид. Иосафат архайдта, Ӕмбисӕндты 3:5, 6 стихты цы зондджын уынаффӕ ис, уымӕ гӕсгӕ. (Бакӕс сӕ.) Йегъовӕмӕ куыд сӕрныллӕгӕй куывта, уымӕй бӕрӕг у, йӕ уарзӕгой уӕларвон Фыдыл йӕ зӕрдӕ тынг кӕй дардта (2 Аз. 20:5–12). Цымӕ йын Йегъовӕ йӕ куывдӕн дзуапп куыд радта?

7. Йегъовӕ Иосафаты куывдӕн дзуапп куыд радта?

7 Йегъовӕ Иосафатӕн дзуапп радта левит Иахазиилы уылты. Загъта йын: «Уӕ бынӕтты слӕуут, ӕнцад лӕуут ӕмӕ кӕсут, Йегъовӕ уӕ куыд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ» (2 Аз. 20:13–17). Чи зоны, исчи загътаид, афтӕ чи фӕхӕцы, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уыцы амындтӕ адӕймаг нӕ радта, Йегъовӕ сӕ радта. Иосафат йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дардта, ӕмӕ йын куыд загъта, афтӕ бакодта. Йӕ адӕмимӕ знаджы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд разӕй дӕсны гӕрзифтонг хӕстонты нӕ сӕвӕрдта, фӕлӕ, хӕцӕнгарз кӕмӕ нӕ уыд, уыцы зарӕггӕнджыты. Ӕмӕ йӕ Йегъовӕ нӕ фӕфыдӕнхъӕл кодта – куыд загъта, афтӕ знаджы ӕфсӕдтӕ ныццагъта (2 Аз. 20:18–23).

Ног къайтӕ равдисдзысты, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын сын ӕппӕты сӕйраг кӕй у, куы йӕм кувой ӕмӕ йын йӕ Ныхас куы иртасой (кӕс 8, 10 абзацтӕ)

8. Лӕгӕн Иосафаты хабарӕй йӕ бон зондӕн райсын цы у?

8 Лӕгӕн йӕ бон цы у Иосафаты хабарӕй зондӕн райсын? Ды дзуапп дӕттыс дӕ бинонтӕн, ӕмӕ тынг архайыс, цӕмӕй сӕ бахъахъхъӕнай, тӕссаг сын цӕмӕй у, уыдӕттӕй. Стӕй бирӕ фыдӕбон кӕныс, цӕмӕй сӕ фӕдарай. Зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлыс, уӕд дӕм, чи зоны, афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ дӕхи бон дӕр у алцыдӕр банывыл кӕнын. Фӕлӕ дӕхи хъаруйӕ ныфсджын макуы у. Йегъовӕмӕ-иу ӕххуысы тыххӕй скув. Стӕй-иу дӕ бинойнагимӕ дӕр иумӕ зӕрдиагӕй скувут. Библийы ӕмӕ-иу нӕ публикациты Йегъовӕйы разамынд бацагур ӕмӕ-иу дзы цы уынаффӕтӕ ссарай, уыдонмӕ гӕсгӕ-иу архай. Библимӕ гӕсгӕ цы уынаффӕ рахӕссай, уыимӕ, чи зоны, исчи разы ма уа кӕнӕ ма дын суанг афтӕ дӕр зӕгъа, зӕгъгӕ, ӕнӕзонд ми бакодтай. Гӕнӕн ис, дзурой дын, ӕхца уӕм куы нӕ уа, уӕд амондджын никуы уыдзыстут, зӕгъгӕ. Фӕлӕ-иу Иосафатыл ахъуыды кӕн. Уый йӕ зӕрдӕ дардта Йегъовӕйыл, ӕмӕ уый бӕрӕг уыди йӕ хъуыддӕгтӕй дӕр. Йегъовӕ уыцы иузӕрдион адӕймаджы нӕ ныууагъта, ӕмӕ дӕу дӕр нӕ ныууадздзӕн (Пс. 37:28; Дзут. 13:5). Фӕлӕ ма лӕг ӕмӕ усӕн ноджыдӕр цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй «а» ӕмӕ «о»-йӕ цӕрой?

