Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ хӕлардзинад Йегъовӕимӕ «ногӕй сараз»

Дӕ хӕлардзинад Йегъовӕимӕ «ногӕй сараз»

ӔМБЫРДӔЙ кӕй ацух кӕнынц, уыдонӕй иу дӕр куы ’рбаздӕхы, уӕд ууыл уӕлӕрвты тынг фӕцин кӕнынц! Ӕмӕ алы аз дӕр Йегъовӕмӕ йӕ зынаргъ фыстӕй бирӕтӕ ’рбаздӕхынц (Лук. 15:7, 10). Кӕд ды дӕр фӕстӕмӕ ӕмбырдмӕ ’рбаздӕхтӕ, уӕд ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн, Йесо, зӕдтӕ ӕмӕ Йегъовӕ ууыл тынг кӕй цин кӕнынц. Кӕд дӕ хӕлардзинад Йегъовӕимӕ «ногӕй саразыныл» архайыс, уӕд дӕ, гӕнӕн ис, цыдӕр хъыгдары. Адӕймаджы цы фӕхъыгдары ӕмӕ йын цы баххуыс кӕндзӕн?

АДӔЙМАДЖЫ ЦЫ ФӔХЪЫГДАРЫ?

Ӕмбырдмӕ чи ’рбаздӕхы, уыдонӕй бирӕтӕ фӕтох кӕнынц ныфссӕттӕн хъуыдытимӕ. Зӕгъӕм, кӕд Йегъовӕ паддзах Давидӕн йӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодта, уӕддӕр Давид загъта: «Мӕ рӕдыдтытӕ мыл тых кӕнынц» (Пс. 40:12; 65:3). Ӕвӕццӕгӕн, ӕмбарыс, Давид афтӕ цӕмӕн загъта, уый. Йегъовӕмӕ фӕстӕмӕ чи ’рбаздӕхы, уыдоны ма бирӕ азты дӕргъы, гӕнӕн ис, сӕ цӕсгом хӕра ӕмӕ сӕхи аххосджын кӕной. Изабель ӕмбырдӕй цух уыди 20 азӕй фылдӕр *. Ӕмӕ афтӕ зӕгъы: «Йегъовӕ мын мӕ рӕдыдтытӕ кӕй ныххатыр кодта, ууыл баууӕндын мын тынг зын уыди». Фӕлӕ дӕ ныфс куы асӕтта, уӕд та, гӕнӕн ис, дӕ уырнындзинад ногӕй ӕрлӕмӕгъ уа (Ӕмб. 24:10). Уӕдӕ ма бауадз, цӕмӕй дыл ахӕм хабар ӕрцӕуа.

Чидӕртӕ та фӕхъуыды кӕнынц, бирӕ цыдӕртӕ сӕ кӕй хъӕуы саразын, цӕмӕй та Йегъовӕмӕ баввахс уой. Ӕмӕ фӕтӕрсынц, уый сын куы нӕ рауайа, уымӕй. Антуан уыди ӕмбырдӕй цух, ӕмӕ куы ’рбаздӕхт, уӕд загъта: «Ӕмбырды куы уыдтӕн, уӕд куыд цардтӕн ӕмӕ цытӕ зыдтон, уыдӕттӕй мӕ бирӕ цыдӕртӕ ферох сты». Ахӕм хъуыдыты тыххӕй иуӕй-иутӕ сӕ ныфс нӕ фӕхӕссынц Хуыцауы хъуыддӕгты зӕрдиагӕй архайынмӕ.

Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Адӕймагӕн йӕ хӕдзар тыхдымгӕ ныппырх кодта. Ӕмӕ йӕ хъӕудзӕн бирӕ рӕстӕг ӕмӕ бирӕ тыхтӕ, цӕмӕй та йӕ фӕстӕмӕ сараза. Фӕлӕ ӕдзух ууыл куы хъуыды кӕна, уӕд, гӕнӕн ис, йӕ ныфс асӕтта. Дӕуӕн дӕр, Йегъовӕимӕ дын цы хӕлардзинад уыд, уый «фехӕлд», стыр тӕригъӕд кӕй сарӕзтай, уый тыххӕй. Ӕмӕ ныр, чи зоны, фӕхъуыды кӕныс, тынг дӕ кӕй хъӕудзӕн бацархайын, цӕмӕй та уыцы хӕлардзинад «ногӕй саразай». Фӕлӕ иунӕг нӕ дӕ.