ИСАЙЫ ӔМӔ ЙӔ БИНОЙНАДЖЫ БАФӔЗМУТ – ЙЕГЪОВӔЙӔН ЛӔГГАД КӔНЫН УЫН ӔППӔТЫ СӔЙРАГ УӔД

9. Цы ис зӕгъӕн пехуымпар Исайы ӕмӕ йӕ бинойнаджы тыххӕй?

9 Исайӕн ӕмӕ йӕ бинойнагӕн сӕ царды ӕппӕты ахсджиагдӕр уыди Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Исай уыди пехуымпар. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, йӕ бинойнагыл дӕр уыцы хъуыддаджы цавӕрдӕр хӕстӕ уыд, уымӕн ӕмӕ уый дӕр Библи хоны «пехуымпар» (Ис. 8:1–4). Куыд зыны, афтӕмӕй сӕ дыууӕйӕн дӕр Йегъовӕ сӕ царды фыццаг бынаты уыд. Ӕмӕ уымӕй къайтӕн фӕзминаг сты.

10. Лӕг ӕмӕ ус Библийы пехуымпарӕдтӕ куы иртасой, уӕд сын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ фӕнда Йегъовӕйы хъуыддаджы фылдӕр аразын?

10 Лӕг ӕмӕ ус Йегъовӕйы хъуыддаджы, сӕ бон цы у, уый куы аразой, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын сын царды ӕппӕты ахсджиагдӕр кӕй у. Библийы пехуымпарӕдтӕ иумӕ куы иртасой ӕмӕ, алкӕддӕр кӕй сӕххӕст вӕййынц, уый-иу куы феной, уӕд Йегъовӕйыл ноджы тынгдӕр ӕууӕнддзысты ӕмӕ йыл сӕ зӕрдӕ тынгдӕр дардзысты (Тит. 1:2) *. Суанг сӕхи бон дӕр у цыдӕр аразын, цӕмӕй Библийы пехуымпарӕдтӕ ӕххӕст кӕной. Зӕгъӕм, Йесо Чырысти загъта, цалынмӕ кӕрон ӕрцӕуа, уӕдмӕ ӕгас зӕххыл дӕр хорз хабар хъуыстгонд кӕй ӕрцӕудзӕн (Матф. 24:14). Ӕмӕ къайтӕн сӕ бон у уыцы пехуымпарад ӕххӕст кӕнын. Библийы пехуымпарӕдтӕ алкӕддӕр кӕй сӕххӕст вӕййынц, уый сӕ фидарӕй куы уырна, уӕд сӕ тынгдӕр фӕнддзӕн Йегъовӕйы хъуыддаджы фылдӕр аразын.

ПРИСКИЛЛӔ ӔМӔ АКИЛӔЙАУ ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД ФЫЦЦАГ БЫНАТЫ ӔВӔРУТ

11. Прискиллӕ ӕмӕ Акилӕйӕн Хуыцауы хъуыддаджы цы ӕнтыст ӕмӕ цӕй фӕрцы?

11 Ӕрыгон къайтӕн Прискиллӕ ӕмӕ Акилӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты сты фӕзминаг. Уыдон уыдысты дзуттӕгтӕ ӕмӕ цардысты горӕт Ромы. Йесо Чырыстийы тыххӕй хорз хабар куы фехъуыстой, уӕд систы чырыстӕттӕ. Дзырд дӕр ыл нӕй, сӕ цардӕй тынг райгонд уыдысты. Фӕлӕ стӕй сӕ цард ӕнӕнхъӕлӕджы фӕивта. Ромы паддзах Клавдий бардзырд радта, цӕмӕй дзуттӕгтӕ иууылдӕр Ромӕй ацыдаиккой. Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕйы дӕр бахъуыди, кӕм сахуыр сты, уыцы бынат ныууадзын, ног ран ӕрбынат кӕнын ӕмӕ куыст ссарын. Фӕлӕ цымӕ ног уавӕрты Хуыцауы Паддзахад фыццаг бынаты нал ӕвӕрдтой? Ӕвӕццӕгӕн, дзуапп уӕхӕдӕг дӕр зонут. Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ ӕрцардысты Коринфы. Уым бынӕттон ӕмбырдимӕ ӕмгуыст кодтой ӕмӕ апостол Павелимӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты фидар кодтой. Уый фӕстӕ-иу ацыдысты, фылдӕр хъусынгӕнджытӕ-иу кӕм хъуыди, уыцы горӕттӕм дӕр (Хъуыд. 18:18–21; Ром. 16:3–5). Уыдон иумӕ Йегъовӕйы хъуыддаджы бирӕ арӕзтой, ӕмӕ сӕ цардӕй райгонд уыдысты.