Йегъовӕ нын зӕгъы: «Ӕрбацӕут, ӕмӕ иумӕ аныхас кӕнӕм ӕмӕ хъуыддӕгтӕ равзарӕм» (Ис. 1:18). Ды нырмӕ дӕр бирӕ цыдӕртӕ сарӕзтай, цӕмӕй Йегъовӕимӕ «дӕ хъуыддаг равзӕрстаис». Ӕмӕ дын Йегъовӕ уый тыххӕй тынг аргъ кӕны. Ахъуыды-ма кӕн: кӕй йӕм ӕрбаздӕхтӕ, уый фӕрцы йӕ бон у Хӕйрӕгӕн ныхкъуырд раттын! (Ӕмб. 27:11).

Йегъовӕмӕ кӕй ӕрбаздӕхтӕ, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр кӕныс. Ӕмӕ дын зӕрдӕ ӕвӕры, уый дӕр дӕм кӕй ӕрбаввахс уыдзӕн (Иак. 4:8). Фӕлӕ фаг нӕу, цӕмӕй иннӕтӕ уыной, фӕстӕмӕ та ӕмбырды кӕй дӕ. Хъуамӕ дарддӕр дӕр архайай, цӕмӕй дӕ Фыд ӕмӕ дӕ Хӕлар Йегъовӕйы тынгдӕр бауарзай. Уый тыххӕй дӕ цы хъӕуы аразын?

ДӔ РАЗЫ ӔВӔР, ДӔ КЪУХЫ ЧИ БАФТДЗӔН, АХӔМ НЫСӔНТТӔ

Дӕ разы-иу сӕвӕр, дӕ къухы чи бафтдзӕн, ахӕм нысӕнттӕ. Дӕ уырнындзинадӕн, ӕвӕццӕгӕн, йӕ бындур нӕ ныппырх. Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдты тыххӕй цы базыдтай, уыдӕттӕ дӕ рох не сты. Фӕлӕ уыцы бындурыл хъӕуы ногӕй «хӕдзар саразын», ома хъуамӕ хорз хабар хъусын кӕнай, ӕмбырдтӕм цӕуай ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ рӕстӕг ӕрвитай. Ӕркӕсӕм цалдӕр нысанмӕ.

Йегъовӕмӕ арӕх кув. Кӕд ӕдзух дӕхи фӕсмонӕй хӕрыс, уӕд дын, чи зоны, зын у кувын. Ӕмӕ уый дӕ уӕларвон Фыд ӕмбары (Ром. 8:26). Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕмӕ «ӕппынӕдзух кув» (Ром. 12:12). Зӕгъ-иу ын, куыд тынг дӕ фӕнды, цӕмӕй та дӕ Хӕлар суа. Андрей радзырдта: «Мӕ зӕрдӕ мӕхиуыл тынг худт, мӕхи-иу фӕсмонӕй хордтон. Фӕлӕ-иу Йегъовӕмӕ куы скуывтон, уӕд-иу мын алы хатт дӕр фенцондӕр, мӕ зӕрдӕ-иу ӕрсабыр». Йегъовӕмӕ цӕй тыххӕй кувай, уый куы нӕ зонай, уӕд-иу бакӕс 51-ӕм ӕмӕ 65-ӕм псаломтӕ. Уым фыст сты, паддзах Давид куы ’рфӕсмон кодта ӕмӕ Йегъовӕмӕ куы куывта, уӕд цы ныхӕстӕ загъта, уыдон.