12. Лӕг ӕмӕ ус Хуыцауы хъуыддаджы сӕ разы нысӕнттӕ цӕмӕн хъуамӕ ӕвӕрой?

12 Нӕ рӕстӕджы дӕр къайтӕн сӕ бон у Прискиллӕ ӕмӕ Акилӕйау Хуыцауы Паддзахад фыццаг бынаты ӕвӕрын. Хорз уаид, чи ӕмбӕлы, уыцы лӕппу ӕмӕ чызг, сӕ разы цавӕр нысӕнттӕ ӕвӕрынц ӕмӕ царды цӕмӕ тырнынц, уыдӕттыл куы аныхас кӕниккой, цалынмӕ сӕ цард нӕ баиу кодтой, уӕдмӕ. Лӕг ӕмӕ ус уынаффӕтӕ иумӕ куы хӕссой ӕмӕ сӕ нысӕнттӕм иумӕ куы тырной, уӕд арӕхдӕр уындзысты, Йегъовӕйы сыгъдӕг тых сӕ царды куыд архайы, уый (Еккл. 4:9, 12). Ахъуыды-ма кӕнӕм Расселл ӕмӕ Элизабеты хабарыл. Расселл дзуры: «Куы ӕмбӕлдыстӕм, уӕд нӕ нысӕнттыл бӕлвырдӕй аныхас кодтам». Элизабет зӕгъы: «Рагацау сыл кӕй аныхас кодтам, уый хорз уыд. Нӕ цард куы баиу кодтам, уӕд-иу уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ нӕ нысӕнттӕ нӕ зӕрдыл дардтам. Уый нын баххуыс кодта, цӕмӕй нӕ мацы бакъуылымпы кодтаид ӕмӕ нӕ нысӕнттӕ нӕ къухы бафтыдаиккой». Ӕппынфӕстаг Расселл ӕмӕ Элизабетӕн сӕ бон баци Микронезимӕ ацӕуын, уымӕн ӕмӕ дзы хъуыди фылдӕр хъусынгӕнджытӕ.

Ног къайтӕ равдисдзысты, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын сын ӕппӕты сӕйраг кӕй у, сӕ разы нысӕнттӕ куы ’вӕрой (кӕс 13 абзац)

13. Псалом 28:7 стихмӕ гӕсгӕ, нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд нӕхиуыл цы бавзардзыстӕм?

13 Расселл ӕмӕ Элизабетау бирӕ къайтӕ аскъуыддзаг кӕнынц, хуымӕтӕг цард кӕй кӕндзысты. Уый фӕрцы сын вӕййы фылдӕр рӕстӕг хъусын кӕнынӕн ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн. Лӕг ӕмӕ ус Йегъовӕйы хъуыддаджы сӕ разы нысӕнттӕ куы сӕвӕрынц ӕмӕ иумӕ куы фӕархайынц, цӕмӕй сӕ къухы бафтой, уӕд сӕ бон вӕййы фенын, Йегъовӕ сыл куыд тыхсы, уый. Уый фӕрцы йыл сӕ зӕрдӕ ноджы тынгдӕр фӕдарынц ӕмӕ вӕййынц ӕцӕг амондджын. (Бакӕс Псалом 28:7.)

АПОСТОЛ ПЕТР ӔМӔ ЙӔ БИНОЙНАГАУ ӔУУӔНДУТ, ЙЕГЪОВӔ ЗӔРДӔ ЦӔМӔЙ БАВӔРДТА, УЫДӔТТЫЛ

14. Апостол Петр ӕмӕ йӕ бинойнаг куыд равдыстой, Матфейы 6:25, 31–34 стихты цы ныхӕстӕ ис, уыдоныл кӕй ӕууӕндыдысты?