Ӕдзух Библи кӕс ӕмӕ йӕ иртас. Уый фӕрцы дӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн ӕмӕ Йегъовӕйы тынгдӕр бауарздзынӕ (Пс. 19:7–11). Филипп радзырдта: «Библи кӕсынӕн ӕмӕ йӕ иртасынӕн рӕстӕг кӕй нал хицӕн кодтон, уый тыххӕй мӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ, ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ фӕриссын кодтон. Фӕлӕ мӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй та ахӕм рӕдыд ӕруагътаин. Ӕмӕ мӕхицӕн загътон, ныр Библи ӕдзухдӕр кӕй иртасдзынӕн». Ды дӕр Библи куы иртасай, уӕд дын уый тынг баххуыс кӕндзӕн. Кӕд нӕ зоныс, хуыздӕр дын цавӕр темӕты фӕдыл уыдзӕн ӕрмӕг раиртасын, уӕд дӕ бон у фӕлтӕрдджын ӕмбалӕй ӕххуыс ракурын.

Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ ногӕй балымӕн у. Ӕмбырдмӕ чи ’рбаздӕхы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ фӕмӕт кӕнынц, ӕмбырды сӕм цы цӕстӕй ракӕсдзысты, ууыл. Ларисӕ загъта: «Тынг худинаг мӕм каст. Афтӕ мӕм касти, ӕмӕ ме ’мбырдыл гадзрахатӕй рацыдтӕн. Ӕмӕ мӕ уыцы хъуыды бирӕ рӕстӕг уӕгъд нӕ уагъта». Хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ иннӕ фӕлтӕрдджын чырыстӕтты тынг фӕнды, цӕмӕй дын дӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн баххуыс кӕной. (Кӕс рамкӕ « Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон цы у аразын?».) Ӕмбырдмӕ кӕй ӕрбаздӕхтӕ, уый сын тынг ӕхсызгон у, ӕмӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй амондджын уай (Ӕмб. 17:17).

Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕмбырдимӕ ӕнгомдӕр суай? Ӕмбырдтӕм цу ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ хорз хабар хъусын кӕн. Феликс радзырдта: «Ӕмбырды иууылдӕр тынг ӕнхъӕлмӕ кастысты, кӕй ӕрбаздӕхдзынӕн, уымӕ. Ӕз бамбӕрстон, тынг мын кӕй аргъ кӕнынц. Алчидӕр мын дзы баххуыс кодта, цӕмӕй бамбӕрстаин, мӕ бинонты ’хсӕн та кӕй дӕн. Стӕй ма бамбӕрстон, Йегъовӕ мын кӕй ныххатыр кодта ӕмӕ та йын мӕ бон кӕй у лӕггад кӕнын». (Кӕс рамкӕ « Дӕ бон цы у аразын?».)

ДӔ НЫФС МА АСӔТТӔД!

Хӕйрӕг дарддӕр дӕр архайдзӕн, цӕмӕй-иу дыл «тыхдымгӕтӕ» рауадза, ӕмӕ та ӕрлӕмӕгъ уай (Лук. 4:13). Ӕмӕ цӕмӕй дӕ «хӕдзар» ма ныккӕла, уый тыххӕй дӕ уырнындзинад ныр фидар кӕн.

Йегъовӕ йӕ фысты тыххӕй загъта: «Чи фесӕфт, уый бацагурдзынӕн, чи адзӕгъӕл, уый ӕрбаздахдзынӕн, йӕ къах кӕмӕн асаст, уымӕн ӕй бабӕтдзынӕн ӕмӕ рынчынмӕ базилдзынӕн» (Йез. 34:16). Йегъовӕ, чи дзы адард, уыдонӕй бирӕтӕн баххуыс кодта, цӕмӕй та йӕ хӕлӕрттӕ суыдаиккой. Ӕмӕ йӕ фӕнды дӕуӕн дӕр баххуыс кӕнын, цӕмӕй, йемӕ дын цы хӕлардзинад уыд, уый «ногӕй саразай».

^ 4 абз. Ацы статьяйы нӕмттӕ ивд сты.