14 Къайтӕн ма фӕзминаг сты апостол Петр ӕмӕ йӕ бинойнаг дӕр. Петр Йесоимӕ куы базонгӕ, уымӕй рацыдаид афӕдзы ’рдӕг кӕнӕ афӕдз дӕр, ӕмӕ йӕ уӕд бахъуыди ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын. Петр кодта кӕсаг ахсыны куыст ӕмӕ йӕ бинонты дӕр уымӕй дардта. Ӕмӕ йын Йесо куы загъта, цӕмӕй ӕппынӕдзух йӕ фӕдыл цыдаид, уӕд ӕй хъуыди йӕ бинойнагыл дӕр ахъуыды кӕнын (Лук. 5:1–11). Петр аскъуыддзаг кодта, Йесоимӕ иумӕ хорз хабар кӕй хъусын кӕндзӕн. Ӕмӕ раст уынаффӕ рахаста. Ӕвӕццӕгӕн, йӕ бинойнаг дӕр йемӕ разы уыди. Библийӕ базонӕн ис, Йесойы райгасы фӕстӕ-иу Петр ӕндӕр рӕттӕм хорз хабар хъусын кӕнынмӕ куы цыд, уӕд-иу йӕ бинойнаг дӕр йемӕ кӕй уыд. Чи зоны, алыхатт нӕ, фӕлӕ иуӕй-иу хӕттыты (1 Кор. 9:5). Куыд зыны, афтӕмӕй фӕзминаг чырыстон бинойнаг уыд. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Петрӕн йӕ бон уыд чырыстон лӕгтӕн ӕмӕ устытӕн сӕрибарӕй уынаффӕтӕ раттын (1 Пет. 3:1–7). Петры ӕмӕ йӕ бинойнаджы фидарӕй уырныдта, Йегъовӕ йӕ ныхас кӕй ӕххӕст кӕндзӕн, ома Хуыцауы Паддзахад фыццаг бынаты куы ӕвӕрой, уӕд сӕ, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕй цух кӕй нӕ уадздзӕн. (Бакӕс Матфейы 6:25, 31–34.)

15. Тьягу ӕмӕ Эстеры хабарӕй уӕ бон цы у уӕхицӕн зондӕн райсын?

15 Уӕ цард куы баиу кодтат, уымӕй, чи зоны, ныр цалдӕр азы рацыд. Ӕмӕ уын уӕд цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уӕ ныр дӕр фӕнда Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын? Уӕ бон у иннӕ къайты хабӕрттыл ахъуыды кӕнын. Зӕгъӕм, уӕ бон у бакӕсын статьятӕ рубрикӕйы «Уыдон уыдысты цӕттӕ». Ацы статьяты фӕрцы Тьягу ӕмӕ Эстеры тынг бафӕндыд, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ран лӕггад кӕнын. Сӕхӕдӕг сты Бразилийӕ. Тьягу зӕгъы: «Йегъовӕ нӕ рӕстӕджы йӕ лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй-иу куы кастыстӕм, уӕд-иу нӕ бафӕндыд, цӕмӕй махӕн дӕр афтӕ разамынд лӕвӕрдтаид ӕмӕ нын афтӕ ӕххуыс кодтаид». Гъемӕ ацыдысты Парагваймӕ. Ӕмӕ уым 2014 азӕй хъусын кӕнынц португайлаг ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕн. Эстер зӕгъы: «Нӕ дыууӕйы зӕрдӕмӕ дӕр тынг цӕуы Ефесӕгтӕм 3:20 стих. Ацы ныхӕстӕ ныл иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ сӕххӕст сты». Уым Павел ныффыста, Йегъовӕ, цы дзы курӕм, уымӕй бирӕ фылдӕр кӕй сараздзӕн. Ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у!

Ног къайтӕ равдисдзысты, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын сын ӕппӕты сӕйраг кӕй у, фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕй-иу уынаффӕ куы ракурой (кӕс 16 абзац)

16. Кӕд ӕрыгон къайтӕ нысӕнттыл хъуыды кӕнынц, уӕд сӕ бон кӕмӕй у уынаффӕ ракурын?

16 Ӕрыгон къайтӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр уыдзысты, йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарын чи сахуыр, уыцы лӕггадгӕнджытӕй. Иуӕй-иу къайтӕ бирӕ азты дӕргъы лӕггад кӕнынц ӕххӕстрӕстӕг. Ӕмӕ кӕд хъуыды кӕнут, уӕ разы цавӕр нысӕнттӕ сӕвӕрат, ууыл, уӕд уӕ бон у уыдонӕй искӕимӕ аныхас кӕнын ӕмӕ сӕ уынаффӕ ракурын. Афтӕмӕй дӕр равдисдзыстут, уӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарут, уый (Ӕмб. 22:17, 19). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр сӕ бон у ӕрыгон къайтӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрой ӕмӕ-иу уыцы нысӕнттӕ сӕ къухы бафтой.

17. Клаус ӕмӕ Марисӕйӕн сӕ хабар куыд рауад ӕмӕ уымӕй уӕ бон цы у уӕхицӕн зондӕн райсын?

17 Фӕлӕ цы сфӕнд кӕнӕм, уый алы хатт, мах куыд ӕнхъӕл вӕййӕм, афтӕ нӕ рауайы. Статьяйы райдианы кӕй кой уыди, уыцы Клаус ӕмӕ Марисӕйы хабар дӕр афтӕ рауад. Сӕ цард куы баиу кодтой, уымӕй рацыд 3 азы, ӕмӕ уӕд сфӕнд кодтой, Финляндийы филиалы цы арӕзтадон куыстытӕ цыд, уым барвӕндон аразджытӕй балӕггад кӕнын. Уый фӕстӕ базыдтой, ӕхсӕз мӕйӕ фылдӕр дзы кӕй нӕ баззайдзысты. Уый сын зын уыд. Фӕлӕ уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ сӕ фӕхуыдтой арабаг ӕвзаджы курсытӕм. Ӕмӕ ныр лӕггад кӕнынц ӕндӕр бӕстӕйы. Хъусын кӕнынц арабаг ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕн, ӕмӕ уый сӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы. Марисӕ ныр афтӕ зӕгъы: «Ног цӕмӕдӕр мӕ ныфс нӕ хастон, стӕй мын нӕ уади алцыдӕр Йегъовӕйы бар бакӕнын. Фӕлӕ уый фӕстӕ федтон, Йегъовӕ-иу нын алкӕддӕр, ӕнхъӕл куыд нӕ уыдыстӕм, афтӕ кӕй баххуыс кодта. Ӕмӕ йыл уӕд мӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дарын райдыдтон». Сӕ хабарӕй бӕрӕг у, алы хъуыддаджы дӕр нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд нын алкӕддӕр кӕй арфӕ кӕндзӕн.

18. Лӕг ӕмӕ усӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй алкӕддӕр сӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарой?

18 Бинонты цард у Йегъовӕйы лӕвар (Матф. 19:5, 6). Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй лӕг ӕмӕ усӕн уыцы лӕвар циндзинад хӕсса (Ӕмб. 5:18). Ӕрыгон къайтӕ, ахъуыды кӕнут уӕ цардыл, уӕ рӕстӕг цӕуыл ӕрвитут, ууыл. Уӕ цардӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы лӕвӕрттӕн тынг кӕй аргъ кӕнут ӕмӕ дзы бузныг кӕй стут? Йегъовӕмӕ кувут. Йӕ Ныхасы агурут, уӕ уавӕры уын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм уагӕвӕрдтӕ. Ӕмӕ стӕй йӕ уынаффӕтӕм гӕсгӕ архайут. Царды уын ӕппӕты сӕйраг Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы уа, уӕд уыдзыстут ӕцӕг амондджын!

132 ЗАРӔГ Ныр дыууӕйӕ стӕм иу

^ 5 абз. Цы уынаффӕтӕ рахӕссӕм, уыдонӕй хатт кӕнгӕ вӕййы, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн нын цас рӕстӕг ӕмӕ цас тыхтӕ баззайы, уый. Уӕлдайдӕр, сӕ цард ӕрӕджы чи баиу кодта, уыдоны фӕхъӕуы, сӕ дарддӕры цардыл чи фӕзындзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ рахӕссын. Ацы статья сын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй раст уынаффӕтӕ хӕссой ӕмӕ амондджын уой.

^ 5 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.